Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

16 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕс

Дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕс

«Ӕддаг бакастмӕ гӕсгӕ мауал тӕрхон кӕнут, фӕлӕ раст тӕрхон кӕнут» (ИОАН. 7:24).

101 ЗАРӔГ Иумӕ лӕггад кӕнӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Библийӕ Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн ӕмӕ нын уый ныфсы хос цӕмӕн у?

ФӔНДИД дӕ, цӕмӕй иннӕтӕ кӕсой дӕ буары хуызмӕ кӕнӕ дӕ цӕсгоммӕ ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ кӕной хатдзӕгтӕ, цавӕр адӕймаг дӕ, уый фӕдыл? Ӕвӕццӕгӕн ӕмӕ нӕ. Фӕлӕ нын Йегъовӕ не ’ддаг бакастмӕ нӕ фӕкӕсы, цӕмӕй зӕгъа, цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уый. Ӕмӕ нын уый ныфсы хос куыннӕ у! Зӕгъӕм, Самуил Йессейы фырттӕм кӕсгӕйӕ нӕ федта, Йегъовӕ цы уыдта, уый. Йегъовӕ йын загъта, Йессейы фырттӕй иу кӕй суыдзӕн Израилы паддзах. Фӕлӕ кӕцы? Самуил хистӕр фырты, Елиавы, куы федта, уӕд загъта: «Ӕнӕмӕнг, ай у Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕг». Елиав уыди уындджын нӕлгоймаг, ӕмӕ Самуил ахъуыды кодта, уый кӕй уыдзӕн паддзах. «Фӕлӕ Йегъовӕ Самуилӕн загъта: „Йӕ уынд ӕмӕ йын йӕ асмӕ ма кӕс, уый нӕ равзӕрстон“». Цымӕ афтӕ цӕмӕн загъта? Йегъовӕ бамбарын кодта: «Адӕймаг кӕсы, цӕст цы уыны, уымӕ, Йегъовӕ та кӕсы зӕрдӕмӕ» (1 Сам. 16:1, 6, 7).

2. Иоанны 7:24 стихы афтӕ фыст цӕмӕн ис, ӕддаг бакастмӕ гӕсгӕ ма тӕрхон кӕнут, зӕгъгӕ? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

2 Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ арӕх не ’ппӕт дӕр адӕймагӕн йе ’ддаг бакастмӕ гӕсгӕ цавӕрдӕр хатдзӕгтӕ скӕнӕм. (Бакӕс Иоанны 7:24.) Фӕлӕ, цы фӕуынӕм, уымӕ гӕсгӕ адӕймаджы тыххӕй бирӕ нӕ вӕййы базонӕн. Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕм дохтыры. Дохтыр цыфӕнды дӕсны ӕмӕ фӕлтӕрдджын куы уа, уӕддӕр рынчыны тыххӕй ӕрмӕст иу бакастӕй бирӕ цыдӕртӕ нӕ базондзӕн. Хъуамӕ йӕм лӕмбынӕг байхъуса, цӕмӕй базона, раздӕр цавӕр низтӕй уыд рынчын, ныртӕккӕ йӕ цы тыхсын кӕны ӕмӕ йӕхӕдӕг йӕ уавӕрмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Чи зоны ма йӕ рентгенмӕ дӕр арвита. Ӕнӕ уыдӕттӕй йын, гӕнӕн ис, йӕ низыхатт раст ма сбӕрӕг кӕна. Афтӕ-иу мах дӕр, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ цавӕр адӕймӕгтӕ сты, уый хорз нӕ бамбардзыстӕм, ӕрмӕст сын се ’ддаг бакастмӕ куы кӕсӕм, уӕд. Хъуамӕ-иу бацархайӕм арфдӕр ныккӕсыныл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ бон нӕу зӕрдӕтӕ уынын, ӕмӕ иннӕты Йегъовӕйы хуызӕн никуы ӕмбардзыстӕм. Фӕлӕ нӕ бон у архайын, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм. Уый куыд ис аразӕн?

3. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм, уый нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕзмӕм?

