Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

11 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Цӕттӕ дӕ донаргъуд райсунмӕ?

Цӕттӕ дӕ донаргъуд райсунмӕ?

«Уотӕ ӕй донаргъуд дӕр, нур уӕ е ервӕзун кӕнуй» (1 ПЕТ. 3:21).

28 ЗАР Йегови ӕмбӕлттӕ уӕн

РАЗДЗУРД *

1. Хӕдзарӕ искӕнун ке фӕндуй, еци адӕймаг цӕмӕй райдайдзӕй?

ЗӔГЪӔН, адӕймаг исфӕндӕ кодта хӕдзарӕ искӕнун. Цӕхуӕн хӕдзарӕ ’й гъӕуй, уой дӕр зонуй. Ӕма дӕмӕ куд кӕсуй, еци фӕдӕй фӕййагайдзӕй ӕрмӕг ӕлхӕнун? Ӕвӕдзи, нӕ. Фиццаг бал ӕрбатдзӕй ӕма еу ӕхсидзгӕ гъуддаг бакӕндзӕй – хӕдзарӕ ’скӕнӕккаг цӕйбӕрцӕ ислӕудзӕй, уой банимайдзӕй. Цӕмӕн? Цӕмӕй ӕй зона, ӕ фӕндӕ исӕнхӕст кӕнунмӕ ’й цӕйбӕрцӕ ӕхца гъӕуй, уой. Ӕ хӕрзтӕ рагацау ку банимайа, уӕд ӕ хӕдзарӕ ӕрдӕгкондӕй нӕ байзайдзӕй.

2. Лукай 14:27–30 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ донаргъуд райсуни размӕ дӕ цӕбӕл гъӕуй расагъӕс кӕнун?

2 Йегови ке уарзис ӕма си ӕ хуарздзийнӕдти туххӕй боз ке дӕ, уомӕ гӕсгӕ, ка ’й зонуй, исфӕндӕ кодтай донаргъуд райсун. Кӕд уотӕ ’й, уӕд ду дӕр, хӕдзарӕ искӕнун ке фӕндуй, уӕхӕн адӕймаги хузӕн дӕ. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Расагъӕс кӕнӕн Лукай 14:27–30 финст дзурдтӕбӕл. (Ба сӕ кӕсӕ.) Ами Йесо балӕдӕрун кодта, ӕ ахуркӕнуйнаг исун ци нисан кӕнуй, уой. Кӕд нӕ фӕндуй ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕ исун, уӕд гъӕуама цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдтӕ бавзарунмӕ ӕма нӕхе цӕмӕйдӕрти фӕццох кӕнунмӕ дӕр цӕттӕ уӕн (Лук. 9:23–26; 12:51–53). Мадта донаргъуд райсуни размӕ гъӕуама лӕмбунӕг расагъӕс кӕнай, уомӕ ци хауй, уобӕл. Ӕма уӕд цӕттӕ уодзӕнӕ донаргъуд райсунмӕ ӕма Хуцауӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕнунмӕ.

3. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

3 Цума еци къахдзӕф уой аргъ ӕй, цӕмӕй цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдтӕ бавзарай ӕма дӕхе цӕмӕйдӕрти фӕццох кӕнай? Донаргъуд ку райсай, уӕд абони дӕр ӕма федӕни дӕр уойбӕрцӕ арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уодзӕнӕ ӕма ин зӕгъӕн дӕр нӕййес. Гъӕйдӕ мадта ӕркӕсӕн, цалдӕр ӕхсидзгӕ фарстайемӕ донаргъуди фӕдбӕл. Уой фӕрци дӕ бон уодзӕй раттун дзуапп аци фарстабӕл: «Цӕттӕ дӕн донаргъуд райсунмӕ?»

ДӔХЕ ХУЦАУӔН ИСНИВОНД КӔНУНИ ӔМА ДОНАРГЪУД РАЙСУНИ ТУХХӔЙ ДӔ ЦИ ГЪӔУЙ ЗОНУН?

4. а) Дӕ цард Хуцауӕн иснивонд кӕнун ци нисан кӕнуй? б) Матфеййи 16:24 финст дзурдтӕ, адӕймаг «ӕхе туххӕй мабал цӕрӕд», зӕгъгӕ, куд лӕдӕргӕ ’нцӕ?

