Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

43 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕ йӕ организацийӕн разамынд дӕтты

Йегъовӕ йӕ организацийӕн разамынд дӕтты

«„Нӕдӕр ӕфсады фӕрцы, нӕдӕр хъаруйы фӕрцы, фӕлӕ мӕ тыхы фӕрцы ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕттӕ“,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ» (ЗАХ. 4:6).

40 ЗАРӔГ Кӕй бар кӕнӕм нӕ цард?

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Донаргъуыд чырыстӕттӕ дарддӕр дӕр цы хъуамӕ аразой?

КӔД донаргъуыд чырыстон дӕ, уӕд ды ӕргом равдыстай, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндыс ӕмӕ дӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй йын йӕ организациимӕ * иумӕ лӕггад кӕнай. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ уырнындзинад хъуамӕ дарддӕр дӕр фидар кӕна. Стӕй хъуамӕ бонӕй-бонмӕ тынгдӕр ӕууӕндай, Йегъовӕ абон йӕ фӕндон йӕ организацийы уылты кӕй ӕххӕст кӕны, ууыл.

2, 3. Абон Йегъовӕ йӕ организацийӕн разамынд куыд дӕтты? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.

2 Абон Йегъовӕ йӕ организацийӕн разамынд куыд дӕтты, уымӕй бӕрӕг у, цавӕр Хуыцау у ӕмӕ йӕм цавӕр фӕнд ис, уый. Уымӕй ма базонӕн ис йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ дӕр. Ӕркӕсӕм, йӕ организаци куыд архайы, уый уынгӕйӕ Йегъовӕйы миниуджытӕй ӕртӕйы тыххӕй цы ис базонӕн, уымӕ.

3 Фыццаг: «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны» (Хъуыд. 10:34). Уый адӕмы афтӕ уарзы, ӕмӕ йӕ Фырты радта, «цӕмӕй се ’ппӕты дӕр балхӕна» (1 Тим. 2:6; Иоан. 3:16). Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн бахӕс кодта, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕной, чи байхъусдзӕн, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Ӕмӕ афтӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сын Чырыстийы нывонд пайда ӕрхӕсса. Дыккаг: Йегъовӕ уарзы, цӕмӕй алцӕмӕн дӕр уаг ӕмӕ ӕгъдау уа, ӕмӕ уый у фарны Хуыцау (1 Кор. 14:33, 40). Уымӕ гӕсгӕ, чи йын лӕггад кӕны, уыдонмӕ дӕр алцыдӕр хъуамӕ уа уаг ӕмӕ ӕгъдауыл ӕмӕ се ’хсӕн хъуамӕ уа фарн. Ӕртыккаг: Йегъовӕ у «Кадджын Зондамонӕг» (Ис. 30:20, 21). Уымӕ гӕсгӕ йӕ организаци бирӕ цыдӕртӕ аразы, цӕмӕй, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уыдӕттӕ амона, ӕмбырды чи ис, уыдонӕн дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмӕн дӕр. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ Йегъовӕйы ацы ӕртӕ хъуыддаджы куыд фӕзмыдтой? Абон та йӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ куыд фӕзмынц? Ӕмӕ нын сыгъдӕг тых куыд ӕххуыс кӕны Йегъовӕйы организациимӕ лӕггад кӕнынӕн?

ХУЫЦАУ НИКӔЙ ХЪУЛОН КӔНЫ

4. Хъуыддӕгтӕ 1:8 стихмӕ гӕсгӕ, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы бафӕдзӕхста? Зӕрдӕ сын цӕмӕй бавӕрдта?

4 Фыццаг ӕнусы. Йесо цы хабар хъусын кодта, уый уыд ныфсы хабар ӕппӕт адӕмӕн дӕр (Лук. 4:43). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй, йӕхӕдӕг цы хъуыддаг райдыдта, уый дарддӕр дӕр арӕзтаиккой. Хорз хабар хъуамӕ фӕхӕццӕ уыдаид «суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр». (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 1:8.) Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы хъуыддаг сӕхи хъаруйы фӕрцы нӕ бакодтаиккой. Хъуыди сӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ӕххуыс. Ӕмӕ сын Йесо дӕр зӕрдӕ уыцы «ӕххуысгӕнӕгӕй» бавӕрдта (Иоан. 14:26; Зах. 4:6).

