Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

20 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Ныртӕккӕ «цӕгатаг паддзах» чи у?

Ныртӕккӕ «цӕгатаг паддзах» чи у?

«Йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йын ничи баххуыс кӕндзӕн» (ДАН. 11:45).

95 ЗАРӔГ Рухс тынгӕй-тынгдӕр кӕны

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

АЦЫ дунейӕн йӕ фӕстаг бонты кӕрон кӕй цӕрӕм, уымӕн ныр уыйбӕрц бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, ӕмӕ уыцы хабар дызӕрдыггаг нӕу. Тагъд Йегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырысти фесафдзысты, Хуыцауы Паддзахады ныхмӕ чи цӕуы, уыцы хицауӕдтӕ иууылдӕр. Фӕлӕ уӕдмӕ цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах тох кӕндзысты кӕрӕдзиимӕ ӕмӕ Хуыцауы адӕмимӕ.

2 Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Данелы 11:40–12:1 стихты цы пехуымпарад ис, уымӕ. Мах базондзыстӕм, ныртӕккӕ цӕгатаг паддзах чи у, уый. Стӕй аныхас кӕндзыстӕм, цы зындзинӕдтӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонӕй цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм, ууыл.

ФӔЗЫНД НОГ ЦӔГАТАГ ПАДДЗАХ

3, 4. Ныртӕккӕ цӕгатаг паддзах чи у? Бамбарын ӕй кӕн.

3 1991 азы Советон Цӕдис куы фехӕлд, уӕд уыцы стыр территорийы алы рӕтты Хуыцауы адӕмӕн фӕзынд сӕрибардзинад, ӕмӕ афтӕ ахаста цасдӕр рӕстӕг. Данел уыцы сӕрибардзинады тыххӕй загъта, «иу гыццыл [сын] баххуыс кӕндзысты», зӕгъгӕ (Дан. 11:34). Уый фӕрцы Хуыцауы адӕмӕн сӕ бон уыд сӕрибарӕй хъусын кӕнын. Ӕмӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ раздӕры социалистон бӕстӕты хъусынгӕнджыты нымӕц схызт сӕдӕгай минтӕм. Цасдӕры фӕстӕ Уӕрӕсе ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕ систы цӕгатаг паддзах. Айразмӕйы статья куыд ӕмбарын кодта, афтӕмӕй цӕгатаг паддзахы ӕмӕ хуссайраг паддзахы базонӕн вӕййы ӕртӕ хъуыддагмӕ гӕсгӕ: 1) уыдон вӕййынц, Хуыцауы адӕмӕй бирӕтӕ кӕм фӕцӕрынц кӕнӕ карз ӕфхӕрд кӕм феййафынц, уыцы бӕстӕты хицауӕдтӕ; 2) сӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг вӕййы, Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ адӕмы знӕгтӕ кӕй сты; 3) уыцы дыууӕ паддзахы кӕрӕдзиимӕ фӕтох кӕнынц.

4 Нӕ бон цӕмӕн у афтӕ зӕгъын, ӕмӕ ныртӕккӕ цӕгатаг паддзах у Уӕрӕсе ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕ? 1) Уыдон цӕуынц Хуыцауы адӕмы ныхмӕ: хъусын кӕнын сӕ нӕ уадзынц ӕмӕ, сӕ территориты цы сӕдӕгай мин хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ цӕры, уыдоны ӕфхӕрынц. 2) Афтӕ кӕй кӕнынц, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйӕ ӕмӕ йын йӕ адӕмӕй се сӕфт кӕй уынынц. 3) Уыдон тох кӕнынц хуссайраг паддзахимӕ – Великобританиимӕ ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттимӕ. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Уӕрӕсе ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕ куыд равдыстой, цӕгатаг паддзах кӕй сты, уый.

ЦӔГАТАГ ПАДДЗАХ ӔМӔ ХУССАЙРАГ ПАДДЗАХ ДАРДДӔР КӔРӔДЗИИМӔ «ХӔЦЫНЦ»

5. Данелы 11:40–43 стихты цӕй кой ис?

5 Бакӕс Данелы 11:40–43. Пехуымпарады ацы хайы дзырд цӕуы кӕроны рӕстӕгыл ӕмӕ, цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах кӕрӕдзиимӕ кӕй тох кӕндзысты, ууыл. Данел ныффыста, кӕроны рӕстӕджы хуссайраг паддзах цӕгатаг паддзахимӕ кӕй «схӕцдзӕн» (Дан. 11:40).

