Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

29 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Лӕмӕгъ куы вӕййын, уӕд вӕййын тыхджын»

«Лӕмӕгъ куы вӕййын, уӕд вӕййын тыхджын»

«Ӕхсызгон [мын] у, лӕмӕгъдзинӕдтӕ мӕм кӕй ис, кӕй мӕ ӕфхӕрынц, хъуагдзинӕдтӕ кӕй ӕййафын, мӕ фӕдыл кӕй зилынц ӕмӕ зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзарын Чырыстийы тыххӕй» (2 КОР. 12:10).

38 ЗАРӔГ Хуыцау дӕ бафидар кӕндзӕн

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Апостол Павел ӕргом цы дзырдта?

АПОСТОЛ Павел ӕргом дзырдта, хатт-иу йӕхимӕ лӕмӕгъ кӕй каст. Уый загъта, йӕ «буар лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр» кӕй кодта ӕмӕ йын-иу алы хатт ӕнцон кӕй нӕ уыд, раст цы у, уый аразын. Стӕй-иу ын Йегъовӕ йӕ куывдтытӕн, цавӕр дзуапп ӕнхъӕл уыд, алы хатт ахӕм дзуапп нӕ радта (2 Кор. 4:16; 12:7–9; Ром. 7:21–23). Уымӕй уӕлдай ма Павелы йе знӕгтӕ нымадтой лӕмӕгъ адӕймагыл *. Фӕлӕ уый тыххӕй, стӕй йӕ лӕмӕгъдзинӕдты тыххӕй афтӕ хъуыды кӕнын нӕ райдыдта, ӕмӕ ницӕйаг у (2 Кор. 10:10–12, 17, 18).

2. 2 Коринфӕгтӕм 12:9, 10 стихтӕм гӕсгӕ, Павел цы бамбӕрста?

2 Павел бамбӕрста иу ахсджиаг хъуыддаг: адӕймаг йӕхимӕ лӕмӕгъ куы кӕса, уӕд дӕр йӕ бон у, ӕмӕ тыхджын, фидар уа. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 12:9, 10.) Йегъовӕ йын загъта: «Мӕ тых йӕхи ӕххӕстӕй ӕвдисы дӕ лӕмӕгъдзинады». Уымӕй йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ йын лӕвӕрдтаид, цас хъуыд, уыйбӕрц хъару. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Павелы цӕвиттонмӕ. Фӕлӕ уал фыццаг аныхас кӕнӕм, не знӕгтӕ нӕ куы фефхӕрынц, уӕд ууыл тынг цӕуылнӕ хъуамӕ мӕт кӕнӕм.

ПАВЕЛӔН ӔХСЫЗГОН УЫД, КӔЙ ЙӔ ӔФХӔРДТОЙ, УЫЙ

3. Кӕй нӕ ’фхӕрынц, уый нын ӕхсызгон цӕмӕн у?

3 Никӕй зӕрдӕмӕ цӕуы, исчи йӕ ’фхӕра, уый. Фӕлӕ нӕ не знӕгтӕ цы дзурынц, ууыл ӕгӕр куы мӕт кӕнӕм, уӕд нӕ ныфс асӕтдзӕн (Ӕмб. 24:10). Кӕй нӕ ’фхӕрынц, уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Павелау махӕн дӕр уый «ӕхсызгон» у (2 Кор. 12:10). Цӕмӕн? Нӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц ӕмӕ нӕ кӕй ӕфхӕрынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ стӕм (1 Пет. 4:14). Йесо загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзысты (Иоан. 15:18–20). Ӕмӕ 1 ӕнусы чырыстӕтты ӕцӕгдӕр ӕфхӕрдтой. Грекъаг культурӕ кӕуыл бандӕвта, уыдон чырыстӕтты нымадтой талынг адӕмыл ӕмӕ сӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кастысты. Стӕй дзуттӕгтӕ дӕр чырыстӕтты (зӕгъӕм, апостолтӕ Петр ӕмӕ Иоанны) нымадтой ӕнахуыргонд адӕмыл (Хъуыд. 4:13). Чырыстӕттӕн политикӕйы хабӕрттыл сӕ бар нӕ цыд, стӕй ӕфсадмӕ дӕр нӕ цыдысты. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй бирӕтӕ нымадтой лӕмӕгъ, ӕнӕбон ӕмӕ фидиссаг адӕмыл.