4 Дӕхе Хуцауӕн иснивонд кӕнун ци нисан кӕнуй? Донаргъуд райсуни размӕ бал дӕ гъӕуй дӕхе Хуцауӕн иснивонд кӕнун. Кутемӕй? Йеговӕмӕ зӕрдибунӕй исковун ӕма ин дзурд раттун, ӕносмӕ ин ке лӕггадӕ кӕндзӕнӕ. Адӕймаг ӕхе Хуцауӕн ку иснивонд кӕнуй, уӕд ӕхе туххӕй нӕбал фӕццӕруй. (Бакӕсӕ Матфеййи 16:24.) Еци бонӕй фӕстӕмӕ ӕ цард Йегови барӕ фӕууй ӕма е хъӕбӕр устур кадӕ ӕй (Ром. 14:8). Адӕймаг Йеговӕн фӕззӕгъуй, еци бонӕй фӕстӕмӕ ин царди фиццаг бунати уомӕн лӕггадӕ кӕнун ке уодзӕй, ӕхе ци фӕндуй, уой кӕнун нӕ, фал. Йеговӕ нин уӕхӕн дзурд тухӕй нӕ дӕттун кӕнуй. Фал ин дзурд ку раттӕн, уӕдта ӕ рази ихӕсгин уодзиан, цӕмӕй ӕй исӕнхӕст кӕнӕн (Пс. 116:12, 14).

5. Дӕхе Хуцауӕн иснивонд кӕнун донаргъуди хӕццӕ куд баст ӕй?

5 Дӕхе Хуцауӕн иснивонд кӕнун донаргъуди хӕццӕ куд баст ӕй? Адӕймаг ӕхе Йеговӕн ку иснивонд кӕнуй, уӕд уой ӕхецӕй ӕма Йеговӕй ӕндӕр неке фӕззонуй. Донаргъуд ба райсуй адӕни рази, арӕхдӕр конгресси. Донаргъуд ку райсай, уӕд ӕй иннетӕ дӕр базондзӕнцӕ, дӕ цард Йеговӕн ке иснивонд кодтай, уой *. Удта ма уомӕй бавдесдзӕнӕ, Йеговӕ Хуцауи ӕгас зӕрдӕй, ӕгас уодӕй, ӕгас зундӕй ӕма ӕгас хъаурӕй ке уарзис ӕма дӕ федар фӕндӕ ке ӕй ӕносмӕ ин лӕггадӕ кӕнун (Мар. 12:30).

6, 7. 1 Петури 3:18–22 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ донаргъуд райсун ӕнӕмӕнгӕ гъуддаг цӕмӕн ӕй?

6 Донаргъуд райсун ӕнӕмӕнгӕй гъӕуй? Расагъӕс кӕнӕн 1 Петури 3:18–22 финст дзурдтӕбӕл. (Ба сӕ кӕсӕ.) Ной ци науӕ исаразта, е е ’ууӕндундзийнадӕбӕл дзорӕг куд адтӕй, уотӕ донаргъуд дӕр, дӕ цард Йеговӕн ке иснивонд кодтай, уой ӕвдесдзӕй. Фал донаргъуд райсун ӕцӕгӕйдӕр ӕнӕмӕнгӕй гъӕуй? Гъо. Цӕмӕн, уой ба Петур балӕдӕрун кодта. Фиццаг: «донаргъуд... ервӕзун кӕнуй». Дӕ гъуддӕгтӕй бӕрӕг ку уа, Йесобӕл ке ӕууӕндис, гъома ӕ цард мах туххӕй ке равардта, ке райгас ӕй, уӕлӕрвтӕмӕ ке раздахтӕй ӕма «Хуцауи рахес фарс» ке бадуй, уобӕл, уӕд донаргъуди фӕрци фӕййервӕздзӕнӕ.

7 Дуккаг: донаргъуди фӕрци дин ес «кӕдзос цӕсгон». Дӕ цард Хуцауӕн ку иснивонд кӕнай ӕма донаргъуд ку райсай, уӕд имӕ бахӕстӕг уодзӕнӕ. Дӕ тӕрегъӕдтӕбӕл зӕрдӕй ку ӕрфӕсмон кӕнай ӕма Киристей нивондбӕл ку ӕууӕндай, уӕд дин Хуцау ниххатир кӕндзӕй. Ӕма дин уӕд ӕ рази уодзӕй кӕдзос цӕсгон.

8. Донаргъуд райсунмӕ дӕ ци гъӕуама разӕнгард кӕна?

