Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

23 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Срухс уӕд дӕ ном»

«Срухс уӕд дӕ ном»

«О Йегъовӕ, дӕ ном уыдзӕн ӕнустӕм» (ПС. 135:13).

10 ЗАРӔГ Кадджын кӕнут нӕ Хуыцау Йегъовӕйы!

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ арӕх цӕй тыххӕй фӕдзурынц?

ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔ арӕх фӕдзурынц, Йегъовӕйы ном кӕй срухс уыдзӕн, стӕй адӕмӕн фембарын кӕнынц, Хуыцауы хицаудзинадӕй хуыздӕр хицаудзинад кӕй нӕй. Фӕлӕ ацы дыууӕ хъуыддаджы кӕрӕдзиимӕ баст сты.

2 Библи ахуыр кӕнгӕйӕ мах базыдтам, Хуыцауы ном кӕй хъуамӕ ссыгъдӕг уа, цы цъыф ыл фӕкалдтой, уымӕй. Стӕй ма базыдтам, кӕй хъуамӕ сбӕлвырд уа, Йегъовӕйы хицаудзинад ӕппӕты хуыздӕр кӕй у, уый. Уӕдӕ дыууӕ хъуыддаджы дӕр сты ахсджиаг.

3. Хуыцауы номмӕ цы хауы?

3 Хуыцауы номмӕ хауы, Хуыцауимӕ цыдӕриддӕр баст у, уый, уыимӕ йӕ хицаудзинад дӕр. Уӕдӕ Йегъовӕйы ном ӕппӕт цъыфкалӕнтӕй кӕй хъуамӕ ссыгъдӕг уа, уымӕ хауы, йӕ хицаудзинадӕй хуыздӕр кӕй нӕй, уый кӕй хъуамӕ сбӕлвырд уа, уый дӕр. Йегъовӕйы ном ӕнгом баст у, цавӕр Хицау у, уыимӕ. (Кӕс рамкӕ « Хуыцауы ном кӕй хъуамӕ срухс уа, уыимӕ баст фарстатӕ».)

4. Псаломы 135:13 стихы Хуыцауы номы тыххӕй цы фыст ис ӕмӕ цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

4 Хуыцауы ном «Йегъовӕ» иу номимӕ дӕр абарӕн нӕй. (Бакӕс Псалом 135:13.) Уыцы ном афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у? Хуыцауы номыл фыццаг хатт цъыф куыд бакалдтой? Хуыцау йӕ ном куыд срухс кӕны? Ӕмӕ махӕн нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй йӕ ном ссыгъдӕг уа? Цӕй ӕмӕ ацы фарстатыл аныхас кӕнӕм.

НОМ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У?

5. Иуӕй-иутӕ куы фехъусынц, Хуыцауы ном кӕй хъуамӕ ссыгъдӕг уа, уӕд цӕуыл ахъуыды кӕнынц?

5 «Срухс уӕд дӕ ном» (Матф. 6:9). Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, уый кӕй у, Хуыцаумӕ фыццаджыдӕр кӕй тыххӕй хъуамӕ кувӕм, уыцы хъуыддӕгтӕй сӕ иу. Фӕлӕ цымӕ йӕ ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты? Цыдӕр «срухс уа», уый амоны, кӕй хъуамӕ ссыгъдӕг уа, уымӕ. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, исчи ахъуыды кӕна: «Йегъовӕйы ном ӕнӕуи дӕр сыгъдӕг куы у, уӕд ма йӕ рухс кӕнын цӕмӕн хъӕуы?» Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй хъӕуы ахъуыды кӕнын, номмӕ цы хауы, ууыл.

6. Ном зынаргъ цӕмӕн у?