4. 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ цы цӕстӕй кастысты, сӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, уымӕ?

4 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕй кастысты, уый тыххӕй, мыййаг, Чырыстийы фӕдыл нал цыдысты ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй иннӕтӕн нал дзырдтой? Нӕ, афтӕ нӕ уыд. Зӕгъӕм, Петр ӕмӕ Иоанн сӕхицӕн стыр кадыл нымадтой, ӕфхӕрд кӕй ӕййӕфтой, уый (Хъуыд. 4:18–21; 5:27–29, 40–42). Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ, худинаг цы уыд, ахӕмӕй ницы арӕзтой. Уыцы сӕрныллӕг чырыстӕттӕ адӕмӕн цас хорздзинӕдты бацыдысты, уыйбӕрц хорздзинӕдты сын се ’фхӕрджытӕй иу дӕр нӕ бацыд. Зӕгъӕм, чидӕртӕ сӕ ныффыстой Библийы чингуытӕй кӕцыдӕртӕ. Ӕмӕ Библи абон дӕр милуангай адӕмӕн ӕххуыс кӕны ӕмӕ сын ныфс дӕтты. Стӕй, уыцы чырыстӕттӕ цы Паддзахады тыххӕй хъусын кодтой, уый уӕлӕрвты ӕвӕрд ӕрцыд. Ӕмӕ тагъд рӕстӕджы разамынд дӕтдзӕн ӕгас зӕххӕн дӕр (Матф. 24:14). Чырыстӕтты чи ’фхӕрдта, уыцы хъомысджын паддзахадӕн та йӕ кой дӕр нал ис. Уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕ ныр уӕлӕрвты сты паддзӕхтӕ. Сӕ ныхмӕ чи цыд, уыдон та нал сты. Ӕмӕ кӕд искуы райгас уой, уӕддӕр цӕрдзысты Хуыцауы Паддзахады дӕлбар – се сӕфт кӕмӕй уыдтой, уыцы чырыстӕттӕ кӕй кой кодтой, уыцы Паддзахады дӕлбар (Рарг. 5:10).

5. Иоанны 15:19 стихӕй куыд зыны, афтӕмӕй иуӕй-иутӕ Йегъовӕйы адӕммӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй цӕмӕн кӕсынц?

5 Абон дӕр иуӕй-иутӕ Йегъовӕйы адӕмы нымайынц ӕнӕбон ӕмӕ талынг адӕмыл, сӕ сӕрмӕ сӕ нӕ фӕхӕссынц ӕмӕ сыл фӕхудынц. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ мах ацы дунейы адӕмы зондыл хӕст не стӕм. Мах архайӕм, цӕмӕй сабыр ӕмӕ сӕрныллӕг адӕймӕгтӕ уӕм. Ацы дунейы та кадджын сты хъал, сӕрбӕрзонд ӕмӕ хивӕнд адӕм. Уымӕй уӕлдай ма политикӕйы нӕ архайӕм ӕмӕ, кӕцыфӕнды бӕстӕйы ма цӕрӕм, уӕддӕр ӕфсадмӕ нӕ цӕуӕм. Мах ацы дунейы адӕмӕй тынг хицӕн кӕнӕм, ӕмӕ нӕм уый тыххӕй ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсынц. (Бакӕс Иоанны 15:19; Ром. 12:2.)

6. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цавӕр хъуыддаг аразынӕн ӕххуыс кӕны?