3 Цы ис зӕгъӕн, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд у, уый тыххӕй? Уый сӕм байхъусы. Уымӕй уӕлдай ма сын хорз зоны сӕ уавӕртӕ, сӕ раздӕры цард ӕмӕ, куыд схъомыл сты, уый. Стӕй сын фӕтӕригъӕд кӕны ӕмӕ сын сӕ зын бамбары. Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ Ионӕйӕн, Илийайӕн, Агарӕн ӕмӕ Лотӕн куыд баххуыс кодта, ууыл. Ӕмӕ фендзыстӕм, нӕ бон куыд у Йегъовӕйы фӕзмын, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн куыд стӕм, уымӕй.

ЛӔМБЫНӔГ-ИУ БАЙХЪУС

4. Цӕмӕн ис афтӕ ахъуыды кӕнӕн, ӕмӕ Ионӕ иузӕрдион адӕймаг нӕ уыд?

4 Ионӕ цы уавӕры уыд, уый тыххӕй алцы нӕ зонӕм. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис, хъуыды кӕнӕм, ӕууӕнкджын ӕмӕ иузӕрдион адӕймаг кӕй нӕ уыд. Йегъовӕ йын загъта, цӕмӕй ацӕуа Ниневимӕ ӕмӕ дзы тӕрхоны хабар фехъусын кӕна. Фӕлӕ йӕм Ионӕ нӕ байхъуыста. Уый сбадт, бынтон ӕндӕр ранмӕ чи цыд, уыцы науыл ӕмӕ «Йегъовӕйӕ алыгъд» (Ионӕ 1:1–3). Ды ма уый фӕстӕ Ионӕйӕн фадат радтаис, цӕмӕй йӕ хӕслӕвӕрд сӕххӕст кодтаид? Чи зоны, нӕ. Фӕлӕ йын Йегъовӕ та ахӕм фадат радта (Ионӕ 3:1, 2).

5. Ионӕйы тыххӕй йӕ ныхӕстӕй цы ис базонӕн? (Ионӕ 2:1, 2, 9).

5 Ионӕ ӕцӕгӕй цавӕр адӕймаг уыди, уый рабӕрӕг йӕ куывдӕй. (Бакӕс Ионӕйы 2:1, 2, 9.) Йегъовӕмӕ бирӕ хӕттыты куывтаид, фӕлӕ уыцы куывдӕй базонӕн ис, хорз адӕймаг кӕй уыд. Кӕд ӕй йӕ хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнын нӕ фӕндыд ӕмӕ алыгъд, уӕддӕр йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, сӕрныллӕг кӕй уыд, Йегъовӕйӕ бузныг кӕй уыд ӕмӕ йӕ тынг кӕй фӕндыд йӕ коммӕ кӕсын. Ӕмӕ йын Йегъовӕ дӕр йӕ рӕдыдмӕ уый тыххӕй нӕ ныккомкоммӕ. Йӕ куывдӕн ын дзуапп радта, стӕй Ионӕ дарддӕр дӕр лӕггад кодта пехуымпарӕй.

Хабар ӕцӕгӕй куыд у, уый-иу куы базонӕм, уӕд-иу нӕ бон уыдзӕн нӕхи иннӕйы бынаты сӕвӕрын (кӕс 6 абзац) *

6. Цӕмӕн фӕхъӕуы иннӕтӕм лӕмбынӕг байхъусын?