8 Донаргъуд райсунмӕ дӕ ци гъӕуама разӕнгард кӕна? Библи лӕмбунӕг ке ахур кодтай, уой фӕрци Йегови туххӕй берӕ цидӕртӕ базудтай. Зӕгъӕн, цӕхуӕн менеугутӕ имӕ ес ӕма куд архайуй, уой. Еци зонундзийнӕдтӕ дӕ зӕрдӕмӕ багъардтонцӕ ӕма Йегови бауарзтай. Ӕма дӕ донаргъуд райсунмӕ фиццагидӕр еци уарзондзийнадӕ гъӕуама разӕнгард кӕна.

9. «Фидӕ, Фурт ӕма сугъдӕг хъаури номбӕл» донаргъуд райсун ци нисан кӕнуй? (Матфеййи 28:19, 20).

9 Донаргъуд райсун ма дӕ бафӕндадтӕй, Библий ахуӕрӕдтӕбӕл ке баууӕндтӕ, уой туххӕй дӕр. Ӕркӕсӕн, Йесо ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнун ку баихӕс кодта, уӕд син ци загъта, уомӕ. (Бакӕсӕ Матфеййи 28:19, 20.) Йесой дзурдтӕмӕ гӕсгӕ, адӕймаг донаргъуд гъӕуама райса «Фидӕ, Фурт ӕма сугъдӕг хъаури номбӕл». Цума ӕ дзурдтӕ куд лӕдӕргӕ ’нцӕ? Гъӕуама ӕгас зӕрдӕй баууӕндай, Библий Йегови, ӕ Фурт Йесой ӕма сугъдӕг хъаури туххӕй ци финст ес, уобӕл. Еци хабӕрттӕ адӕймаги зӕрдӕмӕ хъӕбӕр багъарунцӕ (Дзиуит. 4:12). Гъӕйдӕ си цалдӕремӕ ӕркӕсӕн.

10, 11. Фиди туххӕй ци базудтай?

10 Ӕргъуди кӕнӕн, Фиди туххӕй фиццаг ци базудтай, уой. Базудтай, ӕ ном «Йеговӕ» ке ӕй, удта «еунӕг ӕцӕг Хуцау» ӕма «Хецау ӕгас зӕнхӕн» ке ӕй (Пс. 83:18; Ис. 37:16). Е ӕй не Сфӕлдесӕг, удта «ервӕзундзийнадӕ ӕй Йеговӕй» (Пс. 3:8; 36:9). Йеговӕ нӕ тӕрегъӕд ӕма мӕлӕтӕй фӕййервӕзун кодта ӕма нин равардта ӕносон царди нифс (Иоан. 17:3). Дӕ цард Йеговӕн ку иснивонд кӕнай ӕма донаргъуд ку райсай, уӕд исуодзӕнӕ Йегови Ӕвдесӕн (Ис. 43:10–12). Уотемӕй ӕрбайеу уодзӕнӕ, ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр еу бийнонти хузӕн ка цӕруй, Хуцауи ном сӕрустурӕй ка хӕссуй ӕма ’й иннетӕн дӕр ка ӕргом кӕнуй, еци адӕнмӕ (Пс. 86:12).

11 Библий Фиди туххӕй ци финст ес, уой зонун хъӕбӕр устур кадӕ ӕй! Еци ӕхсидзгӕ хабӕрттӕбӕл ку баууӕндай, уӕд дӕ бафӕнддзӕй дӕхе Йеговӕн иснивонд кӕнун ӕма донаргъуд райсун.

12, 13. Фурти туххӕй ци базудтай?

12 Библий Хуцауи Фурти туххӕй ци финст ес, уой ку базудтай, уӕд цӕбӕл расагъӕс кодтай? Дун-дуйней Йесойӕй уӕлдӕр ӕрмӕстдӕр Йеговӕ ӕй. Йесо ӕ цард нӕ бавгъау кодта ӕма ӕхе мах туххӕй нивонди ӕрхаста. Еци нивондбӕл ке ӕууӕндӕн, е нӕ гъуддӕгтӕй бӕрӕг ку уа, уӕд нӕ тӕрегъӕдтӕ хатиргонд ӕрцӕудзӕнцӕ, Хуцауи ӕмбӕлттӕ исуодзиан ӕма ӕносон цардӕй исхайгин уодзиан (Иоан. 3:16). Йесо ӕй нӕ Хестӕр саугин. Е нин ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй нин ӕ нивонд пайда хӕсса, удта Хуцаумӕ хӕстӕг уӕн (Дзиуит. 4:15; 7:24, 25). Йесо ӕй Хуцауи Паддзахади Паддзах, ӕма Йеговӕ уой фӕрци ӕ ном искӕдзос кӕндзӕй, фуддзийнадӕн кӕрон искӕндзӕй, удта нӕ федӕни дзенети ӕносон арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин кӕндзӕй (Матф. 6:9, 10; Рарг. 11:15). Йесо нин бавдиста, цӕрун куд гъӕуй, уой (1 Пет. 2:21). Хуцауи фӕндон исӕнхӕст кӕнуни туххӕй ӕ цард равардта ӕма нин уомӕй фӕнзуйнаг ӕй (Иоан. 4:34).

