Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

46 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Фидар лӕуу – Йегъовӕ у де ’ххуысгӕнӕг!

Фидар лӕуу – Йегъовӕ у де ’ххуысгӕнӕг!

«Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн» (ДЗУТ. 13:5).

55 ЗАРӔГ Ма сӕ тӕрсут!

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ иунӕг стӕм кӕнӕ, цы зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уыдон не сфӕраздзыстӕм, уӕд нын ныфсы хос цы уыдзӕн? (Псалом 118:5–7).

ИСКУЫ дӕм афтӕ каст, ӕмӕ бынтон иунӕг дӕ ӕмӕ дын зын уавӕры чи баххуыс кӕна, уый нӕй? Йегъовӕйӕн раджы заманты иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, уыдонӕй-иу бирӕтӕм хатт афтӕ каст (1 Пад. 19:14). Кӕд дӕумӕ дӕр ахӕм хъуыдытӕ фӕзыны, уӕд-иу ахъуыды кӕн Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдыл: «Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн». Уӕдӕ нӕ бон у фидарӕй зӕгъын: «Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн» (Дзут. 13:5, 6). Апостол Павел ацы ныхӕстӕ ныффыста, Иудейӕйы чи цард, уыцы чырыстӕттӕм н. э. 61 азмӕ ’ввахс. Йӕ ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, Псаломы 118:5–7 стихты цы фыст ис, уый. (Бакӕс сӕ.)

2. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм ӕмӕ цӕмӕн?

2 Псаломзарӕггӕнӕгау Павел дӕр йӕхицӕй зыдта, Йегъовӕ йе ’ххуысгӕнӕг кӕй у. Дзуттаг чырыстӕттӕм фыстӕг куы ныффыста, уымӕй иу-2 азы размӕ науыл куы фӕцӕйцыд, уӕд денджызы тыхдымгӕ сыстад (Хъуыд. 27:4, 15, 20). Фӕлӕ Йегъовӕ Павелӕн баххуыс кодта. Ӕмӕ йын уый размӕ дӕр алыхуызӕтты ӕххуыс кодта. Цымӕ куыд? Ацы статьяйы дзырд цӕудзӕн ӕртӕ хъуыддагыл. Йегъовӕ Павелӕн ӕххуыс кодта Йесойы ӕмӕ зӕдты уылты, бартӕ кӕмӕ уыд, уыдоны уылты ӕмӕ йӕ чырыстон ӕфсымӕрты уылты. Цӕмӕ нӕ хъӕуы уыдӕттӕ зонын? Уый фӕрцы нӕ ныфсыл ныфс бафтдзӕн ӕмӕ нӕ тынгдӕр уырндзӕн, мах дӕр Йегъовӕйӕ ӕххуыс куы курӕм, уӕд нӕ кӕй фехъусдзӕн.

ЙЕСОЙЫ ӔМӔ ЗӔДТЫ ӔХХУЫС

3. Павел цӕуыл хъуыды кодтаид ӕмӕ цӕмӕн?

3 Н. э. 56 азмӕ ’ввахс Павел бахауд зын уавӕры ӕмӕ йӕ хъуыди ӕххуыс. Павел уыди Иерусалимы кувӕндоны. Гъемӕ йыл знӕт адӕм ныххӕцыдысты, кувӕндонӕй йӕ ӕддӕмӕ раластой ӕмӕ йӕ хъавыдысты марынмӕ. Дыккаг бон ӕй Сӕйраг тӕрхондонмӕ куы ’рбакодтой, уӕд ӕй йе знӕгтӕ, гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ акъабӕзтӕ кодтаиккой (Хъуыд. 21:30–32; 22:30; 23:6–10). Уыцы рӕстӕг Павел, чи зоны, хъуыды кодта, цымӕ ма афтӕ бирӕ бафӕраздзынӕн, зӕгъгӕ.

4. Йегъовӕ Павелӕн Йесойы уылты куыд баххуыс кодта?

4 Йесо Павелӕн куыд баххуыс кодта? Павелы куы ’рцахстой, уый фӕстӕ йӕм ӕхсӕвы фӕзынд «Хицау», ома Йесо Чырысти, ӕмӕ йын загъта: «Фидар лӕуу! Мӕн тыххӕй Иерусалимы куыд бӕстон хъусын кодтай, афтӕ хъуамӕ хъусын кӕнай Ромы дӕр» (Хъуыд. 23:11). Уыцы ныхӕстӕ Павелы тынг бафидар кодтой! Йесо дзы раппӕлыд, Иерусалимы кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй. Ӕмӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта, Роммӕ дзӕбӕхӕй кӕй фӕхӕццӕ уыдзӕн ӕмӕ уым дӕр хорз хабар кӕй хъусын кӕндзӕн. Павел уый куы фехъуыста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр, сывӕллон йӕ фыды хъӕбысы куыд ӕрсабыр вӕййы, афтӕ.

