Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

28 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Фидарӕй дӕ уырны, цӕуыл ӕууӕндыс, уый рӕстдзинад кӕй у?

Фидарӕй дӕ уырны, цӕуыл ӕууӕндыс, уый рӕстдзинад кӕй у?

«Цы базыдтай ӕмӕ дӕ фидарӕй цӕуыл баууӕндын кодтой, ууыл амӕй фӕстӕмӕ дӕр фидар хӕц» (2 ТИМ. 3:14).

56 ЗАРӔГ Рӕстдзинад тынг бауарз

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Рӕстдзинады кой куы фӕкӕнӕм, уӕд цӕй кой фӕкӕнӕм?

«РӔСТДЗИНАД куыд базыдтай?» Ӕвӕццӕгӕн, ацы фарста бирӕ хӕттыты фехъуыстай ӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр иннӕты уымӕй фарстай. Рӕстдзинад, зӕгъгӕ, куы фӕзӕгъӕм, уӕд цӕй кой фӕкӕнӕм? Цӕуыл ӕууӕндӕм, Хуыцауӕн куыд кувӕм ӕмӕ куыд цӕрӕм, уый кой. Рӕстдзинады фӕндагыл чи цӕуы, уыдон зонынц Библийы ахуырӕдтӕ ӕмӕ цӕрынц Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Уыдон ссӕрибар сты мӕнг динты ахуырӕдтӕй, ӕмӕ кӕд ацы фыддунейы исчи амондджын у, уӕд уыдон (Иоан. 8:32).

2. Иоанны 13:34, 35 стихтӕм гӕсгӕ, кӕйдӕрты цӕмӕн бафӕнды Библи ахуыр кӕнын?

2 Библи ахуыр кӕнын дӕ цӕмӕн бафӕндыд? Чи зоны, дӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ уаг ӕмӕ се ’гъдау (1 Пет. 2:12). Кӕнӕ, чи зоны, федтай, кӕрӕдзийы куыд уарзынц, уый. Бирӕтӕ уыцы уарзондзинад сӕхиуыл банкъардтой, ӕмбырдмӕ фыццаг хатт куы ’рбацыдысты, уӕд. Ӕмӕ, ӕмбырды цы фехъуыстой, уый нӕ бахъуыды кодтой, фӕлӕ бахъуыды кодтой, цы уарзондзинад дзы федтой, уый. Афтӕ цӕмӕн у, уый бамбарӕн ис. Йесо Чырысти загъта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзи кӕй уарздзысты ӕмӕ-иу сӕ адӕм уымӕй кӕй базондзысты. (Бакӕс Иоанны 13:34, 35.) Фӕлӕ цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа, уый тыххӕй ма ноджыдӕр цыдӕр хъӕуы.

3. Нӕ уырнындзинадӕн йӕ бындур, Хуыцауы адӕмы ’хсӕн цы уарзондзинад ис, ӕрмӕст уый куы уа, уӕд уый тӕссаг цӕмӕй у?

3 Хуыцауы адӕмы ’хсӕн цы уарзондзинад ис, ӕрмӕст уый хъуамӕ ма уа нӕ уырнындзинадӕн йӕ бындур. Зӕгъӕм, чырыстӕттӕй исчи стыр тӕригъӕд сарӕзта. Чи зоны, суанг хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ пионер дӕр у. Йе та дӕ ӕмбырды чидӕр цӕмӕйдӕр фӕхъыг кодта. Кӕнӕ чидӕр раст дин ныууагъта ӕмӕ дзуры, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмы сайгӕ кӕнынц, зӕгъгӕ. Ахӕм цыдӕртӕ дын цӕлхдур суыдзысты ӕмӕ Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕндзынӕ? Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа, уӕд хъуамӕ йӕ бындур уа нӕ хӕлардзинад Йегъовӕимӕ, иннӕтӕ цы аразынц, уый нӕ, фӕлӕ. Нӕ уырнындзинад хӕдзаримӕ куы абарӕм, уӕд ӕй цавӕр ӕрмӕгӕй хъуамӕ аразӕм? Ӕнкъарӕнтӕ фидар ӕрмӕг не сты. Фӕлӕ хъуамӕ Библи иртасӕм ӕмӕ-иу ссарӕм фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Библийы Йегъовӕйы тыххӕй рӕстдзинад кӕй ис, уымӕн (Ром. 12:2).