13 Библи Йесой, Хуцауи хъазар Фурти туххӕй ци дзоруй, уой ку базонай, уӕд ӕй бауарздзӕнӕ. Ӕма дин уӕд царди фиццаг бунати уодзӕй Хуцауи фӕндон ӕнхӕст кӕнун, Йесойӕн куд адтӕй, уотӕ. Ӕма дӕ бафӕнддзӕй дӕ цард Йеговӕн иснивонд кӕнун ӕма донаргъуд райсун.

14, 15. Сугъдӕг хъаури туххӕй ци базудтай?

14 Сугъдӕг хъаури туххӕй ку базудтай, уӕдта цӕбӕл расагъӕс кодтай? Сугъдӕг хъаурӕ уодгоймаг нӕй, фал Хуцауи архайгӕ хъаурӕ. Йеговӕ ӕ сугъдӕг хъаури разамундӕй Библи ниффинсун кодта ӕма нин, ци кӕсӕн, уой лӕдӕрунмӕ дӕр еци хъаури фӕрци ӕнхус кӕнуй (Иоан. 14:26; 2 Пет. 1:21). Йеговӕ нӕ ӕ сугъдӕг хъаурӕй исхайгин кӕнуй, цӕмӕй нӕмӕ «адӕймагмӕ ка нӕййес, уӕхӕн хъаурӕ» уа (2 Кор. 4:7). Сугъдӕг хъаури фӕрци нӕ бон ӕй хуарз хабар игъосун кӕнун, фӕлварӕнти хӕццӕ тох кӕнун, нӕхемӕ ку нийгъосӕн, уӕд ма басӕттун ӕма зиндзийнӕдти рӕстӕг федар фӕллӕуун. Сугъдӕг хъаурӕ ма нин ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй нӕ уодигъӕди ирӕзун кӕнӕн, хуарз менеугутӕ (Гал. 5:22). Хуцау рӕдауӕй ӕ сугъдӕг хъаурӕ дӕттуй, ӕ зӕрдӕ ибӕл ка даруй ӕма си еци хъаурӕ зӕрдиагӕй ка коруй, уонӕн (Лук. 11:13).

15 Сугъдӕг хъаурӕ Йегови адӕнӕн ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй сӕ бон уа лӕггадӕ кӕнун ӕма син е сӕ нифс федар кӕнуй. Сугъдӕг хъаури туххӕй ци базудтай, уобӕл ку баууӕндай, уӕд дӕ бафӕнддзӕй дӕ цард Хуцауӕн иснивонд кӕнун ӕма донаргъуд райсун.

16. Аци абзаци уӕнгӕ цӕбӕл радзурдтан?

16 Дӕхе Хуцауӕн иснивонд кӕнун ӕма донаргъуд райсун ку исфӕндӕ кӕнай, уӕд хъӕбӕр ӕхсидзгӕ унаффӕ рахӕсдзӕнӕ. Куд ӕй базудтан, уотемӕй гъӕуама цӕттӕ уай цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдтӕ бавзарунмӕ ӕма дӕхе цӕмӕйдӕрти фӕццох кӕнунмӕ дӕр. Фал етӕ неци ’нцӕ, ци арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уодзӕнӕ, уони рази. Донаргъуди фӕрци дӕ бон уодзӕй фӕййервӕзун, удта дин Хуцауи рази уодзӕй кӕдзос цӕсгон. Донаргъуд райсун дӕ фиццагидӕр гъӕуама бафӕндӕуа Йегови ке уарзис, уой туххӕй. Гъӕуама ӕгас зӕрдӕй ӕууӕндай, Фиди, Фурти ӕма сугъдӕг хъаури туххӕй ци базудтай, уобӕл. Мадта нур ба цӕхуӕн дзуапп ратдзӕнӕ аци фарстабӕл: «Донаргъуд райсунмӕ цӕттӕ дӕн?»