Денджызы тыхдымгӕ сыстад. Зӕд Павелӕн зӕрдӕ бавӕрдта, науыл чи ис, уыцы адӕм иууылдӕр кӕй аирвӕздзысты (кӕс 5 абзац)

5. Йегъовӕ Павелӕн зӕды уылты куыд баххуыс кодта? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

5 Павел ма цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд? Иерусалимы йыл цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонӕй иу-2 азы фӕстӕ науыл цыд Италимӕ. Уыцы рӕстӕг ахӕм тыхдымгӕ сыстад, ӕмӕ наутӕрджытӕ ӕмӕ, науыл чи уыд, уыцы адӕм фервӕзын ӕнхъӕл нал уыдысты. Фӕлӕ Павел нӕ фӕтарст. Цымӕ цӕуылнӕ? Науыл чи цыд, уыдонӕн загъта: «Ӕз кӕй цагъар дӕн ӕмӕ кӕмӕн лӕггад кӕнын, уыцы Хуыцауы зӕд ӕхсӕвы мӕ разы ӕрлӕууыд ӕмӕ мын загъта: „Ма тӕрс, Павел. Ды хъуамӕ ӕрлӕууай Ромы паддзахы раз, ӕмӕ, науыл демӕ чи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр Хуыцау фервӕзын кӕндзӕн“». Уый размӕ Йегъовӕ Йесойы уылты Павелӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ та йын зӕды уылты дӕр зӕрдӕ бавӕрдта, Роммӕ кӕй бахӕццӕ уыдзӕн. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауад (Хъуыд. 27:20–25; 28:16).

6. Йесо нын ныфс цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ нын йӕ ныхӕстӕ нӕ хъарутыл хъарутӕ куыд бафтауынц?

6 Йесо махӕн куыд ӕххуыс кӕны? Йесо махӕн дӕр баххуыс кӕны, Павелӕн куыд ӕххуыс кодта, афтӕ. Уый йӕ фӕдылдзӕуджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр ныфс бавӕрдта: «Цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матф. 28:20). Хатт ныл скӕны уӕззау бонтӕ. Ӕмӕ нын уӕд Йесойы ныхӕстӕ нӕ хъарутыл хъарутӕ бафтауынц. Зӕгъӕм, исчи нын куы амӕлы, уӕд нӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ цалдӕр бонмӕ нӕ байгас вӕййынц. Уымӕн хатт цалдӕр азы дӕр бахъӕуы. Кӕуылдӕрты азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой. Кӕмӕндӕрты та депресси ис, ӕмӕ сын хатт цард царды ад нал фӕкӕны. Фӕлӕ та нӕ уӕддӕр хъарутӕ бацӕуы ӕмӕ та нӕ къахыл слӕууӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, Йесо «алы бон дӕр» немӕ кӕй ис – нӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт куы никӕцӕйуал фӕкӕлы, уыцы бонты дӕр (Матф. 11:28–30).

Хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нын зӕдтӕ феххуыс кӕнынц ӕмӕ нын разамынд фӕдӕттынц (кӕс 7 абзац)

7. Раргомад 14:6 стихмӕ гӕсгӕ нын Йегъовӕ абон куыд ӕххуыс кӕны?

7 Мах Библийӕ зонӕм, Йегъовӕ нын йӕ зӕдты уылты дӕр кӕй ӕххуыс кӕны (Дзут. 1:7, 14). Зӕгъӕм, «алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн» Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нын зӕдтӕ феххуыс кӕнынц ӕмӕ нын разамынд фӕдӕттынц (Матф. 24:13, 14; бакӕс Раргомад 14:6).

БАРТӔ КӔМӔ ИС, УЫДОНЫ ӔХХУЫС

8. Йегъовӕ Павелӕн ӕфсады сӕргълӕууӕджы уылты куыд баххуыс кодта?

8 Бартӕ кӕмӕ уыд, уыдон Павелӕн куыд баххуыс кодтой? Н. э. 56 азы Йесо Павелӕн загъта, Роммӕ кӕй бахӕццӕ уыдзӕн. Фӕлӕ Иерусалимы дзуттӕгтӕй чидӕртӕ Павелы ныхмӕ сусӕгвӕнд скодтой – марынмӕ йӕ хъавыдысты. Ромаг ӕфсады сӕргълӕуджытӕй иу, Клавдий Лисий, уый куы базыдта, уӕд Павелӕн баххуыс кодта. Уайтагъд ӕй арвыста Кесаримӕ, Иерусалимӕй иу-105 километры дарддӕр. Йемӕ ма йын арвыста бирӕ ӕфсӕддонты дӕр, цӕмӕй йӕ хъахъхъӕдтаиккой. Кесаримӕ куы ’рхӕццӕ сты, уӕд бӕстӕйы хицау Феликс бардзырд радта, цӕмӕй Павелы «Ироды галуаны бакӕной ӕмӕ йӕ хъахъхъӕной». Уым Павелӕн йе знӕгтӕй тӕссаг нӕ уыд (Хъуыд. 23:12–35).

