Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

36 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Адӕмахсӕг» суай, уымӕ цӕттӕ дӕ?

«Адӕмахсӕг» суай, уымӕ цӕттӕ дӕ?

«Ма тӕрс. Нырӕй фӕстӕмӕ ахсдзынӕ удӕгас адӕймӕгты» (ЛУК. 5:10).

73 ЗАРӔГ Баххуыс нын кӕн, цӕмӕй ныфсджынӕй дзурӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Йесо цыппар кӕсагахсӕгӕн цы загъта ӕмӕ уыдон куыд бакодтой?

ЙЕСОЙЫ ахуыргӕнинӕгтӕ Петр, Андрей, Иаков ӕмӕ Иоанн кодтой кӕсаг ахсыны куыст. Ахъуыды-ма кӕнут, куыд бадис кодтаиккой, Йесо сын куы загъта: «Рацӕут мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ ӕз скӕндзынӕн адӕмахсджытӕ» *. Ӕмӕ куыд бакодтой? Библийы фыст ис: «Уыдон уайтагъд сӕ хызтӕ ныууагътой ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыдысты» (Матф. 4:18–22). Афтӕ кӕй бакодтой, уый сын сӕ цард цӕрӕнбонтӕм фӕивта. Ӕнӕуи кӕсӕгтӕ ахсыны бӕсты уыдон райдыдтой ахсын «удӕгас адӕймӕгты» (Лук. 5:10). Абон дӕр Йесо уыцы хъуыддаг аразынмӕ хоны, рӕстдзинад чи уарзы, ахӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы (Матф. 28:19, 20). Ды та, Йесо дӕ цӕмӕ хоны, ууыл сразы дӕ?

2. «Адӕмахсджытӕ» суыдзыстӕм ӕви нӕ, уый фӕдыл уынаффӕ хӕсгӕйӕ бӕстон ахъуыды кӕнын цӕмӕн фӕхъӕуы ӕмӕ нын уыцы къахдзӕф скӕнынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

2 Чи зоны, Библи ныр цасдӕр рӕстӕг ахуыр кӕныс ӕмӕ дӕ цард, цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ аивтай. Ӕмӕ дӕ ныр хъӕуы аскъуыддзаг кӕнын, хорз хабар хъусынгӕнӕг суыдзынӕ ӕви нӕ. Кӕд дӕ ныфс нӕ хӕссыс, Йесо дӕ цӕмӕ хоны, уый аразынмӕ, уӕд ӕгӕр ма мӕт кӕн. Уый, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн афтӕ у, ӕмӕ ӕмбарыс, уый тынг ахсджиаг къахдзӕф кӕй у. Ӕцӕгдӕр, Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй Петр, Андрей, Иаков ӕмӕ Иоанн сӕ хызтӕ «уайтагъд» ныууагътой. Фӕлӕ уыцы уынаффӕ талф-тулфӕй нӕ рахастой. Йесойы куы федтой ӕмӕ, Мессийӕ кӕй у, уый куы бамбӕрстой, уымӕй рацыд афӕдзы ’рдӕгӕй фылдӕр (Иоан. 1:35–42). Афтӕ ды дӕр, чи зоны, бирӕ цыдӕртӕ базыдтай Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы тыххӕй ӕмӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уай. Фӕлӕ дӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй хъусынгӕнӕг суай, уӕд дӕ уыцы къахдзӕф скӕныны размӕ хъӕуы бӕстон ахъуыды кӕнын. Петр ӕмӕ иннӕтӕн ахӕм уынаффӕ рахӕссынӕн цы баххуыс кодта?

3. Ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнынӕн ӕмӕ дын иннӕты ахуыр кӕнынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

3 Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ куыст уарзтой, куыд кӕнын ӕй хъӕуы, уый зыдтой, уыдысты хъӕбатыр ӕмӕ, цы аразын хъуыд, уый арӕзтой. Уыцы миниуджытӕ сын баххуыс кодтой, цӕмӕй хорз «адӕмахсджытӕ» суыдаиккой. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, уыцы миниуджытӕ нӕм цӕй фӕрцы фӕзындзысты, цӕмӕй мах дӕр хорз хабар ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнӕм.

