Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

13 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзут

Кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзут

«Кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзут, уӕ уарзт артау судзӕд» (1 ПЕТ. 1:22).

109 ЗАРӔГ Кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

Йесо йӕ апостолтимӕ фӕстаг изӕр куы уыд, уӕд сын загъта, кӕрӕдзи кӕй хъуамӕ уарзой (кӕс 1, 2 абзацтӕ)

1. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы бафӕдзӕхста? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

ЙЕСО йӕ мӕлӕты размӕ изӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн радта бӕлвырд фӕдзӕхст: «Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ уарзут уӕ кӕрӕдзийы». Ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоан. 13:34, 35).

2. Цӕмӕн у ахсджиаг кӕрӕдзийы уарзын?

2 Йесо загъта, йе ’цӕг ахуыргӕнинӕгты кӕй уыдзӕн ӕнцонтӕй базонӕн, уый сӕ куыд уарзы, уыдон дӕр иннӕты афтӕ куы уарзой, уӕд. Уыцы ныхӕстӕ хаудысты фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕм, ӕмӕ абон махмӕ дӕр хауынц. Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй кӕрӕдзийы уарзӕм, уый зын куы уа, уӕд дӕр.

3. Ацы статьяйӕ цы базондзыстӕм?

3 Не ’ппӕт дӕр стӕм ӕнӕххӕст, ӕмӕ нын уый тыххӕй хатт зын вӕййы кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзын. Фӕлӕ хъуамӕ Йесойы фӕзмӕм. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, уарзондзинад нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрӕм, макӕй хъулон кӕнӕм ӕмӕ уазӕгуарзон уӕм. Ӕркӕсдзыстӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты цӕвиттонтӕм. Ӕмӕ-иу ацы статья ахуыргӕнгӕйӕ ахъуыды кӕн: «Мӕ бон сӕ куыд у бафӕзмын ӕмӕ иннӕты уарзын, уый зын куы уа, уӕд дӕр?»

ИННӔТИМӔ ХӔЛАРӔЙ ЦӔР

4. Матфейы 5:23, 24 стихтӕм гӕсгӕ, цӕмӕн у ахсджиаг ӕфсымӕримӕ бафидауын, истӕуыл нӕм хӕрам куы уа, уӕд?

4 Йесо бамбарын кодта, не ’фсымӕр нӕм цӕуылдӕр хӕрам куы уа, уӕд йемӕ бафидауын кӕй хъӕуы. (Бакӕс Матфейы 5:23, 24.) Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, ӕмӕ нӕ кӕд Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын фӕнды, уӕд хъуамӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ фӕрнӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕрӕм. Йегъовӕ тынг фӕцин кӕны, семӕ бафидауыныл зӕрдиагӕй куы фӕархайӕм, уӕд. Не ’фсымӕртӕм нӕ зӕрдӕйы маст куы хӕссӕм ӕмӕ семӕ бафидауыны тыххӕй куы ницы аразӕм, уӕд нӕ лӕггадӕн йӕ цӕсты аргъ нӕ уыдзӕн (1 Иоан. 4:20).

5. Маркӕн зын цӕмӕн уыд иу ӕфсымӕримӕ бафидауын?

5 Хатт афтӕ вӕййы, ӕмӕ нын кӕимӕдӕр бафидауын зын вӕййы. Ӕркӕсӕм, Маркыл * цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Иу ӕфсымӕр ын фӕуайдзӕфтӕ кодта, стӕй ӕмбырды иннӕтӕн йӕ фыдкой фӕкодта, ӕмӕ уый Маркӕн тынг хъыг уыди. Марк зӕгъы: «Мӕстӕй йӕм рафыхтӕн ӕмӕ мӕхи нал баурӕдтон». Фӕлӕ стӕй фӕфӕсмон кодта, афтӕ кӕй бакодта, ууыл. Гъемӕ хъавыд уыцы ’фсымӕрӕй хатыр ракурынмӕ ӕмӕ йемӕ бафидауынмӕ. Фӕлӕ уый та нӕ фӕндыд фидауын. Уӕд Марк ахъуыды кодта: «Кӕд уый нӕ фӕнды бафидауын, уӕд ӕз цӕмӕн хъуамӕ архайон?» Фӕлӕ йын районон цӕстдарӕг загъта, цӕмӕй йӕ къухтӕ ма ’руадза. Цымӕ Марк дарддӕр куыд бакодта?

