Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Фӕлмӕн уодигъӕдӕ. Аци менеуӕг ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

Фӕлмӕн уодигъӕдӕ. Аци менеуӕг ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

«Мӕхуӕдӕг ӕфсӕрмигӕнагӕ ӕма ӕнӕнифсхаст адӕймаг дӕн,– зӕгъуй Сарӕ *.– Ӕма ӕгӕр нифсхаст, удта тухдзурд ка фӕккӕнуй, уӕхӕн адӕни астӕу тухсгӕ фӕккӕнун. Фӕлмӕн ӕма сӕрниллӕг адӕни хӕццӕ ба мин ӕнцон фӕууй. Мӕ бон син фӕууй, мӕ зӕрди ци ес, удта мӕ ци тухсун кӕнуй, уой радзорун. Мӕ хуӕздӕр ӕмбӕлттӕ уӕхӕнттӕ ’нцӕ».

Сари дзурдтӕй бӕрӕг ӕй, фӕлмӕн уодигъӕдӕ кӕмӕн ес, уӕхӕнттӕмӕ адӕн сӕхе ке ивазунцӕ. Еци менеуӕг Йегови зӕрдӕмӕ дӕр цӕуй. Ӕ Дзурд нӕ разӕнгард кӕнуй: «Уотӕ... фӕлмӕн» (Кол. 3:12). Цума фӕлмӕн уодигъӕдӕ кӕмӕн ес, еци адӕймаг цӕхуӕн фӕууй? Йесойӕн дӕр фӕлмӕн уодигъӕдӕ ке адтӕй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй? Ӕма нӕмӕ еци менеуӕг ку уа, уӕд нӕ цард куд фӕххуӕздӕр уодзӕй?

ФӔЛМӔН УОДИГЪӔДӔ ЦИ ӔЙ?

Фӕлмӕн уодигъӕдӕ кӕмӕн ес, уӕхӕн адӕймагӕн ӕ зӕрди фӕууй фарнӕ, фӕууй хӕларзӕрдӕ, удта зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлуй, уӕд нӕ фӕммаст кӕнуй ӕма ӕ бон фӕууй ӕхебӕл хуӕцун.

Еуӕй-еуетӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма фӕлмӕн уодигъӕдӕ кӕмӕн ес, еци адӕймаг лӕмӕгъ ӕй. Фал е уотӕ нӕй. Дзурдбаст «фӕлмӕн уодигъӕдӕ» ци грекъаг дзурдӕй ратӕлмац кодтонцӕ, уомӕй пайда кодтонцӕ, къохахур ке искодтонцӕ, уӕхӕн гъӕддаг бӕхи кой кӕнгӕй. Къохахур бӕхӕн ӕ хъаурӕ куд нӕ фӕмминкъийдӕр уй, уотӕ, фӕлмӕн уодигъӕдӕ кӕмӕн ес, уӕхӕн адӕймаг дӕр лӕмӕгъдӕр нӕ исуй. Уомӕн ӕ бон фӕууй ӕхебӕл хуӕцун ӕма иннети хӕццӕ лимӕнӕй цӕрун.

Кадӕр зӕгъдзӕй: «Ӕз фӕлмӕн адӕймаг нӕ дӕн». Нури рӕстӕги карз ӕма, бухсун ка нӕ зонуй, уӕхӕн адӕн берӕ ке ес, уомӕ гӕсгӕ ӕнцон нӕй, цӕмӕй дин фӕлмӕн уодигъӕдӕ уа (Ром. 7:19). Еци менеуӕгбӕл архайун гъӕуй, фал нин Йегови сугъдӕг хъаури фӕрци е бантӕсдзӕй (Гал. 5:22, 23). Цума еци менеуӕг ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

Фӕлмӕн уодигъӕдӕ кӕмӕн ес, уӕхӕнттӕмӕ адӕн сӕхе февазунцӕ. Уӕлдӕр ке кой кодтан, еци Сари хузӕн махӕн дӕр ӕнцондӕр фӕууй, фӕлмӕн уодигъӕдӕ кӕмӕн ес, уӕхӕн адӕни хӕццӕ. Зӕнхӕбӕл Йесой хузӕн фӕлмӕн ӕма хӕларзӕрдӕ адӕймаг н’ адтӕй (2 Кор. 10:1). Сувӕллӕнттӕ дӕр ма имӕ сӕхе ивазтонцӕ, кӕд ӕй ӕппун нӕ зудтонцӕ, уӕддӕр (Мар. 10:13–16).