ДОНАРГЪУД РАЙСУНИ РАЗМӔ ДӔ ЦИ ГЪӔУЙ БАКӔНУН

17. Донаргъуд райсуни размӕ цӕхуӕн къахдзӕфтӕ гъӕуй искӕнун?

17 Кӕд ӕй балӕдӕрдтӕ, донаргъуд райсунмӕ цӕттӕ ке дӕ, уой, уӕд, зӕгъӕн ес, ӕма берӕ къахдзӕфтӕ искодтай, цӕмӕй Йеговӕмӕ бахӕстӕг уай *. Библи ке ахур кодтай, уой фӕрци Йегови ӕма Йесой туххӕй берӕ цидӕртӕ базудтай ӕма дӕмӕ ӕууӕндундзийнадӕ фӕззиндтӕй (Дзиуит. 11:6). Йеговӕ зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уонӕбӕл ӕппундӕр нӕ дузӕрдуг кӕнис. Удта ӕгас зӕрдӕй ӕууӕндис, Киристей нивонди фӕрци тӕрегъӕд ӕма мӕлӕтӕй ке фӕййервӕздзӕнӕ. Дӕ тӕрегъӕдтӕбӕл ӕрфӕсмон кодтай, гъома ци лӕгъуз гъуддӕгтӕ кодтай, уонӕбӕл ӕма Йеговӕй хатир ракурдтай. Уой фӕсте дӕ цард раййивтай, гъома дӕ лӕгъуз гъуддӕгтӕ ниууагътай ӕма Хуцауи зӕрдӕмӕ куд цӕуй, уотӕ цӕрун райдӕдтай (Гъуд. 3:19). Цӕбӕл ӕууӕндис, уой туххӕй дӕ иннетӕн дзорун бафӕндадтӕй. Исдӕ ӕнаргъуд игъосунгӕнӕг ӕма ӕмбурди хӕццӕ игъосун кӕнуни гъуддаги архайун райдӕдтай (Матф. 24:14). Йеговӕ ди хъӕбӕр сӕрустур ӕй, аци ӕхсидзгӕ къахдзӕфтӕ ке искодтай, уой туххӕй. Ӕ зӕрдӕ ин хъӕбӕр барохс кодтай (Ӕмб. 27:11).

18. Донаргъуд райсуни размӕ ма дӕ никкидӕр ци гъӕуй бакӕнун?

18 Донаргъуд райсуни размӕ ма дӕ никкидӕр цидӕртӕ гъӕуй бакӕнун. Куд загътан, уотемӕй гъӕуама дӕхе Хуцауӕн иснивонд кӕнай. Гъӕуама имӕ хебарӕ рауӕн зӕрдибунӕй исковай ӕма ин дзурд раттай, аци бонӕй фӕстӕмӕ дин царди фиццаг бунати ӕ фӕндон ӕнхӕст кӕнун ке уодзӕй (1 Пет. 4:2). Уой фӕсте ба хестӕр нӕлгоймӕгти совети координаторӕн зӕгъӕ, донаргъуд райсун дӕ ке фӕндуй. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕ хӕццӕ радзубанди кӕндзӕнцӕ Библий сӕйраг ахурӕдтӕбӕл. Сӕ хӕццӕ фембӕлун дӕ ке гъуй, уомӕй ма тӕрсӕ. Еци фӕлмӕнзӕрдӕ ӕнсувӕртӕ дӕ зонунцӕ ӕма дӕ уарзунцӕ. Уони ӕрмӕстдӕр фӕндуй базонун, еци ахурӕдтӕ ӕцӕгӕйдӕр ке лӕдӕрис, удта, царди цӕхуӕн ӕхсидзгӕ къахдзӕф кӕнис, уой дӕр ке лӕдӕрис, уой. Гъема донаргъуд райсунмӕ цӕттӕ ке дӕ, уой ку фӕууинонцӕ, уӕд дин зӕгъдзӕнцӕ, иннӕ конгресси дӕ бон донаргъуд райсун ке ӕй.

ДОНАРГЪУДИ ФӔСТЕ ЦИ ГЪӔУЙ КӔНУН?