6 Ном, гӕххӕттыл кӕй ныффыссӕм кӕнӕ зӕгъгӕ кӕй фӕкӕнӕм, ӕрмӕст ахӕм ныхас нӕу. Библийы фыст ис: «Хорз ном хуыздӕр у стыр хъӕздыгдзинӕдтӕй» (Ӕмб. 22:1; Еккл. 7:1). Цымӕ ном афтӕ зынаргъ цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ номмӕ хауы, адӕймагӕн иннӕты ’хсӕн цавӕр ном ис, иннӕтӕ дзы цы хъуыды кӕнынц, уый. Ном куыд фысгӕ у кӕнӕ куыд дзургӕ у, уый ӕппӕты ахсджиаг нӕу. Ахсджиагдӕр у, уыцы ном фехъусгӕйӕ адӕм кӕуыл ахъуыды кӕнынц ӕмӕ уыцы адӕймагӕй цы ахъуыды кӕнынц, уый.

7. Адӕм Хуыцауы номыл цъыф куыд калынц?

7 Исчи Йегъовӕйы тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ куы фӕкӕны, уӕд иннӕтӕ дӕр Йегъовӕмӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕсын райдайынц. Ӕмӕ уӕд, зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзарынц ӕмӕ ӕвзӕр хабӕрттӕ кӕй цӕуы, уый Хуыцауы аххос фӕкӕнынц, ӕмӕ йын йӕ номыл цъыф фӕкалынц. Фыццаг хатт Хуыцауы номыл цъыф бакалдтой Едемы цӕхӕрадоны. Аныхас кӕнӕм, уыцы хабарӕй цы ис базонӕн, ууыл.

ХУЫЦАУЫ НОМЫЛ ФЫЦЦАГ ХАТТ ЦЪЫФ КУЫД БАКАЛДТОЙ?

8. Адам ӕмӕ Евӕ цы зыдтой ӕмӕ цавӕр фарстатӕ ӕвзӕры?

8 Адам ӕмӕ Евӕ зыдтой Йегъовӕйы ном, стӕй йын йӕхи тыххӕй дӕр бирӕ ахсджиаг хабӕрттӕ зыдтой. Зыдтой, се Сфӕлдисӕг кӕй у, кӕй сын радта цард, стӕй диссаджы рӕсугъд цӕрӕнбынат. Стӕй иуӕн дӕр ӕмӕ иннӕмӕн дӕр радта алцӕмӕй ӕххӕст цардӕмбал (Райд. 1:26–28; 2:18). Фӕлӕ цымӕ уыцы лӕвӕрттыл хъуыды кодтой? Йегъовӕйы бонӕй-бонмӕ тынгдӕр уарзтой ӕмӕ дзы бузныг уыдысты? Уый рабӕрӕг, Хуыцауы знаг сӕ куы бафӕлвӕрдта, уӕд.

9. Райдианы 2:16, 17 ӕмӕ 3:1–5 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн цы загъта ӕмӕ йын Хӕйрӕг йӕ ныхӕстӕ куыд сзыгъуыммӕ кодта?

9 Бакӕс Райдиан 2:16, 17 ӕмӕ 3:1–5. Хӕйрӕг Евӕйы калмы уылты бафарста: «Хуыцау уын ӕцӕгдӕр загъта, цӕхӕрадоны алы бӕласӕй ма хӕрут, зӕгъгӕ?» Уыцы фарстайы уыд, уайтагъд бамбарӕн кӕй нӕ уыд, ахӕм гӕдыныхас, ӕмӕ маргӕй уӕлдай нӕ уыд. Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн загъта, цӕмӕй алы бӕласы дыргътӕй дӕр хордтаиккой, иу бӕласы дыргътӕ йеддӕмӕ. Сӕ алыварс цынӕхуызон бӕлӕстӕ уыд! (Райд. 2:9). Йегъовӕ рӕдау Хуыцау кӕй у, уый дызӕрдыггаг нӕу. Адам ӕмӕ Евӕйӕн дӕр ӕрмӕстдӕр иу бӕласӕй загъта, ма дзы бахӕрут, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Хӕйрӕг Хуыцауы ныхӕстӕ сзыгъуыммӕ кодта. Йӕ ныхӕстӕй афтӕ уад, ӕмӕ Хуыцау рӕдау нӕу. Ӕмӕ Евӕ, чи зоны, ахъуыды кодта: «Цымӕ мӕ Хуыцау хорз цӕмӕйдӕр нӕ фӕцух кодта?»