ЦӔМӔН ХЪУСЫН КӔНӔМ, УУЫЛ ХЪУЫДЫ КӔН

Петр, Андрей, Иаков ӕмӕ Иоанн систы «адӕмахсджытӕ». Ацы ахсджиаг куыст цӕуы абоны онг дӕр (кӕс 4, 5 абзацтӕ)

4. Петр кӕсаг ахсыны куыст цӕмӕн кодта?

4 Петр кӕсаг ахсыны куыст ӕрмӕст йӕ бинонты фӕдарыны тыххӕй нӕ кодта. Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй кӕсаг ахсын бирӕ уарзта (Иоан. 21:3, 9–15). Ӕмӕ «адӕмахсӕджы» куыст дӕр бирӕ бауарзта. Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы уыцы хъуыддаджы тынг дӕсны сси (Хъуыд. 2:14, 41).

5. Лукайы 5:8–11 стихтӕм гӕсгӕ, Петр цӕмӕй фӕтарст ӕмӕ кӕд мах дӕр тӕрсӕм, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн?

5 Мах сӕйраджыдӕр уый тыххӕй хъусын кӕнӕм, ӕмӕ Йегъовӕйы уарзӕм. Кӕй йӕ уарзӕм, уый нын ӕххуыс кӕны адӕмӕн хорз хабар дзурынӕн, кӕд нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нын хорз нӕ уайы, уӕддӕр. Йесо Петры куы фӕхуыдта, цӕмӕй «адӕмахсӕг» суыдаид, уӕд ын загъта: «Ма тӕрс». (Бакӕс Лукайы 5:8–11.) Петр, ахуыргӕнинаг куы суыдаид, уӕд ӕм цы ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕй нӕ фӕтарст. Уый тынг бадис кодта, Йесойы фӕрцы цас кӕсӕгтӕ ӕрцахстой, ууыл. Петр зыдта, Йесо диссаг кӕй сарӕзта, ӕмӕ йӕхи йемӕ кусыны аккагыл нӕ нымадта. Петрау ды дӕр, чи зоны, тӕрсыс. Гӕнӕн ис, ӕмӕ тӕрсыс, Чырыстийы ахуыргӕнинаг куы суай, уӕд дӕ цы аразын хъӕудзӕн, уыдӕттӕй. Кӕд афтӕ у, уӕд архай, цӕмӕй Йегъовӕйы, Йесойы ӕмӕ адӕмы тынгдӕр уарзай, ӕмӕ дӕ уӕд бафӕнддзӕн, цӕмӕй «адӕмахсӕг» суай (Матф. 22:37, 39; Иоан. 14:15).

6. Хъусын кӕнын ма нӕ ноджыдӕр цӕмӕн фӕнды?

6 Ноджыдӕр ма нӕ цӕмӕн фӕнды хъусын кӕнын? Мах фӕнды ӕххӕст кӕнын Йесойы фӕдзӕхст: «Ацӕут ӕмӕ мын... цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» (Матф. 28:19, 20). Уымӕй уӕлдай ма хъусын кӕнӕм, адӕм «ӕнӕфыййау фыстау, ӕфхӕрд ӕмӕ дзӕгъӕл» кӕй сты ӕмӕ сӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй рӕстдзинад базонын ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы, уый тыххӕй (Матф. 9:36). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй адӕм ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр рӕстдзинад базоной ӕмӕ фервӕзой (1 Тим. 2:4).

7. Ромӕгтӕм 10:13–15 стихтӕ куыд ӕвдисынц, хъусын кӕнын ахсджиаг кӕй у?

7 Хъусын кӕныны хъуыддаг адӕмы цард кӕй ирвӕзын кӕны, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ фӕфӕнды уыцы куысты архайын. Кӕсагахсджытӕ кӕсаг фӕахсынц, цӕмӕй-иу ӕй ауӕй кӕной кӕнӕ-иу ӕй цӕмӕй бахӕрой. Уыдонӕй уӕлдай мах адӕмы «ахсӕм», цӕмӕй фервӕзой. (Бакӕс Ромӕгтӕм 10:13–15; 1 Тим. 4:16.)

ХЪУСЫН КӔНЫН КУЫД ХЪӔУЫ, УЫЙ ТЫХХӔЙ ФЫЛДӔР БАЗОН

8, 9. Кӕсагахсӕг цы хъуамӕ зона ӕмӕ цӕмӕн?

