Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

11 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ дӕ?

Донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ дӕ?

«Донаргъуыд... ирвӕзын кӕны» (1 ПЕТ. 3:21).

28 ЗАРӔГ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Цалынмӕ адӕймаг хӕдзар аразын райдайа, уӕдмӕ уал цы хъуамӕ сараза?

ЗӔГЪӔМ, чидӕр сфӕнд кодта хӕдзар саразын. Зоны йӕ, цавӕр хӕдзар ӕй хъӕуы. Фӕлӕ цымӕ хъуамӕ уайтагъд ацӕуа, хӕдзар саразынӕн цы ӕрмӕг хъӕуы, уый ӕлхӕнынмӕ ӕмӕ хӕдзар аразын уайтагъд хъуамӕ райдайа? Нӕ. Фыццаг уал хъуамӕ иу ахсджиаг хъуыддаг сараза. Хъуамӕ банымайа, ӕхца йӕ цас бахъӕудзӕн, уый, цӕмӕй йӕ зона, уыйбӕрц ӕхца йӕм ис ӕви нӕ. Алцыдӕр рагацау куы банымайа, уӕд йӕ бон бауыдзӕн йӕ хӕдзар кӕронмӕ саразын.

2. Лукайы 14:27–30 стихтӕм гӕсгӕ, лӕмбынӕг цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнай, цалынмӕ донаргъуыд райсай, уӕдмӕ?

2 Йегъовӕйы кӕй уарзыс ӕмӕ дзы йӕ хорздзинӕдты тыххӕй бузныг кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, сфӕнд кодтай донаргъуыд райсын. Ӕмӕ уӕд дӕу дӕр хъӕуы, хӕдзар саразын чи сфӕнд кодта, уыцы адӕймагау уынаффӕ рахӕссын. Ахъуыды-ма кӕнӕм Лукайы 14:27–30 стихты фыст ныхӕстыл. (Бакӕс сӕ.) Йесо дзырдта, йӕ ахуыргӕнинаг уай, уый цы нысан кӕны, уый тыххӕй. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ суӕм, уӕд хъуамӕ цӕттӕ уӕм цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ бавзарынмӕ ӕмӕ нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ (Лук. 9:23–26; 12:51–53). Уӕдӕ цалынмӕ донаргъуыд райсай, уӕдмӕ хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнай, уымӕ цы хауы, ууыл. Ӕмӕ уӕд цӕттӕ уыдзынӕ донаргъуыд райсынмӕ ӕмӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынмӕ.

3. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Кӕд донаргъуыды фӕстӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлдзынӕ ӕмӕ дӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕндзынӕ, уӕд уыцы къахдзӕф уый аргъ у? Бӕгуыдӕр! Донаргъуыд куы райсай, уӕд абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр уыйбӕрц арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Цӕй уӕдӕ аныхас кӕнӕм цалдӕр ахсджиаг фарстайыл. Уый фӕрцы дӕ бон уыдзӕн ацы фарстайӕн дзуапп раттын: «Донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ дӕн?»

ДӔХИ ХУЫЦАУӔН СНЫВОНД КӔНЫНЫ ӔМӔ ДОНАРГЪУЫД РАЙСЫНЫ ТЫХХӔЙ ЦЫ ХЪУАМӔ ЗОНАЙ?

4. а) Дӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнай, уый цы нысан кӕны? б) Матфейы 16:24 стихы фыст ныхӕстӕ, адӕймаг йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд, зӕгъгӕ, куыд ӕмбаргӕ сты?

4 Дӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнай, уый цы нысан кӕны? Цалынмӕ донаргъуыд райсай, уӕдмӕ уал хъуамӕ дӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнай. Адӕймаг уый куыд саразы? Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй скувы ӕмӕ йын дзырд ратты, ӕнустӕм ын кӕй лӕггад кӕндзӕн. Адӕймаг йӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕны, уӕд йӕхи тыххӕй нал фӕцӕры. (Бакӕс Матфейы 16:24.) Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ йӕ цард Йегъовӕйы бар вӕййы, ӕмӕ уый та стыр кад у (Ром. 14:8). Адӕймаг Йегъовӕйӕн фӕзӕгъы, зӕгъгӕ, амӕй фӕстӕмӕ мын царды ӕппӕты сӕйраг уыдзӕн дӕуӕн лӕггад кӕнын, мӕхи цы фӕнды, уый аразын нӕ, фӕлӕ. Йегъовӕ нын дзырд тыххӕй нӕ дӕттын кӕны. Фӕлӕ йын дзырд куы раттӕм, уӕд та йӕ разы хӕсджын уыдзыстӕм, цӕмӕй йӕ ӕххӕст кӕнӕм (Пс. 116:12, 14).

5. Дӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнай, уый донаргъуыдимӕ куыд баст у?

5 Дӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнай, уый донаргъуыдимӕ куыд баст у? Адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕны, уӕд уый йӕхи ӕмӕ Йегъовӕйы йеддӕмӕ ничи фӕзоны. Донаргъуыд та райсы адӕмы раз, арӕхдӕр конгрессы. Донаргъуыд куы райсай, уӕд иннӕтӕ дӕр базондзысты, дӕ цард Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтай *. Стӕй ма уымӕй равдисдзынӕ, дӕ Хуыцау Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ кӕй уарзыс ӕмӕ дӕ фидар фӕнд кӕй у ӕнустӕм ын лӕггад кӕнын (Мар. 12:30).

6, 7. 1 Петры 3:18–22 стихтӕм гӕсгӕ, донаргъуыд райсын ӕнӕмӕнг цӕмӕн хъӕуы?

6 Цымӕ донаргъуыд райсын ӕнӕмӕнг хъӕуы? Ахъуыды-ма кӕн 1 Петры 3:18–22 стихты фыст ныхӕстыл. (Бакӕс сӕ.) Ной кӕй сарӕзта, уыцы нау дзурӕг уыд, уырнындзинад ӕм кӕй уыди, ууыл. Раст афтӕ донаргъуыд дзурӕг уыдзӕн, дӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтай, ууыл. Фӕлӕ донаргъуыд райсын ӕцӕгдӕр ӕнӕмӕнг хъӕуы? О. Ӕмӕ цӕмӕн, уый Петр бамбарын кодта. Фыццаг: «донаргъуыд... ирвӕзын кӕны». Дӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг куы уа, Йесойыл кӕй ӕууӕндыс, ома мах тыххӕй кӕй амард, стӕй кӕй райгас, уӕлӕрвтӕм кӕй аздӕхт ӕмӕ «Хуыцауы рахиз фарс» кӕй ис, ууыл, уӕд донаргъуыды фӕрцы дӕ бон уыдзӕн фервӕзын.

7 Дыккаг: донаргъуыды фӕрцы гӕнӕн ис, цӕмӕй дын уа «сыгъдӕг цӕсгом». Дӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд куы райсай, уӕд ӕм тынг баввахс уыдзынӕ. Дӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕнай, уӕд дын сӕ Хуыцау ныххатыр кӕндзӕн, Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндыс, уый фӕрцы. Ӕмӕ дын уӕд йӕ разы уыдзӕн сыгъдӕг цӕсгом.

8. Донаргъуыд райсын дӕ сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ фӕнда?

8 Донаргъуыд райсын дӕ сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ фӕнда? Библи кӕй ахуыр кӕныс ӕмӕ йӕ кӕй иртасыс, уый фӕрцы Йегъовӕйы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базыдтай. Базыдтай, цавӕр миниуджытӕ йӕм ис ӕмӕ куыд архайы, уый. Ӕмӕ дын уыцы зонындзинӕдтӕ дӕ зӕрдӕ бацагайдтой, ӕмӕ йӕ тынг бауарзтай. Уӕдӕ йӕ кӕй уарзыс, сӕйраджыдӕр дӕ уымӕн хъуамӕ фӕнда донаргъуыд райсын.

9. «Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл» донаргъуыд райсын цы нысан кӕны? (Матфейы 28:19, 20).

9 Адӕймаджы ма донаргъуыд райсын бафӕнды, Библийы ахуырӕдтыл кӕй баууӕнды, уымӕ гӕсгӕ дӕр. Ӕркӕсӕм-ма, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын куы бафӕдзӕхста, уӕд сын цы загъта, уымӕ. (Бакӕс Матфейы 28:19, 20.) Йесо куыд загъта, афтӕмӕй адӕймаг донаргъуыд хъуамӕ райса «Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл». Йӕ ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты? Хъуамӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндай, Библи Йегъовӕйы тыххӕй, йӕ Фырт Йесойы тыххӕй ӕмӕ сыгъдӕг тыхы тыххӕй цы дзуры, ууыл. Уыцы хабӕрттӕ адӕймаджы зӕрдӕ тынг бацагайынц (Дзут. 4:12). Ӕркӕсӕм дзы иуӕй-иутӕм.

10, 11. Фыды тыххӕй цы базыдтай?