6 Кӕд ацы дунейы цӕсты лӕмӕгъ стӕм, уӕддӕр Йегъовӕ мах уылты аразы стыр хъуыддӕгтӕ. Уый ӕгас зӕххыл дӕр скодта зиу – ныртӕккӕ хорз хабар куыд цӕуы хъуыстгонд, афтӕ никуыма уыд. Йӕ лӕггадгӕнджытӕ цы журналтӕ уадзынц, уыдон тӕлмац цӕуынц тынг бирӕ ӕвзӕгтӕм. Уал ӕвзагыл иу журнал дӕр нӕ цӕуы. Стӕй Библийы фӕрцы милуангай адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц сӕ цард хуыздӕрырдӕм аивынӕн. Ӕппӕт уыдӕттӕн гӕнӕн ис Йегъовӕйы фӕрцы. Ӕмӕ уыцы хъомысджын хъуыддӕгтӕ аразы, иннӕты цӕсты лӕмӕгъ, ӕнӕбон чи у, уыцы адӕмы уылты. Фӕлӕ цымӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн хицӕнтӕй дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй тыхджын уой? Кӕд о, уӕд нӕхицӕй цы кӕнгӕ у? Ӕркӕсӕм, апостол Павелы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уымӕ. Аныхас кӕндзыстӕм ӕртӕ хъуыддагыл.

НӔХИЦӔЙ НЫФСДЖЫН МА УӔМ

7. Павелӕй фыццаджыдӕр цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

7 Павелӕй фыццаджыдӕр цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ хъуамӕ нӕхицӕй ӕмӕ нӕ курдиӕттӕй ныфсджын ма уӕм. Павел сӕрбӕрзонд куы уыдаид ӕмӕ йӕхицӕй ныфсджын куы уыдаид, уӕд ӕй, адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, уыдаид бамбарӕн. Павел схъомыл Тарсы, ромаг провинци Киликийы сӕйраг горӕты. Уый уыд хъӕздыг горӕт, стӕй дзы уыди зындгонд университет. Павел ахуыр кодта дзуттаг дины дзырддзӕугӕ разамонджытӕй сӕ иумӕ – Гамалиилмӕ (Хъуыд. 5:34; 22:3). Ӕмӕ, цалынмӕ чырыстон не сси, уӕдмӕ йӕхӕдӕг дӕр дзуттӕгты ’хсӕн кадджын лӕгыл нымад уыд. Йӕхи тыххӕй афтӕ загъта: «Дзуттаг дины мӕнӕн цы бантыст, уый мӕ адӕмы ’хсӕн ме ’мгӕрттӕй бирӕтӕн нӕ бантыст» (Гал. 1:13, 14; Хъуыд. 26:4). Фӕлӕ Павел йӕхицӕй ныфсджын нӕ уыд.

Павел Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг кӕй сси, уый нымадта стыр кадыл. Адӕмы цӕсты кадджын цӕмӕй уыд, уыдӕттӕ та банымадта «быроныл» (кӕс 8 абзац) *

8. Филиппӕгтӕм 3:8 стихмӕ гӕсгӕ, Павел цы цӕстӕй каст, цы ныууагъта, уыдӕттӕм? Лӕмӕгъдзинӕдтӕ йӕм кӕй уыд, уый йын ӕхсызгон цӕмӕн уыд?

8 Павел ныууагъта, ацы дунейы адӕмы цӕсты кадджын цӕмӕй уыд, уыдӕттӕ, ӕмӕ ууыл фӕсмон нӕ кодта. Ӕппӕт дӕр банымадта «быроныл». (Бакӕс Филиппӕгтӕм 3:8.) Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг кӕй сси, уый тыххӕй бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста. Йӕхи адӕм дзы се сӕфт федтой (Хъуыд. 23:12–14). Ромӕгтӕ йӕ фӕнадтой ӕмӕ йӕ ахӕстоны баппӕрстой, кӕд йӕхӕдӕг дӕр ромагыл нымад уыд, уӕддӕр (Хъуыд. 16:19–24, 37). Уымӕй уӕлдай ма йын йе ’нӕххӕстдзинады тыххӕй хатт тынг зын уыд, раст цы у, уый аразын (Ром. 7:21–25). Фӕлӕ кӕд зындзинӕдтӕ ’взӕрста ӕмӕ рӕдигӕ дӕр кодта, уӕддӕр Чырыстийы фӕдыл цыд. Павелӕн ӕхсызгон уыд, лӕмӕгъдзинӕдтӕ йӕм кӕй уыд, уый. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ-иу лӕмӕгъ куы уыд, растдӕр-иу гъеуӕд федта, Хуыцау ын куыд ӕххуыс кӕны ӕмӕ йӕ куыд фидар кӕны, уый (2 Кор. 4:7; 12:10).