8 Йесойы заман израилаг кӕсагахсӕг хъуамӕ зыдтаид, цавӕр кӕсӕгтӕ уыд ахсӕн, цавӕртӕ та нӕ (Лев. 11:9–12). Стӕй ма хъуамӕ зыдтаид, кӕсаг ӕрцахсӕн кӕм уыди, уый дӕр. Кӕсаг вӕййы, дон хуыздӕр кӕм вӕййы ӕмӕ йын хӕринаг фаг кӕм вӕййы, уыцы рӕтты. Ӕмӕ кӕсагахсӕг кӕсаг ахсынмӕ цафон ацӕуа, уый исты уӕлдай у? Кӕсаг ахсынӕн дӕр ис йӕхи афон. Уый хорз зыны иу хабарӕй. Сабыр океаны сакъадӕхтӕй иуыл бынӕттон хъусынгӕнӕг иу миссионеры йемӕ кӕсаг ахсынмӕ фӕхуыдта. Миссионер ын загъта, райсом, дам, фараст сахатыл фембӕлдзыстӕм. Ӕмӕ йын хъусынгӕнӕг афтӕ бакодта: «Хабар цӕй мидӕг ис, уый не ’мбарыс. Кӕсаг ахсынмӕ куы цӕуай, уӕд хъуамӕ кӕсӕгтыл хъуыды кӕнай, дӕхиуыл нӕ, фӕлӕ».

9 Афтӕ фыццаг ӕнусы «адӕмахсджытӕ» дӕр цыдысты, адӕм-иу кӕм уыд, уыцы рӕттӕм ӕмӕ-иу уыцы рӕтты цафон уыдысты, уӕд. Зӕгъӕм, Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ хъусын кодтой кувӕндоны ӕмӕ ӕмбырдгӕнӕнты, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ӕмӕ базары фӕзы (Хъуыд. 5:42; 17:17; 18:4). Мах дӕр хъуамӕ зонӕм, нӕ территорийы цӕрӕг адӕм арӕхдӕр кӕм ӕмӕ кӕд вӕййынц, уый. Ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ пълӕнттӕ фӕивӕм, цӕмӕй сын хорз хабар фехъусын кӕнӕм (1 Кор. 9:19–23).

ХОРЗ КӔСАГАХСӔГ... 1. кӕсаг фӕахсы, кӕсаг кӕм вӕййы, уым ӕмӕ, уыцы ран кӕд вӕййы, уӕд (кӕс 8, 9 абзацтӕ)

10. Йегъовӕйы организаци нын цавӕр кусӕнгӕрзтӕ дӕтты?

10 Кӕсагахсӕг хъуамӕ ифтонг уа, кӕсаг ахсынӕн цы хъӕуы, уыдӕттӕй, стӕй сӕ хъуамӕ пайда кӕнын зона. Мах дӕр хъуамӕ ифтонг уӕм, хъусын кӕнынӕн чи хъӕуы, ахӕм кусӕнгӕрзтӕй. Ӕмӕ сӕ куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый хъуамӕ зонӕм. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бацамыдта, хорз хабар куыд хъусын кӕнын хъӕуы, уый. Загъта сын, семӕ цы ма хъуамӕ ахастаиккой, кӕм хъуамӕ хъусын кодтаиккой ӕмӕ цы хъуамӕ дзырдтаиккой (Матф. 10:5–7; Лук. 10:1–11). Абон нын Йегъовӕйы организаци дӕтты алыхуызон кусӕнгӕрзтӕ иннӕты ахуыр кӕнынӕн, ӕмӕ нын уыдон хорз ӕххуыс сты *. Стӕй нӕ ахуыр кӕны уыцы кусӕнгӕрзтӕй пайда кӕнын. Уый фӕрцы ныфсджындӕрӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсӕм (2 Тим. 2:15).

ХОРЗ КӔСАГАХСӔГ... 2. зоны, кӕсаг ахсынӕн цы хъӕуы, уыдӕттӕй куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый (кӕс 10 абзац)

ХЪӔБАТЫР У

11. «Адӕмахсджыты» хъӕбатырдзинад цӕмӕн хъӕуы?