5, 6. Сыгъдӕг тых Йесойы фӕдылдзӕуджытӕн куыд ӕххуыс кодта?

5 Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны. Ӕмӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы уайтагъд райдыдтой хорз хабар хъусын кӕнын. Цыбыр рӕстӕгмӕ мингӕйттӕ систы Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ (Хъуыд. 2:41; 4:4). Ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ ныхмӕ цӕуын куы райдыдтой, уӕд нӕ фӕтарстысты, фӕлӕ Хуыцаумӕ скуывтой: «Дӕ цагъартӕн баххуыс кӕн, дӕ ныхас дын ныфсджынӕй куыд дзурой». Уӕд сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты, ӕмӕ дарддӕр дӕр «Хуыцауы ныхас ныфсджынӕй дзырдтой» (Хъуыд. 4:18–20, 29, 31).

6 Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ ма ӕмбӕлдысты ӕндӕр зындзинӕдтыл дӕр. Зӕгъӕм, уӕд Фыстадӕй къопитӕ бирӕ нӕ уыд. Стӕй сӕм нӕ уыд, абон махмӕ Библи ахуыр кӕнынӕн цы публикацитӕ ис, ахӕм публикацитӕ. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ хорз хабар хъусын кодтаиккой, алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзырдта, уыдонӕн. Фӕлӕ сӕ уыцы зындзинӕдтӕ нӕ бакъуылымпы кодтой. Уыдон зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодтой, ӕмӕ 30 азмӕ хорз хабар фехъусын кодтой «арвы бын ӕппӕт адӕмӕн дӕр», кӕд кӕмӕдӕр афтӕ кастаид, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй, уӕддӕр (Кол. 1:6, 23).

7. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ 100 азы размӕ куыд базыдтой, аразын сӕ цы хъуыд, уый ӕмӕ куыд архайдтой?

7 Нӕ рӕстӕджы. Йегъовӕ нӕ рӕстӕджы дӕр йӕ адӕмӕн разамынд дӕтты. Стӕй сын дӕтты тыхтӕ дӕр, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕной. Разамынд нын сӕйраджыдӕр дӕтты йӕ Ныхасы уылты. Ӕмӕ йӕ Ныхас та фыст ӕрцыд йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы. Мах Библийӕ базыдтам, Йесо куыд лӕггад кодта, уый тыххӕй. Стӕй ма базыдтам, цы хъуыддаг райдыдта, уый йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дарддӕр кӕй хъуамӕ аразой (Матф. 28:19, 20). 1881 азы июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Мах хуынд дӕр ӕмӕ сӕрст дӕр уый тыххӕй не ’рцыдыстӕм, цӕмӕй нын адӕм кад кӕной ӕмӕ нӕхицӕн хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕмбырд кӕнӕм. Мах хуынд ӕмӕ сӕрст ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм, ӕмӕ уыцы хъуыддагӕн нӕ тыхтӕ ӕмӕ нӕм цы ис, уыдӕттӕ ма ’вгъау кӕнӕм». 1919 азы мыхуыры рацыд брошюрӕ «Ацы куыст кӕй бар ис?». Уыди дзы амындтӕ хъусынгӕнджытӕн. Зӕгъӕм, фыст дзы уыд: «Бирӕ куыст нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, фӕлӕ уый у Хицауы хъуыддаг, ӕмӕ йӕ йӕ хъаруйы фӕрцы сараздзыстӕм». Ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттау уыцы хъӕбатыр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр хъусын кӕнынӕн сӕ хъарутӕ не ’вгъау кодтой. Уыдон нӕ дызӕрдыг кодтой, сыгъдӕг тых сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн алыхуызон адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнынӕн. Ӕмӕ мах дӕр ууыл нӕ дызӕрдыг кӕнӕм.

Хорз хабар хъусын кӕнынӕн Йегъовӕйы организаци рагӕй фӕстӕмӕ дӕр пайда кӕны ӕппӕты хуыздӕр мадзӕлттӕй ӕмӕ кусӕнгӕрзтӕй (кӕс 8, 9 абзацтӕ)

8, 9. Цӕмӕй хорз хабар хъуыстгонд цыдаид, уый тыххӕй Йегъовӕйы организаци цавӕр мадзӕлттӕй пайда кодта? Ныр та цавӕр мадзӕлттӕй пайда кӕны?

