Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

31 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Фидар бындур кӕмӕн ис, уыцы «горӕтмӕ» ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?

Фидар бындур кӕмӕн ис, уыцы «горӕтмӕ» ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?

«Авраам ӕнхъӕлмӕ касти, фидар бындур кӕмӕн ис, йӕ саразӕг ӕмӕ йе скӕнӕг Хуыцау кӕмӕн у, уыцы горӕтмӕ» (ДЗУТ. 11:10).

22 ЗАРӔГ Хуыцауы Паддзахад сфидар – ӕрцӕуӕд зӕхмӕ дӕр!

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Бирӕтӕ сӕхи цӕмӕй фӕцух кодтой ӕмӕ цӕмӕн?

НӔ РӔСТӔДЖЫ Хуыцауы адӕмӕй бирӕтӕ сӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кодтой. Зӕгъӕм, бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ аскъуыддзаг кодтой, бинонтӕ кӕй не скӕндзысты. Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдон аскъуыддзаг кодтой, сывӕллон кӕй нӕма рауадздзысты. Бирӕ бинонтӕ та хуымӕтӕг цард кӕнынц. Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр ахӕм уынаффӕтӕ рахастой иу ахсджиаг хъуыддаджы тыххӕй – фӕнды сӕ Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын. Уыдон сӕ цардӕй райгонд сты ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кӕнынц, Йегъовӕ сын кӕй дӕтдзӕн, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл кӕндзӕн. Уый фидарӕй зӕгъӕн цӕмӕн ис? Рагзаманты дӕр Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты цух нӕ уагъта, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъуыд, уыдӕттӕй. Зӕгъӕм, арфӕ кодта Авраамӕн – «уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр... сӕ фыд» чи хуыйны, уыцы адӕймагӕн (Ром. 4:11).

2. а) Дзуттӕгтӕм 11:8–10, 16 стихтӕм гӕсгӕ, Авраам горӕт Ур цӕмӕн ныууагъта? б) Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

2 Авраам цӕттӕ уыд горӕт Уры йӕ хорз цард ныууадзынмӕ, уымӕн ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, «фидар бындур кӕмӕн ис... уыцы горӕтмӕ». (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:8–10, 16.) Уыцы «горӕт» цы у? Уыцы «горӕт» арӕзт кӕд ӕрцӕудзӕн, уымӕ ’нхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ Авраам цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд? Ӕмӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй мах дӕр Авраамы хуызӕн ӕмӕ йӕ нӕ рӕстӕджы чи бафӕзмыдта, уыцы лӕггадгӕнджыты хуызӕн уӕм? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм ацы статьяйӕ.

«ФИДАР БЫНДУР КӔМӔН ИС... УЫЦЫ ГОРӔТ» ЦЫ У?

3. Авраам кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыцы «горӕт» цы у?

3 Авраам цы горӕтмӕ ’нхъӕлмӕ каст, уый у Хуыцауы Паддзахад. Уыцы Паддзахады Паддзах у Йесо Чырысти. Ӕмӕ ма йемӕ паддзӕхтӕ уыдзысты 144 000 сӕрст чырыстоны. Павел уыцы Паддзахад схуыдта «удӕгас Хуыцауы горӕт – уӕларвон Иерусалим» (Дзут. 12:22; Рарг. 5:8–10; 14:1). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн амыдта, цӕмӕй куывтаиккой уыцы Паддзахады ӕрцыды тыххӕй ӕмӕ цӕмӕй уый фӕрцы Хуыцауы фӕндон, уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уа зӕххыл дӕр (Матф. 6:10).

4. Райдианы 17:1, 2, 6 стихтӕм гӕсгӕ, Авраам цы зыдта, Хуыцау ын зӕрдӕ цы «горӕтӕй» бавӕрдта, уый тыххӕй?