10. Хӕйрӕг Хуыцауы номыл цъыф куыд бакалдта ӕмӕ уый цӕмӕ ’ркодта?

10 Хӕйрӕг Евӕимӕ куы дзырдта, уӕд нырма Евӕ Йегъовӕйы йӕ Хицауыл нымадта. Уый Хӕйрӕгӕн Хуыцауы ныхӕстӕ иууылдӕр радзырдта. Загъта ма йын, уыцы бӕласмӕ ӕвналгӕ дӕр кӕй хъуамӕ ма кӕной. Евӕ зыдта, Хуыцау афтӕ кӕй загъта, ӕмӕ йӕм куы нӕ байхъусой, уӕд кӕй амӕлдзысты. Фӕлӕ йын Хӕйрӕг загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут» (Райд. 3:2–4). Ныр Хӕйрӕг комкоммӕ загъта, Йегъовӕ сӕ сайгӕ кӕй кӕны. Уый Хуыцауы номыл цъыф бакалдта ӕмӕ Хӕйрӕг, ома «фыдкойгӕнӕг», гъеуӕд сси. Евӕйыл сайд ӕрцыд – Хӕйрӕджы ныхӕстыл баууӕндыд (1 Тим. 2:14). Йегъовӕйӕ тынгдӕр ууыл баууӕндыд. Ӕмӕ уый тыххӕй рахаста ӕппӕты ӕвзӕрдӕр уынаффӕ – Йегъовӕмӕ нӕ байхъуыста. Уый райста, хӕрӕн кӕмӕй нӕ уыд, уыцы бӕласы дыргътӕй ӕмӕ дзы бахордта, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы ныхасы сӕрты ахызт. Ӕмӕ уый фӕстӕ уыцы дыргътӕй Адамӕн дӕр радта (Райд. 3:6).

11. Адам ӕмӕ Евӕ цы хъуамӕ сарӕзтаиккой?

11 Ахъуыды-ма кӕн, Евӕ Хӕйрӕгӕн цы хъуамӕ загътаид, ууыл. Йӕ бон ын уыд афтӕ зӕгъын: «Ӕз дӕу нӕ зонын, фӕлӕ зонын Йегъовӕйы. Уый у мӕ Фыд. Ӕз ӕй уарзын ӕмӕ йыл ӕууӕндын. Уый нын радта, Адамимӕ нӕм цыдӕриддӕр ис, уый. Куыд уӕндыс Хуыцауӕй афтӕтӕ дзурын? Ацу ардыгӕй!» Йегъовӕйы зӕрдӕ куыд тынг барухс уыдаид, йӕ чызг ахӕм ныхӕстӕ куы загътаид ӕмӕ йыл иузӕрдион куы уыдаид, уӕд (Ӕмб. 27:11). Фӕлӕ Евӕ Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕй нӕ уарзта, уӕдӕ Адам дӕр афтӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй сӕ бон не сси сӕ Фыды сӕрыл рахӕцын, Хӕйрӕг ын йӕ номыл цъыф куы бакалдта, уӕд.

12. Хӕйрӕг Евӕйы дызӕрдыг хъуыдытыл куыд бафтыдта ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕ цы нӕ сарӕзтой?