9. Кӕд нӕм, ацы дунейы цӕсты адӕймаг кадджын цӕмӕй вӕййы, ахӕмӕй ницы ис, уӕд уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

9 Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ хъаруджын, ӕнӕниз куы уӕм, уӕлдӕр ахуырад нӕм куы уа, хъӕздыг куы уӕм кӕнӕ кӕцыдӕр адӕмыхаттӕй куы уӕм, уӕд нын Йегъовӕйы цӕсты стыр аргъ уыдзӕн. Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ’хсӕн бирӕ нӕй, «адӕмы цӕсты зондджын чи у, тыхджын чи у кӕнӕ кадджын мыггагӕй чи у», ахӕмтӕ. Йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн Йегъовӕ «равзӕрста, дунейы цӕсты лӕмӕгъ чи у, уыдоны» (1 Кор. 1:26, 27). Уӕдӕ дӕм кӕд, ацы дунейы цӕсты адӕймаг кадджын цӕмӕй вӕййы, ахӕмӕй ницы ис, уӕддӕр дӕ бон у Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Афтӕмӕй дын ис диссаджы фадат, цӕмӕй фенай, Йегъовӕ дын тыхтӕ куыд дӕтты ӕмӕ дӕу уылты куыд архайы, уый. Зӕгъӕм, кӕд тӕрсыс, цӕуыл ӕууӕндыс, уый ныхмӕ чи фӕдзуры, уыдонӕй, уӕд Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын баххуыс кӕна дӕ уырнындзинады сӕрыл ныфсджынӕй дзурынӕн (Еф. 6:19, 20). Кӕнӕ кӕд уӕззау низӕй рынчын дӕ, уӕд Йегъовӕйӕ хъарутӕ кур. Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын лӕггад кӕнай, дӕ уавӕрты дӕ бон цас у, уыйбӕрц. Ӕмӕ-иу куы фенай, Йегъовӕ дын куыд баххуыс кодта, уӕд-иу дӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр сфидар уыдзӕн.

БИБЛИЙЫ ЦЫ ЛӔГГАДГӔНДЖЫТЫ КОЙ ИС, УЫДОНЫ ФӔЗМӔМ

10. Библийы цы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кой ис, зӕгъӕм, Дзуттӕгтӕм 11:32–34 стихты, уыдоны цӕвиттонтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?

10 Павел Фыстад тынг лӕмбынӕг иртӕста. Ӕмӕ, Хуыцауы Ныхасы цы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кой ис, уыдонӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр. Павел дзуттаг чырыстӕттӕм ныффыста, цӕмӕй уыцы лӕггадгӕнджыты хабӕрттыл хъуыды кодтаиккой. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:32–34.) Уыдонӕй иу уыд паддзах Давид. Давиды ныхмӕ ӕрмӕст йе знӕгтӕ нӕ цыдысты, фӕлӕ йӕ раздӕры ӕмбӕлттӕй дӕр чидӕртӕ. Ӕвӕццӕгӕн-иу Павел Давиды царды хабӕрттыл хъуыды кодта, ӕмӕ-иу уый фӕрцы бафидар. Мах дӕр уыцы хабӕрттӕй иуӕй-иутӕм куы ’ркӕсӕм, уӕд бамбардзыстӕм, Павелӕн ныфсы хос цӕмӕн уыдаиккой. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон Павелы бафӕзмын куыд у, ууыл.

