Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Онесим ӕмӕ Жеральдинӕ

Йегъовӕ арфӕ кӕны, йӕхи бӕстӕмӕ чи ӕрыздӕхы, уыдонӕн

Йегъовӕ арфӕ кӕны, йӕхи бӕстӕмӕ чи ӕрыздӕхы, уыдонӕн

МӔГУЫРДӔР бӕстӕтӕй хъӕздыг бӕстӕтӕм чи алыгъд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕтӕ фӕстӕмӕ сӕхи бӕстӕтӕм ӕрыздӕхтысты. Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ бафӕндыд, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уыцы рӕттӕм ацӕуын (Матф. 22:37–39). Сӕхи цӕмӕй фӕцух кодтой ӕмӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын сты? Цӕмӕй уый базонӕм, уый тыххӕй абалц кӕнӕм Африкӕмӕ – Камерунмӕ.

«„КӔСАГ“ АМ ХЪӔУЫ АХСЫН»

1998 азы иу ӕфсымӕр, Онесим, зӕгъгӕ, Камерунӕй ацыд ӕндӕр бӕстӕмӕ. Фӕсарӕнты фӕцард 14 азы. Иу бон ӕмбырды иу ӕфсымӕр йӕ раныхасы дзырдта хъусын кӕныны тыххӕй. Ӕмӕ ӕрхаста ахӕм цӕстуынгӕ цӕвиттон: «Зӕгъӕм, дыууӕ ӕмбалы ацыдысты кӕсаг ахсынмӕ. Иу дзы кӕсаг ахсын иу ран райдыдта, иннӕ та – ӕндӕр ран. Ӕмӕ дзы иу куы базона, иннӕмӕн фылдӕр кӕсаг ахсын кӕй ӕнтысы, уӕд уый дӕр уырдӕм нӕ ацӕудзӕн?»

Уӕд Онесим хъуыды кӕнын райдыдта Камерунмӕ аздӕхыныл, уымӕн ӕмӕ дзы уыди бирӕ «кӕсаг ӕрцахсӕн» – бирӕты дзы фӕндыд Библи ахуыр кӕнын. Ӕмӕ бынӕттон хъусынгӕнджыты хъуыди ӕххуыс. Фӕлӕ мӕт кодта, фӕсарӕнты уыйбӕрц фӕцардтӕн, ӕмӕ ма Камеруны цӕрын базондзынӕн, зӕгъгӕ. Уӕд уал сфӕнд кодта уырдӕм 6 мӕймӕ ацӕуын. Ӕмӕ стӕй 2012 азы бынтондӕр ӕрыздӕхт.

Онесим радзырдта: «Камеруны тӕвдыл ӕмӕ уӕззау царды уавӕртыл ахуыр нал уыдтӕн. Хъуамӕ ногӕй сахуыр уыдаин Паддзахады залы хъӕбӕр бандӕттыл бадын». Стӕй йӕ мидбылты худгӕйӕ загъта: «Фӕлӕ-иу мӕ хъуыдытӕ программӕмӕ сарӕзтон. Ӕмӕ мӕ гыццылгай фӕлмӕн бандӕттӕ рох кӕнын райдыдтой».

2013 азы Онесим йӕ цард баиу кодта Жеральдинӕимӕ. Уый 9 азы фӕцард Францийы, ӕмӕ стӕй Камерунмӕ ӕрыздӕхт. Ацы къайӕн Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын царды ӕппӕты сӕйраг кӕй уыд, уый тыххӕй сын Йегъовӕ куыд раарфӕ кодта? Онесим зӕгъы: «Мах фестӕм Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола. Ныр та лӕггад кӕнӕм Вефилы. А фӕстаг аз не ’мбырды донаргъуыд райстой 20 адӕймаджы. Мӕнмӕ гӕсгӕ, „кӕсаг“ ам хъӕуы ахсын» (Мар. 1:17, 18). Жеральдинӕ ма йын йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн, ӕмӕ уыйбӕрц арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕн».

АХУЫРГӔНИНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔНЫН – ЦИНЫ ХЪУЫДДАГ

Жюдит ӕмӕ Сам-Кастель

Жюдит Камерунӕй алыгъд Америкӕйы Иугонд Штаттӕм. Фӕлӕ йӕ тынг фӕндыд фылдӕр лӕггад кӕнын. Уый зӕгъы: «Камерунмӕ-иу мӕ бинонты фенынмӕ куы ацыдтӕн, уӕд-иу уырдыгӕй фӕстӕмӕ кӕугӕйӕ здӕхтӕн. Цалдӕр адӕймагимӕ дзы Библи ахуыр кӕнын райдыдтон, ӕмӕ та сӕ афтӕ кӕй уадзын, уый-иу мын тынг зын уыд». Фӕлӕ бынтондӕр ӕрыздӕхынмӕ дӕр йӕ ныфс нӕ хаста. Америкӕйы йын хорз куыст уыд, бирӕ йын дзы фыстой. Ӕмӕ-иу йӕ бинонтӕн ӕхца ӕрвыста, цӕмӕй сӕ бон уыдаид йӕ рынчын фыды дзӕбӕх кӕнынӕн фидын. Фӕлӕ Жюдит йӕ ныфс Йегъовӕйыл сӕвӕрдта, ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ бӕстӕмӕ аздӕхт. Америкӕйы йӕ царды уавӕртӕ хуыздӕр уыдысты. Ӕмӕ йыл сӕтты, уыцы цард-иу кӕй мысыд. Фӕлӕ Йегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид алцӕмӕ дӕр раст цӕстӕй кӕсынӕн. Стӕй ма йын тынг баххуыс кодтой районон цӕстдарӕг ӕмӕ йӕ бинойнаг дӕр.

Жюдит ӕртӕ азмӕ цыппар адӕймагӕн баххуыс кодта донаргъуыд райсынӕн, ӕмӕ ууыл тынг цин кодта. Куы смой кодта, уӕд райдыдта сӕрмагонд пионерӕй лӕггад кӕнын. Ныр йӕ сӕрыхицау Сам-Кастель у районон цӕстдарӕг, ӕмӕ иумӕ лӕггад кӕнынц. Йӕ фыд та цы баци? Жюдит ӕмӕ йӕ бинонтӕ ӕндӕр бӕстӕйы ссардтой иу рынчындон, ӕмӕ уыцы рынчындоны дохтыртӕ сразы сты йӕ фыдӕн операци лӕвар скӕныныл. Ӕмӕ операцийы фӕстӕ фӕхуыздӕр.

ЙЕГЪОВӔ СЫН ӔХХУЫС КӔНЫ

Каролинӕ ӕмӕ Виктор

Ӕфсымӕр Виктор Камерунӕй алыгъд Канадӕмӕ. Иухатт «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» бакаст статья уӕлдӕр ахуырады тыххӕй. Ӕмӕ сфӕнд кодта университет ныууадзын. Виктор ахуырмӕ бацыд ӕндӕр кӕдӕмдӕр, уымӕн ӕмӕ уым дӕсныйад тагъддӕр райстаид. Уый фӕрцы куыст дӕр тагъддӕр ссардта. Ӕмӕ йӕ рагӕй цы фӕндыд саразын, уый дӕр йӕ къухы бафтыд – пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта. Фӕстӕдӕр Виктор ракуырдта Каролинӕйы. Иухатт Камерунмӕ куы ныццыдысты, уӕд ацыдысты филиалмӕ. Уым сӕ ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ афарстой, нӕ, дам, уӕ фӕндид Камеруны лӕггад кӕнын. Виктор зӕгъы: «Ма сразы уыдаиккам, уымӕн нын ӕфсон нӕ уыд. Стӕй, хуымӕтӕг цард кӕй кодтам, уымӕ гӕсгӕ дӕр ахъуыды кодтам, нӕ бон кӕй у Камеруны лӕггад кӕнын». Кӕд Каролинӕ бынтон ӕнӕниз нӕ уыд, уӕддӕр аскъуыддзаг кодтой, Камерунмӕ кӕй ацӕудзысты.