4. Матфейы 13:3–6, 20, 21 стихтӕм гӕсгӕ, иуӕй-иутӕ фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлынц, уӕд уый сӕ уырнындзинадыл куыд фӕзыны?

4 Йесо куыд загъта, афтӕмӕй чидӕртӕ рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ «цингӕнгӕ» айсынц. Фӕлӕ фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлынц, уӕд сӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ вӕййы. (Бакӕс Матфейы 13:3–6, 20, 21.) Чи зоны, кӕронмӕ нӕ фембарынц, Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдзысты (Матф. 16:24). Йе та, ӕвӕццӕгӕн, фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ чырыстӕттӕ зындзинӕдтӕй хызт сты кӕнӕ сӕ Хуыцау алы хатт дӕр сӕ зындзинӕдтӕй фервӕзын кӕны. Фӕлӕ ацы дунейы уымӕн гӕнӕн нӕй, ӕмӕ зындзинӕдтыл ма ӕмбӕлӕм. Хатт нӕ царды цыдӕртӕ фӕивы, ӕмӕ уый тыххӕй дӕр, гӕнӕн ис, ӕрӕнкъард уӕм (Пс. 6:6; Еккл. 9:11).

5. Цӕмӕй у бӕрӕг, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ фылдӕры фидарӕй кӕй уырны, цӕуыл ӕууӕндынц, уый рӕстдзинад кӕй у?

5 Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн сӕ фылдӕры фидарӕй уырны, цӕуыл ӕууӕндынц, уый рӕстдзинад кӕй у. Уый цӕмӕй у бӕрӕг? Чырыстӕттӕй сӕ исчи куы фӕхъыг кӕны кӕнӕ, чырыстонӕн чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ куы фӕкӕны, уӕд сӕ уырнындзинад нӕ фӕцуды (Пс. 119:165). Стӕй фӕлварӕны куы бахауынц, уӕд сӕ уырнындзинад не ’рлӕмӕгъ вӕййы, фӕлӕ ноджы фидардӕр свӕййы (Иак. 1:2–4). Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕуӕн дӕр дӕ уырнындзинад афтӕ фидар уа?

«ХУЫЦАУ ЧИ У, УЫЙ» ХОРЗ БАЗОН

6. 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕн сӕ уырнындзинады бындур цы уыд?

6 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕн сӕ уырнындзинады бындур уыд, Фыстадӕй цы зыдтой, уый, стӕй Йесо Чырыстийы ахуырӕдтӕ, ома «рӕстдзинад» (Гал. 2:5). Ам цы рӕстдзинады кой ис, уымӕ хауынц, ӕцӕг чырыстӕттӕ цы ахуырӕдтыл ӕууӕндынц, уыдон иууылдӕр. Уыцы ахуырӕдтӕм хауы, Чырысти нывондӕн хаст кӕй ӕрцыд ӕмӕ кӕй райгас, уыцы ахуырад дӕр. Апостол Павелы фидарӕй уырныдта, уыцы ахуырӕдтыл ӕууӕндӕн кӕй ис. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Уый адӕмӕн «ӕмбарын... кодта, Чырысти кӕй хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ... мӕрдтӕй кӕй хъуамӕ райгас уыдаид, ӕмӕ сын Фыстадӕй бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста» (Хъуыд. 17:2, 3). 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ уыцы ахуырӕдтыл ӕууӕндыдысты ӕмӕ йӕ зыдтой, Хуыцауы сыгъдӕг тых сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн йӕ Ныхас ӕмбарынӕн. Уыдон-иу ссардтой бӕлвырдгӕнӕнтӕ, уыцы ахуырӕдтӕн сӕ бындур Фыстад кӕй у, уымӕн (Хъуыд. 17:11, 12; Дзут. 5:14). Сӕ уырнындзинады бындур ӕрмӕст ӕнкъарӕнтӕ нӕ уыдысты. Уыдон Йегъовӕйӕн ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ лӕггад кодтой, ӕмӕ сын ӕхсызгон уыд сӕ рӕстӕг иннӕ чырыстӕттимӕ ӕрвитын. Сӕ уырнындзинады бындур уыд, «Хуыцау чи у, уый» хорз кӕй зыдтой, уый (Кол. 1:9, 10).