10 Фыды тыххӕй фыццаг цы базыдтай, уый хъуыды кӕныс? Базыдтай, йӕ ном кӕй у «Йегъовӕ», кӕй у «Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн» ӕмӕ «иунӕг ӕцӕг Хуыцау» (Пс. 83:18; Ис. 37:16). Уый у не Сфӕлдисӕг, ӕмӕ «ирвӕзындзинад у Йегъовӕйӕ» (Пс. 3:8; 36:9). Уый йӕ Фырты нывондӕн ӕрхаста, цӕмӕй нӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕна, ӕмӕ нын радта ӕнустӕм цӕрыны ныфс (Иоан. 17:3). Дӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд куы райсай, уӕд суыдзынӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн (Ис. 43:10–12). Ды ӕрбаиу уыдзынӕ, ӕгас зӕххыл дӕр иу бинонты хуызӕн чи сты, Хуыцауы ном сӕрыстырӕй чи хӕссы ӕмӕ йӕ иннӕтӕн дӕр чи ӕргом кӕны, уыцы адӕммӕ (Пс. 86:12).

11 Библи Фыды тыххӕй цы дзуры, уый зонын стыр кад у! Уыцы ахсджиаг хабӕрттыл куы баууӕндай, уӕд дӕ бафӕнддзӕн дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын.

12, 13. Фырты тыххӕй цы базыдтай?

12 Библи Хуыцауы Фырты тыххӕй цы дзуры, уый куы базыдтай, уӕд цы ахъуыды кодтай? Дун-дунейы Йесойӕ уӕлдӕр ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ у. Йесо йӕ цард нӕ бавгъау кодта ӕмӕ йӕхи мах тыххӕй нывондӕн ӕрхаста. Уыцы нывондыл кӕй ӕууӕндӕм, уый нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг куы уа, уӕд нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕудзысты, Хуыцауы хӕлӕрттӕ суыдзыстӕм ӕмӕ ӕнусон цардӕй схайджын уыдзыстӕм (Иоан. 3:16). Йесо у нӕ Хистӕр сауджын. Уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нын йӕ нывонд пайда хӕсса, стӕй цӕмӕй Хуыцаумӕ ’ввахс уӕм (Дзут. 4:15; 7:24, 25). Йесо у Хуыцауы Паддзахады Паддзах, ӕмӕ Йегъовӕ уый уылты йӕ ном ссыгъдӕг кӕндзӕн, фыддзинадӕн кӕрон скӕндзӕн ӕмӕ нӕ фидӕны дзӕнӕты ӕнусон арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн (Матф. 6:9, 10; Рарг. 11:15). Йесо нын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый (1 Пет. 2:21). Уый йӕ цард снывонд кодта Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн, ӕмӕ нын уымӕй фӕзминаг у (Иоан. 4:34).

13 Библи Йесойы, Хуыцауы Фырты, тыххӕй цы дзуры, ууыл куы баууӕндай, уӕд ӕй бауарздзынӕ. Ӕмӕ дын уӕд царды ӕппӕты сӕйраг суыдзӕн Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын, уый Йесойӕн сӕйраг куыд уыд, афтӕ. Ӕмӕ дӕ бафӕнддзӕн дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын.

14, 15. Сыгъдӕг тыхы тыххӕй цы базыдтай?

14 Библи сыгъдӕг тыхы тыххӕй цы дзуры, уый куы базыдтай, уӕд та цы ахъуыды кодтай? Сыгъдӕг тых удгоймаг нӕу, фӕлӕ у Хуыцауы архайгӕ тых. Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы ныффыссын кодта Библи, ӕмӕ нын сыгъдӕг тых ӕххуыс кӕны Библи ӕмбарынӕн ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайынӕн (Иоан. 14:26; 2 Пет. 1:21). Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы дӕтты, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъару» (2 Кор. 4:7). Йӕ сыгъдӕг тых нӕ хъарутӕ бауадзы, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм, исты нӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд-иу фидар фӕлӕууӕм, ныфссаст куы уӕм, уӕд-иу нӕ къухтӕ ма ’руадзӕм ӕмӕ-иу фӕлварӕнты ма фӕцудӕм. Ӕххуыс нын кӕны, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы рӕсугъд миниуджытӕ хауы, уыдон нӕ удыхъӕды фидар кӕнынӕн (Гал. 5:22). Хуыцау йӕ сыгъдӕг тых цӕстуарзонӕй ратты, йӕ ныфс ыл чи дары ӕмӕ дзы уыцы тых зӕрдиагӕй чи куры, уыдонӕн (Лук. 11:13).

15 Сыгъдӕг тых Йегъовӕйы адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йын лӕггад кӕной, ӕмӕ сын уый стыр ныфсы хос у. Сыгъдӕг тыхы тыххӕй цы базыдтай, ууыл куы баууӕндай, уӕд дӕ бафӕнддзӕн дӕ цард Хуыцауӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын.

