Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Хебӕл хуӕцун. Ӕнӕ уомӕй Йегови хуарзӕнхӕ иссерӕн нӕййес

Хебӕл хуӕцун. Ӕнӕ уомӕй Йегови хуарзӕнхӕ иссерӕн нӕййес

«Еухатт мӕмӕ нӕ хеуӕнттӕй кадӕр ниббуцӕу ӕй. Ӕз дӕр нӕбал фӕббухстӕн ӕма ин ӕ хорхбӕл ниххуӕстӕн. Марунмӕ ’й гъавтон» (Пол).

«Хӕдзари естӕбӕл дӕр ӕма нецӕбӕл дӕр ратонинӕ. Мӕ къохи рӕбун ци фӕууидӕ, гъе уой пурхӕ кодтон – стъӕлттӕ, къелатӕ ӕма ма сувӕллӕнтти гъазӕнтӕ дӕр» (Марко).

Мах, ӕвӕдзи, уой уӕнгӕ некӕд исуӕн, фал нин уӕддӕр ӕнцон нӕ фӕууй нӕхебӕл хуӕцун, уомӕн ӕма фиццаг адӕймаг Адамӕй нӕ тоги тӕрегъӕд рахастан (Ром. 5:12). Пол ӕма Маркой хузӕн еуӕй-еуетӕн зин фӕууй сӕхебӕл хуӕцун. Иннетӕн ба зин фӕууй, нифс кӕмӕй басӕттуй, уӕхӕн сагъӕстӕ бауорамун. Ес ма, цъумур сагъӕсти хӕццӕ тох кӕнун зин кӕмӕн ӕй кенӕ ба наркотиктӕ ӕма ниуӕзтӕмӕ ке февазуй, уӕхӕнттӕ дӕр.

Ӕ сагъӕстӕ, ӕ фӕндтӕ ӕма ӕ миутӕмӕ ка нӕ кӕсуй, уӕхӕн адӕймаг ӕ цард бабун кӕндзӕй. Цӕмӕй уотӕ ма рауайа, уой туххӕй ци кӕнун гъӕуй? Гъӕуй хебӕл хуӕцун зонун. Е ба ӕй, Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй ка цӕуй, еци менеугутӕй сӕ еу (Гал. 5:22, 23). Гъӕйдӕ мадта ӕркӕсӕн ӕртӕ фарстайемӕ: 1) хебӕл хуӕцун ци нисан кӕнуй? 2) Е ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? 3) Нӕ бон куд ӕй еци менеуӕгбӕл архайун? Удта ма расагъӕс кӕнӕн, нӕхебӕл фӕххуӕцун нин ку нӕ рауайа, уӕд нӕ куд архайун гъӕуй, уобӕл.

ХЕБӔЛ ХУӔЦУН ЦИ НИСАН КӔНУЙ?

Хебӕл хуӕцун ка зонуй, уӕхӕн адӕймаг, ӕ сӕри ци фӕммедӕг уй, уой нӕ фӕккӕнуй. Уой нӕ фӕндуй ӕ дзурдтӕй кенӕ ӕ гъуддӕгтӕй Хуцауи зӕрдихудти бацӕун.

Йесо нин ӕй бавдиста, хебӕл хуӕцун куд гъӕуй, уой

Йесо нин ӕй бавдиста, хебӕл хуӕцун куд гъӕуй, уой. Библий финст ӕй: «Алли ӕфхуӕрӕн дзурдтӕ ин ку кодтонцӕ, уӕд сӕ е не ’фхуардта. Гъезӕмӕрттӕ ку ’взурста, уӕд не ’ртхъерӕн кодта, гъезӕмӕрттӕ ин ка ӕвзарун кодта, уонӕмӕ, фал ӕхе бакодта, раст тӕрхон ка кӕнуй, уой бӕрагӕ» (1 Пет. 2:23). Уӕхӕн хебӕлхуӕцундзийнадӕ Йесо ӕвдиста, гъезӕмӕртти гъӕдӕбӕл ауигъд ку адтӕй ӕма ибӕл е знӕгтӕ ку гириз кодтонцӕ, уӕд (Матф. 27:39–44). Минкъий раздӕр дини разамонгутӕ архайдтонцӕ, цӕмӕй ӕй дзурдбӕл ӕрахӕстайуонцӕ, фал сӕ хӕццӕ буцӕу кӕнун нӕ райдӕдта (Матф. 22:15–22). Ка исагъуд ӕй, еци дзиуиттӕгтӕ ’й дортӕй марунмӕ ку гъавтонцӕ, уӕддӕр ӕхе куд бадардта, уомӕй нин хуарз цӕветтон ниууагъта. Е сӕ нихмӕ нӕ рацудӕй, фал «фӕййаууон ӕй ӕма ковӕндонӕй рацудӕй» (Иоан. 8:57–59).