6 Хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг ӕмӕ фӕразон, цӕмӕй-иу иннӕтӕм лӕмбынӕг байхъусӕм. Уый ахсджиаг у ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хъуыддаджы тыххӕй. Фыццаг: уый фӕрцы-иу адӕмы тыххӕй уайтагъд рӕдыд хатдзӕгтӕ не скӕндзыстӕм. Дыккаг: афтӕмӕй-иу базондзыстӕм, не ’фсымӕрӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ цыдӕр цӕмӕн сарӕзта, уый. Уый фӕрцы-иу нын ӕнцондӕр уыдзӕн нӕхи йӕ бынаты сӕвӕрын. Ӕмӕ ӕртыккаг: афтӕмӕй-иу адӕймагӕн баххуыс кӕндзыстӕм йӕхи хуыздӕр базонынӕн. Хатгай, нӕхи зӕрдӕйы цы ис, уый дӕр дзӕбӕх нӕ фембарӕм, цалынмӕ искӕимӕ нӕ аныхас кӕнӕм, уӕдмӕ (Ӕмб. 20:5). Азийӕ иу хистӕр нӕлгоймаг загъта: «Хъуыды йӕ кӕнын, иухатт мыл цы рӕдыд ӕрцыд, уый. Хомӕ нӕ байхъуыстон ӕмӕ алцы нӕ базыдтон, афтӕмӕй йын загътон, кӕй йӕ хъӕуы бацархайын, цӕмӕй ӕмбырдты хуыздӕр дзуаппытӕ дӕтта. Фӕстӕдӕр ӕй базыдтон, кӕсын хорз кӕй нӕ зыдта, ӕмӕ-иу цӕмӕй дзуапп раттаид, уый тыххӕй-иу ӕй бирӕ цӕттӕ кӕнын кӕй хъуыд». Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй-иу алы хистӕр нӕлгоймаг дӕр уынаффӕ раттыны размӕ адӕймагмӕ байхъуса! (Ӕмб. 18:13).

7. Йегъовӕ Илийайӕн куыд баххуыс кодта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

7 Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй иуӕй-иутӕн зын вӕййы, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дзурын, афтӕ ахуыр кӕй не сты кӕнӕ алцы сӕхи мидӕг кӕй фӕдарынц, уый тыххӕй. Цы ис саразӕн, цӕмӕй сын ӕнцондӕр уа махӕн сӕ зӕрдӕтӕ раргом кӕнын? Хъуыды кӕныс, Илийа Йезавелӕй куы алыгъд, уӕд ын Йегъовӕ куыд баххуыс кодта? Илийайӕн йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый йӕ уӕларвон Фыдӕн уайтагъд нӕ раргом кодта. Иу цасдӕр куы рацыд, ӕрмӕстдӕр ын уӕд ракодта йӕ мӕстытӕ. Ӕмӕ йӕм Йегъовӕ лӕмбынӕг байхъуыста. Уый фӕстӕ йӕ бафидар кодта ӕмӕ йын ахсджиаг хъуыддаг бахӕс кодта (1 Пад. 19:1–18). Чи зоны, хойы кӕнӕ ӕфсымӕры дӕр бахъӕуа рӕстӕг, цалынмӕ йӕ бафӕнда исты радзурын. Ӕмӕ хъӕуы банхъӕлмӕ кӕсын, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уӕд базондзыстӕм, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Мах дӕр Йегъовӕйау фӕразон куы уӕм, уӕд нын адӕймаг иу бон йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ радзурдзӕн. Ӕмӕ-иу ӕм уӕд хъуамӕ лӕмбынӕг байхъусӕм.

ХОТӔ ӔМӔ ’ФСЫМӔРТЫ ХУЫЗДӔР БАЗОН

8. Райдианы 16:7–13 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ Агарӕн куыд баххуыс кодта?

8 Сарӕйы лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Агар Аврамы ус куы сси, уӕд йӕхи раст нӕ дардта. Куы басывӕрджын, уӕд Сарӕмӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсын райдыдта, уымӕн ӕмӕ Сарӕйӕн сывӕллӕттӕ нӕ уыд. Гъемӕ Сарӕ Агары афтӕ тынг райдыдта ӕфхӕрын, ӕмӕ Агар алыгъди (Райд. 16:4–6). Ӕнӕххӕст адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, чи зоны, ахъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, Агар уыди налат сылгоймаг, ӕмӕ йӕ сӕр баййӕфта, цы аккаг уыд, уый. Фӕлӕ йӕм Йегъовӕ ахӕм цӕстӕй нӕ каст. Уый йӕм йӕ зӕды арвыста. Ӕмӕ йӕ зӕд куы ссардта, уӕд ын баххуыс кодта йӕ уавӕрмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсынӕн. Стӕй ма йын загъта, Хуыцау ын йӕ байзӕддӕгты кӕй сбирӕ кӕндзӕн. Агар ӕмбӕрста, Йегъовӕ йӕ кӕй уыдта ӕмӕ, цы уавӕры уыд, уый тыххӕй алцыдӕр кӕй зыдта. Уый йын йӕ зӕрдӕ афтӕ бацагайдта, ӕмӕ Йегъовӕйы схуыдта «алцыуынӕг Хуыцау». (Бакӕс Райдиан 16:7–13.)