12 Куыд федтам, афтӕмӕй Хӕйрӕг Йегъовӕйы номыл цъыф калын райдыдта, Евӕйы дызӕрдыг хъуыдытыл куы бафтыдта, уӕд. Евӕ дызӕрдыг кӕнын райдыдта, Йегъовӕ хорз Фыд кӕй у, ууыл. Адам ӕмӕ Евӕ Хӕйрӕгӕн нӕ загътой, Йегъовӕйы номыл цъыф кӕй калы. Уыдон Хӕйрӕгмӕ байхъуыстой ӕмӕ сӕ Фыды ныхмӕ рацыдысты. Хӕйрӕг абон дӕр афтӕ архайы. Уый Хуыцауы тыххӕй бирӕ мӕнг ахуырӕдтӕ парахат кӕны ӕмӕ йын йӕ номыл цъыф калы. Йӕ ныхӕстыл ын чи баууӕнды, уыдон Хуыцауыл иузӕрдион нӕ вӕййынц, ӕмӕ сӕ нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй Хуыцау сӕ Хицау уа.

ЙЕГЪОВӔ ЙӔ НОМ РУХС КӔНЫ

13. Библийы сӕйраг хъуыды цы у, уый Йезекилы 36:23 стихӕй куыд зыны?

13 Йегъовӕ цы цӕстӕй ракаст, Едемы цӕхӕрадоны йын йӕ номыл цъыф кӕй бакалдтой, уымӕ? Цымӕ ницы аразы, цӕмӕй йӕ ном ссыгъдӕг кӕна? Ӕнӕхъӕн Библийы сӕйраджыдӕр дзырд цӕуы, Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй йӕ ном ссыгъдӕг кӕна (Райд. 3:15). Библийӕн йӕ сӕйраг хъуыды цы у, уый афтӕ ис зӕгъӕн: Йегъовӕ йӕ ном срухс кӕндзӕн, йӕ Фырт Паддзах кӕм у, уыцы Паддзахады фӕрцы, стӕй афтӕ бакӕндзӕн, цӕмӕй та зӕххыл ногӕй уа рӕстдзинад ӕмӕ сабырдзинад. Библийӕ нӕ бон у базонын, Йегъовӕ уый бӕлвырдӕй куыд сараздзӕн, уый. (Бакӕс Йезекилы 36:23.)

14. Йегъовӕ цы сарӕзта, Едемы йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд ӕмӕ уымӕй йӕ ном куыд срухс кодта?

14 Хӕйрӕг йӕ тых, йӕ бонӕй архайы, цӕмӕй Йегъовӕйы бахъыгдара йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын. Фӕлӕ йын никуы ницы рауад. Библийӕ базонӕн ис, Йегъовӕ куыд архайы, уый. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, уарзӕгой Фыд ӕмӕ ӕппӕты хуыздӕр Хицау кӕй у. Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ фарс чи сты, уыдон Йегъовӕйы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уымӕй йын йӕ зӕрдӕ тынг фӕриссын кодтой (Пс. 78:40). Фӕлӕ Йегъовӕ куыд бакодта, уымӕй равдыста, стыр зонды хицау кӕй у, фӕразон кӕй у ӕмӕ рӕстӕй кӕй архайы. Стӕй ма алы ӕмӕ алыхуызӕтты ӕвдисы йӕ ӕгӕрон тых. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ йӕ алы хъуыддаджы дӕр зыны йӕ уарзондзинад (1 Иоан. 4:8). Йегъовӕ алкӕддӕр цыдӕр арӕзта, цӕмӕй йӕ ном срухс кодтаид.

Хӕйрӕг Евӕйӕн Йегъовӕйы тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ фӕкодта ӕмӕ ӕнусты дӕргъы Хуыцауы номыл цъыф калы (кӕс 9, 10, 15 абзацтӕ) *

15. Хӕйрӕг абон Хуыцауы номыл цъыф куыд калы ӕмӕ йын цы бантыст?