8 Хорз хабар хъусын кӕнынӕн Йегъовӕйы организаци рагӕй фӕстӕмӕ дӕр пайда кӕны ӕппӕты хуыздӕр мадзӕлттӕй ӕмӕ кусӕнгӕрзтӕй. Уыдонӕй иутӕ сты мыхуыргонд публикацитӕ. Раздӕр ма пайда кодтам «Сфӕлдыстады фотодрамӕ»-йӕ, патефонтӕй, рупортӕ кӕуыл уыд, ахӕм машинӕтӕй ӕмӕ радиопередачӕтӕй. Фӕстаг азты та пайда кӕнын райдыдтам интернетӕй ӕмӕ приложенитӕй дӕр. Уымӕй уӕлдай ма литературӕ тӕлмац кӕнӕм тынг бирӕ ӕвзӕгтӕм. Уыйбӕрц ӕвзӕгтӕм никуыма тӕлмац кодтам. Цымӕ Йегъовӕйы организаци ахӕм стыр куыст цӕмӕн кӕны? Цӕмӕй алыхуызон адӕм хорз хабар сӕ мадӕлон ӕвзагыл фехъусой. Йегъовӕ никӕй хъулон кӕны. Уый загъта, хорз хабар хъуыстгонд кӕй ӕрцӕудзӕн «алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн ӕмӕ алы адӕмыхаттӕн» (Рарг. 14:6, 7). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар иууылдӕр фехъусой.

9 Бирӕтӕ цӕрынц, хъахъхъӕнджытӕ кӕм ис кӕнӕ йӕ кӕрт ӕхгӕд кӕмӕн у, ахӕм бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты. Ӕмӕ уыцы адӕмӕн та куыд ис хорз хабар фехъусын кӕнӕн? Цӕмӕй уыдонӕй бирӕтӕ хорз хабар фехъусой, уый тыххӕй Йегъовӕйы организаци алыхуызон мадзӕлтты фӕрцы хъусын кӕнын райдыдта, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты. Зӕгъӕм, 2001 азы Разамонӕг совет бар радта, цӕмӕй Францийы райдыдтаиккой стендтимӕ хъусын кӕнын. Уый фӕстӕ та афтӕ хъусын кӕнын райдыдтой иннӕ рӕтты дӕр. Уый тынг хорз мадзал разынд. 2011 азы та Нью-Йорчы, ӕппӕты фылдӕр адӕм кӕм вӕййы, уыцы бынӕттӕй иуы ноджыдӕр иу мадзал бафӕлвӕрдтой. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ фыццаг аз апарахат кодтой 102 129 чиныджы ӕмӕ 68 911 журналы. 4 701 адӕймаджы та бафӕндыд Библи ахуыр кӕнын! Бӕрӕг уыд, уыцы хъуыддаджы организацийӕн сыгъдӕг тых кӕй ӕххуыс кодта. Гъемӕ Разамонӕг совет бар радта, цӕмӕй стендтимӕ хъусын кӕнын райдыдтаиккой ӕгас зӕххыл дӕр.

10. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсӕм?

10 Дӕ бон цы у аразын. Йегъовӕ нӕ ӕмбырдты ахуыр кӕны хъусын кӕнын. Уӕдӕ-иу, цы базоныс, уымӕ гӕсгӕ архай. Дӕ уацамындон къордимӕ-иу лӕггад кӕн. Дӕ къорды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дын ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсай. Ӕмӕ, уыдон куыд лӕггад кӕнынц, уымӕ кӕсгӕйӕ-иу дӕуӕн дӕр дӕ ныфсыл ныфс бафтдзӕн. Зындзинӕдтыл куы ӕмбӕлай, уӕддӕр-иу дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кӕн. Ацы статьяйы сӕйраг стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй Хуыцауы фӕндон нӕхи хъаруйы фӕрцы не ’ххӕст кӕнӕм, фӕлӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы (Зах. 4:6). Хуыцау нын ӕнӕмӕнг тыхтӕ дӕтдзӕн, уымӕн ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг аразӕм.