Виктор ӕмӕ Каролинӕ райдыдтой пионертӕй лӕггад кӕнын, уымӕн ӕмӕ-иу бирӕты бафӕндыд Библийӕ фылдӕр базонын. Фыццаг рӕстӕг цардысты, сӕ рӕбыны цы ӕхцатӕ уыд, уыдонӕй. Уый фӕстӕ цалдӕр мӕймӕ Канадӕмӕ кусынмӕ ацыдысты. Уый фӕрцы сӕ бон уыд Камерунмӕ ӕрыздӕхын ӕмӕ дарддӕр пионертӕй лӕггад кӕнын. Виктор ӕмӕ Каролинӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын сты? Уыдон ахуыр кодтой Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы ӕмӕ лӕггад кодтой сӕрмагонд пионертӕй. Ныр та сты ӕххӕстрӕстӕг аразджытӕ. Виктор загъта: «Нӕхи цӕмӕйдӕрты кӕй фӕцух кодтам, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл дардтаиккам. Ӕмӕ нын Йегъовӕ ӕххуыс кодта».

ИННӔТӔН ӔХХУЫС КӔНЫНЦ, ЦӔМӔЙ СӔХИ ЙЕГЪОВӔЙӔН СНЫВОНД КӔНОЙ

Стефани ӕмӕ Ален

Ӕфсымӕр Ален царди Германийы ӕмӕ ахуыр кодта университеты. 2002 азы бакаст, нӕ организаци ӕрыгӕттӕн кӕй рауагъта, уыцы буклет. Дзырд дзы цӕуы, ӕрыгӕттӕ сӕ цард цӕмӕн снывонд кӕндзысты, ууыл. Уыцы буклет ын баххуыс кодта йӕ разы ног нысӕнттӕ сӕвӕрынӕн. Ален 2006 азы фӕци Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъола, ӕмӕ йӕ снысан кодтой йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ, Камерунмӕ.

Камеруны Ален ссардта, ӕнӕхъӕн бон кӕм нӕ хъуыд кусын, ахӕм куыст. Уый фӕстӕ та бацыд, фылдӕр ын кӕм фыстой, ахӕм куыстмӕ. Фӕлӕ йӕ уыцы куыст хъыгдардта лӕггад кӕнын, ӕмӕ ууыл мӕт кодта. Ӕмӕ йын ӕфсымӕртӕ сӕрмагонд пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй куы загътой, уӕд уайтагъд сразы. Йӕ хицау куы базыдта, куыстӕй кӕй цӕуы, уӕд ын загъта, ноджы фылдӕр ын кӕй фиддзӕн. Фӕлӕ Ален йӕ фӕнд нӕ аивта. Фӕстӕдӕр йӕ цард баиу кодта Стефаниимӕ. Уый размӕ Стефани цалдӕр азы фӕцард Францийы. Цымӕ Камеруны цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд?

Стефани зӕгъы: «Камерунмӕ куы ’рцыдтӕн, уӕд арӕхдӕр рынчынтӕ кӕнын райдыдтон ӕмӕ мӕм цӕмӕдӕрты аллергийӕ фӕзынд. Фӕлӕ хосты фӕрцы фӕхуыздӕр дӕн». Йегъовӕ Ален ӕмӕ Стефанийӕн сӕ фӕразондзинады тыххӕй раарфӕ кодта. Ален радзырдта: «Иухатт хъусын кӕнынмӕ ацыдыстӕм иу дард хъӕумӕ, Кате, зӕгъгӕ. Уым цалдӕр адӕймаджы бафӕндыд Библи ахуыр кӕнын. Семӕ-иу Библи ахуыр кодтам телефонӕй. Дыууӕйӕ дзы райстой донаргъуыд. Ӕмӕ Катейы фӕзынд гыццыл къорд». Стефани йын йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Искӕмӕн йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнынӕн баххуыс кӕнай, уымӕй стырдӕр циндзинад ницы хӕссы. Ӕмӕ ам лӕггад кӕнгӕйӕ мах уый нӕхиуыл бирӕ хӕттыты бавзӕрстам». Ныр Ален у районон цӕстдарӕг, ӕмӕ Стефаниимӕ иумӕ лӕггад кӕнынц.