15 Хӕйрӕг абон дӕр Хуыцауы номыл цъыф калы. Уый архайы, цӕмӕй адӕм дызӕрдыг кӕной, Хуыцау хъомысджын, рӕстаг, зондджын ӕмӕ уарзӕгой кӕй у, ууыл. Зӕгъӕм, бирӕты баууӕндын кӕны, Йегъовӕ Сфӕлдисӕг кӕй нӕу. Ӕмӕ, Хуыцау кӕй уырны, уыдоны та баууӕндын кӕны, Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ сын сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ кӕй бӕттынц ӕмӕ Йегъовӕ рӕстӕй кӕй нӕ архайы, ууыл. Адӕмӕн ма ахӕм хъуыды хъары, Йегъовӕ кӕй у дурзӕрдӕ ӕмӕ адӕмы зындоны арты кӕй судзы. Ӕмӕ уыцы мӕнг ныхӕстыл чи баууӕнды, уыдоны нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй Йегъовӕ сӕ Хицау уа. Цалынмӕ Йегъовӕ Хӕйрӕджы нӕ фесафа, уӕдмӕ йыл цъыф калдзӕн. Ӕмӕ архайдзӕн, цӕмӕй дӕу дӕр Йегъовӕйӕ адард кӕна. Уый йын бантысдзӕн?

ДӔ БОН КУЫД У ХУЫЦАУЫ НОМ РУХС КӔНЫН?

16. Дӕ бон цы у саразын, кӕд уый Адам ӕмӕ Евӕйӕн нӕ бантыст, уӕддӕр?

16 Йегъовӕ ӕнӕххӕст адӕмӕн фадат дӕтты, цӕмӕй йын йӕ ном рухс кӕной. Уӕдӕ, Адам ӕмӕ Евӕйӕн цы нӕ бантыст, уый дӕуӕн дӕ бон у саразын. Абон Йегъовӕйы номыл цъыф бирӕтӕ калынц. Фӕлӕ дӕ бон у йӕ сӕрыл рахӕцын ӕмӕ адӕмӕн дзурын, Йегъовӕ кӕй у сыгъдӕг, рӕстаг, хорз ӕмӕ уарзӕгой Хуыцау (Ис. 29:23). Дӕ бон у дӕ цардӕй ӕвдисын, йӕ хицаудзинады фарс кӕй дӕ. Дӕ бон у адӕмӕн ӕмбарын кӕнын, Йегъовӕйы хицаудзинадӕй хуыздӕр кӕй нӕй ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы кӕй уыдзӕн ӕгас зӕххыл дӕр фӕрнӕйдзаг ӕмӕ амондджын цард (Пс. 37:9, 37; 146:5, 6, 10).

17. Йесо йӕ Фыды ном куыд раргом кодта?

17 Нӕ Фыды сӕрыл куы рахӕцӕм, уӕд афтӕмӕй бафӕзмӕм Йесо Чырыстийы (Иоан. 17:26). Уый адӕмӕн йӕ Фыды ном раргом кодта – ӕрмӕст дзургӕ йӕ нӕ кодта, фӕлӕ адӕмӕн амыдта, Йегъовӕ ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый. Фарисейты аххосӕй бирӕтӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Йегъовӕ у тызмӕг, ӕгъатыр Хуыцау, адӕмӕй у дард ӕмӕ сӕ бирӕ цыдӕртӕ домы. Йесо та адӕмӕн ӕмбарын кодта, йӕ Фыд сӕ кӕй нӕ домы, сӕ бон цы нӕу, уый, кӕй у фӕразон, уарзӕгой ӕмӕ хатыргӕнаг. Уымӕй уӕлдай ма йӕ Фыды алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта. Ӕмӕ афтӕмӕй дӕр адӕмӕн ӕххуыс кодта Йегъовӕйы базонынӕн (Иоан. 14:9).

18. Нӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйы тыххӕй цытӕ дзурынц, уыдӕттӕ мӕнг кӕй сты?