6. Дыууӕ паддзахы кӕрӕдзиимӕ кӕй «хӕцынц», уый цӕмӕй у бӕрӕг?

6 Цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах дарддӕр кӕрӕдзиимӕ тох кӕнынц, уымӕн ӕмӕ иуы дӕр ӕмӕ иннӕйы дӕр фӕнды, цӕмӕй уый уа дунейы ӕппӕты хъомысджындӕр паддзахад. Зӕгъӕм, Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ Советон Цӕдисӕн ӕмӕ, йӕ фарс чи уыд, уыцы бӕстӕтӕн сӕ бар Европӕйы стыр хайыл цӕуын куы райдыдта, уӕд хуссайраг паддзах цалдӕр бӕстӕимӕ скодта ӕфсӕддон цӕдис – НАТО. Цӕгатаг паддзах дӕр ӕмӕ хуссайраг паддзах дӕр се ’фсӕдтыл ӕмӕ хӕцӕнгӕрзтыл тынг бирӕ ӕхца хардз кӕнынц. Уымӕй уӕлдай, Африкӕйы, Азийы ӕмӕ Латинаг Америкӕйы цы хӕстытӕ цыд, уыдоны-иу цӕгатаг паддзах рахӕцыд, хуссайраг паддзах кӕимӕ хӕцыд, уыдоны фарс. Фӕстаг азты Уӕрӕсейӕн ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕн сӕ бар цӕуын райдыдта ноджы фылдӕр бӕстӕтыл. Уыдон ма хуссайраг паддзахимӕ хӕцынц киберхӕстыты дӕр. Иу дзы иннӕйы фӕаххосджын кӕны, зӕгъгӕ, зианхӕссӕг компьютерон программӕтӕй пайда кӕны, цӕмӕй нӕ хицауады ныхмӕ тох кӕна ӕмӕ нӕ экономикӕ заууатмӕ ӕрцӕуа. Ӕмӕ, Данелы пехуымпарад куыд зӕгъы, афтӕ, цӕгатаг паддзах дарддӕр дӕр цӕуы Хуыцауы адӕмы ныхмӕ (Дан. 11:41).

ЦӔГАТАГ ПАДДЗАХ БАЦЫД «РӔСУГЪД БӔСТӔМӔ»

7. «Рӕсугъд бӕстӕ» цы у?

7 Данелы 11:41 стихы фыст ис, зӕгъгӕ, цӕгатаг паддзах бацӕудзӕн «Рӕсугъд бӕстӕмӕ». Уый цавӕр бӕстӕ у? Раджы заманты уый уыди Израил. Уый нымад уыд «ӕппӕт зӕххыты фидыцыл» (Йез. 20:6). Фӕлӕ уыцы бӕстӕ иннӕ бӕстӕтӕй сӕйраджыдӕр уымӕй хицӕн кодта, ӕмӕ дзы цардысты, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кодта, уыцы адӕм. Фӕлӕ н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй фӕстӕмӕ «Рӕсугъд бӕстӕ» цавӕрдӕр бынат нӕу. Ӕмӕ уымӕн гӕнӕн дӕр нӕй, уымӕн ӕмӕ абон Йегъовӕйы адӕм цӕрынц алы рӕтты ӕгас зӕххыл дӕр. Абон «Рӕсугъд бӕстӕ» у Йегъовӕйы организацийы зӕххон хай. Уыцы организацийы чи ис, уыдон цы аразынц, уымӕ хауы, ӕмбырдтӕм кӕй цӕуынц ӕмӕ кӕй хъусын кӕнынц, уый дӕр.

8. Цӕгатаг паддзах-иу «Рӕсугъд бӕстӕмӕ» куыд бацыд?

8 Фӕстаг бонты цӕгатаг паддзах бирӕ хӕттыты бацыд «Рӕсугъд бӕстӕмӕ». Зӕгъӕм, нацистон Германи цӕгатаг паддзах куы уыд, уӕд Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ӕфхӕрдта ӕмӕ сӕ мардта, уӕлдайдӕр Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг. Ӕмӕ-иу афтӕмӕй бацыд «Рӕсугъд бӕстӕмӕ». Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ Советон Цӕдис цӕгатаг паддзах куы сси, уӕд уый дӕр бацыд «Рӕсугъд бӕстӕмӕ». Уый дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ӕфхӕрдта, стӕй-иу сӕ Сыбырмӕ ахаста.

