Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

24 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Ӕрбангом мын кӕн мӕ зӕрдӕ, цӕмӕй дын дӕ номӕй тӕрсон»

«Ӕрбангом мын кӕн мӕ зӕрдӕ, цӕмӕй дын дӕ номӕй тӕрсон»

«Ӕрбангом мын кӕн мӕ зӕрдӕ, цӕмӕй дын дӕ номӕй тӕрсон. О Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, ӕз дӕ кадджын кӕнын ӕппӕт зӕрдӕйӕ» (ПС. 86:11, 12).

7 ЗАРӔГ Йегъовӕ у нӕ хъару

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Цы нысан кӕны Хуыцауӕй тӕрсын ӕмӕ, Йегъовӕйы чи уарзы, уыдон дзы цӕмӕн хъуамӕ тӕрсой?

ЧЫРЫСТӔТТӔ Хуыцауы уарзынц, стӕй дзы тӕрсгӕ дӕр кӕнынц. Чи зоны, искӕмӕ ацы ныхӕстӕ ӕнахуыр фӕкӕсой. Фӕлӕ, адӕймаг Хуыцауӕй кӕй тӕрсы, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ разы фыртӕссӕй зыр-зыр кӕны. Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон ӕй тынг нымайынц. Ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды, йӕ зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, ахӕмӕй исты саразын, уымӕн ӕмӕ йӕ зонынц, уый тыххӕй дзы кӕй адард уыдзысты (Пс. 111:10; Ӕмб. 8:13).

2. Псаломы 86:11 стихы цы фыст ис ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Бакӕс Псалом 86:11. Иузӕрдион паддзах Давид ӕмбӕрста, Хуыцауӕй тӕрсын ӕмӕ йӕ нымайын куыд ахсджиаг у, уый. Ӕркӕсӕм, нӕ бон куыд у, Давид Хуыцауы фӕндӕй кӕй ныффыста, уыцы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайын. Фыццаг аныхас кӕндзыстӕм, Хуыцауы ном табуйагыл цӕмӕн хъуамӕ нымайӕм, ууыл. Уый фӕстӕ та аныхас кӕндзыстӕм, уый алы бон дӕр нӕ бон ӕвдисын куыд у, ууыл.

ЙЕГЪОВӔЙЫ НОМӔЙ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ ТӔРСӔМ?

3. Моисейыл цавӕр хабар ӕрцыд ӕмӕ йын уый куыд ӕххуыс кодта, цӕмӕй Хуыцауы номӕй тарстаид?

3 Иухатт Моисей Хоривы хохыл куы лӕууыд, уӕд Хуыцауы кад йӕ рӕзты ацыд. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн, уый фенгӕйӕ куыд фӕуыдаид! Ӕвӕццӕгӕн, цалынмӕ Йесо Чырысти зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ адӕймаг ахӕм диссаг никуы федта. Моисей фехъуыста ахӕм ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн сӕ зӕд загъта: «Йегъовӕ, Йегъовӕ – фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст. Йе ’нувыд уарзтӕй хай кӕны мингай фӕлтӕртӕн, хатыр кӕны рӕдыд дӕр, фыдракӕнд дӕр ӕмӕ тӕригъӕд дӕр» (Рац. 33:17–23; 34:5–7). Моисей-иу Йегъовӕйы ном куы дзырдта, уӕд-иу, хӕрзаг, уыцы хабар йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд. Уӕдӕ диссаг нӕу, фӕстӕдӕр Хуыцауы адӕмӕн, Израилӕн, афтӕ кӕй бафӕдзӕхста, «ацы кадджын номӕй, адӕймагыл тас чи ’фтауы, уыцы номӕй», тӕрсут, зӕгъгӕ (Дык. з. 28:58).

4. Йегъовӕйы ноджы тынгдӕр цӕй фӕрцы нымайдзыстӕм?