18 Йесойау махӕн дӕр нӕ бон у адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурын. Уый фӕрцы Йегъовӕйы ном зондзысты ӕмӕ йӕ табуйагыл нымайдзысты. Нӕ бон ма сын у ӕмбарын кӕнын, Йегъовӕ уарзӕгой ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау кӕй у. Уый фӕрцы-иу бамбардзысты, Йегъовӕйы тыххӕй бирӕтӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕй фӕкӕнынц. Уымӕй уӕлдай ма нӕ бон у Йегъовӕйы фӕзмын, кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр (Еф. 5:1, 2). Нӕ ныхӕстӕм ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ адӕм куы базонынц, Йегъовӕ ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уӕд афтӕмӕй дӕр йӕ ном срухс вӕййы. Стӕй ма йӕ ном срухс вӕййы, адӕмӕн куы феххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад базоной *. Уымӕй уӕлдай ма нӕ бон у равдисын, ӕнӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон кӕй у Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын (Иов 27:5).

Мах фӕнды, цӕмӕй, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон базоной, Йегъовӕ уарзӕгой ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау кӕй у (кӕс 18, 19 абзацтӕ) *

19. Исайы 63:7 стихӕй куыд зыны, афтӕмӕй нӕ сӕйраг нысан цы хъуамӕ уа?

19 Ноджыдӕр ма нӕ бон куыд у Йегъовӕйы ном рухс кӕнын? Адӕмӕн ма арӕх фембарын кӕнӕм, Йегъовӕйӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй Дун-дунейы Хицау уа. Ӕмӕ кӕд ахсджиаг у, цӕмӕй сын Хуыцауы закъӕттӕ амонӕм, уӕддӕр нӕ сӕйраг нысан у, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы бауарзой ӕмӕ йыл иузӕрдион уой. Уымӕ гӕсгӕ сын хъуамӕ се ’ргом здахӕм Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджытӕм ӕмӕ сын ӕмбарын кӕнӕм, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый. (Бакӕс Исайы 63:7.) Уый фӕрцы адӕмӕн баххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕй бауарзой ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсой.

20. Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

20 Цымӕ, нӕхи куыд фӕдарӕм, стӕй иннӕтӕн рӕстдзинад куыд фӕамонӕм, уымӕй нӕ бон куыд у Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын ӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы бауарзой? Ацы фарстайыл аныхас кӕндзыстӕм иннӕ статьяйы.

2 ЗАРӔГ Йегъовӕ у дӕ ном

^ 5 абз. Ацы статьяйы дзырд цы ахсджиаг фарстайыл цӕудзӕн, уый хауы ӕппӕт адӕммӕ дӕр ӕмӕ зӕдтӕм дӕр. Цавӕр фарста у? Афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у ӕмӕ не ’ппӕтмӕ дӕр куыд хауы? Ацы хабӕрттӕ хорз куы ӕмбарӕм, уӕд Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм.

^ 18 абз. Йегъовӕйы ном кӕй хъуамӕ срухс уа, уый куыд ӕмбарӕм, уый тыххӕй дзырд цыди 2017 азы ӕрвылазон фембӕлды. (Кӕс 2018 азы январы программӕмӕ сайты jw.org®. Ссарӕн ӕй ис ам: БИБЛИОТЕКӔ > JW BROADCASTING®.)

^ 62 абз. НЫВ. Хӕйрӕг Евӕйӕн афтӕ куы загъта, ӕмӕ сӕ Хуыцау сайгӕ кӕны, уӕд Хуыцауы номыл цъыф бакалдта. Ӕнусты дӕргъы Хӕйрӕг мӕнг ахуырӕдтӕ парахат кӕны. Зӕгъӕм, адӕмӕн ахӕм хъуыдытӕ хъары, Йегъовӕ дурзӕрдӕ Хуыцау кӕй у ӕмӕ Сфӕлдисӕг кӕй нӕу.

^ 64 абз. НЫВ. Ӕфсымӕр иу нӕлгоймагимӕ Библи ахуыр кӕны ӕмӕ йын йе ’ргом здахы Хуыцауы рӕсугъд миниуджытӕм.