4 Цымӕ Авраам бӕлвырдӕй зыдта, Хуыцауы Паддзахад цавӕр уыдзӕн ӕмӕ куыд архайдзӕн, уый? Нӕ зыдта. Бирӕ ӕнусты дӕргъы уый уыд «сусӕгдзинад» (Еф. 1:8–10; Кол. 1:26, 27). Фӕлӕ Авраам зыдта, йӕ байзӕддӕгтӕй чидӕртӕ паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты. Уымӕй йын зӕрдӕ Йегъовӕ бавӕрдта. (Бакӕс Райдиан 17:1, 2, 6.) Авраам Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл афтӕ тынг ӕууӕндыд, раст цыма Мессийӕйы, Хуыцауы Паддзахады Паддзахы, йӕхи цӕстӕй уыдта. Ӕмӕ Йесо дӕр дзуттӕгтӕн уый тыххӕй загъта афтӕ: «Уӕ фыд Авраам тынг цин кодта, мӕ хъуыддӕгтӕ феныны ныфс ӕй кӕй уыд, ууыл, ӕмӕ сӕ уынгӕ дӕр фӕкодта ӕмӕ цин кодта» (Иоан. 8:56). Куыд уынӕм, афтӕмӕй Авраам зыдта, Йегъовӕ кӕй ӕрфидар кӕндзӕн, уыцы Паддзахады йӕ байзӕддӕгтӕй чидӕртӕ паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты. Ӕмӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ каст, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ.

Авраам куыд равдыста, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл кӕй ӕууӕндыд, уый? (кӕс 5 абзац)

5. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Авраам кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, йӕ саразӕг Хуыцау кӕмӕн у, уыцы «горӕтмӕ»?

5 Цӕмӕй уыд бӕрӕг, Авраам кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, йӕ саразӕг Хуыцау кӕмӕн у, уыцы «горӕтмӕ», ома Паддзахадмӕ? Уый йӕхи иу зӕххон паддзахады дӕлбар дӕр нӕ бакодта. Кӕмдӕр иу ран не ’рбынат кодта, фӕлӕ-иу куы иу ран ӕрӕвӕрдта йӕ цатыртӕ, куы иннӕ ран. Ӕмӕ зӕххон паддзӕхтӕй иуы фарс дӕр нӕ уыд. Уымӕй уӕлдай ма нӕ архайдта, цӕмӕй йӕхи паддзахад ӕрфидар кодтаид. Авраам алкӕддӕр хъуыста Йегъовӕмӕ ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, йӕ зӕрдӕвӕрд кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ. Ӕмӕ уымӕй равдыста, Йегъовӕйыл тынг кӕй ӕууӕндыд. Ӕркӕсӕм, цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд ӕмӕ нын фӕзминаг цӕмӕй у, уымӕ.

АВРААМ ЦАВӔР ЗЫНДЗИНӔДТЫЛ ӔМБӔЛД?

6. Ур цавӕр горӕт уыд?

6 Ур уыд хъӕздыг горӕт ӕмӕ цӕрынӕн дӕр тынг хорз уыди. Стӕй дзы уыди ӕдас, уымӕн ӕмӕ йӕ алыварс уыд стыр къул ӕмӕ арф къанау. Горӕты цӕрджытӕ уыдысты ахуыргонд, зыдтой кӕсын, фыссын ӕмӕ нымайын. Ӕвӕццӕгӕн, Уры бирӕтӕ кодтой базарады куыст. Уыцы ран археологтӕ ссардтой, базарадимӕ баст чи уыд, бирӕ ахӕм документтӕ. Хӕдзӕрттӕ уыдысты агуыридурӕй арӕзт, сӕ къултӕ уыдысты сӕрст ӕмӕ чъырӕйцагъд. Иуӕй-иу хӕдзӕртты уыд 13 кӕнӕ 14 уаты. Уӕттӕ-иу арӕзт уыдысты дуртӕй конд кӕрты алыварс.

7. Авраамы фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырныдтаид, Йегъовӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ бинонты дӕр кӕй хъахъхъӕндзӕн?