4 Йегъовӕйы йӕ номӕй куы фӕхонӕм, уӕд-иу хорз уаид, уыцы ном чи хӕссы, уый цавӕр Хуыцау у, ууыл дӕр-иу куы хъуыды кӕниккам. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм йӕ миниуджытӕ – йӕ тых, йӕ зонд, йӕ уарзондзинад ӕмӕ, рӕстӕй кӕй архайы, уый. Ацы миниуджытыл, стӕй ма йӕ иннӕ миниуджытыл дӕр куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр нымайдзыстӕм (Пс. 77:11–15).

5, 6. а) Хуыцауы ном цы нысан кӕны? б) Рацыды 3:13, 14 стихтӕм гӕсгӕ ӕмӕ Исайы 64:8 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ куыд сӕххӕст кӕны, цыдӕриддӕр ӕй фӕнды, уый?

5 Хуыцауы ном цы нысан кӕны, уый тыххӕй цы зонӕм? Ахуыргӕндтӕй бирӕтӕ разы сты, ном «Йегъовӕ» кӕй нысан кӕны «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйы ницы бахъыгдардзӕн, цыдӕриддӕр ӕй фӕнды, уый сӕххӕст кӕнын. Цымӕ Йегъовӕ йӕ фӕнд куыд сӕххӕст кӕны?

6 Йегъовӕ свӕййы, йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй йӕ цӕйфӕнды сӕр ма бахъӕуа, уый. (Бакӕс Рацыд 3:13, 14.) Уый диссаг куыннӕ у! Ӕмӕ нӕ публикациты арӕх фыст вӕййы, цӕмӕй ууыл хъуыды кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйӕн йӕ бон у афтӕ бакӕнын, цӕмӕй йе ’нӕххӕст лӕггадгӕнджытӕ суой, йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн чи хъуамӕ суой, уый. (Бакӕс Исайы 64:8.) Уӕдӕ бӕрӕг у: Йегъовӕйы ницы бахъыгдардзӕн йӕ фӕндтӕ сӕххӕст кӕнын (Ис. 46:10, 11).

7. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыды тынгдӕр нымайӕм?

7 Нӕ уӕларвон Фыды хъуыддӕгтыл, стӕй нын йӕ фӕрцы цы бантыст, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ын ноджы тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм. Зӕгъӕм, цы сфӕлдыста, уыдӕттыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ дисӕн кӕрон нал вӕййы (Пс. 8:3, 4). Ӕмӕ нын Йегъовӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн куыд баххуыс кӕны, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй тынгдӕр фӕнымайӕм. Йегъовӕйы ном ӕцӕгдӕр тас ӕфтауы! Уыцы ном фехъусгӕйӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууынц йӕ диссаджы миниуджытӕ, стӕй, цыдӕриддӕр сарӕзта ӕмӕ ма цыдӕриддӕр сараздзӕн, уыдӕттӕ (Пс. 89:7, 8).

«ӔЗ ХЪУСЫН КӔНДЗЫНӔН ЙЕГЪОВӔЙЫ НОМ»

Моисей израилӕгтӕн дзырдта Йегъовӕйы номы тыххӕй ӕмӕ йӕ миниуджыты тыххӕй. Ӕмӕ сын цы амыдта, уый сын удӕнцой хаста (кӕс 8 абзац) *

8. Дыккаг закъоны 32:2, 3 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цы хъуамӕ аразой?

8 Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуинаг куы уыдысты, уӕд Йегъовӕ Моисейӕн бацамыдта иу зарӕг (Дык. з. 31:19). Моисей та йӕ хъуамӕ израилӕгтӕн бацамыдтаид. (Бакӕс Дыккаг закъон 32:2, 3.) Ацы дыууӕ стихӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ ном сусӕг уа ӕмӕ адӕм афтӕ хъуыды кӕной, зӕгъгӕ йӕ дзурын нӕ фӕтчы. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын йӕ ном иууылдӕр зоной! Моисей израилӕгтӕн Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ кадджын номы тыххӕй кӕй дзырдта, уый сын стыр арфӕдзинад куыннӕ уыд. Моисейы ныхӕстӕ сын уыдысты, фӕлмӕн къӕвдатӕ зайӕгойтӕ куыд бафсадынц, афтӕ – сӕ уырнындзинад сын фидар кодтой ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдтой. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй мах дӕр адӕмӕн рӕстдзинад афтӕ амонӕм?

9. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕйы ном срухс уа?

9 Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕнӕ, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нӕ бон вӕййы адӕмӕн Библийы Хуыцауы ном равдисын. Нӕ бон ма сын вӕййы рӕсугъд журналтӕ раттын, цы диссаджы видеороликтӕ нӕм ис, уыдонӕй искӕцы кӕнӕ, нӕ сайты цы ӕрмӕг ис, уый равдисын. Уыцы ӕрмӕг иууылдӕр Йегъовӕйы кадджын кӕны. Куысты, скъолайы кӕнӕ искуыдӕм цӕугӕйӕ нӕ бон вӕййы фадӕттӕ агурын, цӕмӕй-иу иннӕтӕн нӕ зынаргъ Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йӕ миниуджыты тыххӕй радзурӕм. Йегъовӕмӕ адӕмы ӕмӕ зӕххы тыххӕй цы диссаджы фӕнд ис, уый тыххӕй иннӕтӕн куы радзурӕм, уӕд, чи зоны, фыццаг хатт бамбарынц, Йегъовӕ адӕмы куыд тынг уарзы, уый. Иннӕтӕн нӕ уарзӕгой Фыды тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд ын йӕ ном срухс кӕнӕм. Афтӕмӕй адӕм бамбарынц, Хуыцауы тыххӕй сын бирӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕй кодтой. Адӕмӕн Библийӕ цы амонӕм, уый сын у пайда ӕмӕ сын хӕссы удӕнцой (Ис. 65:13, 14).

10. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ амонын фаг у? Бамбарын ӕй кӕн.

10 Мах фӕнды, цӕмӕй, Библи кӕимӕ фӕахуыр кӕнӕм, уыдон Йегъовӕйы ном базоной ӕмӕ йӕ йӕ номӕй хоной. Уымӕй уӕлдай ма нӕ фӕнды, цӕмӕй сын баххуыс кӕнӕм Йегъовӕйы хорз базонынӕн. Цымӕ уый нӕ къухы бафтдзӕн, ӕрмӕст сын Хуыцауы закъӕттӕ куы амонӕм ӕмӕ, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы, ӕрмӕст сын уый куы дзурӕм? Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уый, чи зоны, Хуыцауы закъӕттӕ базыдта ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуынц. Фӕлӕ Йегъовӕйы бауарзта ӕмӕ йӕ коммӕ уый тыххӕй кӕсы? Евӕ дӕр зыдта Хуыцауы закъон, фӕлӕ Закъонӕвӕрӕджы ӕппӕт зӕрдӕйӕ нӕ уарзта. Ӕмӕ Адам дӕр афтӕ (Райд. 3:1–6). Уӕдӕ иннӕтӕн Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ амонын фаг нӕу.

11. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн, цӕмӕй Закъонӕвӕрӕджы бауарзой?

11 Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ иууылдӕр сты нӕ пайдайӕн (Пс. 119:97, 111, 112). Фӕлӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уый, чи зоны, афтӕ ма хъуыды кӕна, цалынмӕ нӕ бамбара, Йегъовӕ нӕ уарзгӕ кӕй кӕны ӕмӕ нын уыцы закъӕттӕ уый тыххӕй кӕй радта. Уымӕ гӕсгӕ йӕм нӕ бон уаид ахӕм фарстатӕ дӕттын: «Куыд хъуыды кӕныс, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн цӕмӕн дзуры, уый ис аразӕн, уый та нӕ, зӕгъгӕ? Уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?» Адӕймагӕн куы ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, ууыл хъуыды кӕна ӕмӕ йын йӕ кадджын ном ӕппӕт зӕрдӕйӕ бауарза, уӕд ын афтӕмӕй, гӕнӕн ис, йӕ зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарӕм. Ӕмӕ уӕд ӕрмӕст закъӕттӕ нӕ бауарздзӕн, фӕлӕ Закъонӕвӕрӕджы дӕр (Пс. 119:68). Уӕд йӕ уырнындзинад фидар кӕндзӕн, ӕмӕ, фидӕны арты хуызӕн фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕла, уӕд фидар фӕлӕудзӕн (1 Кор. 3:12–15).