16. Ацы абзацы онг цӕуыл аныхас кодтам?

16 Дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын куы сфӕнд кӕнай, уӕд рахӕсдзынӕ тынг ахсджиаг уынаффӕ. Куыд базыдтам, афтӕмӕй хъуамӕ цӕттӕ уай цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ бавзарынмӕ ӕмӕ дӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ. Фӕлӕ уыдӕттӕ ницы сты, цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ, уыдоны раз. Донаргъуыды фӕрцы дӕ бон уыдзӕн фервӕзын, стӕй дын Хуыцауы раз уыдзӕн сыгъдӕг цӕсгом. Донаргъуыд райсын дӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ фӕнда, Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уый тыххӕй. Стӕй хъуамӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ баууӕндай, Фыды, Фырты ӕмӕ сыгъдӕг тыхы тыххӕй цы базыдтай, уыдӕттыл. Уӕдӕ ныр цавӕр дзуапп ратдзынӕ ацы фарстайӕн: «Донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ дӕн?»

ДОНАРГЪУЫДЫ РАЗМӔ ДӔ ЦЫ ХЪӔУЫ САРАЗЫН?

17. Донаргъуыды размӕ цавӕр къахдзӕфтӕ фӕхъӕуы саразын?

17 Кӕд афтӕ хъуыды кӕныс, ӕмӕ донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ дӕ, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, сарӕзтай цалдӕр ахсджиаг къахдзӕфы, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уыдаис *. Демӕ Библи кӕй ахуыр кодтой, уый фӕрцы бирӕ цыдӕртӕ базыдтай Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы тыххӕй. Ӕмӕ дӕм фӕзынди уырнындзинад (Дзут. 11:6). Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕныс. Ӕмӕ дӕ фидарӕй уырны, Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндыс, уый фӕрцы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй кӕй фервӕздзынӕ. Дӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтай: ӕвзӕрӕй цы арӕзтай, уыдӕтты тыххӕй дӕ зӕрдӕ дӕхиуыл ӕрхудт, ӕмӕ Йегъовӕмӕ скуывтай, цӕмӕй дын сӕ ныххатыр кӕна. Уый фӕстӕ дӕ цард аивтай: де ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътай ӕмӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ цӕрын райдыдтай (Хъуыд. 3:19). Дӕу зӕрдиагӕй бафӕндыд, цӕуыл баууӕндыдтӕ, уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзурын. Уый фӕстӕ сдӕ ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг ӕмӕ ӕмбырдимӕ хорз хабар хъусын кӕнын райдыдтай (Матф. 24:14). Йегъовӕ дӕ сӕрыстыр у, уыцы ахсджиаг къахдзӕфтӕ кӕй сарӕзтай, уый тыххӕй. Йӕ зӕрдӕ йын тынг барухс кодтай (Ӕмб. 27:11).

18. Донаргъуыды размӕ ма дӕ ноджыдӕр цы хъӕуы саразын?

18 Донаргъуыды размӕ ма дӕ ноджыдӕр цыдӕртӕ хъӕуы саразын. Куыд загътам, афтӕмӕй хъуамӕ дӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнай. Хъуамӕ йӕм хибарӕй зӕрдӕбынӕй скувай ӕмӕ йын дзырд раттай, амӕй фӕстӕмӕ дын царды сӕйрагдӕр йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй уыдзӕн (1 Пет. 4:2). Уый фӕстӕ-иу хистӕр нӕлгоймӕгты советы координаторӕн зӕгъ, донаргъуыд райсын дӕ кӕй фӕнды. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ демӕ фембӕлдзысты ӕмӕ демӕ аныхас кӕндзысты Библийы сӕйраг ахуырӕдтыл. Семӕ фембӕлынӕй-иу ма тӕрс. Уыцы фӕлмӕнзӕрдӕ ӕфсымӕртӕ дӕ зонынц ӕмӕ дӕ уарзынц. Уыдон хъуамӕ базоной, уыцы ахуырӕдтӕ раст ӕмбарыс ӕви нӕ. Стӕй ма сӕ хъӕуы базонын, дӕхи Хуыцауӕн кӕй снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд райсынмӕ кӕй хъавыс, уый куыд ахсджиаг у, уый ӕмбарыс ӕви нӕ. Уыдон уынаффӕ куы рахӕссой, донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ дӕ, зӕгъгӕ, уӕд дын зӕгъдзысты, дӕ бон кӕй у иннӕ конгрессы донаргъуыд райсын.