7. Нӕ уырнындзинады бындур Библийы ахуырӕдтӕ куы уой, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?

7 Хуыцауы Ныхасы цы ахуырӕдтӕ ис, уыдон нӕ ивынц (Пс. 119:160). Зӕгъӕм, исчи нӕ куы фӕхъыг кӕны кӕнӕ стыр тӕригъӕд куы саразы, йе та зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд дӕр нӕ фӕивынц. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Библийы ахуырӕдтӕ хорз зонӕм ӕмӕ нӕ фидарӕй уырна, ӕууӕндӕн сыл кӕй ис, уый. Нӕ уырнындзинады бындур Библийы ахуырӕдтӕ куы уой, уӕд нын фӕлварӕнты рӕстӕг ахӕм фидар уырнындзинад уыдзӕн науӕнгуыры хуызӕн. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ ноджы тынгдӕр уырна, цӕуыл ӕууӕндыс, уый рӕстдзинад кӕй у?

АРФ ХЪУЫДЫ КӔН

8. 2 Тимофеймӕ 3:14, 15 стихтӕм гӕсгӕ, Тимофейы фидарӕй цӕмӕн уырныдта, цӕуыл ӕууӕнды, уый рӕстдзинад кӕй у?

8 Тимофейы фидарӕй уырныдта, цӕуыл ӕууӕнды, уый рӕстдзинад кӕй у. Цымӕ цӕмӕн? (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:14, 15.) Йӕ мад ӕмӕ йын йӕ мадымад йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ амыдтой «сыгъдӕг Фыстытӕ». Фӕлӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕхӕдӕг дӕр Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг иртӕста. Ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы фидарӕй баууӕндыд, уый рӕстдзинад кӕй у. Фӕстӕдӕр Тимофей, йӕ мад ӕмӕ йӕ мадымад базыдтой, чырыстӕттӕ кӕй амыдтой, уыцы ахуырӕдтӕ. Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ цы уарзондзинад ӕвдыстой, уый Тимофеймӕ диссаг куыннӕ кастаид. Стӕй-иу ӕй зӕрдиагӕй фӕндыд йӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ рӕстӕг ӕрвитын ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнын (Фил. 2:19, 20). Фӕлӕ йӕ уырнындзинады бындур, адӕмы кӕй уарзта, уый нӕ уыд. Йӕ уырнындзинады бындур уыдысты Библийы ахуырӕдтӕ. Уыдоны фӕрцы Тимофей Йегъовӕмӕ баввахс. Ды дӕр хъуамӕ Библи иртасай ӕмӕ-иу ссарай фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Йегъовӕйы тыххӕй цы базоныс, уый ӕцӕг кӕй у, уымӕн.

9. Цавӕр ӕртӕ сӕйраг ахуырадӕн хъуамӕ ссарай бӕлвырдгӕнӕнтӕ?

9 Фыццаджыдӕр хъуамӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ссарай ӕртӕ сӕйраг ахуырадӕн: 1) ӕппӕт дӕр Йегъовӕ сфӕлдыста (Рац. 3:14, 15; Дзут. 3:4; Рарг. 4:11). 2) Библи у Хуыцауы Ныхас ӕмӕ дзы фыст ис, Хуыцау адӕмӕн цы зӕгъинаг уыд, уый (2 Тим. 3:16, 17). 3) Йегъовӕйӕн зӕххыл ис адӕм, Чырысти сын разамынд дӕтты, ӕмӕ уыдон сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ (Ис. 43:10–12; Иоан. 14:6; Хъуыд. 15:14). Уыцы ахуырӕдтӕ кӕй хъуамӕ сбӕлвырд кӕнай, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъуамӕ Библийӕ алцыдӕр базонай. Дӕ нысан хъуамӕ уа «арф хъуыды кӕнын», цӕмӕй дӕ фидарӕй уырна, цӕуыл ӕууӕндыс, уый рӕстдзинад кӕй у (Ром. 12:1).