«МАХ... ЦӔУДЗЫСТӔМ НӔ ХУЫЦАУ ЙЕГЪОВӔЙЫ НОМӔЙ»

Иухатт Давид йӕхи нӕ бахъахъхъӕдта, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ дыууӕ дихы фӕци (кӕс 12 абзац)

12. Иухатт афтӕ куыд рауад, ӕмӕ Давидӕн йӕ зӕрдӕ дыууӕ дихы фӕци, ӕмӕ уый цӕмӕ ’ркодта?

12 Псаломы 86:11 стихы ма ис ахӕм ахсджиаг ныхӕстӕ: «Ӕрбангом мын кӕн мӕ зӕрдӕ». Паддзах Давид йӕхицӕй зыдта, адӕймаг йӕхи куы нӕ хъахъхъӕна, уӕд йӕ зӕрдӕ дыууӕ дихы ӕнцонтӕй кӕй фӕвӕййы. Иухатт йӕ хӕдзары сӕрӕй федта сылгоймаджы йӕхи найгӕ. Уый уыди кӕйдӕр ус, Вирсави. Цымӕ уыцы рӕстӕг Давидӕн йӕ зӕрдӕ ӕнгом уыд? Уый зыдта Йегъовӕйы закъон: «Ма бабӕлл искӕй усмӕ» (Рац. 20:17). Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы сылгоймагмӕ каст ӕмӕ иннӕрдӕм нӕ азылди. Йӕ зӕрдӕ дыууӕ дихы фӕци: иуӕй Вирсавимӕ монцӕй сыгъд, иннӕмӕй та йӕ фӕндыд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Ӕмӕ кӕд Давид Йегъовӕйы рагӕй зыдта ӕмӕ йӕ уарзта, стӕй дзы тӕрсгӕ дӕр кодта, уӕддӕр стыр тӕригъӕдтӕ сарӕзта. Ӕмӕ Йегъовӕйы ном фегад кодта. Стӕй ма ӕнаххос адӕмы дӕр, уыимӕ йӕ бинонты дӕр, бӕллӕхы хай бакодта (2 Сам. 11:1–5, 14–17; 12:7–12).

13. Давидӕн йӕ зӕрдӕ фӕстӕмӕ кӕй «ӕрбангом», уый кӕцӕй зонӕм?

13 Йегъовӕ Давидӕн баххуыс кодта, цӕмӕй бамбӕрстаид, стыр тӕригъӕд кӕй сарӕзта. Ӕмӕ уый фӕрцы фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс (2 Сам. 12:13; Пс. 51:2–4, 17). Давидӕй нӕ ферох, йӕхи кӕй нӕ бахъахъхъӕдта ӕмӕ йӕ зӕрдӕ дыууӕ дихы кӕй фӕци, уый цы бӕллӕхтӕм ӕркодта, уый. Псаломы 86:11 стихы ныхӕстӕ ма ис афтӕ дӕр зӕгъӕн: «Ратт мын ӕнӕхъӕн зӕрдӕ». Цымӕ Йегъовӕ Давидӕн баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ фӕстӕмӕ ӕнӕхъӕн суыдаид? О. Фӕстӕдӕр Йегъовӕ Давиды тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «ӕппӕт зӕрдӕйӕ мӕ коммӕ каст» (1 Пад. 14:8; 15:3).

14. Цавӕр фарстайыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн?