6. а) Марк цы арӕзта, цӕмӕй ӕфсымӕримӕ бафидыдтаид? б) Марк Колоссӕгтӕм 3:13, 14 стихтӕм гӕсгӕ куыд архайдта?

6 Марк йӕ зӕрдӕмӕ куы ныккаст ӕмӕ, цавӕр адӕймаг у, ууыл куы ахъуыды кодта, уӕд бамбӕрста, фӕивын ӕй кӕй хъуыди, уымӕн ӕмӕ йын сӕрныллӕгдзинад нӕ фаг кодта ӕмӕ-иу хатт йӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл нымадта (Кол. 3:8, 9, 12). Уыцы ’фсымӕрмӕ та ногӕй бацыд ӕмӕ дзы сӕрныллӕгӕй хатыр ракуырдта. Стӕй ма йӕм цалдӕр писмойы дӕр ныффыста ӕмӕ йын бамбарын кодта, кӕй фӕсмон кӕны ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды бафидауын, цӕмӕй та раздӕрау ӕмбӕлттӕ уой. Суанг ма йын-иу, йӕ зӕрдӕмӕ цы фӕцыдаид, ахӕм цыдӕртӕ дӕр балӕвар кодта. Фӕлӕ йын уый уӕддӕр нӕ хатыр кодта ӕмӕ йӕм йӕ зӕрдӕйы маст хаста. Ӕмӕ кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр Марк дарддӕр архайдта Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, зӕгъгӕ, кӕрӕдзийы уарзут ӕмӕ кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнут. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:13, 14.) Адӕймагимӕ бафидауыныл куы архайӕм, фӕлӕ нын уӕддӕр йӕ зӕрдӕ ссарын куы нӕ уайа, уӕд нын уарзондзинад ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр хатыр кӕнӕм ӕмӕ кувӕм, цӕмӕй ӕппынфӕстаг йемӕ бафидауӕм (Матф. 18:21, 22; Гал. 6:9).

Исчи нӕм истӕуыл хӕрам куы уа, уӕд нӕ, чи зоны, бахъӕуа алыхуызӕтты архайын, цӕмӕй йемӕ бафидауӕм (кӕс 7, 8 абзацтӕ) *

7. а) Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, иннӕтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? б) Иу хойыл цавӕр хабар ӕрцыд?

7 Йесо загъта, зӕгъгӕ уӕ куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр. Стӕй ма загъта, мах чи уарзы, ӕрмӕст уыдоны уарзын раст кӕй нӕ уыдзӕн (Лук. 6:31–33). Зӕгъӕм дын ӕмбырды чидӕр салам нӕ дӕтты. Уӕд куыд кӕнгӕ у? Кӕд афтӕ арӕх нӕ вӕййы, уӕддӕр ахӕм хабар ӕрцыд иу хойыл, Ларӕйыл. Уый зӕгъы: «Иу хо мын салам дӕр нӕ лӕвӕрдта. Ӕмӕ йӕ не ’мбӕрстон, афтӕ цӕмӕн кӕны. Тынг-иу стыхстӕн, ӕмӕ-иу мӕ ӕмбырдтӕм цӕуын дӕр нал фӕндыд». Фыццаг Ларӕ хъуыды кодта: «Ӕз ницы аххосджын дӕн. Стӕй иннӕтӕм дӕр афтӕ кӕсы, ӕмӕ уыцы хо йӕхи цыдӕр ӕнахуыр фӕдары».