19, 20. Донаргъуди фӕсте ци кӕнун гъӕуй ӕма уомӕ ци хауй?

19 Донаргъуди фӕсте ци гъӕуй кӕнун? * Куд загътан, уотемӕй адӕймаг ӕ цард Хуцауӕн ку иснивонд кӕнуй, уӕд ин дзурд раттуй, ӕма ’й гъӕуама ӕнхӕст кӕна. Мадта донаргъуди фӕсте гъӕуама цӕрай, Хуцауӕн ци дзурд равардтай, уомӕ гӕсгӕ. Цума уомӕ ци хауй?

20 Де ’мбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ лимӕнӕй цӕрӕ. Донаргъуд ку райсай, уӕд ду дӕр исуодзӕнӕ уонӕй сӕ еу (1 Пет. 2:17). Ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ нур ӕнцӕ дӕ бийнонтӕ. Ӕма ӕмбурдтӕ ку нӕ цох кӕнай, уӕд сӕ хӕццӕ никки хъӕбӕрдӕр балимӕн уодзӕнӕ. Алли бон дӕр Хуцауи Дзурд кӕсӕ ӕма ибӕл сагъӕс кӕнӕ (Пс. 1:1, 2). Библий скъуддзаг ку бакӕсай, уӕд рӕстӕг рахецӕн кӕнӕ ӕма ци бакастӕ, уобӕл арф расагъӕс кӕнӕ. Ӕма гъе уӕд Библий финст дзурдтӕ дӕ зӕрдӕмӕ гъардзӕнцӕ. Алкӕддӕр ковӕ (Матф. 26:41). Йеговӕмӕ зӕрдиагӕй ку ковай, уӕд имӕ хӕстӕгдӕр кӕндзӕнӕ. Фиццагидӕр Хуцауи Паддзахадӕ агорӕ (Матф. 6:33). Уой туххӕй дин гъӕуама ӕхсидзгӕ уа игъосун кӕнуни гъуддаги архайун. Ӕдзох игъосун кӕнуни гъуддаги ку архайай, уӕд дӕхе ӕууӕндундзийнадӕ дӕр федардӕр кӕндзӕй ӕма иннетӕн дӕр ӕносон царди надбӕл ислӕуунмӕ ӕнхус кӕндзӕнӕ (1 Тим. 4:16)

21. Донаргъуд ку райсай, уӕд дин ци райгон уодзӕй?

21 Дӕ цард Йеговӕн иснивонд кӕнун ӕма донаргъуд райсун ке исфӕндӕ кодтай, е царди тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр унаффӕ ӕй. Дзурд дӕр ибӕл нӕййес, ӕнцон нӕ уодзӕй. Фал цума уой аргъ ӕй? Гъо. Зӕронд дуйней цийфӕнди зиндзийнӕдтӕ дӕр «рӕстӕгмӕ ’нцӕ ӕма уотӕ уӕззау нӕ ’нцӕ» (2 Кор. 4:17). Донаргъуд ку райсай, уӕдта дин «ӕцӕг цардмӕ» дуӕрттӕ райгон уодзӕнцӕ абони дӕр ӕма федӕни дӕр (1 Тим. 6:19). Мадта Йеговӕмӕ раковӕ ӕма лӕмбунӕг расагъӕс кӕнӕ, аци фарстабӕл: «Донаргъуд райсунмӕ цӕттӕ дӕн?»

50 ЗАР Мӕхе дӕуӕн нивонд кӕнун

^ 5 абз. Фӕндуй дӕ донаргъуд райсун? Кӕд гъо, уӕд аци статья дӕуӕн финст ӕй. Дзурд си цӕуй, аци теми хӕццӕ баст ка ӕй, уӕхӕн ӕхсидзгӕ фарстатӕбӕл. Ӕма си ци дзуӕппитӕ ес, етӕ дин банхус кӕндзӕнцӕ балӕдӕрун, ӕцӕгӕйдӕр донаргъуд райсунмӕ цӕттӕ дӕ ӕви нӕ, уой.

^ 19 абз. Кӕд киунугутӕ «Чему нас учит Библия?» ӕмӕ «Оставайся в любви Бога» кӕронмӕ ахур нӕ фӕцайтӕ, уӕд гъӕуама Библи идарддӕр ахур кӕнай, цалинмӕ дууӕ киунуги дӕр нӕ фӕууайтӕ, уӕдмӕ.