14 Давиды хабар абон Хуыцауы лӕггадгӕнджыты фидар дӕр кӕны ӕмӕ сын зондзонӕн дӕр у. Йегъовӕйӕн ӕрӕджы райдыдтам лӕггад кӕнын ӕви йын рагӕй лӕггад кӕнӕм,– хорз уаид, куы ахъуыды кӕниккам ахӕм фарстайыл: «Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар лӕууын, цӕмӕй мын мӕ зӕрдӕ дыууӕ дихы ма фӕкӕна?»

Хӕйрӕг алыхуызӕтты архайдзӕн, цӕмӕй дын дӕ зӕрдӕ дыууӕ дихы фӕкӕна. Ма йын ратт уый бар! (кӕс 15, 16 абзацтӕ) *

15. Хуыцауӕй куы тӕрсӕм, уӕд нӕ уый куыд бахъахъхъӕндзӕн, исты ӕнӕгъдау нывтӕ куы фенӕм, уӕд?

15 Зӕгъӕм, телевизоры кӕнӕ интернеты федтай, ӕнӕгъдау хъуыдытӕ дӕм кӕмӕй фӕзындзӕн, ахӕм ныв. Уӕд куыд бакӕндзынӕ? Чи зоны, ахӕм нывӕй (кӕнӕ кинойӕ) ахъуыды кӕнай, уый порнографи нӕу, зӕгъгӕ. Фӕлӕ, мыййаг, Хӕйрӕг афтӕмӕй нӕ архайы, цӕмӕй дын дӕ зӕрдӕ дыууӕ дихы фӕкӕна? (2 Кор. 2:11). Ахӕм нывтӕ абарӕн ис фӕрӕтимӕ. Стыр къодах фӕрӕты иу цӕфӕй дыууӕ дихы нӕ фӕвӕййы. Фӕлӕ йӕ цалдӕр хатты куы ’рцӕвай, уӕд ӕппынфӕстаг фӕдих уыдзӕн. Уӕдӕ адӕймаг ӕнӕгъдау цӕмӕдӕрты куы кӕса, уӕд ыл уый, чи зоны, уайтагъд ма фӕзына. Фӕлӕ ӕппынфӕстаг уый тыххӕй йӕ зӕрдӕ дыууӕ дихы фӕуыдзӕн. Уый йӕ ’ркӕндзӕн тӕригъӕдмӕ ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион нал уыдзӕн. Уӕдӕ дӕ зӕрдӕ ӕнӕгъдаудзинадӕй хъахъхъӕн! Дӕ зӕрдӕ ӕнгом уӕд, цӕмӕй Йегъовӕйы номӕй тӕрсай!

16. Фӕрӕдийынӕй нын тӕссаг куы уа, уӕд-иу нӕхимӕ цавӕр фарстатӕ хъуамӕ раттӕм?

16 Хӕйрӕг ма нӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты рӕдийын кӕны. Цымӕ ахӕм уавӕрты куыд бакӕнӕм? Чи зоны нӕм цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ афтӕ ӕвзӕр ма кӕсой ӕмӕ хъуыды кӕнӕм: «Уый тыххӕй мӕ ӕмбырдӕй нӕ ацух кӕндзысты. Ӕмӕ уый, ӕвӕццӕгӕн, ахӕм ӕвзӕр хъуыддаг нӕу». Фӕлӕ афтӕ хъуыды кӕнын тынг тӕссаг у. Хорз уаид, нӕхимӕ ахӕм фарстатӕ куы раттиккам: «Мыййаг, Хӕйрӕг афтӕмӕй нӕ архайы, цӕмӕй мын мӕ зӕрдӕ дыууӕ дихы фӕкӕна? Мӕ буары монцты фӕдыл куы ацӕуон, уӕд Йегъовӕйы ном нӕ фегад кӕндзынӕн? Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр фӕуыдзынӕн? Ӕви дзы адард уыдзынӕн?» Ацы фарстатыл-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕн. Хуыцауӕй-иу зонд ракур, цӕмӕй дӕхи ма сайай (Иак. 1:5). Афтӕмӕй дӕхи бахъахъхъӕндзынӕ. Ӕмӕ дӕ Хӕйрӕг куы рӕдийын кӕна, уӕд дӕ бон уыдзӕн Йесойау зӕгъын: «Ацу ардыгӕй, Сайтан!» (Матф. 4:10).