9. Йегъовӕ Агарӕн цӕмӕн баххуыс кодта?

9 Йегъовӕ Агары тыххӕй цы зыдта? Зыдта, куыд схъомыл, раздӕр куыд цард ӕмӕ цыдӕриддӕр бавзӕрста, уый (Ӕмб. 15:3). Агар уыди египетаг ӕмӕ цард дзуттаг бинонтимӕ. Чи зоны-иу иуӕй-иу хатт уыцы хӕдзары йӕхимӕ ӕцӕгӕлон дӕр каст кӕнӕ йӕ бинонты ӕмӕ йӕ райгуырӕн бӕстӕ мысыд. Стӕй Агар уыди Аврамӕн йӕ дыккаг ус. Раджы заманты, Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕй кӕмӕндӕрты иу усӕй фылдӕр уыд. Фӕлӕ, Йегъовӕ бинонты цардӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд уый йӕ фӕнд нӕ уыди (Матф. 19:4–6). Ӕмӕ-иу арӕх уый тыххӕй рауад афтӕ, ӕмӕ-иу устытӕ кӕрӕдзи нӕ уарзтой ӕмӕ кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кодтой. Агар Сарӕмӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕй каст, уый Йегъовӕ растыл нӕ нымадта. Фӕлӕ, Агарӕн йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый зыдта ӕмӕ йын йӕ уавӕр ӕмбӕрста, ӕмӕ йын баххуыс кодта.

Дӕ хоты ӕмӕ-иу де ’фсымӕрты хуыздӕр базон (кӕс 10–12 абзацтӕ) *

10. Нӕ бон куыд у нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты хуыздӕр базонын?

10 Махӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕйы фӕзмын ӕмӕ иннӕты бамбарыныл архайын. Уый тыххӕй цы хъӕуы? Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хуыздӕр базон. Семӕ-иу аныхас кӕн ӕмбырды размӕ ӕмӕ ӕмбырды фӕстӕ, стӕй-иу семӕ хъусын кӕнынмӕ ацу. Гӕнӕн дын куы уа, уӕд-иу сӕ уазӕгуаты фӕхон. Афтӕ куы кӕнай, уӕд, гӕнӕн ис, уыдоны тыххӕй ног цыдӕртӕ базонай. Зӕгъӕм, чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕм кӕцыдӕр хо ӕвзӕр зӕрдӕ дары, фӕлӕ базондзынӕ, ӕцӕгӕй ӕфсӕрмыгӕнаг кӕй у. Кӕнӕ базондзынӕ, мулкуарзаг дӕм чи кӕсы, уыцы ’фсымӕр кӕй у уазӕгуарзон ӕмӕ рӕдау. Науӕд базондзынӕ, хо йӕ сывӕллӕттимӕ ӕмбырдтӕм арӕх уый тыххӕй кӕй байрӕджы кӕны, ӕмӕ хӕдзары сӕ ныхмӕ цӕуынц (Иов 6:29). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕхи хъуамӕ иннӕты хъуыддӕгты ма тъыссӕм (1 Тим. 5:13). Фӕлӕ хорз уаид, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн сӕхи тыххӕй ӕмӕ сӕ царды тыххӕй цыдӕртӕ куы зониккам, цӕмӕй сӕ хуыздӕр ӕмбарӕм.

11. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕрты хорз цӕмӕн хъуамӕ зоной?