9. Ӕрӕджы Уӕрӕсе ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕ «Рӕсугъд бӕстӕмӕ» куыд бацыдысты?

9 Ӕрӕджы та «Рӕсугъд бӕстӕмӕ» бацыдысты Уӕрӕсе ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕ. Куыд? 2017 азы Уӕрӕсе Йегъовӕйы адӕмы хъуыддаг сӕхгӕдта. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй кӕйдӕрты ӕрцахстой. Уымӕй уӕлдай ма нын нӕ публикацитӕ банымадтой экстремистон литературӕйыл, уыимӕ «Ног дунейы тӕлмац» дӕр. Уый фӕстӕ нын байстой нӕ филиал, стӕй Паддзахады залтӕ ӕмӕ Конгрессты залтӕ. Уыцы хабӕртты фӕстӕ 2018 азы Разамонӕг совет фехъусын кодта, Уӕрӕсе ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕ кӕй сты цӕгатаг паддзах. Фӕлӕ Йегъовӕйы адӕм карз ӕфхӕрд дӕр куы феййафынц, уӕд дӕр хицауады ныхмӕ нӕ фӕцӕуынц кӕнӕ йӕ ӕндӕрӕй баивыныл нӕ фӕархайынц. Уыдон Библийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ фӕкувынц, «стыр бынӕттӕ чидӕриддӕр ахсы, уыдоны тыххӕй», уӕлдайдӕр хицауӕдтӕ нӕ сӕрибардзинадимӕ баст уынаффӕтӕ куы фӕхӕссынц, уӕд (1 Тим. 2:1, 2).

ЦӔГАТАГ ПАДДЗАХ ХУССАЙРАГ ПАДДЗАХЫЛ ФӔУӔЛАХИЗ УЫДЗӔН?

10. Цӕгатаг паддзах хуссайраг паддзахыл фӕуӕлахиз уыдзӕн? Бамбарын ӕй кӕн.

10 Данелы 11:40–45 стихты цы пехуымпарад ис, уым фылдӕр цӕгатаг паддзахы кой цӕуы. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ цӕгатаг паддзах хуссайраг паддзахыл фӕуӕлахиз уыдзӕн? Нӕ. Йегъовӕ ӕмӕ Йесо Армагеддоны хӕсты зӕххон хицауӕдтӕ иууылдӕр куы сафой, уӕд хуссайраг паддзах дӕр нырма «удӕгас» уыдзӕн, ома йӕ тыхы уыдзӕн (Рарг. 19:20). Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Ӕркӕсӕм-ма, Данелы чиныджы ӕмӕ Раргомады цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдонмӕ.

Армагеддоны хӕсты «дур», ома Хуыцауы Паддзахад, «стыр гуымиры» ныппырх кӕндзӕн, ома адӕмы хицаудзинадӕн кӕрон скӕндзӕн (кӕс 11 абзац)

11. Данелы 2:43–45 стихты цы пехуымпарад ис, уый цӕуыл дзурӕг у? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

11 Бакӕс Данелы 2:43–45. Пехуымпар Данел ныффыста ӕнахуыр стыр гуымирыйы тыххӕй. Йӕ хӕйттӕ конд уыдысты алыхуызон згъӕртӕй. Алы хай дӕр амыдта, Хуыцауы адӕмӕй-иу бирӕтӕ кӕм цардысты, уыцы паддзахадмӕ. Уыцы паддзахӕдтӕ сӕ тыхы уыдысты алы рӕстӕджыты. Гуымирыйӕн йӕ къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ уыдысты ӕфсӕйнагӕй ӕмӕ ӕлыгӕй. Къӕхтӕ амонынц фӕстаг паддзахадмӕ – Англо-Америкаг дунеон паддзахадмӕ, ома Великобритани ӕмӕ Иугонд Штаттӕм. Ацы пехуымпарад ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕ иууылдӕр куы сафа, уӕд Великобритани ӕмӕ Иугонд Штаттӕ нырма сӕ тыхы уыдзысты.

12. Сырдӕн йе ’вдӕм сӕр кӕмӕ амоны ӕмӕ уый зонын ахсджиаг цӕмӕн у?