Кӕд Давид ӕрыгон уыд ӕмӕ афтӕ зынд, цыма лӕмӕгъ у, уӕддӕр Голиафӕй нӕ фӕтарст. Уый йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардта, уымӕн ӕмӕ зыдта, хъарутӕ йын кӕй ратдзӕн, цӕмӕй йе знагыл фӕуӕлахиз уа. Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл кодта (кӕс 11 абзац)

11. Голиафы цӕсты Давид лӕмӕгъ цӕмӕн уыд? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

11 Тыхджын Голиафы цӕсты Давид уыд лӕмӕгъ ӕмӕ ӕдых. Голиафы ныхмӕ куы рацыд, уӕд ӕм уый «уыцы ӕнӕрвӕссон каст бакодта». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Голиаф Давидӕй бирӕ стырдӕр уыд. Уый уыди фӕлтӕрдджын хӕстон ӕмӕ уыд гӕрзифтонг. Давид та уыд ӕрыгон лӕппу ӕмӕ йӕм хӕцӕнгарз дӕр нӕ уыд. Фӕлӕ ӕцӕгӕй Давид уыд тыхджын. Уый йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардта, ӕмӕ йын Йегъовӕ хъарутӕ радта, цӕмӕй йе знагыл фӕуӕлахиз уыдаид (1 Сам. 17:41–45, 50).

12. Давид ма ноджыдӕр цавӕр зын уавӕры бахауд?

12 Давид ма бахауд ӕндӕр зын уавӕры дӕр. Ӕмӕ уый тыххӕй, чи зоны, йӕхимӕ каст лӕмӕгъ ӕмӕ ӕнӕбон. Давид иузӕрдионӕй лӕггад кодта Израилы паддзах Саулӕн. Фыццаг Саул Давидӕн тынг аргъ кодта. Фӕлӕ фӕстӕдӕр сӕрбӕрзонд кӕй сси, уый тыххӕй йӕм хӕлӕг кӕнын райдыдта. Гъемӕ йӕм райдыдта знаджы цӕстӕй кӕсын ӕмӕ ма йӕ марынмӕ дӕр хъавыд (1 Сам. 18:6–9, 29; 19:9–11).

13. Кӕд Саул Давиды дзӕгъӕлы ӕфхӕрдта, уӕддӕр ӕм Давид цы цӕстӕй каст?

13 Кӕд Саул Давиды дзӕгъӕлы ӕфхӕрдта, уӕддӕр ын Давид кад кодта, уымӕн ӕмӕ Саул уыд Йегъовӕйы ӕвӕрд паддзах (1 Сам. 24:6). Саул ын цытӕ ӕвзарын кодта, уыдӕтты тыххӕй Йегъовӕйы нӕ аххосджын кодта. Давид йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардта ӕмӕ йӕ зыдта, хъарутӕ йын кӕй дӕтдзӕн, цӕмӕй уыцы стыр фӕлварӕн сфӕраза (Пс. 18:1 ӕмӕ разныхас).

14. Давидау Павел дӕр цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд?

14 Давид цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлд, апостол Павел дӕр ахӕм зындзинӕдтыл сӕмбӕлд. Павелы знӕгтӕ йӕхицӕй бирӕ тыхджындӕр уыдысты. Хицӕуттӕй ӕмӕ дзы дины разамонджытӕй бирӕтӕ се сӕфт уыдтой. Сӕ бардзырдмӕ гӕсгӕ йӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фӕнадтой, ахӕстоны дӕр-иу ӕй бакодтой. Ӕмбал ын чи хъуамӕ уыдаид, уыдон ӕм ӕвзӕр зӕрдӕ дардтой. Чырыстон ӕмбырдӕй чидӕртӕ суанг йӕ ныхмӕ дӕр цыдысты (2 Кор. 12:11; Фил. 3:18). Фӕлӕ Павел фӕуӕлахиз, йемӕ чидӕриддӕр тох кодта, уыдоныл. Куыд? Кӕд йӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр хорз хабар хъусын кодта. Кӕд-иу ӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ фӕфыдӕнхъӕл кодтой, уӕддӕр сыл ӕнувыд уыд. Ӕмӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ йӕ мӕлӕты онг дӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад (2 Тим. 4:8). Ӕппӕт уыдӕттӕ, тыхджын кӕй уыд, уый фӕрцы не сфӕрӕзта. Уый йӕ ныфс йӕхиуыл нӕ дардта, фӕлӕ Йегъовӕйыл.