11 Уӕлдайдӕр хистӕр нӕлгоймӕгты фӕхъӕуы, сӕ бар чи сты, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хорз зонын. Иу районон цӕстдарӕг, Артур, зӕгъгӕ, иу хистӕр нӕлгоймагимӕ иу хойы бабӕрӕг кодтой. Иннӕтӕм-иу афтӕ каст, ӕмӕ сӕ уыцы хо йӕхи дард ласы. Артур радзырдта: «Мах базыдтам, йӕ лӕг кӕй амард, иумӕ цалдӕр азы йеддӕмӕ нӕ ацардысты, афтӕ. Кӕд хо бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлд, уӕддӕр йӕ дыууӕ чызгӕн Йегъовӕйы бауарзын кодта, ӕмӕ йын уыдон иузӕрдионӕй лӕггад кодтой. Фӕлӕ ныр та цӕстӕй ӕвзӕр уынын райдыдта, стӕй депрессийӕ дӕр уыд рынчын. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы тынг уарзта ӕмӕ йӕ уырнындзинад дӕр уыд фидар. Мах бамбӕрстам, уыцы хо нын бирӕ хъуыддӕгты фӕзминаг кӕй у» (Фил. 2:3). Уыцы районон цӕстдарӕг Йегъовӕйы бафӕзмыдта. Йегъовӕ зоны йӕ фысты ӕмӕ, цы зындзинӕдтӕ февзарынц, уый (Рац. 3:7). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хорз куы зоной, уӕд сын сӕ бон фылдӕр цӕмӕйдӕрты уыдзӕн баххуыс кӕнын.

12. Иу хо иннӕйы хуыздӕр кӕй базыдта, уый фӕрцы цы бамбӕрста?

12 Цӕйдӕр тыххӕй мӕсты кӕмӕ фӕкӕныс, уыцы хойы кӕнӕ ’фсымӕры хуыздӕр куы базонай, уӕд ӕй хуыздӕр ӕмбардзынӕ. Азийы чи цӕры, иу ахӕм хо радзырдта: «Не ’мбырды иу хо тынг хъӕрӕй дзураг уыд. Мӕнмӕ афтӕ каст, ӕмӕ йӕхи адӕмы ’хсӕн дарын нӕ зоны. Фӕлӕ йемӕ уацамынды куы уыдтӕн, уӕд мын радзырдта, йӕ ныййарджытимӕ базары кӕсаг кӕй фӕуӕй кӕны. Ӕмӕ йӕ фӕхъӕуы хъӕрӕй дзурын, цӕмӕй сӕм ӕлхӕнджытӕ цӕуа». Уыцы хо ма загъта: «Ӕз ӕй бамбӕрстон, мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕрты тыххӕй-иу фылдӕр кӕй хъуамӕ базонон, цӕмӕй сӕ хуыздӕр ӕмбарон». Уымӕн фӕхъӕуы рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ. Фӕлӕ-иу иннӕтӕн дӕ зӕрдӕ уӕрӕх куы байгом кӕнай, уӕд-иу Йегъовӕйы бафӕзмдзынӕ. Уый та уарзы «алыхуызон адӕмы» (1 Тим. 2:3, 4; 2 Кор. 6:11–13).

ТӔРИГЪӔДГӔНАГ У ӔМӔ ИННӔТЫ ЗЫН ӔМБАР

13. Райдианы 19:15, 16 стихтӕм гӕсгӕ, Лот Содомӕй рацӕуыныл куы нӕ тагъд кодта, уӕд зӕдтӕ куыд бакодтой ӕмӕ цӕмӕн?