12 Апостол Иоанн дӕр ныффыста, кӕрӕдзи чи ивта ӕмӕ Хуыцауы адӕмӕй бирӕтӕ кӕм цардысты, уыцы дунеон паддзахӕдты тыххӕй. Йӕ пехуымпарады уыцы паддзахӕдтӕм амоны, авд сӕры кӕмӕн ис, уыцы сырд. Сырдӕн йе ’вдӕм сӕр у Англо-Америкаг дунеон паддзахад. Уый зонын ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ никуы ис фыст, ӕмӕ ма сырдӕн ноджыдӕр сӕр фӕзындзӕн. Ӕвдӕм сӕр нырма уыдзӕн дунеон паддзахад, Чырысти йӕ уӕларвон ӕфсӕдтимӕ уыцы паддзахад ӕмӕ ӕппӕт иннӕ паддзахӕдтӕ куы сафа, уӕд (Рарг. 13:1, 2; 17:13, 14) *.

ТАГЪД РӔСТӔДЖЫ ЦӔГАТАГ ПАДДЗАХ ЦЫ САРАЗДЗӔН?

13, 14. «Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог» чи у ӕмӕ цы ис зӕгъӕн, Хуыцауы адӕмы ныхмӕ цӕмӕн рацӕудзӕн, уый тыххӕй?

13 Йезекилы пехуымпарӕдтӕй иуы фӕрцы базонӕн ис, цӕгатаг паддзахӕн ӕмӕ хуссайраг паддзахӕн се сӕфт куы ’рцӕуа, уый размӕ цы ’рцӕудзӕн, уый. Куыд зыны, афтӕмӕй Йезекилы 38:10–23; Данелы 2:43–45; 11:44–12:1 ӕмӕ Раргомады 16:13–16, 21 цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдоны уыцы иу хабӕрттыл цӕуы дзырд. Ӕмӕ кӕд ӕцӕгдӕр афтӕ у, уӕд фидӕны хъуамӕ ’рцӕуа мӕнӕ ахӕм хабӕрттӕ.

14 Стыр бӕллӕх куы райдайа, уымӕй иу цасдӕры фӕстӕ «ӕгас дунейы паддзӕхтӕ» скӕндзысты ӕппӕт зӕххон хицауӕдты цӕдис (Рарг. 16:13, 14; 19:19). Библи уыцы хицауӕдты цӕдис хоны «Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог» (Йез. 38:2). Уыдон Хуыцауы адӕмыл сӕхи ныццӕвдзысты. Афтӕ цӕмӕн бакӕндзысты? Апостол Иоанн уыцы рӕстӕджы тыххӕй загъта, Хуыцауы знӕгтыл тынг стыр их кӕй ныууардзӕн. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы их амоны карз тӕрхоны хабармӕ, ӕмӕ йӕ хъусын кӕндзысты Йегъовӕйы адӕм. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, уыцы хабар фехъусгӕйӕ, Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог рацӕудзӕн Хуыцауы адӕмы ныхмӕ, цӕмӕй сӕ зӕххы цъарӕй фесафа (Рарг. 16:21).

15, 16. а) Данелы 11:44, 45 стихты цавӕр хабӕртты кой ис? б) Цӕгатаг паддзах ӕмӕ ма Гогмӕ ноджыдӕр чи хауы, уыцы паддзахӕдтӕ цы бауыдзысты?

15 Данелы 11:44, 45 стихты дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хабӕртты кой ис, ома Хуыцауы адӕм карз хабар кӕй хъусын кӕндзысты ӕмӕ Хуыцауы знӕгтӕ сӕ ныхмӕ кӕй рацӕудзысты, уый кой. (Бакӕс сӕ.) Данел зӕгъы, зӕгъгӕ, «хурыскӕсӕнӕй ӕмӕ цӕгатӕй ахӕм хабӕрттӕ ӕрыхъуысдзӕн, ӕмӕ [цӕгатаг паддзах] катайы бацӕудзӕн. Ӕмӕ мӕстӕй судзгӕйӕ рацӕудзӕн, цӕмӕй бирӕты пырх кӕна ӕмӕ сӕ сӕфты хай кӕна». Куыд зыны, афтӕмӕй ам дзырд «бирӕтӕ» амоны Йегъовӕйы адӕммӕ. Гӕнӕн ис, ацы ран Данел дзуры, Гог фӕстаг хатт Хуыцауы адӕмы ныхмӕ кӕй рацӕудзӕн, уый тыххӕй *.