ИННӔТӔН ӔХХУЫС КӔН, ЦӔМӔЙ БАУУӔНДОЙ

10. Нӕхӕдӕг рӕстдзинад куы базонӕм, уӕд ма ноджыдӕр цы хъуамӕ аразӕм?

10 Библийы ӕртӕ сӕйраг ахуырадӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы ссарай, уӕд хъуамӕ Библийы фӕрцы дӕ бон уа уыдӕттӕ иннӕтӕн дӕр амонын. Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ чырыстӕттыл ис хӕс: Библийӕ цы базонӕм, уый хъуамӕ амонӕм, чи нӕм байхъуса, уыдонӕн дӕр (1 Тим. 4:16) *. Библийы ахуырӕдтӕ иннӕтӕн куы фембарын кӕнӕм, уӕд сыл нӕхӕдӕг дӕр ноджы тынгдӕр баууӕндӕм.

11. Апостол Павел адӕмӕн рӕстдзинад куыд амыдта, уымӕй нын фӕзминаг куыд у?

11 Апостол Павел-иу адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд-иу сын «Йесойы тыххӕй фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста Моисейы закъонӕй ӕмӕ Пехуымпарты чингуытӕй» (Хъуыд. 28:23). Нӕ бон куыд у Павелы бафӕзмын? Адӕмӕн рӕстдзинад куы амонӕм, уӕд-иу сын Библийы хабӕрттӕ радзырдты хуызӕн ма дзурӕм. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм Библийыл арф хъуыды кӕнынӕн, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уой. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнын райдайой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуынц, уый тыххӕй. Хъуамӕ-иу сбӕлвырд кӕной ӕмӕ баууӕндой, нӕ уарзӕгой Хуыцауы тыххӕй цы базонынц, уый рӕстдзинад кӕй у. Ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ уый тыххӕй суой.

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар кӕна. Семӕ ныхас кӕнут Библийы пехуымпарӕдтыл ӕмӕ, лӕмбынӕгдӕр раиртасын кӕй фӕхъӕуы, ӕндӕр ахӕм хабӕрттыл (кӕс 12, 13 абзацтӕ) *

12, 13. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагыл цӕуой?

12 Ныййарджытӕ, сымах бӕгуыдӕр фӕнды, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ рӕстдзинады фӕндагыл цӕуой. Чи зоны уӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сын ӕмбырды хорз ӕмбӕлттӕ куы уа, уӕд сӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн. Фӕлӕ сын хорз ӕмбӕлттӕ уа, уый фаг нӕу. Хъуамӕ Хуыцау суа сӕ Хӕлар ӕмӕ сӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, Библи цы дзуры, уый рӕстдзинад кӕй у.

13 Кӕд ныййарджыты фӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ Хуыцауы базоной, уӕд хъуамӕ сӕхӕдӕг дӕр Библи лӕмбынӕг иртасой ӕмӕ сын уымӕй фӕзминаг уой. Хъуамӕ-иу рӕстӕг рахицӕн кӕной, цы базонынц, ууыл хъуыды кӕнынӕн. Ӕмӕ уӕд сӕ бон уыдзӕн сӕ сывӕллӕтты дӕр ууыл сахуыр кӕнын. Библи ӕндӕр искӕимӕ куы фӕахуыр кӕнынц, уӕд сын фӕамонынц, иртасын куыд хъӕуы, уый. Ӕмӕ раст афтӕ уый хъуамӕ бацамоной сӕ сывӕллӕттӕн дӕр. Зӕгъӕм, хъуамӕ сын бацамоной, цы ӕрмӕг ӕмӕ нӕм цы библиотекӕтӕ ис, уыдоны фӕрцы Библи иртасӕн куыд ис, уый. Афтӕмӕй сын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Йегъовӕйы бауарзой, стӕй баууӕндой, Йегъовӕ нын уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары уылты кӕй дӕтты (Матф. 24:45–47). Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ куы бацамонат, уӕд-иу ууыл ма ’рлӕуут. Цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ семӕ ныхас кӕнат Библийы пехуымпарӕдтыл ӕмӕ, лӕмбынӕгдӕр раиртасын кӕй фӕхъӕуы, ӕндӕр ахӕм хабӕрттыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ уӕ рох ма уа уӕ сывӕллӕтты кар ӕмӕ, сӕ бон бамбарын цас у, уый (1 Кор. 2:10).