ДОНАРГЪУЫДЫ ФӔСТӔ ДӔ ЦЫ ХЪӔУДЗӔН АРАЗЫН?

19, 20. Донаргъуыды фӕстӕ дӕ цы хъӕудзӕн аразын? Уый дӕ бон куыд уыдзӕн аразын?

19 Донаргъуыд куы райсай, уӕд дӕ уый фӕстӕ цы хъӕудзӕн аразын? * Рох дӕ ма уӕд: дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай, уӕд ын ратдзынӕ дзырд. Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ ӕххӕст кӕнай. Уӕдӕ донаргъуыды фӕстӕ хъуамӕ цӕрай, цы дзырд ын раттай, уымӕ гӕсгӕ. Уый дӕ бон куыд уыдзӕн аразын?

20 Дӕхи-иу ӕмбырдыл бӕтт. Донаргъуыд куы райсай ӕмӕ чырыстон куы суай, уӕд ӕрбаиу уыдзынӕ, кӕрӕдзи ӕфсымӕртӕ чи хоны, уыцы адӕммӕ (1 Пет. 2:17). Де ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дын бинонтӕй уӕлдай нӕ уыдзысты. Ӕмӕ-иу алы ӕмбырдмӕ дӕр куы цӕуай, уӕд дын ноджы адджындӕр суыдзысты. Хуыцауы Ныхас-иу алы бон дӕр кӕс ӕмӕ-иу ыл хъуыды кӕн (Пс. 1:1, 2). Библийӕ-иу скъуыддзаг куы бакӕсай, уӕд-иу рӕстӕг рахицӕн кӕн, цӕмӕй йыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнай. Ӕмӕ-иу уӕд, цы бакастӕ, уый дӕ зӕрдӕмӕ арф бахъардзӕн. «Ӕппынӕдзух кув» (Матф. 26:41). Дӕ зӕрдӕбын куывдтыты фӕрцы-иу Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уыдзынӕ. Фыццаджыдӕр-иу агур «Хуыцауы паддзахад» (Матф. 6:33). Уый араздзынӕ, хъусын кӕныны хъуыддаг ахсджиагыл куы нымайай, уӕд. Хъусын кӕнынмӕ-иу арӕх куы цӕуай, уӕд дӕ уырнындзинад уыдзӕн фидар, ӕмӕ иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕндзынӕ ӕнусон царды фӕндагыл ӕрлӕууынӕн (1 Тим. 4:16).

21. Донаргъуыд куы райсай, уӕд уый дӕ цардыл куыд фӕзындзӕн?

21 Куы аскъуыддзаг кӕнай, дӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кӕндзынӕ ӕмӕ донаргъуыд кӕй райсдзынӕ, уӕд рахӕсдзынӕ дӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр уынаффӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕмбӕлдзынӕ зындзинӕдтыл дӕр ӕмӕ дӕ хъӕудзӕн дӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын. Фӕлӕ уыцы къахдзӕф уый аргъ у! Ацы зӕронд дунейы цыфӕнды зындзинӕдтыл ма ’мбӕлай, уӕддӕр уыдон «рӕстӕгмӕ сты ӕмӕ афтӕ уӕззау не сты» (2 Кор. 4:17). Фӕлӕ донаргъуыд куы райсай, уӕд дӕ цард ныр дӕр хуыздӕрырдӕм фӕивдзӕн, стӕй фидӕны та схайджын уыдзынӕ «ӕцӕг цардӕй» (1 Тим. 6:19). Уӕдӕ Хуыцаумӕ скув ӕмӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕн, цавӕр дзуапп ратдзынӕ ацы фарстайӕн: «Донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ дӕн?»

50 ЗАРӔГ Мӕхи дӕуӕн нывонд кӕнын

^ 5 абз. Мыййаг, фӕнд кӕныс донаргъуыд райсын? Кӕд о, уӕд ацы статья фыст у сӕрмагондӕй дӕуӕн. Мах аныхас кӕндзыстӕм цалдӕр ахсджиаг фарстайыл. Статьяйы сын цы дзуаппытӕ ис, уыдоны фӕрцы дӕ бон уыдзӕн бамбарын, донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ дӕ ӕви нӕ.

^ 19 абз. Кӕд чингуытӕ «Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?» ӕмӕ «Алкӕддӕр Хуыцауы уарзтӕй хайджын у» кӕронмӕ ахуыр нӕ фестут, уӕд хъуамӕ Библи дарддӕр ахуыр кӕнай, цалынмӕ дыууӕ чиныджы дӕр нӕ фӕуат, уӕдмӕ.