Фӕлмӕн уодигъӕдӕ нин ку уа, уӕд е нӕхецӕн дӕр пайда ӕрхӕсдзӕй ӕма, нӕ алливарс ка ӕй, уонӕн дӕр. Зӕгъӕн, алци нӕ зӕрдӕмӕ ӕгӕр хӕстӕг нӕ есдзиан, удта мӕстгун кӕнунмӕ дӕр нӕ тагъд кӕндзиан (Ӕмб. 16:32). Уой фӕрци ба нӕхебӕл хуӕцун зондзиан ӕма иннети зӕрдитӕ нӕ ресун кӕндзиан, уӕлдайдӕр ба берӕ ке уарзӕн, уони зӕрдитӕ. Ӕма фӕсмон кӕнун дӕр нецӕбӕл гъӕудзӕй.

ЙЕСО АДТӔЙ ФӔЛМӔН АДӔЙМАГ

Кӕд Йесой берӕ гъуддӕгтӕ кӕнун гъудӕй, удта ибӕл ӕхсидзгӕ ихӕс ӕвӕрд адтӕй, уӕддӕр алке хӕццӕ дӕр адтӕй фӕлмӕн. Ӕ рӕстӕги адӕн уӕззау уаргъ хастонцӕ ӕма сӕ гъудӕй уодӕнцойнӕ. Мадта син, ӕвӕдзи, ӕхцӕуӕн адтӕй Йесой дзурдтӕ фегъосун: «Ӕгасӕйдӕр мӕнмӕ ӕрбацотӕ, ӕма уин ӕз уодӕнцойнӕ ратдзӕн... Уомӕн ӕма ӕз дӕн фӕлмӕн ӕма сӕрниллӕг» (Матф. 11:28, 29).

Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй Йесой хузӕн фӕлмӕн уӕн? Библи ӕртасгӕй ӕй фӕууинӕн, Йесо адӕнӕн куд адтӕй, удта зин уавӕрти куд бакӕнидӕ, уой. Ӕма нӕ уой фӕсте цӕхуӕндӕр уавӕрти еци менеуӕг бавдесун ку багъӕуй, уӕд фӕййархайӕн, Йесо куд бакодтайдӕ, уотӕ (1 Пет. 2:21). Ӕркӕсӕн, Йесо фӕлмӕн уодигъӕди хецау цӕй фӕрци адтӕй, уомӕ.

Йесо адтӕй сӕрниллӕг. Йесо ӕхецӕй загъта, ӕз дӕн «фӕлмӕн ӕма сӕрниллӕг», зӕгъгӕ (Матф. 11:29). Библий аци дууӕ менеуӕги еумӕ фембӕлунцӕ, уомӕн ӕма кӕрӕдзей хӕццӕ баст ӕнцӕ (Еф. 4:1–3). Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн?

Сӕрниллӕг ку уӕн, уӕд естӕбӕл дӕр ӕма нецӕбӕл дӕр нӕ зӕрдӕ нӕ ходдзӕй, удта нин еске ку бауайдзӕф кӕна, уӕд имӕ нӕ мӕстгун кӕндзиан. Йесой «губундзӕл ӕма ниуӕзтӕуарзагӕ» ку исхудтонцӕ, уӕд уомӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракастӕй? Еци дзубандитӕ раст ке н’ адтӕнцӕ, уой Йесо ӕ цардӕй бавдиста. Удта ма загъта: «Зунд бӕрӕг фӕууй раст гъуддӕгтӕй» (Матф. 11:19).

Еске дин ӕнӕргъудийӕй ести ку зӕгъа, зӕгъӕн, дӕ адӕнихатти, нӕлгоймаг кенӕ силгоймаг ке дӕ, кенӕ ба куд исгъомбӕл дӕ, уой туххӕй, уӕд хуарз уайдӕ ма мӕстгун кӕнун. Хонсар-Африкаг Республикӕй еу хестӕр нӕлгоймаг Питер загъта: «Ескӕмӕ ку рамӕстгун ун, уӕд расагъӕс кӕнун, Йесо мӕ бунати куд бакодтайдӕ, уобӕл. Ӕз исахур дӕн мӕхемӕ раст цӕстӕй кӕсун, цӕмӕй мӕхецӕй, ци дӕн, уомӕй фулдӕр ӕнгъӕл ма уон».

Йесо ӕй лӕдӕрдтӕй, адӕн ӕнӕнхӕст ке ’нцӕ. Йесой ахуркӕнуйнӕгти фӕндадтӕй, раст ци ӕй, уой кӕнун, фал син е алкӕд нӕ уадӕй. Зӕгъӕн, Йесой ӕ мӕлӕти размӕ фӕндадтӕй, цӕмӕй Петур, Иаков ӕма Иоанн ӕ фарсмӕ адтайуонцӕ ӕма ин ӕ нифс федар кодтайуонцӕ. Етӕ ба ниффунӕй ӕнцӕ. Фал Йесо загъта: «Уод бӕргӕ федар ӕй, фал бауӕр ба лӕмӕгъ ӕй» (Матф. 26:40, 41). Ӕнӕнхӕст ке ’нцӕ, е си иронх н’ адтӕй ӕма сӕмӕ нӕ мӕстгун кодта.