8. Ларӕ цы арӕзта, цӕмӕй хоимӕ бафидыдтаид, ӕмӕ йӕ хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

8 Фӕлӕ Ларӕ бацархайдта, цӕмӕй уыцы хоимӕ бафидыдтаид. Уый Йегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ сфӕнд кодта хоимӕ аныхас кӕнын. Куы аныхас кодтой, уӕд кӕрӕдзийӕн ахъӕбыс кодтой. Ларӕмӕ афтӕ каст, ӕмӕ кӕрӕдзи бамбӕрстой. Ларӕ дарддӕр радзырдта: «Фӕлӕ уыцы хо уӕддӕр йӕхи раздӕрау дардта. Мӕ ныфс бынтондӕр асаст». Фыццаг Ларӕ афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕм уыцы хо йӕ ахаст куы фӕива, ӕрмӕстдӕр уӕд кӕй ӕрсабыр уыдзӕн. Фӕлӕ фӕстӕдӕр бамбӕрста, хуыздӕр кӕй уыдзӕн, уӕддӕр уыцы хойы куы уарза ӕмӕ йын зӕрдӕйӕ куы хатыр кӕна (Еф. 4:32–5:2). Стӕй ма ахъуыды кодта, ӕцӕг уарзондзинад, «ӕвзӕрӕй йын чи цы ракодта, уыдон [кӕй] нӕ нымайы». Уый «алцӕмӕн дӕр быхсы, алцӕуыл дӕр ӕууӕнды, алцӕуыл дӕр йӕ ныфс дары, алцӕмӕн дӕр фидар лӕууы» (1 Кор. 13:5, 7). Ӕмӕ Ларӕ уыцы уавӕрыл нал мӕт кодта. Фӕстӕдӕр ӕм уыцы хо хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта. Ды дӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ хӕларӕй цӕрыныл куы архайай ӕмӕ сӕ куы уарзай, уӕд «уарзондзинады ӕмӕ фарны Хуыцау уыдзӕн [демӕ]» (2 Кор. 13:11).

ХЪУЛОН МАКӔЙ КӔН

9. Хъуыддӕгты 10:34, 35 стихтӕм гӕсгӕ, ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй макӕй хъулон кӕнӕм?

9 Йегъовӕ хъулон никӕй кӕны. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35.) Ӕмӕ мах дӕр афтӕ кӕй кӕнӕм, уымӕй ӕвдисӕм, йӕ сывӕллӕттӕ кӕй стӕм. Мах иннӕты уарзӕм, нӕхи куыд уарзӕм, афтӕ, стӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ хӕларӕй цӕрӕм (Ром. 12:9, 10; Иак. 2:8, 9).

10, 11. Иу хойӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ зондахаст фӕивтаид?

10 Иуӕй-иутӕн ӕнцон нӕ вӕййы, цӕмӕй хъулон макӕй кӕной. Ӕркӕсӕм иу хойы хабармӕ. Рут бынтон ӕрыгон куы уыд, уӕд сӕ бинонтӕн, ӕндӕр бӕстӕйӕ чи уыд, иу ахӕм сылгоймаг ӕвзӕрӕй цыдӕр сарӕзта. Цымӕ Рутыл уый куыд фӕзынд? Мӕнӕ цы зӕгъы: «Уыцы бӕстӕимӕ цыдӕриддӕр баст уыд, уый мын ӕнад уыд. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ, уырдыгӕй чи у, уыдон иууылдӕр уыцы сылгоймаджы хуызӕн сты, суанг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр». Рутӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй афтӕ мауал хъуыды кодтаид?