7 Авраамы хъуамӕ фидарӕй уырныдтаид, Йегъовӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ бинонты дӕр кӕй хъахъхъӕндзӕн. Авраам ӕмӕ Саррӕ Урӕй куы рацыдысты, уӕд цардысты цатырты Ханааны тыгъд быдырты. Ӕмӕ сӕ цард, раздӕр куыд ӕнцон уыд, афтӕ ӕнцон нал уыд. Стӕй сын Уры куыд ӕдас уыд, уым сын афтӕ ӕдас нал уыд, уымӕн ӕмӕ дзы нӕдӕр фидар къултӕ уыд, нӕдӕр арф къанӕуттӕ. Гӕнӕн уыд, ӕмӕ сӕм знӕгтӕ бабырстаиккой.

8. Авраам иуафон цавӕр зын уавӕры бахауд?

8 Авраам алкӕддӕр Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кодта. Фӕлӕ йӕ Йегъовӕ цы зӕхмӕ арвыста, уым иуафон тынг ӕххормаг заман скодта. Ӕмӕ Авраамӕн зын уыди йӕ бинонты фӕдарын. Гъемӕ сфӕнд кодта йӕ бинонтимӕ рӕстӕгмӕ Египетмӕ ацӕуын. Фӕлӕ, Египеты куы уыдысты, уӕд ын фараон йӕ бинойнаджы йӕ хӕдзармӕ ӕрбакӕнын кодта, цӕмӕй йӕ ус суыдаид. Ахъуыды-ма кӕн, Авраам куыд мӕт кодтаид, цалынмӕ Йегъовӕ фараоны нӕ бафхӕрдта ӕмӕ фараон Саррӕйы фӕстӕмӕ Авраамӕн нӕ радта, уӕдмӕ (Райд. 12:10–19).

9. Авраам ма ноджыдӕр цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд?

9 Авраамӕн йӕ бинонты цард дӕр алкӕд йӕхи фӕндиаг нӕ уыд. Йӕ зынаргъ бинойнаг Саррӕйӕн бирӕ азтӕ зӕнӕг нӕ цыди, ӕмӕ ууыл тынг маст кодтой. Ӕппынфӕстаг Саррӕ йӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Агары Авраамӕн усӕн радта, цӕмӕй Авраам ӕмӕ Саррӕйӕн сывӕллӕттӕ ныййардтаид. Фӕлӕ, Агар куы басывӕрджын, уӕд Саррӕмӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсын райдыдта. Уый тыххӕй хъуыддаг уыйонг ӕрцыд, ӕмӕ йӕ Саррӕ хӕдзарӕй атардта (Райд. 16:1–6).

10. Авраамӕн йӕ бон цавӕр уавӕрты уыд равдисын, Йегъовӕйыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыд, уый?

10 Ӕппынфӕстаг Саррӕ басывӕрджын ӕмӕ ныййардта лӕппу. Ӕмӕ йӕ Авраам схуыдта Исахъ. Авраам йӕ дыууӕ фырты дӕр тынг уарзта – Измаилы дӕр ӕмӕ Исахъы дӕр. Фӕлӕ Измаил Исахъы кӕй ӕфхӕрдта, уый тыххӕй Авраамы бахъуыд Агары ӕмӕ Измаилы хӕдзарӕй арвитын (Райд. 21:9–14). Фӕстӕдӕр та Йегъовӕ Авраамӕн загъта, цӕмӕй Исахъы нывондӕн ӕрхастаид (Райд. 22:1, 2; Дзут. 11:17–19). Уыцы уавӕрты Авраамы хъуамӕ фидарӕй уырныдтаид, Йегъовӕ йын йӕ дыууӕ фырты тыххӕй зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн.

11. Авраамы цӕмӕн хъуыди Йегъовӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын?