ЙЕГЪОВӔ УАРЗЫ, ЦӔМӔЙ АЛЦӔМӔН ДӔР УАГ ӔМӔ ӔГЪДАУ УА, ӔМӔ УЫЙ У ФАРНЫ ХУЫЦАУ

11. Фыццаг ӕнусы разамонӕг советы чи уыд, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмвӕндӕй куыд архайдтой, цӕмӕй Хуыцауы адӕммӕ алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уыдаид?

11 Фыццаг ӕнусы. Иерусалимы разамонӕг советы чи уыд, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмвӕндӕй архайдтой, цӕмӕй Хуыцауы адӕммӕ алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уыдаид ӕмӕ се ’хсӕн уыдаид фарн (Хъуыд. 2:42). Зӕгъӕм, н. э. 49 азы сунӕт кӕныны фарста куы сӕвзӕрд, уӕд сыгъдӕг тых разамонӕг советӕн баххуыс кодта уыцы фарстайы фӕдыл уынаффӕ рахӕссынӕн. Чырыстӕттӕ дарддӕр дӕр уыцы хъуыддаг алыхуызӕтты куы ӕмбӕрстаиккой, уӕд хъусын кӕныны хъуыддаг ныкъкъуылымпы уыдаид. Апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дзуттӕгтӕ уыдысты, фӕлӕ сыл дзуттӕгты ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ, уыцы ӕгъдӕуттыл хӕст чи уыд, уыдоны зондахаст нӕ бандӕвтой. Уыцы ӕфсымӕртӕ Хуыцауы Ныхас иртӕстой ӕмӕ Хуыцауӕй сыгъдӕг тых куырдтой, цӕмӕй сын разамынд лӕвӕрдтаид (Хъуыд. 15:1, 2, 5–20, 28). Ӕмӕ хабар куыд рауад? Цы уынаффӕ рахастой, уымӕн Йегъовӕ раарфӕ кодта, дарддӕр дӕр се ’хсӕн уыд фарн ӕмӕ иудзинад, стӕй хъусын кӕныны хъуыддаг дӕр размӕ цыд (Хъуыд. 15:30, 31; 16:4, 5).

12. Цӕмӕй у бӕрӕг, Йегъовӕйы организацийы алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл кӕй у, стӕй не ’хсӕн фарн кӕй ис?

12 Нӕ рӕстӕджы. Йегъовӕйы организаци архайы, цӕмӕй Хуыцауы адӕммӕ алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уа ӕмӕ се ’хсӕн уа фарн. 1895 азы 15 ноябры «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыг ӕмӕ Чырыстийы ӕрцыды фидиуӕджы» уыд статья «Алцыдӕр уӕд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл». Арӕзт уыд 1 Коринфӕгтӕм 14:40 стихыл. Уыцы статьяйы фыст уыд: «Апостолтӕ фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырдмӕ уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ ныффыстой... Ӕмӕ ахсджиаг у, цӕмӕй архайӕм, „раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд... махӕн зонд бацамонынӕн“, уымӕ гӕсгӕ» (Ром. 15:4). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕм алцыдӕр уыд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл, стӕй се ’хсӕн уыд фарн. Ӕмӕ абон дӕр Йегъовӕйы организаци тынг архайы, цӕмӕй алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уа ӕмӕ Хуыцауы адӕмы ’хсӕн уа фарн. Уый бӕрӕг у, не ’мбырдтӕ куыд фӕцӕуынц, уымӕй дӕр. Зӕгъӕм, дӕхи бӕстӕйы кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕйы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуырмӕ куы ацӕуай, уӕд ӕй зондзынӕ, ӕфсымӕр ахуыр куыд уадздзӕн ӕмӕ дзы кӕцы статья ахуыр кӕндзысты, уый. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕппындӕр нӕ фӕтыхсдзынӕ. Ахӕм иудзинад Хуыцауы адӕмы ’хсӕн ис ӕрмӕстдӕр сыгъдӕг тыхы фӕрцы! (Соф. 3:9).