БИБЛИЙЫ ПЕХУЫМПАРӔДТӔ ИРТАС

14. Библийы пехуымпарӕдтӕ цӕмӕн хъуамӕ иртасӕм? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Ацы пехуымпарӕдтӕ бамбарын кӕндзынӕ?».)

14 Библийы пехуымпарӕдты фӕрцы нӕ уырнындзинад тынг бафидар вӕййы. Дӕуӕн дӕ уырнындзинад кӕцы пехуымпарӕдты фӕрцы бафидар? Чи зоны, Библийы «фӕстаг бонты» тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдоны фӕрцы (2 Тим. 3:1–5; Матф. 24:3, 7). Фӕлӕ ма ис ӕндӕр пехуымпарӕдтӕ дӕр. Зӕгъӕм, дӕ бон у бамбарын кӕнын, Данелы 2-аг сӕры кӕнӕ 11-ӕм сӕры цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон куыд сӕххӕст сты ӕмӕ ныр дӕр куыд ӕххӕст кӕнынц, уый? * Дӕ уырнындзинадӕн йӕ бындур Библи куы уа, уӕд ахӕм уырнындзинад уыдзӕн ӕнӕфӕцудгӕ. Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг Германийы нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ карз ӕфхӕрд баййӕфтой. Ӕмӕ кӕд уыцы рӕстӕг фӕстаг бонты тыххӕй пехуымпарӕдтӕ кӕронмӕ не ’мбӕрстой, уӕддӕр сӕ уырнындзинад уыд фидар, уымӕн ӕмӕ йӕ бындур уыди, Хуыцауы Ныхасӕй цы зыдтой, уый.

Библи куы иртасӕм, уыимӕ пехуымпарӕдтӕ дӕр, уӕд нӕ уырнындзинад фӕлварӕнты рӕстӕг нӕ фӕцуддзӕн (кӕс 15–17 абзацтӕ) *

15–17. Германийы нацистты рӕстӕг нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ фидар цӕй фӕрцы фӕлӕууыдысты?

15 Германийы нацистты рӕстӕг нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй мингӕйттӕ ӕрвыст ӕрцыдысты концлагертӕм. Гитлер ӕмӕ Гиммлер Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй сӕ удхӕссӕг уыдтой. Иу хо радзырдта, Гиммлер иу концлагеры нӕ хотӕн куыд загъта, уый: «Уӕ Йегъовӕ уӕлӕрвты уӕд хицау, ам зӕххыл та мах стӕм хицӕуттӕ! Фендзыстут ӕй, чи баззайдзӕн, мах ӕви сымах!» Цымӕ Йегъовӕйы адӕмӕн цы баххуыс кодта иузӕрдионӕй баззайынӕн?

16 Уыцы Библииртасджытӕ зыдтой, 1914 азы Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста. Уыдонмӕ диссаг нӕ каст, афтӕ карзӕй сӕ кӕй ӕфхӕрынц, уый. Фӕлӕ Йегъовӕйы адӕм фидарӕй зыдтой, иу зӕххон хицауад дӕр Хуыцауы йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын кӕй нӕ бахъыгдардзӕн. Гитлерӕн нӕ бантыстаид раст дин зӕххы цъарӕй фесафын кӕнӕ, Хуыцауы Паддзахадӕй хъомысджындӕр чи уыдаид, ахӕм хицауад сӕвӕрын. Не ’фсымӕрты фидарӕй уырныдта, иу бон Гитлеры хицаудзинадӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн.