11 Авраамы хъуыди Йегъовӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Йӕ бинонтимӕ Урӕй куы рацыд, уӕд ыл, ӕвӕццӕгӕн, 70 азӕй фылдӕр цыди (Райд. 11:31–12:4). Ӕмӕ иу-100 азы дӕргъы Ханааны зӕххыл царди цатырты куы иу ран, куы иннӕ ран. Авраам амард, 175 азы йыл куы цыд, уӕд (Райд. 25:7). Фӕлӕ Авраам нӕ федта, Йегъовӕ йын йӕ байзӕддӕгты тыххӕй цы загъта, уый куыд сӕххӕст кодта, ома сын Ханааны зӕхх куыд радта, уый. Стӕй нӕ федта, кӕмӕ ’нхъӕлмӕ каст, уыцы «горӕт», ома Хуыцауы Паддзахад, куыд ӕрфидар, уый дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр Библийы Авраамы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, «амард зӕрондӕй ӕмӕ цардӕфсӕстӕй» (Райд. 25:8). Кӕд бирӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлд, уӕддӕр йӕ уырнындзинад уыд фидар ӕмӕ Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ каст. Авраам фидар цӕй фӕрцы уыд? Йегъовӕ йӕ цӕрӕнбонты кӕй хъахъхъӕдта ӕмӕ йӕ Хӕлар кӕй уыд, уый фӕрцы (Райд. 15:1; Ис. 41:8; Иак. 2:22, 23).

Авраам ӕмӕ Саррӕйау абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ куыд ӕвдисынц, фидар уырнындзинад сын кӕй ис ӕмӕ фӕразон кӕй сты? (кӕс 12 абзац) *

12. Абон мах цӕмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсӕм ӕмӕ ныртӕккӕ цӕмӕ ’ркӕсдзыстӕм?

12 Мах дӕр Авраамау ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, фидар бындур кӕмӕн ис, уыцы «горӕтмӕ». Фӕлӕ, арӕзт кӕд ӕрцӕудзӕн, уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад 1914 азы ӕвӕрд ӕрцыд ӕмӕ уӕлӕрвты йӕ бар алцӕуыл дӕр цӕуы (Рарг. 12:7–10). Мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, йӕ бар ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр кӕд цӕудзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ. Ӕмӕ мах дӕр Авраам ӕмӕ Саррӕйау сӕмбӕлӕм бирӕ зындзинӕдтыл. Абон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ ӕвдисынц, Авраам ӕмӕ Саррӕйы уырнындзинады хуызӕн фидар уырнындзинад сын кӕй ис ӕмӕ уыдонау фӕразон кӕй сты. Сӕ биографитӕ сын бакӕсӕн вӕййы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы». Ӕркӕсӕм дзы иуӕй-иутӕм ӕмӕ базонӕм, нӕ бон сӕ бафӕзмын цӕмӕй у.

УЫДОН ФӔЗМЫДТОЙ АВРААМЫ

Билл Уолден цӕттӕ уыд йӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ, ӕмӕ йын Йегъовӕ арфӕ кодта