11 Кӕсаг ахсыны куыст чи кӕны, уыдон хъуамӕ хъӕбатыр уой. Бирӕ хатт, денджызы боныхъӕд кӕцырдӕм фӕуыдзӕн, уый рагацау зын базонӕн вӕййы, ӕнӕнхъӕлӕджы тыхдымгӕ дӕр сысты. Арӕх кӕсаг фӕахсынц ӕхсӕвыгӕтты дӕр. Адӕмахсджыты дӕр хъӕуы хъӕбатырдзинад. Хъусын кӕнын куы райдайӕм, стӕй иннӕтӕн ӕргом куы фӕдзурӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕн, зӕгъгӕ, уӕд нын, чи зоны, зын уа, адӕймагӕн абухгӕ денджызы куыд зын вӕййы, афтӕ. Гӕнӕн ис, нӕ бинонтӕ нӕ ныхмӕ рацӕуой, не ’мбӕлттӕ ныл худой, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдон нӕм ма хъусой. Фӕлӕ мах уыдӕттыл нӕ дис кӕнӕм. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты арвыста, сӕ ныхмӕ чи цӕудзӕн, уыцы адӕмӕн хъусын кӕнынмӕ (Матф. 10:16).

12. Йесо Навины 1:7–9 стихтӕм гӕсгӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъӕбатыр уӕм?

12 Хъӕбатыр цӕй фӕрцы уыдзынӕ? Фыццаг, фидарӕй дӕ уырнӕд, Йесо уыцы хъуыддагӕн абон дӕр уӕлӕрвтӕй разамынд кӕй дӕтты (Иоан. 16:33; Рарг. 14:14–16). Дыккаг, архай, цӕмӕй ноджы тынгдӕр ӕууӕндай Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдыл, ӕз уыл тыхсдзынӕн, зӕгъгӕ (Матф. 6:32–34). Дӕ уырнындзинад цас фидардӕр уа, уыйас хъӕбатырдӕр уыдзынӕ. Петр, Андрей, Иаков ӕмӕ Иоанн стыр уырнындзинад равдыстой, сӕ куыст куы ныууагътой ӕмӕ Йесойы фӕдыл куы ацыдысты, уӕд. Ды дӕр уыдонау стыр уырнындзинад равдыстай, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын кӕй райдыдтай ӕмӕ, ӕмбырдтӕм кӕй цӕуыс, уый тыххӕй де ’мбӕлттӕн ӕмӕ дӕ бинонтӕн куы загътай, уӕд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрай, уый тыххӕй дӕ царды бирӕ цыдӕртӕ аивтай. Ӕмӕ уымӕн дӕр хъуыди уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад. Дызӕрдыг ма кӕн, дарддӕр дӕр куы архайай, цӕмӕй хъӕбатыр уай, уӕд «кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай – дӕ Хуыцау Йегъовӕ уыдзӕн демӕ». (Бакӕс Йесо Навин 1:7–9.)

ХОРЗ КӔСАГАХСӔГ... 3. хъӕбатырӕй фӕархайы, уавӕртӕ куы фӕивынц, уӕд дӕр (кӕс 11, 12 абзацтӕ)

13. Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кодта, ууыл куы хъуыды кӕнай ӕмӕ куы кувай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъӕбатыр уай?

13 Цы ма дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъӕбатыр уай? Кув хъӕбатырдзинады тыххӕй (Хъуыд. 4:29, 31). Йегъовӕ дын дӕ куывдтытӕ хъусдзӕн ӕмӕ дӕ никуы ныууадздзӕн. Уый алкӕддӕр ис дӕ фарсмӕ, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна. Дӕ бон ма у хъуыды кӕнын, Йегъовӕ раздӕр иннӕтӕн куыд ӕххуыс кодта, ууыл. Стӕй ма-иу хъуыды кӕн, зын уавӕрты-иу дын куыд баххуыс кодта ӕмӕ дын дӕ цард ивынӕн тых куыд лӕвӕрдта, ууыл. Дзырд дӕр ыл нӕй, йӕ адӕмы Сырх денджызыл чи ахизын кодта, уый дӕуӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинаг суай (Рац. 14:13). Псаломзарӕггӕнӕгау дӕ зӕрдӕ фидарӕй Йегъовӕйыл дар. Уый загъта: «Йегъовӕ у мӕ фарс, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?» (Пс. 118:6).