11 Рут бамбӕрста, уыцы хъуыдытимӕ йӕ тох кӕнын кӕй хъӕуы. Уый райдыдта «Ӕрвылазон чиныджы» уыцы бӕстӕйы тыххӕй кӕсын. Рут зӕгъы: «Ӕз тынг архайдтон, цӕмӕй уыцы адӕммӕ хорз цӕстӕй кӕсын райдыдтаин. Уыцы бӕстӕйӕ чи сты, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнынц, уый уынын райдыдтон. Ӕз ӕй бамбӕрстон, уыдон дӕр кӕй сты, ӕгас дунейы нын цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, уыдонӕй». Фӕстӕдӕр Рут бамбӕрста, ноджыдӕр ма йӕ цыдӕр кӕй хъуыди саразын. Уый зӕгъы: «Уыцы бӕстӕйӕ чи уыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл-иу куы фембӕлдтӕн, уӕд-иу уӕлдай тынгдӕр архайдтон, цӕмӕй сӕм хӕларзӕрдӕ уыдаин. Семӕ-иу аныхас кодтон ӕмӕ-иу архайдтон, цавӕр адӕм сты, уый хуыздӕр базоныныл». Ӕппынфӕстаг Рут уыцы адӕммӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта.

Не ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы уарзӕм, уӕд хъулон никӕй кӕндзыстӕм (кӕс 12, 13 абзацтӕ) *

12. Сарӕ цавӕр рӕдыд зондыл хӕст уыд?

12 Иуӕй-иутӕ йӕ сӕхӕдӕг ӕмбаргӕ дӕр нӕ фӕкӕнынц, кӕйдӕр кӕй хъулон кӕнынц, уый. Зӕгъӕм, Сарӕмӕ афтӕ каст, ӕмӕ хъулон никӕй кӕны, уымӕн ӕмӕ-иу нӕ касти, адӕймаг кӕцы адӕмыхаттӕй у, хъӕздыг у ӕви мӕгуыр, стӕй йын ӕмбырды цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ ис ӕви нӕ, уымӕ. Фӕлӕ афтӕ зӕгъы: «Иу бон мӕм бахъардта, ӕцӕгӕй адӕмы кӕй хъулон кӕнын». Цымӕ цавӕр хъуыддаджы? Сарӕйӕн йӕ бинонтӕй алкӕмӕ дӕр уыд уӕлдӕр ахуырад, ӕмӕ-иу фылдӕр ахӕм адӕмимӕ лымӕн кодта. Иухатт ма йе ’мбалӕн афтӕ дӕр загъта: «Ӕз мӕ рӕстӕг фервитын, уӕлдӕр ахуырад кӕмӕ ис, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ. Иннӕтимӕ та нӕ лымӕн кӕнын». Бӕрӕг у, Сарӕйы йӕ зондахаст фӕивын кӕй хъуыд.

13. Сарӕйӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй адӕммӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтаид, ӕмӕ дзы мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

13 Районон цӕстдарӕг Сарӕйӕн баххуыс кодта, цӕмӕй ахъуыды кодтаид, адӕммӕ цы цӕстӕй каст, ууыл. Сарӕ радзырдта: «Районон цӕстдарӕг мӕ раппӕлыд, иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕнын, хорз дзуаппытӕ кӕй фӕдӕттын ӕмӕ Фыстад хорз кӕй зонын, уый тыххӕй. Стӕй ма загъта, нӕ зонындзинӕдтӕ куыд фылдӕр кӕнынц, афтӕ нӕ кӕй хъӕуы нӕ удыхъӕды, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ фидар кӕнын. Зӕгъӕм, хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг, бонзонгӕ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ». Сарӕ уыцы уынаффӕмӕ байхъуыста. Уый зӕгъы: «Ӕппӕты ахсджиагдӕр у, цӕмӕй иннӕты уарзай ӕмӕ сӕм хӕларзӕрдӕ уай». Ӕмӕ Сарӕ райдыдта хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм ӕндӕр цӕстӕй кӕсын. Сарӕ хъуыды кӕнын райдыдта, Йегъовӕ сӕ цавӕр миниуджыты тыххӕй уарзы, ууыл. Махӕй та цы ис зӕгъӕн? Кӕд нӕм уӕлдӕр ахуырад ис, уӕд хъуамӕ нӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл ма нымайӕм. Не ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы уарзӕм, уӕд хъулон никӕй кӕндзыстӕм (1 Пет. 2:17).

УАЗӔГУАРЗОН У

14. Дзуттӕгтӕм 13:16 стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ цы цӕстӕй фӕкӕсы, уазӕгуарзон куы вӕййӕм, уымӕ?