17 Уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уый дзӕгъӕлы нӕ уырныдта. Цалдӕр азы фӕстӕ нацистты хицаудзинадӕн кӕрон ӕрцыд. Ӕмӕ афтӕ чи загъта, ам зӕххыл мах стӕм хицӕуттӕ, зӕгъгӕ, уый лидзын бахъуыд. Уыцы рӕстӕг Гиммлер амбӕлд ӕфсымӕр Любкейыл (уыцы ’фсымӕр уый размӕ уыд концлагеры). Гиммлер уыд тынг ныфссаст, ӕмӕ ӕфсымӕры бафарста: «Зӕгъ-ма, Библииртасӕг, дарддӕр цы уыдзӕн?» Ӕфсымӕр ын бамбарын кодта, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй нӕ дызӕрдыг кодтой, нацистты хицаудзинадӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ Хуыцауы адӕм кӕй ссӕрибар уыдзысты. Кӕд Гиммлер раздӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕ ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодта, уӕд ныр, цы загътаид, уый нӕ зыдта. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕхи амардта. Ацы хабӕрттӕ нын цӕуыл дзурӕг сты? Библи куы иртасӕм, уыимӕ пехуымпарӕдтӕ дӕр, уӕд Хуыцауыл фидарӕй ӕууӕнддзыстӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фӕлварӕнты рӕстӕг нӕ фӕцуддзӕн (2 Пет. 1:19–21).

18. Иоанны 6:67, 68 стихтӕм гӕсгӕ, ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй «бӕлвырдӕй зонӕм ӕмӕ хорз ӕмбарӕм», цы у рӕстдзинад?

18 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ иннӕты уарзӕм, уымӕн ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм. Фӕлӕ ма хъуамӕ «бӕлвырдӕй зонӕм ӕмӕ хорз ӕмбарӕм», цы у рӕстдзинад (Фил. 1:9). Кӕннод нӕ «алыхуызон ахуырӕдты дымгӕтӕ» рахӕсс-бахӕсс кӕндзысты ӕмӕ, «хинӕй чи архайы», стӕй раст дин чи ныууагъта, уыдон сайдзысты (Еф. 4:14). Иуафон Йесойы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ куы ныууагътой, уӕд ын апостол Петр фидарӕй загъта, зӕгъгӕ, дӕумӕ сты, «ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы ныхӕстӕ». (Бакӕс Иоанны 6:67, 68.) Петр уыцы рӕстӕг Йесойы ахуырӕдтӕй алцы нӕма ӕмбӕрста. Фӕлӕ йыл уӕддӕр уыд иузӕрдион, уымӕн ӕмӕ йӕ фидарӕй уырныдта, Йесо Хуыцауӕй ӕрвыст кӕй у. Дӕу дӕр фидарӕй куы уырна, Библийы ахуырӕдтӕ рӕстдзинад кӕй сты, уӕд дӕ уырнындзинад нӕ фӕцуддзӕн, цыфӕнды куы уа, уӕд дӕр. Ӕмӕ дӕ бон уыдзӕн иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар уа (2 Иоан. 1, 2).

72 ЗАРӔГ Хъусын кӕнӕм Хуыцауы хорз хабар

^ 5 абз. Ацы статья нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Библийы ахуырӕдтӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый рӕстдзинад кӕй у, уый нӕ ноджы тынгдӕр уырна.

^ 10 абз. Адӕмимӕ Библийы сӕйраг ахуырӕдтыл ныхас кӕнӕн куыд ис, уымӕн цӕвиттонтӕ ссарӕн ис рубрикӕты «Ныхас кӕнӕм Библийыл» ӕмӕ «Ныхас цавӕрдӕр фарстайыл». Мыхуыргонд цыдысты «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» 2012 азӕй 2015 азмӕ. Ис дзы, зӕгъӕм, ахӕм темӕтӕ: «Чырысти Хуыцау у?», «Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райста?» ӕмӕ «Хуыцау фыдгӕнджыты зындоны хъизӕмарӕй мары?».

^ 14 абз. Ацы пехуымпарӕдтыл дзырд цыди «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» 2012 азы 15 июны номыры ӕмӕ 2020 азы майы номыры.

^ 60 абз. НЫВ. Ныййарджытӕ бинонты ахуыры рӕстӕг сӕ сывӕллӕттимӕ иртасынц, стыр бӕллӕхы кой кӕм ис, уыцы пехуымпарӕдтӕ.

^ 62 абз. НЫВ. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон уыцы бинонтӕм диссаг нӕ кӕсынц.