13 Лоты хъуыди ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ саразын, Йегъовӕ йын цы загъта, уый, фӕлӕ уый фӕстӕ-фӕстӕ кодта. Лотмӕ дыууӕ зӕды ӕрбацыдысты ӕмӕ йын загътой, цӕмӕй йӕ бинонты Содомӕй ракодтаид, уымӕн ӕмӕ, дам, «ацы бынат хъуамӕ фесафӕм» (Райд. 19:12, 13). Фӕлӕ иннӕ бон райсомӕй Лот йӕ бинонтимӕ нырма хӕдзары уыд. Ӕмӕ та йӕ зӕдтӕ ногӕй бафӕдзӕхстой. Фӕлӕ «Лот нӕ тагъд кодта». Чи зоны нӕм афтӕ фӕкӕса, цыма йӕм нымады дӕр нӕ уыд, Йегъовӕ йын цы загъта, уый, суанг ма йӕ ӕгоммӕгӕс дӕр схонӕм. Фӕлӕ йӕ Йегъовӕ уӕддӕр нӕ ныууагъта. Уый йын фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ зӕдтӕ Лотӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн сӕ къухтыл фӕхӕцыдысты ӕмӕ сӕ горӕтӕй ракодтой. (Бакӕс Райдиан 19:15, 16.)

14. Йегъовӕ Лотӕн цӕмӕн фӕтӕригъӕд кодтаид?

14 Ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕ Лотӕн цалдӕр хъуыддаджы тыххӕй фӕтӕригъӕд кодта. Чи зоны, Лот, кӕм цард, уырдыгӕй ацӕуынмӕ йӕ ныфс уый тыххӕй нӕ хаста, ӕмӕ тарсти, горӕты алыварс чи цард, уыцы адӕмӕй. Стӕй ма ӕндӕр цӕмӕйдӕрты дӕр тарстаид. Содомы раз дӕлвӕзы бирӕ уыди писийы дзыхъхъытӕ. Лот зыдтаид, уый размӕ уыцы дзыхъхъыты дыууӕ паддзахы кӕй ныххаудтой (Райд. 14:8–12). Ӕмӕ йӕ бинонтӕн дӕр уымӕй тарстаид. Уымӕй уӕлдай ма уыди хъӕздыг, ӕмӕ йын Содомы уыдаид хорз хӕдзар (Райд. 13:5, 6). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдӕттӕй иу дӕр ӕфсон нӕ уыд, цӕмӕй Йегъовӕмӕ уайтагъд ма байхъуыстаид. Фӕлӕ йын Йегъовӕ йӕ рӕдыдмӕ нӕ ныккомкоммӕ ӕмӕ йӕ нымадта рӕстгӕнӕгыл (2 Пет. 2:7, 8).

Иннӕтӕм-иу куы байхъусӕм, уӕд-иу нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу сӕ бамбарӕм (кӕс 15, 16 абзацтӕ) *

15. Уайтагъд цавӕрдӕр хатдзӕгтӕ кӕныны бӕсты хуыздӕр цы вӕййы саразын?

15 Уайтагъд цавӕрдӕр хатдзӕгтӕ кӕныны бӕсты-иу бацархай, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый бамбарыныл. Хо Вероникӕ дӕр афтӕ бакодта. Уый радзырдта: «Иу хо-иу ӕдзух ӕнкъард уыд, стӕй-иу иннӕтӕй йӕхи дард ласта. Хатт-иу ӕм сдзурын дӕр нӕ уӕндыдтӕн. Фӕлӕ ахъуыды кодтон, зӕгъын, ӕз йӕ бынаты куы уыдаин, уӕд мӕ фӕндыдаид, цӕмӕй мӕ фарсмӕ хорз ӕмбал уа. Уӕд ӕм бацыдтӕн ӕмӕ йӕ бафарстон, куыд у, уымӕй. Гъемӕ мын йӕ зӕрдӕйы судзаг халын райдыдта. Ныр ӕй хуыздӕр ӕмбарын».

16. Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй-иу иннӕты зын бамбарай, уӕд дӕ уый тыххӕй Хуыцаумӕ кувын цӕмӕн хъӕуы?