14 Уазӕгуарзон ӕмӕ рӕдау куы вӕййӕм, уӕд уый Йегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон вӕййы. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:16.) Уый дӕр нымайы нӕ лӕггадыл, уӕлдайдӕр та аргъ кӕны, ӕххуысхъуаг чи у, уыдонӕн кӕй феххуыс кӕнӕм, уымӕн (Иак. 1:27; 2:14–17). Уымӕ гӕсгӕ нын Фыстад фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, «алкӕддӕр ут уазӕгуарзон» (Ром. 12:13). Уазӕгуарзон ӕмӕ рӕдау куы вӕййӕм, уӕд афтӕмӕй равдисӕм, иннӕтыл кӕй тыхсӕм, кӕй сӕ уарзӕм ӕмӕ нӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй не ’мбӕлттӕ уой. Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты нӕхимӕ куы фӕхонӕм, стӕй семӕ рӕстӕг куы фервитӕм (1 Пет. 4:8–10). Фӕлӕ хатт уазӕгуарзондзинад ӕвдисын ӕнцон нӕ вӕййы.

Эдит загъта: «Раздӕр мӕ нӕ уыд уазӕгуарзон адӕймаг схонӕн. Фӕлӕ ныр уарзын уазджытӕ хонын, ӕмӕ мын уый стыр циндзинад хӕссы» (кӕс 16 абзац) *

15, 16. а) Кӕмӕндӕрты зын цӕмӕн вӕййы уазӕгуарзондзинад ӕвдисын? б) Эдитӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй уазӕгуарзон суыдаид?

15 Чи зоны нын уазӕгуарзондзинад ӕвдисын зын у, афтӕ ахуыр кӕй не стӕм, уый тыххӕй йе та нӕ уавӕрты тыххӕй. Ӕркӕсӕм иу идӕдз хойы хабармӕ. Эдит цалынмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси, уӕдмӕ уазджытӕ арӕх нӕ хуыдта. Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ иннӕтау йӕ бон нӕу искӕй, куыд ӕмбӕлы, афтӕ суазӕг кӕнын.

16 Фӕлӕ Эдит Ӕвдисӕн куы сси, уӕд уыцы хъуыддагмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта. Ӕмӕ бацархайдта, цӕмӕй уазӕгуарзон суыдаид. Уый зӕгъы: «Ног Паддзахады зал куы арӕзтам, уӕд мын хистӕр нӕлгоймаг загъта, иу къай нӕм ӕххуыс кӕнынмӕ кӕй ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ мӕ бафарста, ис, дам, гӕнӕн, ӕмӕ дыууӕ къуырийы дӕумӕ ӕрлӕууой. Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йегъовӕ сарептӕйаг идӕдз сылгоймагӕн куыд раарфӕ кодта, уый» (1 Пад. 17:12–16). Ӕмӕ Эдит уыцы бинонты суазӕг кодта. Цымӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын? Мӕнӕ цы зӕгъы: «Афтӕ рауад, ӕмӕ мӕм дыууӕ къуырийы нӕ, фӕлӕ дыууӕ мӕйы цардысты. Ӕмӕ семӕ тынг балымӕн дӕн». Эдитӕн ма ӕмбырды дӕр фӕзынд ӕмбӕлттӕ. Ныр лӕггад кӕны пионерӕй, ӕмӕ, уацамынды кӕимӕ вӕййы, уыдоны арӕх йӕхимӕ фӕхоны. Эдит зӕгъы: «Цы мӕм ис, уымӕй иннӕтӕн куы фӕхай кӕнын, уӕд мӕхӕдӕг дӕр тынг фӕцин кӕнын. Стӕй мӕ арфӕдзинӕдтӕ, цы раттын, уымӕй фылдӕр вӕййынц» (Дзут. 13:1, 2).

17. Роберт ӕмӕ йӕ бинойнаг цы бамбӕрстой?