13. Иаковы 3:17 стихмӕ гӕсгӕ, цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

13 Дӕ бон цы у аразын. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕм «иудзинады цӕрой ӕмӕ кӕрӕдзийыл баст уой фарны тӕгтӕй» (Еф. 4:1–3). Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Архайын, цӕмӕй ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад уа? Разамынд нын чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕрты коммӕ кӕсын? Иннӕтӕ мӕ, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм адӕймагыл нымайынц, уӕлдайдӕр та кӕд мӕ бӕрны цавӕрдӕр хӕстӕ ис, уӕд? Алцыдӕр афоныл фӕаразын, нӕ байрӕджы кӕнын, иннӕтӕн баххуыс кӕнынмӕ ӕмӕ сын балӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййын?». (Бакӕс Иаковы 3:17.) Кӕд дӕ ацы хъуыддӕгты цыдӕр фӕивын хъӕуы, уӕд Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых кур. Сыгъдӕг тыхӕн бар куы дӕттай, цӕмӕй дын дӕ удыхъӕд ива, ӕмӕ уый дӕ хъуыддӕгтӕй дӕр бӕрӕг куы уа, уӕд дӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ тынгдӕр уарздзысты ӕмӕ дын тынгдӕр аргъ кӕндзысты.

ЙЕГЪОВӔ НӔ АХУЫР КӔНЫ ӔМӔ НЫН ДӔТТЫ «ХӔРИНАГ»

14. Колоссӕгтӕм 1:9, 10 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ фыццаг ӕнусы йӕ адӕмы куыд ахуыр кодта?

14 Фыццаг ӕнусы. Йегъовӕйӕн ӕхсызгон у йӕ адӕмы ахуыр кӕнын (Пс. 32:8). Фӕнды йӕ, цӕмӕй йӕ зоной, уарзой йӕ ӕмӕ ӕнустӕм цӕрой. Ӕмӕ сӕ йӕхӕдӕг куы нӕ ахуыр кӕнид, уӕд уыдӕттӕн гӕнӕн нӕ уаид (Иоан. 17:3). Йегъовӕ фыццаг ӕнусы йӕ адӕмы ахуыр кодта ӕмбырды уылты. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 1:9, 10.) Сыгъдӕг тых – Йесо зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы «ӕххуысгӕнӕг» – ахуыргӕнинӕгтӕн ӕххуыс кодта (Иоан. 14:16). Ӕххуыс сын кодта Хуыцауы Ныхас хуыздӕр ӕмбарынӕн, стӕй сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Йесо цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уыдӕттӕ. Фӕстӕдӕр уыцы хабӕрттӕ фыст ӕрцыдысты Евангелиты. Уыцы зонындзинӕдты фӕрцы фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн сӕ уырнындзинад уыд фидар, стӕй уарзтой Хуыцауы, йӕ Фырты ӕмӕ кӕрӕдзийы.

15. Исайы 2:2, 3 стихты ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый тыххӕй дӕ бон цы у зӕгъын?

15 Нӕ рӕстӕджы. Йегъовӕ загъта, «фӕстаг бонты» ӕппӕт адӕмтӕ йӕ «хохмӕ» кӕй ссӕудзысты, цӕмӕй сын йӕ фӕндӕгтӕ бацамона. (Бакӕс Исайы 2:2, 3.) Ӕмӕ абон уынӕм, ацы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны, уый. Раст дин мӕнг динтӕй се ’ппӕтӕй дӕр бӕрзонддӕр ӕвӕрд ӕрцыд. Ӕмӕ нын Йегъовӕ цы «фынгтӕ» ӕрӕвӕрдта, уый та! (Ис. 25:6). «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты нын дӕтты алыхуызон «хӕринӕгтӕ»: статьятӕ, раныхӕстӕ, мультфильмтӕ, кинотӕ, видеороликтӕ (Матф. 24:45). Махӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕйы тыххӕй Иовы ӕмбал Елиуйау зӕгъын: «Уый хуызӕн зондамонӕг ма искуы ис?» (Иов 36:22).

Архай, цӕмӕй рӕстдзинад дӕ зӕрдӕйы арф уидӕгтӕ ауадза ӕмӕ дӕ цард уымӕ гӕсгӕ аразай (кӕс 16 абзац) *

16. Цы хъуамӕ аразай, цӕмӕй дӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна?