16 Кӕронмӕ нӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ ӕмбары (Ӕмб. 15:11). Уымӕ гӕсгӕ йӕм дӕ бон у кувын, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна иннӕтӕм уый цӕстӕй кӕсынӕн ӕмӕ сын сӕ зын ӕмбарынӕн. Хо Анжелӕ дӕр Йегъовӕмӕ уый тыххӕй куывта. Йе ’мбырдӕй иу хо тынг зындзырд сси, ӕмӕ кӕрӕдзи нал ӕмбӕрстой. Анжелӕ зӕгъы: «Мӕ бон уыди зӕгъын, уый аххос у ӕмӕ цыфӕнды дӕр кӕнӕд, зӕгъгӕ. Фӕлӕ стӕй Йегъовӕмӕ скуывтон, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид уыцы хойы бамбарынӕн». Цымӕ йын Йегъовӕ дзуапп радта? Анжелӕ ма загъта: «Иумӕ хъусын кӕнынмӕ ацыдыстӕм. Уый фӕстӕ цалдӕр сахаты фӕныхас кодтам. Йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый куы дзырдта, уӕд ӕм лӕмбынӕг хъуыстон. Ныр ӕй тынгдӕр уарзын ӕмӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй йын йӕ ныфсыл ныфс ӕфтауон».

17. Дарддӕр дӕр нӕ цы фӕнды аразын?

17 Нӕ бон нӕу афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ кӕцыдӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн хъӕуы тӕригъӕд кӕнын, кӕцыдӕртӕн та – нӕ. Алчидӕр сӕ ӕмбӕлы зындзинӕдтыл, Ионӕ, Илийа, Агар ӕмӕ Лот зындзинӕдтыл куыд ӕмбӕлдысты, афтӕ. Иуӕй-иу хатт сӕ зындзинӕдты сӕхӕдӕг дӕр вӕййынц аххосджын. Ӕмӕ, ӕргом куы зӕгъӕм, уӕд нӕ алчидӕр кӕддӕр ахӕм уавӕры уыд. Ӕмӕ нын Йегъовӕ дӕр уый тыххӕй зӕгъы, цӕмӕй кӕрӕдзийы зын ӕмбарӕм (1 Пет. 3:8). Йегъовӕмӕ куы хъусӕм, уӕд уый фӕрцы, ӕнӕхъӕн зӕххыл нын цы диссаджы бинонтӕ ис, уыдоны ’хсӕн уыдзӕн иудзинад. Уӕдӕ-иу кӕрӕдзимӕ лӕмбынӕг байхъусӕм, нӕ хотӕ ӕмӕ-иу не ’фсымӕрты хуыздӕр базонӕм ӕмӕ-иу сын сӕ зын бамбарӕм.

87 ЗАРӔГ Ӕрбацу, ӕмӕ удӕнцой ссарай

^ 5 абз. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ арӕх уайтагъд хатдзӕгтӕ акӕнӕм, ай ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг у, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Йегъовӕ та «кӕсы зӕрдӕмӕ» (1 Сам. 16:7). Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Ионӕйӕн, Илийайӕн, Агарӕн ӕмӕ Лотӕн куыд баххуыс кодта, уымӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы хуыздӕр бамбардзыстӕм, нӕ бон куыд у Йегъовӕйы фӕзмын, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн куыд стӕм, уымӕй.

^ 52 абз. НЫВ. Хистӕр кары чи ис, уыцы ’фсымӕр смӕсты ӕрыгондӕр ӕфсымӕрмӕ, ӕмбырдмӕ кӕй байрӕджы кодта, уый тыххӕй. Фӕлӕ фӕстӕдӕр базыдта, авари кӕй скодта ӕмӕ уый тыххӕй кӕй байрӕджы кодта.

^ 54 абз. НЫВ. Уацамындон къорды цӕстдарӕг фыццаг иу хойы тыххӕй афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ иннӕтыл йӕхи нӕ бӕтты ӕмӕ йӕ семӕ дзурын дӕр нӕ фӕнды. Фӕлӕ уый фӕстӕ базыдта, уыцы хо ӕфсӕрмыгӕнаг кӕй у ӕмӕ, хорз кӕй нӕ зоны, уыцы адӕмы раз кӕй фӕтыхсы.

^ 56 абз. НЫВ. Иу хо иннӕйы фыццаг хатт Паддзахады залы куы федта, уӕд ӕм тызмӕг адӕймаг фӕкаст. Фӕлӕ йемӕ хуыздӕр куы базонгӕ, уӕд бамбӕрста, ахӕм кӕй нӕу.