17 Кӕд уазӕгуарзон стӕм, уӕддӕр цымӕ уыцы хъуыддаджы ницы ис фӕхуыздӕр кӕнӕн? Зӕгъӕм, Роберт ӕмӕ-иу йӕ бинойнаг сӕхимӕ арӕх фӕхуыдтой сӕ ныййарджыты, сӕ хиуӕтты, се ’мбӕлтты ӕмӕ районон цӕстдарӕджы йӕ бинойнагимӕ. Фӕлӕ Роберт зӕгъы: «Мах бамбӕрстам, ӕввахс нын чи уыд, ӕрмӕстдӕр-иу уыдоны кӕй фӕхуыдтам». Цымӕ ацы бинонтӕ цы сарӕзтой, цӕмӕй ноджы уазӕгуарзондӕр суыдаиккой?

18. Роберт ӕмӕ йӕ бинойнаг цы сарӕзтой, цӕмӕй ноджы уазӕгуарзондӕр суыдаиккой?

18 Роберт ӕмӕ йӕ бинойнаг ахъуыды кодтой Йесойы ныхӕстыл: «Кӕд сымах, чи уӕ уарзы, уыдоны уарзут, уӕд уын цӕй хӕрзиуӕг уыдзӕн?» Ӕмӕ уӕд бамбӕрстой, ӕцӕг уазӕгуарзондзинад цы у, уый (Матф. 5:45–47). Уыдон бамбӕрстой, Йегъовӕйы кӕй хъуамӕ фӕзмой, ӕмӕ уый та йӕ хорздзинӕдтӕй алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй хай кӕны. Гъемӕ аскъуыддзаг кодтой, уый размӕ сӕм уазӕгуаты чи никуы уыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты кӕй хондзысты. Роберт загъта: «Иумӕ афтӕ рӕстӕг кӕй арвитӕм, уымӕй не ’ппӕт дӕр тынг райгондӕй баззайӕм. Уый фӕрцы нӕ ныфсыл ныфс бафты ӕмӕ кӕрӕдзимӕ, стӕй Йегъовӕмӕ дӕр баввахсдӕр вӕййӕм».

19. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Дарддӕр дӕ цы фӕнды аразын?

19 Мах аныхас кодтам, кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй уарзӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрӕм, макӕй хъулон кӕнӕм ӕмӕ уазӕгуарзон уӕм. Цӕй уӕдӕ мацӕмӕн раттӕм уый бар, цӕмӕй нӕ хъыгдара нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзын. Ӕмӕ уӕд уыдзыстӕм амондджын ӕмӕ ӕвдисдзыстӕм, ӕцӕгдӕр Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стӕм (Иоан. 13:17, 35).

88 ЗАРӔГ Бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ

^ 5 абз. Йесо загъта, ӕцӕг чырыстӕтты сӕ уарзондзинадӕй кӕй уыдзӕн базонӕн. Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй семӕ хӕларӕй цӕрӕм, макӕй хъулон кӕнӕм ӕмӕ уазӕгуарзон уӕм. Фӕлӕ уый алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы. Нӕ бон куыд у нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты дарддӕр дӕр ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзын, нӕ уарзт артау куыд судза? Ацы статьяйы уый фӕдыл ис хорз уынаффӕтӕ.

^ 5 абз. Ацы статьяйы иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

^ 57 абз. НЫВТӔ. Хо архайы иннӕ хоимӕ бафидауыныл. Уый йын уайтагъд нӕ рауад, фӕлӕ уӕддӕр йӕ къухтӕ не ’руагъта. Кӕй йӕ уарзы, уый дарддӕр ӕвдисы, ӕмӕ ӕппынфӕстаг бафидыдтой.

^ 59 абз. НЫВ. Ацӕргӕ ӕфсымӕрмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕмбырды никӕй хъӕуы.

^ 61 абз. НЫВ. Хойӕн фыццаг зын уыд уазӕгуарзондзинад ӕвдисын, фӕлӕ стӕй йӕ зондахаст фӕивта, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ циныл цин бафтыд.