14. Масаэ ӕмӕ Томойойы хабӕрттӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

14 Цӕмӕй хъӕбатыр уай, уымӕн ма дын баххуыс кӕндзысты, ӕфсӕрмыгӕнаг чи уыд, фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы хъӕбатыр чи сси, уыцы лӕггадгӕнджыты цӕвиттонтӕ. Ӕркӕсӕм хо Масаэйы хабармӕ. Масаэ уыд ӕфсӕрмыгӕнаг ӕмӕ хъуыды кодта, йӕ бон иннӕтӕн йӕ дины тыххӕй дзурын кӕй никуы бауыдзӕн. Ӕнӕзонгӕ адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнынмӕ йӕ ныфс нӕ хаста. Афтӕ йӕм каст, цыма уый бӕрзонд хох у ӕмӕ йӕм йӕ бон схизын никуы бауыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бахъуыд бирӕ тыхтӕ ӕрӕвӕрын, цӕмӕй Хуыцауы ӕмӕ адӕмы тынгдӕр бауарзтаид. Хъуыды кодта, ацы дунейӕн йӕ кӕрон тагъд кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ Йегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид ӕмӕ йӕ хъусын кӕнын бафӕндыдаид. Ӕппынфӕстаг хъусын кӕнын нал тарст ӕмӕ ма суанг ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын дӕр райдыдта. Йегъовӕ ног хъусынгӕнджытӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъӕбатыр уой. Мӕнӕ цы хабар ӕрцыд хо Томойойыл та. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын куы райдыдта, уӕд фыццаг цы хӕдзармӕ бахоста, уырдыгӕй иу сылгоймаг ракаст ӕмӕ йыл ныхъхъӕр кодта: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ мын ницы дзуринаг ис!» Ӕмӕ дуар багуыпп кодта. Томойо нӕ фӕтарст, фӕлӕ йе ’мбалӕн афтӕ бакодта: «Цы загъта, уый фехъуыстай? Иу ныхас дӕр нӕма скодтон, афтӕмӕй йӕ базыдта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕн. Мӕнӕ цы хорз у!» Ныр Томойо лӕггад кӕны ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй.

ЦЫ АРАЗЫН ХЪӔУЫ, УЫЙ АРАЗ

15. Кӕд нын хъусын кӕнын зын у, уӕд нӕ бон куыд у кӕсагахсджыты фӕзмын? Уый чырыстӕттӕн ахсджиаг цӕмӕн у?

15 Кӕсагахсджытӕн сӕ куыст аразын зын куы вӕййы, уӕд дӕр ӕй фӕаразынц. Зӕгъӕм, раджы сыстынц, сӕ куыст алкӕддӕр кӕронмӕ бакӕнынц ӕмӕ кӕсаг фӕахсынц, боныхъӕд цыфӕнды ӕвзӕр ма уа, уӕддӕр. Ӕмӕ мах дӕр, цы аразын хъӕуы, уый хъуамӕ аразӕм, зын нын куы уа, уӕд дӕр. Уый нын баххуыс кӕндзӕн фидар фӕлӕууынӕн ӕмӕ нӕ куыст кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнынӕн (Матф. 10:22).

16. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, зын аразӕн нын чи вӕййы, уыцы хъуыддӕгтӕ аразынӕн?

16 Адӕймаг арӕхдӕр, зын аразӕн цы вӕййы, уыдӕттӕ аразын нӕ фӕуарзы. Мах уарзӕм, ӕнцондӕр нын куыд у, афтӕ кӕнын. Ӕмӕ нӕ уӕд фӕхъӕуы хиуылхӕцындзинад. Уымӕ гӕсгӕ нӕ хъӕуы ӕххуыс, цӕмӕй сахуыр уӕм, зын аразӕн нын чи вӕййы, уыцы хъуыддӕгтӕ аразын. Ӕмӕ нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕны йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы (Гал. 5:22, 23).

17. 1 Коринфӕгтӕм 9:25–27 стихтӕм гӕсгӕ, Павел цы арӕзта, цӕмӕй, аразын цы хъуыд, уыдӕттӕ арӕзтаид?

17 Апостол Павел архайдта, цӕмӕй, цы аразын хъуыд, уый арӕзтаид. Фӕлӕ йӕхӕдӕг куыд дзырдта, афтӕмӕй йӕ, раст цы у, уый аразыны тыххӕй хъуыди йӕ «буар хъизӕмарӕй марын». (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 9:25–27.) Павел иннӕты фӕдзӕхста, цӕмӕй, цы аразын хъуыд, уый арӕзтаиккой, зын сын куы уыдаид, уӕд дӕр ӕмӕ сӕм цӕмӕй алцыдӕр уыдаид «уаг ӕмӕ ӕгъдауыл» (1 Кор. 14:40). Мах дӕр хъуамӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны тыххӕй, цы аразын хъӕуы, уый аразӕм, зын нын куы уа, уӕд дӕр, ӕмӕ ӕдзух хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм (Хъуыд. 2:46).