«БАМБӔРСТАМ, РАСТ КӔЙ БАКОДТАМ»

Леонс ӕмӕ Жизель

Жизель донаргъуыд райста, Италийы дохтырыл куы ахуыр кодта, уӕд. Йемӕ Библи ахуыр кодтой лӕг ӕмӕ ус, уыдысты пионертӕ. Уыдон хуымӕтӕг цард кӕй кодтой, уый Жизелы зӕрдӕмӕ тынг цыд, ӕмӕ йӕхи дӕр бафӕндыд афтӕ цӕрын ӕмӕ фылдӕр лӕггад кӕнын. Ӕмӕ, фӕстаг курсы куы ахуыр кодта, уӕд райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын.

Жизель сфӕнд кодта фӕстӕмӕ Камерунмӕ ацӕуын, цӕмӕй Йегъовӕйы хъуыддаджы фылдӕр арӕзтаид. Фӕлӕ цӕуылдӕрты мӕт кодта. Уый загъта: «Камерунмӕ куы ацыдаин, уӕд мын Италийы цӕрыны бар нал уыдаид. Стӕй хъуамӕ ме ’мбӕлттӕй ӕмӕ мӕ бинонтӕй фӕхицӕн уыдаин». Фӕлӕ уӕддӕр 2016 азы майы Жизель Камерунмӕ ацыд. Фӕстӕдӕр йӕ цард баиу кодта Леонсимӕ. Уый фӕстӕ сын Камеруны филиалы загътой, хорз кӕй уаид, горӕт Айосмӕ куы ацӕуиккой, уымӕн ӕмӕ дзы хъусынгӕнджытӕ нӕ фаг кодта.

Айосы куыд цардысты, уый тыххӕй Жизель радзырдта: «Къуыригӕйтты-иу нӕм рухс нӕ уыд, ӕмӕ-иу нӕ бон нӕ уыд нӕ телефонтӕ зарядкӕ скӕнын. Фылдӕр рӕстӕг-иу нын кусгӕ дӕр нӕ кодтой. Ӕз сахуыр дӕн хӕринаг сугӕй артыл кӕнын. Дон та-иу ластам суадонӕй тачкӕтыл. Ацыдыстӕм-иу изӕрӕй, фанартимӕ, уымӕн ӕмӕ-иу дзы уӕд адӕм къаддӕр уыд». Жизель ӕмӕ Леонс уыцы уавӕрты цӕй фӕрцы бафӕрӕзтой? Жизель загъта: «Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхӕй ӕххуыс кодта. Кӕрӕдзийӕн дӕр уыдыстӕм ныфсы хос. Стӕй-иу нӕ нӕ хиуӕттӕ ӕмӕ не ’мбӕлттӕ дӕр бафидар кодтой ӕмӕ-иу нӕм ӕхцайӕ дӕр фӕкастысты».

Жизель ӕппындӕр нӕ фӕсмон кӕны, фӕстӕмӕ Камерунмӕ кӕй ӕрыздӕхт, ууыл. Уый зӕгъы: «Фыццаг рӕстӕг нын зын уыд ӕмӕ-иу хатт нӕ ныфс дӕр асаст. Фӕлӕ алцӕмӕ дӕр раст цӕстӕй кӕсын куы райдыдтам, уӕд бамбӕрстам, раст кӕй бакодтам. Мах нӕ ныфс дарӕм Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕм баввахсдӕр стӕм». Леонс ӕмӕ Жизель фесты Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола, ӕмӕ сӕ рӕстӕгмӕ снысан кодтой сӕрмагонд пионертӕй.

Кӕсагахсджытӕ фӕархайынц, цӕмӕй бирӕ кӕсаг ӕрцахсой, уый сын ӕнцон куы нӕ вӕййы, уӕд дӕр. Раст афтӕ, йӕхи бӕстӕмӕ чи ӕрыздӕхы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр цӕттӕ вӕййынц сӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ, цӕмӕй баххуыс кӕной, хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, уыцы адӕмӕн. Йегъовӕ нӕ ферох кӕндзӕн уыцы зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджыты фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстой, уый (Неем. 5:19; Дзут. 6:10). Кӕд ды дӕр фӕсарӕнты цӕрыс ӕмӕ дӕхи бӕстӕйы хъусынгӕнджытӕ нӕ фаг кӕны, уӕд дӕ бон нӕ уаид уырдӕм ацӕуын? Афтӕ куы бакӕнай, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ (Ӕмб. 10:22).