16 Дӕ бон цы у аразын. Сыгъдӕг тых дын ӕххуыс кӕндзӕн, Хуыцауы Ныхасӕй цы базоныс, уымӕ гӕсгӕ цӕрынӕн. Ды дӕр-иу псаломзарӕггӕнӕгау Йегъовӕмӕ кув: «О Йегъовӕ, сараз мӕ дӕ фӕндагыл, ӕз цӕудзынӕн дӕ раст фӕндагыл. Ӕрбангом мын кӕн мӕ зӕрдӕ, цӕмӕй дын дӕ номӕй тӕрсон» (Пс. 86:11). Уӕдӕ дарддӕр дӕр кӕс ӕмӕ иртас Библи ӕмӕ нын Йегъовӕ йӕ организацийы уылты цы публикацитӕ дӕтты, уыдон. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ нысан ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ бирӕ базонай. Дӕу фӕнды, цӕмӕй рӕстдзинад дӕ зӕрдӕйы арф уидӕгтӕ ауадза ӕмӕ дӕ цард уымӕ гӕсгӕ аразай. Ӕмӕ дын уыцы хъуыддаджы Йегъовӕйы сыгъдӕг тых ӕххуыс кӕндзӕн. Уымӕй уӕлдай ма дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕрты ныфсыл ныфс ӕфтауай, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕ бинонтӕ сты (Дзут. 10:24, 25). Хуыцауӕй сыгъдӕг тых кур, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна ӕмбырдты зӕрдӕбын дзуаппытӕ дӕттынӕн, стӕй дын хӕслӕвӕрд кӕнӕ раныхас куы уа, уӕд ӕй хорз бацӕттӕ кӕнынӕн. Афтӕ куы кӕнай, уӕд Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт уындзысты, сӕ зынаргъ «фысты» сын кӕй уарзыс (Иоан. 21:15–17).

17. Йегъовӕйы организацийы разамындмӕ гӕсгӕ кӕй архайыс, уый дӕ бон куыд у равдисын?

17 Тагъд зӕххыл баззайдзӕн, Хуыцауы сыгъдӕг тых разамынд кӕмӕн дӕтты, ӕрмӕстдӕр уыцы организаци. Уӕдӕ Йегъовӕйы организациимӕ ӕмгуыст кӕн. Йегъовӕйау адӕмы уарз ӕмӕ макӕй хъулон кӕн. Уый бӕрӕг уыдзӕн, хорз хабар алкӕмӕн дӕр кӕй хъусын кӕныс, уымӕй. Архай, цӕмӕй ӕмбырды иудзинад уа. Афтӕмӕй равдисдзынӕ, ды дӕр Йегъовӕйау кӕй уарзыс, цӕмӕй алцӕмӕн дӕр уаг ӕмӕ ӕгъдау уа. Хъус дӕ Кадджын Зондамонӕгмӕ ӕмӕ дын дӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы диссаджы «хӕринӕгтӕ» дӕтты, уыдонӕй дӕхи ӕфсад. Ӕппӕт уыдӕттӕ дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй, Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд ма фӕтӕрсай, фӕлӕ хъӕбатыр уай. Ӕмӕ уӕд уыдзынӕ, Йегъовӕйы организациимӕ чи лӕггад кӕны, уыцы иузӕрдион адӕмы ’хсӕн.

3 ЗАРӔГ Нӕ ныфс, нӕ хъару, нӕ фидар мӕсыг

^ 5 абз. Абон Йегъовӕ йӕ организацийӕн разамынд кӕй дӕтты, уый дӕ фидарӕй уырны? Ацы статьяйы дзырд цӕудзӕн, Йегъовӕ фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырдӕн разамынд куыд лӕвӕрдта ӕмӕ абон дӕр йӕ адӕмӕн разамынд куыд дӕтты, ууыл.

^ 1 абз. АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Йегъовӕйы организацийӕн ис уӕларвон хай ӕмӕ зӕххон хай. Ацы статьяйы дзырд «организаци» амоны йӕ зӕххон хаймӕ.

^ 52 абз. НЫВ. Пионерӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм хо бакаст видеороликтӕм ӕмӕ федта, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уыцы бӕстӕты хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ куыд лӕггад кӕнынц, уый. Ӕмӕ йӕхи дӕр бафӕндыд ахӕм бӕстӕмӕ ацӕуын. Фӕстӕдӕр йӕ нысан йӕ къухы бафтыд.