Цӕуыл ӕууӕндыс, уый ныхмӕ исчи куы дзура, уӕд-иу йемӕ ныхас кӕн сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй (кӕс 15 абзац) *

15. Нӕ нысан цы у ӕмӕ уый нӕ къухы цӕй фӕрцы бафтдзӕн?

15 Мыййаг дӕ дӕ къласӕгтӕй, де ’мкусджытӕй кӕнӕ де ’нӕуырнӕг бинонтӕй исчи фефхӕры кӕнӕ дӕ ныхмӕ фӕцӕуы? Мыййаг дӕм ӕмбырдӕй исчи ӕвзӕр зӕрдӕ дары кӕнӕ дӕ фӕхъыг кодта? Кӕд о, уӕд ахъуыды кӕн Давидыл ӕмӕ Павелыл. Дӕ бон у «ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕнын» (Ром. 12:21). Давидау махӕн нӕ нысан искӕй ныхыл дур фӕкӕнын нӕу. Нӕ нысан у, Йегъовӕйы ӕмӕ, Библи цы дзуры, уый базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн баххуыс кӕнын. Уый нӕ къухы бафтдзӕн, адӕмы фарстатӕн дзуапп Библийӕ куы дӕттӕм, чи нӕ ’фхӕры, уыдонимӕ сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй куы ныхас кӕнӕм ӕмӕ сӕм хӕларзӕрдӕ куы уӕм, стӕй алкӕмӕн дӕр, суанг не знӕгтӕн дӕр, хорздзинад куы аразӕм (Матф. 5:44; 1 Пет. 3:15–17).

ХЪӔУЫ НӔ ИННӔТЫ ӔХХУЫС

16, 17. Павел цӕрӕнбонтӕм йӕ зӕрдыл цы дардта?

16 Цалынмӕ Павел Чырыстийы ахуыргӕнинаг сси (уӕд хуынди Савл), уӕдмӕ уыд ӕдзӕсгом адӕймаг ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты ӕфхӕрдта (Хъуыд. 7:58; 1 Тим. 1:13). Фӕлӕ йӕ Йесо баурӕдта. Уый йӕм уӕлӕрвтӕй ӕрдзырдта ӕмӕ йӕ бакуырм кодта. Ӕмӕ цӕмӕй Павел цӕстӕй ракастаид, уый тыххӕй хъуамӕ ӕххуыс бацагуырдтаид, кӕй фӕдыл зылд, уыцы адӕмӕй. Павел сӕрныллӕгдзинад равдыста, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинаг Анани цӕстӕй ракӕсын кодта (Хъуыд. 9:3–9, 17, 18).

17 Фӕстӕдӕр Павел сси бӕрнон ӕфсымӕр. Фӕлӕ цӕрӕнбонтӕм йӕ зӕрдыл дардта, Дамаскмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд ын Йесо цы бамбарын кодта, уый. Павел алкӕддӕр уыд сӕрныллӕг ӕмӕ ’мбӕрста, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ӕххуыс ӕй кӕй хъуыд. Уый загъта: «Уыдон мын фесты стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос» (Кол. 4:10, 11).

18. Хатт нӕ цӕуылнӕ фӕфӕнды, цӕмӕй нын иннӕтӕ ӕххуыс кӕной?