Хуӕрӕ Менди иннетӕмӕ ӕгӕр берӕ цӕмӕдӕрти ӕнгъӕлмӕ кастӕй, фал нур ба е ’гас хъауритӕй архайуй, цӕмӕй Йесой хузӕн фӕлмӕн адӕймаг уа. Е загъта: «Мӕхецӕн фӕззӕгъун, адӕн еугурӕйдӕр ӕнӕнхӕст ке ’нцӕ, уой ма иронх кӕнӕ, зӕгъгӕ. Ӕма фӕййархайун, цӕмӕй алкӕмӕдӕр уинон, Йеговӕ сӕмӕ ци хуарз менеугутӕ фӕууидта, уони». Йесо ӕнӕнхӕст адӕни лӕдӕрдтӕй, ӕма ӕ цӕветтон махӕн дӕр банхус кӕндзӕй, цӕмӕй мах дӕр уой хузӕн фӕлмӕн уӕн.

Йесо алцидӕр Хуцауи барӕ бакодта. Йесо зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд ин ӕ дзурдтӕ исусхъуммӕ кӕниуонцӕ, ӕнӕнвӕрсон цӕстӕй имӕ кастӕнцӕ, удта ’й гъезӕмӕртти гъӕдӕбӕл ӕрауигътонцӕ. Ӕма кӕд ӕнӕфудӕй ӕфхуӕрд ӕййафта, уӕддӕр адтӕй фӕлмӕн адӕймаг, уомӕн ӕма «ӕхе бакодта, раст тӕрхон ка кӕнуй, уой барӕ» (1 Пет. 2:23). Йесо ӕй зудта, ӕ уӕларвон Фидӕ ин алцидӕр исфӕразунмӕ ке банхус кӕндзӕй ӕма ин уӕхӕн миутӕ ка кодта, уони ӕ рӕстӕги ке бафхуӕрдзӕй.

Еске нӕ ӕнӕфудӕй ку бафхуӕра, уӕд имӕ, гӕнӕн ес, ӕма мах дӕр ратонӕн, ӕма уотемӕй уавӕр никки фуддӕр фӕккӕнӕн. Библи зӕгъуй: «Адӕймагӕн мӕстгунӕй ӕ бон нӕй, Хуцауи цӕсти раст ци ӕй, уой кӕнун» (Иак. 1:20). Адӕймагмӕ цӕмӕн рамӕстгун ан, уой кӕд балӕдӕрӕн ес, уӕддӕр не ’нӕнхӕстдзийнади туххӕй, гӕнӕн ес, ӕма раст ци нӕй, уой бакӕнӕн.

Германийӕй еу хуӕрӕ Кети раздӕр уотӕ сагъӕс кодта, дӕхуӕдӕг ку нӕ уай, уӕд дӕ сӕрбӕл неке исдзордзӕй, зӕгъгӕ. Фал ӕ нифс Йеговӕбӕл дарун ку базудта, уӕд ӕндӕрхузи сагъӕс кӕнун райдӕдта. Кети зӕгъуй: «Уотӕ мӕмӕ нӕбал кастӕй, ӕма гъӕуама иннетӕн дзуапп раттунмӕ алкӕддӕр цӕттӕ уон. Ӕз ӕй зонун, Йеговӕн алцӕбӕлдӕр ӕ барӕ ке цӕуй, ӕма мин еци гъуди ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй фӕлмӕн адӕймаг уон». Кӕд ду дӕр ӕнӕфудӕй ӕфхуӕрд баййафтай, уӕд Йесой фӕнзӕ ӕма дӕ нифс Йеговӕбӕл дарӕ. Ӕма дин е ӕнхус кӕндзӕй, цӕмӕй алкӕддӕр фӕлмӕн уодигъӕди хецау уай.

«АМОНДГУН ӔНЦӔ, ФӔЛМӔН УОДИГЪӔДӔ КӔМӔН ЕС, ЕТӔ»

Фӕлмӕн уодигъӕдӕ нин ку уа, уӕд нин е зин уавӕрти куд ӕнхус кӕндзӕй?

Йесо загъта: «Амондгун ӕнцӕ, фӕлмӕн уодигъӕдӕ кӕмӕн ес, етӕ» (Матф. 5:5). Ӕ дзурдтӕй бӕрӕг ӕй, аци менеуӕг нӕмӕ ӕнӕмӕнгӕ ке гъӕуама уа, цӕмӕй амондгун уӕн. Ӕркӕсӕн, цӕхуӕн уавӕрти нин банхус кӕнуй, уомӕ.