Цума мах бон ба ӕй Киристей хузӕн архайун? Зӕгъӕн ес, ӕма гъо. Апостол Петур финста: «Киристе сумах туххӕй фӕгъгъезӕмарӕ кодта ӕма уин бавдиста, куд цӕрун гъӕуй, уой, цӕмӕй ӕ къахвӕдтӕбӕл цӕуайтӕ» (1 Пет. 2:21). Кӕд ӕнӕнхӕст ан, уӕддӕр нӕ бон ӕй Киристей фӕнзун ӕма архайун, цӕмӕй хебӕл хуӕцун зонӕн. Е уотӕ ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

ХЕБӔЛ ХУӔЦУН ӔХСИДЗГӔ ЦӔМӔН ӔЙ?

Хебӕл хуӕцун ку нӕ зонӕн, уӕд Йегови хуарзӕнхӕ не ’ссердзиан. Йеговӕн берӕ ӕнзти дӕргъи ка лӕггадӕ кӕнуй, уонӕн дӕр ма тӕссаг ӕй, Йегови хӕццӕ син ци лимӕндзийнадӕ ес, уой ке фесафдзӕнцӕ, сӕ дзурдтӕ ӕма сӕ гъуддӕгтӕмӕ ку нӕ кӕсонцӕ, уӕд.

Зӕгъӕн, зӕнхӕбӕл «Моисеййи хузӕн сабур адӕймаг н’ адтӕй» (Ним. 12:3). Е дӕсгай ӕнзти дӕргъи фӕразонӕй израилӕгти хъур-хъурмӕ игъуста. Фал бабӕй еухатт дони туххӕй хъур-хъур кӕнун ку райдӕдтонцӕ, уӕдта сӕмӕ нӕбал фӕббухстӕй ӕма загъта: «Райгъосайтӕ, ӕнӕбасӕтгӕ адӕн! Уотӕ уӕ фӕндуй, цӕмӕй уин мах аци къӕдзӕхӕй дон рауадзӕн?» (Ним. 20:2–11).

Моисеййи бон не ’ссӕй ӕхебӕл фӕххуӕцун. Йеговӕ син дон ку равардта, уӕд ӕй Моисей не ’скадгин кодта (Пс. 106:32, 33). Уой туххӕй ӕй Йеговӕ Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕмӕ бацӕун нӕбал бауагъта (Ним. 20:12). Моисей, ӕвӕдзи, ӕ царди кӕронмӕ дӕр уобӕл фӕсмон кодта (Дук. з. 3:23–27).

Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Йеговӕн цӕйбӕрцӕфӕнди ма лӕггадӕ кӕнӕн, уӕддӕр нин уӕхӕн барӕ нӕййес, цӕмӕй ӕхе раст ка нӕ даруй, уони хӕццӕ карзӕй дзорӕн (Еф. 4:32; Кол. 3:12). Ка ’й зонуй, куд хестӕргӕнгӕ цӕуӕн, уотӕ нин цӕмӕндӕрти бухсун зиндӕр уодзӕй. Фал Моисеййи хабар ма иронх кӕнӕн. Мах нӕ фӕндуй, Йегови рази нин ци хуарз ном ес, уой фесафун. Мадта нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй хебӕл хуӕцун зонӕн?

НӔ БОН ЦИ ӔЙ КӔНУН, ЦӔМӔЙ ХЕБӔЛ ХУӔЦУН ЗОНӔН?

Хуцауӕй сугъдӕг хъаурӕ корӕ. Цӕмӕн? Хебӕл хуӕцун ӕй, Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй ка цӕуй, еци менеуӕг, ӕма Йеговӕй сугъдӕг хъаурӕ ку корӕн, уӕд нин ӕй ратдзӕй (Лук. 11:13). Йеговӕ нин хъаурӕ ратдзӕй, цӕмӕй нӕ бон уа хебӕл хуӕцун (Фил. 4:13). Уомӕй уӕлдай ма нин иннӕ хуарз менеугутӕбӕл архайунмӕ дӕр ӕнхус кӕндзӕй, зӕгъӕн, уарзондзийнадӕбӕл, ӕма нин еци менеугути фӕрци ӕнцондӕр уодзӕй хебӕл хуӕцун (1 Кор. 13:5).

Хебӕл хуӕцунмӕ дӕ ка къулумпи кӕна, уӕхӕн гъуддӕгтӕй дӕхе еуварс дарӕ

Хебӕл хуӕцунмӕ дӕ ци хъор кӕнуй, уомӕй дӕхе еуварс дарӕ. Зӕгъӕн, ӕнӕгъдау ести кӕми фӕууиндзӕнӕ, уӕхӕн сайттӕмӕ ма цо. Хуцау е ’сӕфт кӕмӕй уинуй, уӕхӕн гъуддӕгтӕмӕ ка разӕнгард кӕнуй, еци ерхӕфсӕнтӕй дӕр дӕхе еуварс дарӕ (Еф. 5:3, 4). Еу загъдӕй, рӕдуд къахдзӕфмӕ дӕ ка ӕркӕна, уӕхӕн гъуддӕгтӕй дӕхе хезӕ (Ӕмб. 22:3; 1 Кор. 6:12). Зӕгъӕн, ӕхе ӕнӕгъдау миутӕй багъӕуай кӕнун ке фӕндуй, уӕхӕн адӕймаг, гӕнӕн ес, ӕма исфӕндӕ кӕна, романтикон киунугутӕ ӕма кинотӕмӕ ма кӕсун.