16 Цӕгатаг паддзах ӕмӕ иннӕ зӕххон паддзахӕдтӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау мӕстӕй рафыцдзӕн. Ӕмӕ уӕд райдайдзӕн Армагеддон (Рарг. 16:14, 16). Уыцы рӕстӕг цӕгатаг паддзахӕн ӕмӕ ма Гогмӕ ноджыдӕр чи хауы, уыцы паддзахӕдтӕн сӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ сын «ничи баххуыс кӕндзӕн» (Дан. 11:45).

Армагеддоны хӕсты Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ уӕларвон ӕфсӕдтӕ Хӕйрӕджы дуне фесафдзысты ӕмӕ Хуыцауы адӕмы фервӕзын кӕндзысты (кӕс 17 абзац)

17. Данелы 12:1 стихы кӕй кой ис, уыцы «номдзыд кънйаз» Михаил чи у? Ныртӕккӕ цы аразы ӕмӕ тагъд рӕстӕджы цы сараздзӕн?

17 Бакӕс Данелы 12:1. Ацы стихӕй ис фылдӕр базонӕн, цӕгатаг паддзахӕн ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕн сӕ кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн ӕмӕ мах куыд фервӕздзыстӕм, уый тыххӕй. Михаил у нӕ Паддзах Йесо Чырыстийӕн йӕ иннӕ ном. 1914 азы уӕлӕрвты Хуыцауы Паддзахады Паддзах куы сси, уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы адӕмы «сӕрыл... хӕцы». Тагъд рӕстӕджы та, Армагеддоны хӕсты, «сыстдзӕн», ома йе знӕгты фесафдзӕн. Уыцы хӕстӕй фӕуыдзӕн «тынг уӕззау рӕстӕг». Данел зӕгъы, адӕм куы фӕзындысты, уӕдӕй ахӕм уӕззау рӕстӕг никуыма уыд, зӕгъгӕ. Иоанны пехуымпарады та уыцы рӕстӕг хуыйны «стыр бӕллӕх» (Рарг. 6:2; 7:14).

ДӔ НОМ «ЧИНЫДЖЫ» ФЫСТ ӔРЦӔУДЗӔН?

18. Цы зындзинӕдтӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонӕй цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм?

18 Данел дӕр ӕмӕ Иоанн дӕр ныффыстой, стыр бӕллӕхы Йегъовӕ ӕмӕ Йесо сӕ лӕггадгӕнджыты кӕй фервӕзын кӕндзысты. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ма тӕрсӕм, цы зындзинӕдтӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонӕй. Данел зӕгъы, зӕгъгӕ, фервӕздзысты, сӕ нӕмттӕ «чиныджы... фыст» кӕмӕн уой, уыдон (Дан. 12:1). Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ нӕмттӕ уыцы чиныджы фыст ӕрцӕуой? Хъуамӕ нӕ цардӕй бӕрӕг уа, Йесойыл, Хуыцауы Уӕрыккыл, кӕй ӕууӕндӕм (Иоан. 1:29). Хъуамӕ нӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнӕм ӕмӕ донаргъуыд райсӕм (1 Пет. 3:21). Стӕй хъуамӕ, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй иннӕтӕн Йегъовӕйы базонынӕн баххуыс кӕнӕм, ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисӕм, Хуыцауы Паддзахады фарс кӕй стӕм.

19. Ныртӕккӕ цы хъуамӕ аразӕм ӕмӕ цӕмӕн?

19 Ныртӕккӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндӕм. Ныртӕккӕ хъуамӕ ӕвдисӕм, Хуыцауы Паддзахады фарс кӕй стӕм. Ӕмӕ афтӕмӕй нӕ бон уыдзӕн фервӕзын, Хуыцауы Паддзахад цӕгатаг паддзахы ӕмӕ хуссайраг паддзахы куы фесафа, уӕд.

149 ЗАРӔГ Уӕлахизы зарӕг

^ 5 абз. Ныртӕккӕ «цӕгатаг паддзах» чи у ӕмӕ йӕ кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн? Ацы фарстатӕн дзуапп куы базонӕм, уӕд нӕ уырнындзинад бафидар уыдзӕн. Стӕй ма нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй цӕттӕ уӕм, тагъд рӕстӕджы цы фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдзыстӕм, уыдонмӕ.