Ӕнхус кӕнуй бийнонти царди. Австралийӕй еу ӕнсувӕр Роберт загъта: «Еухатт мӕстгунӕй мӕ бийнойнагӕн алцитӕ нидздзурдтон ӕма ин ӕ зӕрдӕ фӕрресун кодтон. Фал дзурдтӕ фӕстӕмӕ раздахӕн нӕбал ес. Ци зин ин искодтон, уой ку балӕдӕрдтӕн, уӕд мӕхуӕдӕг дӕр хуарзау нӕбал фӕдтӕн».

Библи зӕгъуй: «Мах не ’гасдӕр арӕх рӕдуйӕн» (Иак. 3:2). Мадта дессаг нӕй, лӕг ӕма уосӕ хатгай сӕ дзурдтӕй кӕрӕдзей ке фӕрресун кӕнунцӕ. Фӕлмӕн уодигъӕдӕ нин ку уа, уӕд уӕхӕн уавӕрти мӕстгун нӕ кӕндзиан ӕма нӕхебӕл хуӕцун зондзиан (Ӕмб. 17:27).

Роберт архайдта, цӕмӕй ӕ маст уорамун ӕма ӕхебӕл хуӕцун базудтайдӕ. Цума ин рауадӕй? Роберт зӕгъуй: «Нӕ дзурд кӕрӕдзебӕл ку нӕбал фӕббадуй, уӕд фӕййархайун, цӕмӕй мӕ бийнойнагмӕ байгъосон, ӕ хӕццӕ фӕлмӕнӕй радзорон ӕма зӕрдихудтӕ ма кӕнон. Уой фӕрци кӕрӕдзей дзӕвгарӕ хуӕздӕр лӕдӕрӕн».

Фӕлмӕн уодигъӕдӕ кӕмӕн ес, е иннети хӕццӕ лимӕнӕй фӕццӕруй. Минкъий нецӕбӕл дӕр ка фӕззӕрдихудт уй, уӕхӕн адӕнӕн ӕмбӕлттӕ берӕ нӕ фӕууй. Фал нин фӕлмӕн уодигъӕдӕ ку уа, уӕдта нин еци менеуӕг ӕнхус кӕндзӕй, цӕмӕй кӕрӕдзебӕл «фарни тӕгтӕй» баст уӕн (Еф. 4:2, 3). Минкъий раздӕр ке кой кодтан, еци хуӕрӕ Кети ма загъта: «Фӕлмӕн уодигъӕдӕбӕл ке архайун, уой фӕрци мин иннети хӕццӕ рӕстӕг ӕрветун ӕхцӕуӕндӕр фӕууй, сауӕнгӕ ма зиндзурд ка ӕй, уони хӕццӕ дӕр».

Фӕлмӕн уодигъӕдӕ кӕмӕн ес, уонӕн сӕ зӕрди фӕууй, фарнӕ. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ «уӕллӕй ӕрцӕугӕ зунд» кӕмӕ ес, е фӕууй фӕлмӕн ӕма фарнӕуарзагӕ (Иак. 3:13, 17). Удта ма фӕууй «сабур зӕрдӕ» (Ӕмб. 14:30). Мартини хъӕбӕр гъудӕй байархайун, цӕмӕй фӕлмӕн адӕймаг иссайдӕ. Е зӕгъуй: «Дзӕвгарӕ сабурдӕр исдӕн, удта мӕмӕ уотӕ нӕбал кӕсуй, ӕма алцидӕр мӕн куд фӕндуй, уотӕ гъӕуама уа. Уой фӕрци мӕ зӕрди ес фарнӕ, удта амондгундӕр дӕн».

Ӕвӕдзи нӕ дзӕбӕх байархайун гъӕудзӕй, цӕмӕй еци менеуӕг нӕ уодигъӕди ниффедар уа. Еу ӕнсувӕр загъта: «Раст зӕгъгӕй ма нур дӕр фӕууй уотӕ, ӕма мӕ хурфи рафицун ӕма мӕ маст туххӕй фӕууорамун». Фал нин Йеговӕ аци гъуддаги ӕнхус кӕндзӕй, уомӕн ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕн нин фӕлмӕн уодигъӕдӕ уа (Ис. 41:10; 1 Тим. 6:11). Йеговӕ нӕ «кӕронмӕ исахур кӕндзӕй» ӕма нӕ «бафедар... кӕндзӕй» (1 Пет. 5:10). Ӕма еу бон махӕн дӕр апостол Павели хузӕн нӕ бон уодзӕй Киристей бафӕнзун, е куд «фӕлмӕн ӕма хӕларзӕрдӕ» адтӕй, уомӕй (2 Кор. 10:1).

^ 2 абз. Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.