Аци унаффӕмӕ гӕсгӕ архайун, ӕвӕдзи, ӕнцон нӕ уодзӕй. Фал махӕй кӕнгӕ ци ӕй, уой ку кӕнӕн, уӕд нин Йеговӕ ба хъауритӕ ратдзӕй, цӕмӕй, ести уӕд, нӕ бон исуа нӕхебӕл фӕххуӕцун (2 Пет. 1:5–8). Йеговӕ нин банхус кӕндзӕй, нӕ сагъӕстӕ, нӕ дзурдтӕ ӕма нӕ гъуддӕгтӕмӕ кӕсун. Уӕлдӕр ке кой кодтан, еци Пол ӕма Марко уомӕн ӕвдесӕн ӕнцӕ. Етӕ хебӕл хуӕцун базудтонцӕ. Ӕркӕсӕн ма ӕндӕр ӕнсувӕри хабармӕ дӕр. Е ба машинӕбӕл цӕугӕй арӕх рамӕстгун уидӕ, хатгай ба ма иннӕ шоферти хӕццӕ дӕр рабуцӕу уидӕ. Цума ӕхе раййевунбӕл куд архайдта? Ӕнсувӕр зӕгъуй: «Алли бон дӕр Хуцаумӕ зӕрдиагӕй кувтон. Уомӕй уӕлдай ма хебӕлхуӕцундзийнади туххӕй аллихузи статьятӕ кастӕн, удта еци теми хӕццӕ баст ка адтӕй, уӕхӕн стихтӕ Библийӕй ахур кодтон. Ӕма кӕд аци гъуддагбӕл цалдӕр анзей дӕргъи архайун, уӕддӕр алли сӕумӕ дӕр мӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнун, хебӕл хуӕцун куд ӕхсидзгӕ ӕй, уой. Удта хӕдзарӕй дӕр еу минкъий раздӕр рацӕун, цӕмӕй мӕ тагъд кӕнун макумӕ гъӕуа».

ДӔХЕБӔЛ КУ НӔ ФӔХХУӔЦАЙ, УӔДТА?

Хатгай нӕхебӕл нӕ фӕххуӕцӕн ӕма фӕррӕдуйӕн. Уӕхӕн хабар нӕбӕл ку ’рцӕуй, уӕд Йеговӕмӕ исковун дӕр нӕбал фендеуӕн. Фал нӕ уӕхӕн уавӕри Йегови ӕнхус никки хъӕбӕрдӕр гъӕуй. Мадта дин дӕхебӕл фӕххуӕцун ку нӕ рауайа, уӕд Йеговӕмӕ исковӕ, ӕма куд тагъддӕр, уотӕ хуӕздӕр. Зӕрдиагӕй си хатир ӕма ӕнхус корӕ, удта дӕхецӕн нисан исӕвӕрӕ, цӕмӕй еци рӕдуд мабал искӕнай (Пс. 51:9–11). Уотӕ дӕмӕ ма кӕсӕд ӕма дӕ Йеговӕ нӕ фегъосдзӕй (Пс. 102:17). Апостол Иоанн нин нӕ зӕрдӕбӕл лӕуун кӕнуй, Киристей тог «ӕгас тӕрегъӕдтӕй дӕр» ке кӕдзос кӕнуй (1 Иоан. 1:7; 2:1; Пс. 86:5). Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгути разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй кӕрӕдземӕн алкӕддӕр хатир кӕнонцӕ. Ӕма кӕд мах уомӕ разӕнгард кӕнуй, уӕд нин ӕхуӕдӕг дӕр гъе уотӕ хатир кӕндзӕй (Матф. 18:21, 22; Кол. 3:13).

Моисеййи бон ку не ’ссӕй ӕхебӕл фӕххуӕцун, уӕд е Йеговӕн зин адтӕй, фал ин уӕддӕр ниххатир кодта. Ӕма, Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ Моисей нимад ӕрцудӕй, ӕ еузӕрдондзийнадӕй фӕнзуйнаг ка ӕй, уӕхӕн адӕймагбӕл (Дук. з. 34:10; Дзиуит. 11:24–28). Моисей ӕхебӕл ке нӕ фӕххуӕстӕй, уой туххӕй Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕмӕ нӕ бацудӕй, фал ӕй тагъд Йеговӕ зӕнхӕбӕл дзенети райгас кӕндзӕй ӕма ин ӕносон цард ратдзӕй. Мах дӕр ӕгас хъауритӕй ку архайӕн, цӕмӕй нӕхебӕл хуӕцун зонӕн, уӕд махмӕ дӕр уӕхӕн цард ӕнгъӕлмӕ кӕсуй (1 Кор. 9:25).