13. Билл Уолдены хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

13 Цӕттӕ у дӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад нӕ царды ӕппӕты сӕйраг уа, уӕд хъуамӕ Авраамау цӕттӕ уӕм нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕм (Матф. 6:33; Мар. 10:28–30). Ӕркӕсӕм ӕфсымӕр Билл Уолдены хабармӕ *. Билл ахуыр кодта университеты архитекторыл. Ӕмӕ 1942 азы, йӕ ахуыр кӕронмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Биллӕн университеты йӕ ахуыргӕнджытӕй иу загъта, куыст ын кӕй ссардта, фӕлӕ Билл не сразы. Бамбарын ын кодта, йӕ дӕсныйады йын бирӕ бантыса, уымӕ кӕй нӕ тырны, фӕлӕ йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕна. Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Биллмӕ ӕфсадмӕ фӕсидтысты. Ӕфсадмӕ кӕй нӕ ацыд, уый тыххӕй йӕ 10 мин доллӕры фӕивар кодтой ӕмӕ йӕ фондз азмӕ ахӕстоны сбадын кодтой. Фӕлӕ йӕ ӕртӕ азы фӕстӕ рауагътой. Фӕстӕдӕр ахуыр кодта Галаады скъолайы ӕмӕ скъолайы фӕстӕ лӕггад кодта миссионерӕй Африкӕйы. Уый фӕстӕ Билл йӕ цард баиу кодта Евӕимӕ, ӕмӕ иумӕ Африкӕйы лӕггад кодтой, кӕд сын уым ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр. Цалдӕр азы фӕстӕ Иугонд Штаттӕм ӕрыздӕхтысты, уымӕн ӕмӕ Биллӕн йӕ мад кӕсинаг уыд. Билл йӕ биографийы кӕрон загъта: «Йегъовӕ мӕ ахӕм стыр кадӕй кӕй схайджын кодта, цӕмӕй йын 70 азӕй фылдӕр лӕггад кӕнон, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕ цӕстытӕ доны разилынц. Мӕ сӕйраг куыст цӕрӕнбонты уыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Ӕмӕ йын арӕх бузныг фӕзӕгъын, ахӕм уынаффӕ рахӕссынӕн мын кӕй баххуыс кодта, уый тыххӕй». Дӕуӕн дӕр дӕ бон нӕ уаид дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрын, цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггад дӕ сӕйраг куыст суа?

Элени ӕмӕ Аристотелис Апостолидис уыдтой, Йегъовӕ сын хъарутӕ кӕй лӕвӕрдта

14, 15. Аристотелис ӕмӕ Эленийы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

14 Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ зындзинӕдтӕй хызт уыдзынӕ. Авраамы хабарӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйӕн цӕрӕнбонты чи фӕлӕггад кӕны, уыдон дӕр зындзинӕдтӕ кӕй февзарынц (Иак. 1:2; 1 Пет. 5:9). Ӕркӕсӕм ӕфсымӕр Аристотелис Апостолидисы хабармӕ *. Аристотелис донаргъуыд райста 1946 азы Грецийы. 1952 азы бафидыдта иу хоимӕ, Элениимӕ. Сӕ разы иухуызон нысӕнттӕ ӕвӕрдтой. Фӕлӕ Эленийӕн йӕ сӕры рак ссардтой, ӕмӕ йын бахъуыд операци скӕнын. Уый фӕстӕ сӕ цард баиу кодтой. Фӕлӕ та цалдӕр азы фӕстӕ Эленийӕн йӕ сӕры ногӕй рак фӕзынд. Дыккаг хатт дӕр та йын операци скодтой, фӕлӕ йӕ паралич ныццавта, ӕмӕ йӕ бон дзӕбӕх дзурын нал уыд. Кӕд Элени ахӕм рынчын уыд, стӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы рӕстӕг сӕ бӕстӕйы ӕфхӕрд ӕййӕфтой, уӕддӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта.

15 Аристотелис 30 азы дӕргъы йӕ бинойнагӕн ӕххуыс кодта. Уыцы рӕстӕг лӕггад кодта хистӕр нӕлгоймагӕй, ӕххуыс-иу кодта конгрессты комитетты, стӕй ма ӕххуыс кодта Конгрессты зал аразынӕн. 1987 азы, Элени уацамынды куы уыд, уӕд ыл ӕрцыд ӕнамонд хабар. Элени ӕртӕ азы комӕйы фӕци, ӕмӕ уый фӕстӕ амард. Аристотелис йӕ биографийы кӕрон загъта: «Царды бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрстон, ӕнхъӕл кӕмӕн нӕ уыдтӕн, ахӕмтӕ дӕр. Ӕмӕ хъуамӕ уыдаин тынг фидар ӕмӕ фӕразон. Йегъовӕ мын алкӕддӕр лӕвӕрдта хъарутӕ, цӕмӕй-иу уыцы зындзинӕдты сӕрты ахызтаин» (Пс. 94:18, 19). Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ сты, алыхуызон зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр ын ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, уыдон!

Одри Хайд фидӕныл хъуыды кодта, ӕмӕ йын уый уыд цины хос

16. Нейтан Норр йӕ бинойнагӕн цавӕр уынаффӕ радта?