18 Павелӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Йегъовӕйы фӕндагыл куы ’рлӕууыдыстӕм, уӕд-иу нӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕндыд, цӕмӕй-иу нын иннӕтӕ ӕххуыс кодтаиккой. Мах ӕмбӕрстам, нырма бирӕ цыдӕртӕ кӕй нӕ зонӕм (1 Кор. 3:1, 2). Фӕлӕ ныр та? Кӕд Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ систӕм, уӕд нӕ, чи зоны, ныр нал фӕфӕнды, цӕмӕй нын иннӕтӕ ӕххуыс кӕной, уӕлдайдӕр та, мах фӕстӕ чи райдыдта лӕггад кӕнын, уыдон. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ арӕх нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уылты бафидар кӕны (Ром. 1:11, 12). Уӕдӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй нын Йегъовӕ хъарутӕ дӕтта, уӕд хъуамӕ уый нӕ зӕрдыл дарӕм.

19. Павел ӕнтыстджын цӕй фӕрцы уыд?

19 Павел чырыстон куы сси, уӕд бирӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта. Цӕй фӕрцы? Уый бамбӕрста, ӕмӕ цӕмӕй адӕймаг ӕнтыстджын уа, уый тыххӕй хъуамӕ уа сӕрныллӕг ӕмӕ йӕ ныфс Йегъовӕйыл дара. Ӕмӕ уӕлдай нӕу, тыхджын у ӕви лӕмӕгъ, хъӕздыг у ӕви мӕгуыр, уӕлдӕр ахуырад ӕм ис ӕви нӕ. Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр Павелау 1) нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм, 2) Библийы цы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кой ис, уыдоны фӕзмӕм ӕмӕ 3) ӕмбарӕм, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕххуыс нӕ кӕй хъӕуы. Ӕмӕ уӕд, нӕхимӕ цыфӕнды лӕмӕгъ ма кӕсӕм, уӕддӕр Йегъовӕйы фӕрцы уыдзыстӕм тыхджын!

71 ЗАРӔГ Мах стӕм Йегъовӕйы ӕфсад!

^ 5 абз. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм апостол Павелы цӕвиттонмӕ. Ӕмӕ базондзыстӕм, сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд нын Йегъовӕ хъарутӕ кӕй дӕтдзӕн, цӕмӕй-иу фидар фӕлӕууӕм, куы ныл худой, стӕй нӕм исты лӕмӕгъдзинӕдтӕ куы уа, уӕд.

^ 1 абз. АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Ацы статьяйы дзырд «лӕмӕгъ» амоны, адӕймаг цӕйдӕр тыххӕй йӕхимӕ ницӕйаг куы фӕкӕсы кӕнӕ ныфссаст куы вӕййы, уымӕ, йе та йӕм чидӕр ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕй кӕсы, уый тыххӕй цы фенкъары, уымӕ. Зӕгъӕм, хатт нӕхимӕ лӕмӕгъ кӕнӕ ницӕйаг фӕкӕсӕм, ӕнӕххӕст, мӕгуыр кӕнӕ рынчын кӕй стӕм йе та нӕм ахуырдзинад кӕй нӕй, уый тыххӕй. Уымӕй уӕлдай ма не знӕгтӕ дӕр фӕархайынц, цӕмӕй нӕхимӕ ницӕйаг кӕсӕм: фӕкӕнынц нӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕнӕ нӕм сӕ къух дӕр сисынц.

^ 57 абз. НЫВ. Павел Чырыстийы тыххӕй хъусын кӕнынмӕ куы ацыд, уӕд йемӕ нӕ ахаста, фарисей куы уыд, уӕд-иу ӕй чи хъуыд, уыцы дзауматӕ, зӕгъӕм, грекъаг ӕмӕ ромаг фысджыты ныхӕстӕ кӕм уыдысты, уыцы тыхтӕттӕ, стӕй-иу йӕ ныхыл кӕй дардта, уыцы къопп.

^ 61 абз. НЫВ. Ӕфсымӕрӕн куысты дзурынц, цӕмӕй се ’мкусӕджы гуырӕнбон семӕ сбӕрӕг кӕна.