ФӔСТӔ МА КӔН

18. Йегъовӕ нӕ хорз хъусынгӕнджытыл кӕд нымайдзӕн?

18 Хорз кӕсагахсӕгыл фӕнымайынц, бирӕ кӕсӕгтӕ чи ӕрцахсы, уый. Фӕлӕ хорз хъусынгӕнджытӕ стӕм ӕви нӕ, уый, Хуыцауы организацимӕ цал адӕймаджы ӕрбакодтам, уымӕй кӕнгӕ нӕу (Лук. 8:11–15). Кӕд хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы цӕсты уыдзыстӕм хорз хъусынгӕнджытӕ. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕм хъусӕм ӕмӕ йын йӕ Фырты фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнӕм (Мар. 13:10; Хъуыд. 5:28, 29).

19, 20. Абон ма хорз хабар ноджыдӕр цӕй тыххӕй хъуамӕ хъусын кӕнӕм?

19 Иуӕй-иу бӕстӕты кӕсаг ахсыны бар ӕрмӕст кӕцыдӕр бӕлвырд мӕйты ис. Ахӕм бӕстӕты, кӕсаг ахсыны рӕстӕг йӕ кӕронмӕ куы ӕрцӕйхӕццӕ кӕны, уӕд кӕсагахсӕг ноджы тынгдӕр фембары, кӕсаг ахсыныл фӕстӕ кӕнӕн кӕй нӕй. Мах стӕм «адӕмахсджытӕ» ӕмӕ нӕ ныр ноджы тынгдӕр хъӕуы архайын хъусын кӕныны хъуыддаджы, уымӕн ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон тынг тагъд ӕрцӕудзӕн! Цард чи ирвӕзын кӕны, уыцы хабар хъусын кӕнынӕн тынг гыццыл рӕстӕг баззад. Фӕстӕ ма кӕн ӕмӕ хуыздӕр уавӕртӕм ма ӕнхъӕлмӕ кӕс, цӕмӕй ацы ахсджиаг хъуыддаджы архайын райдайай (Еккл. 11:4).

20 Цӕмӕн хъусын кӕнӕм, ууыл хъуыды кӕн, Библийы хорз хабары тыххӕй фылдӕр базон, архай, цӕмӕй хъӕбатыр уай ӕмӕ, цы аразын хъӕуы, уый араз, зын дын куы уа, уӕд дӕр. Аст милуанӕй фылдӕр чи сты, уыцы «адӕмахсджытӕм» ӕрбаиу у ӕмӕ ды дӕр банкъардзынӕ, Йегъовӕ цы циндзинад дӕтты, уый (Неем. 8:10). Хъусын кӕныны хъуыддаджы, дӕ бон цы у, уый араз, цалынмӕ Йегъовӕ нӕ зӕгъа, фаг у, зӕгъгӕ, уӕдмӕ. Иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн, дарддӕр дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар фӕндфидарӕй цӕй фӕрцы хъусын кӕндзыстӕм, ӕртӕ ахӕм хъуыддагыл.

66 ЗАРӔГ Хъусын кӕнӕм хорз хабар

^ 5 абз. Йесо, уӕззау фыдӕбон чи кодта, ахӕм сӕрныллӕг кӕсагахсджыты фӕхуыдта, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ суыдаиккой. Абон дӕр Йесо ахӕм адӕймӕгты хоны, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ суой ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕной. Библи чи ахуыр кӕны, уыдоны цы аразын хъӕуы, кӕд уымӕ сӕ ныфс нӕ хӕссынц, уӕд? Ууыл дзырд цӕуы ацы статьяйы.

^ 1 абз. АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Дзырд «адӕмахсджытӕ» амоны, хорз хабар чи хъусын кӕны ӕмӕ иннӕты чи ахуыр кӕны, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой, уыдонмӕ.

^ 10 абз. Кӕс 2018 азы октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», статья «Иннӕтӕн рӕстдзинад амонут», 11–16 фӕрстӕ.