16 Фидӕныл хъуыды кӕн. Авраам хъуыды кодта, фидӕны йӕ Йегъовӕ цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, уыдоныл, ӕмӕ уый фӕрцы ӕппӕт зындзинӕдтӕ дӕр сфӕрӕзта. Хо Одри Хайд дӕр кӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлд, уӕддӕр ын цины хос уыд, цы диссаджы фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл кӕй хъуыды кодта, уый *. Йӕ фыццаг лӕг, Нейтан Норр, амард ракӕй, йӕ дыккаг лӕг та, Гленн Хайд, фӕрынчын Альцгеймеры низӕй. Одри радзырдта, Нейтан Норр ын йӕ мӕлӕтӕй цалдӕр къуырийы размӕ цы ныхӕстӕ загъта, уыдон ын кӕй баххуыс кодтой. Загъта йын афтӕ: «Куы амӕлӕм, уӕддӕр нын ис фидар ныфс. Ӕмӕ хъизӕмар нал кӕндзыстӕм». Ӕмӕ ма йӕ уый фӕстӕ ахӕм ныхӕстӕй бафидар кодта: «Размӕ кӕс, дӕ хӕрзиуӕг уым ис... Иннӕтӕн хорздзинад араз. Ӕмӕ уӕд алкӕддӕр цин кӕндзынӕ». Куыд хорз уынаффӕ йын радта! Ӕцӕгдӕр тынг ахсджиаг у, цӕмӕй иннӕтӕн хорздзинад аразӕм ӕмӕ нын цы ныфс ис, уый нын цины хос уа (Ром. 12:12).

17. а) Абон ноджы ахсджиагдӕр цӕмӕн у, цы фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл хъуыды кӕнын? б) Михейы 7:7 стихмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидӕны арфӕдзинӕдтӕй схайджын уӕм?

17 Абон та ноджы ахсджиагдӕр у, цы диссаджы фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл хъуыды кӕнын. Дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕй бӕрӕг у, фӕстаг бонты кӕрон кӕй цӕрӕм. Ӕмӕ тагъд, фидар бындур кӕмӕн ис, уыцы «горӕтӕн» йӕ бар цӕудзӕн ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр. Мах схайджын уыдзыстӕм бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. Уыцы арфӕдзинӕдтӕй иу у, чи нын амард, уыдон кӕй райгас уыдзысты. Ӕмӕ Йегъовӕ Авраамы дӕр нӕ ферох кӕндзӕн. Йӕ уырнындзинады ӕмӕ йӕ фӕразондзинады тыххӕй йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ бинонты дӕр цардмӕ раздахдзӕн. Ды дӕр уым уыдзынӕ? Кӕд Авраамау Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕныс, зындзинӕдтӕ ’взаргӕйӕ дӕ уырнындзинад нӕ фӕцуды ӕмӕ Йегъовӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсыс, уӕд уыдзынӕ. (Бакӕс Михейы 7:7.)

74 ЗАРӔГ Паддзахады зарӕг иумӕ бӕрзонд сисут!

^ 5 абз. Чи зоны нын зын у, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уымӕ ’нхъӕлмӕ кӕсын, ӕмӕ, гӕнӕн ис, уый тыххӕй нӕ уырнындзинад дӕр ӕрлӕмӕгъ уа. Авраамы хабар нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уымӕ? Ӕмӕ нын нырыккон лӕггадгӕнджытӕ фӕзминаг цӕмӕй сты?

^ 14 абз. Аристотелис Апостолидисы биографи бакӕсӕн ис 2002 азы 1 февралы «Сторожевая башня»-йы, 24–28 фӕрстӕ.

^ 56 абз. НЫВ. Ацӕргӕ лӕг ӕмӕ ус Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц, кӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уӕддӕр. Йегъовӕ нын цы фидӕн ӕрцӕттӕ кодта, ууыл хъуыды кӕнынц, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ уырнындзинад у фидар.