17. Нӕ зӕрдӕ дыууӕ дихы уа, уый ӕвзӕр цӕмӕн у? Ӕрхӕсс цӕстуынгӕ цӕвиттон.

17 Нӕ зӕрдӕ дыууӕ дихы уа, уый ӕвзӕр у. Нӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнӕм, ӕмзондӕй чи нӕ архайы, ахӕм спортивон командӕ. Иутӕ дзы кадмӕ бӕллынц, иннӕты нӕ фӕнды хъазты уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ хъазын, чидӕртӕ та сӕ тренеры ницӕмӕ дарынц. Ахӕм командӕ зынтӕй рамбулдзӕн. Фӕлӕ, иу командӕйы чи ис, уыдон ӕмзонд куы уой, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн рамбулын. Дӕ хъуыдытӕ ӕмӕ дӕ фӕндтӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынимӕ баст куы уой, уӕд дӕ зӕрдӕ уыдзӕн ахӕм ӕнтыстджын командӕйы хуызӕн. Рох дӕ ма уӕд: Хӕйрӕджы нӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнай. Уый фӕнды, цӕмӕй, дӕхи цы фӕнды, уый аразай. Фӕлӕ хъуамӕ дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕн уа, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнай (Матф. 22:36–38). Хӕйрӕгӕн уый бар макуы ратт, цӕмӕй дын дӕ зӕрдӕ дыууӕ дихы фӕкӕна!

18. Михейы 4:5 стихмӕ гӕсгӕ дӕ цы фӕнды аразын?

18 Ды дӕр Давидау Йегъовӕмӕ кув: «Ӕрбангом мын кӕн мӕ зӕрдӕ, цӕмӕй дын дӕ номӕй тӕрсон». Дӕ нысан уӕд ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ цӕрын. Алы бон дӕр цы уынаффӕтӕ хӕссыс,– гыццыл хъуыддӕгты фӕдыл уой ӕви стыр хъуыддӕгты фӕдыл,– уыдонӕй бӕрӕг уӕд, Йегъовӕйы сыгъдӕг ном кадджыныл ӕмӕ табуйагыл кӕй нымайыс. Афтӕмӕй, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уӕвгӕйӕ, Йегъовӕйы ном кадджын кӕндзынӕ (Ӕмб. 27:11). Ӕмӕ не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон уыдзӕн пехуымпар Михейау зӕгъын: «Мах... цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйы номӕй ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ» (Мих. 4:5).

41 ЗАРӔГ О Хуыцау, фехъус мӕ

^ 5 абз. Ацы статьяйы мах аныхас кӕндзыстӕм Псалом 86:11, 12 стихтыл. Уым бакӕсӕн ис, паддзах Давид Хуыцаумӕ кувгӕйӕ цы ныхӕстӕ загъта, уыдон. Цы нысан кӕны Йегъовӕйы номӕй тӕрсын? Йегъовӕйы кадджын номӕй цӕмӕн хъуамӕ тӕрсӕм? Ӕмӕ Хуыцауӕй куы тӕрсӕм, уӕд нӕ уый куыд бахъахъхъӕндзӕн, исты нӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд?

^ 53 абз. НЫВ. Моисей Хуыцауы адӕмӕн бацамыдта, Йегъовӕйы чи кадджын кодта, ахӕм зарӕг.

^ 57 абз. НЫВ. Евӕ йӕ зӕрдӕйы фӕдыл ацыд. Фӕлӕ мах нӕ фӕнды, ӕнӕгъдау хъуыдытӕ кӕмӕй фӕзыны ӕмӕ Хуыцауы ном ӕгадгӕнӕг хъуыддӕгтӕм чи ’ркӕны, ахӕм ӕрмӕг кӕсын кӕнӕ ахӕм нывтӕм кӕсын.