9. Бӕстӕйы хицау Фест Павелӕн куыд баххуыс кодта?

9 Уымӕй дыууӕ азы куы рацыд, уӕд дӕр ма Павел уыд Кесарийы ӕмӕ нырма ахст уыд. Феликсы бӕсты хицау сси Фест. Ӕмӕ йын дзуттӕгтӕ балӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй Павелы Иерусалиммӕ ӕркӕнын кодтаид ӕмӕ йын уым тӕрхон кодтаид. Фӕлӕ сӕм Фест нӕ байхъуыста. Ӕвӕццӕгӕн ӕй зыдта, дзуттӕгтӕ кӕй «хъавыдысты фӕндагыл йӕ размӕ бабадынмӕ ӕмӕ йӕ амарынмӕ» (Хъуыд. 24:27–25:5).

10. Павел Ромы паддзахы тӕрхон куы ӕрдомдта, уӕд Фест куыд бакодта?

10 Фӕстӕдӕр Кесарийы Павел тӕрхоны раз ӕрлӕууыд. Фесты «дзуттӕгты зӕрдӕ балхӕнын кӕй фӕндыд», уымӕ гӕсгӕ Павелы бафарста: «Фӕнды дӕ Иерусалиммӕ ацӕуын, цӕмӕй дын ацы хъуыддӕгты тыххӕй мӕ разы уым тӕрхон кӕной?» Павел зыдта, ӕмӕ, Иерусалиммӕ куы ацӕуа, уӕд ӕй уым, гӕнӕн ис, дзуттӕгтӕ амарой. Стӕй ма зыдта, цы хъуамӕ сараза, цӕмӕй удӕгасӕй баззайа, Роммӕ бахӕццӕ уа ӕмӕ дарддӕр хорз хабар хъусын кӕна. Ӕмӕ Фестӕн загъта: «Ӕз домын Ромы паддзахы тӕрхон!» Фест йӕ уынаффӕгӕнджытимӕ аныхас кодта, ӕмӕ йын дзуапп радта: «Ромы паддзахы тӕрхон домыс, ӕмӕ Ромы паддзахмӕ ацӕудзынӕ». Фест цы уынаффӕ рахаста, уый фӕрцы Павел йе знӕгты къухӕй фервӕзт. Тагъд хъуамӕ Роммӕ ацыдаид, ӕмӕ йӕ марынмӕ чи хъавыд, уыцы дзуттӕгтӕй уыдаид тынг дард (Хъуыд. 25:6–12).

11. Павел цӕуыл хъуыды кодтаид?

11 Павел Италимӕ ацӕуыны размӕ, чи зоны, хъуыды кодта, пехуымпар Исай Хуыцауы фӕндӕй кӕй ныффыста, уыцы ныхӕстыл. Йегъовӕйы ныхмӕ чи цыд, уыдоны тыххӕй Исай ныффыста: «Кӕнут фӕндтӕ, кӕнут – уӕддӕр уын фехӕлдзысты! Цыфӕнды дӕр дзурут – ницы уын дзы рауайдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцау немӕ ис!» (Ис. 8:10). Павел зыдта, Йегъовӕ йын кӕй баххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ уый фӕрцы цӕттӕ уыд, разӕй йӕм цы зындзинӕдтӕ ’нхъӕлмӕ каст, уыдонмӕ.

Раджы заманты-иу Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты бахъахъхъӕдта, бартӕ кӕмӕ уыд, уыдоны уылты. Абон дӕр йӕ бон у афтӕ архайын (кӕс 12 абзац)

12. Юлий Павелмӕ цы зӕрдӕ дардта ӕмӕ Павел цы ӕмбӕрстаид?

12 Н. э. 58 азы Павел Италимӕ араст. Ахст кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ уыд ромаг ӕфсӕддон хицау Юлийы бар. Ӕмӕ Юлийӕн йӕ бон уыд Павелӕн кӕнӕ йӕ цард сӕнад кӕнын, кӕнӕ йын йӕ уаргъ истӕмӕй фӕрог кӕнын. Цымӕ йӕ бартӕй куыд спайда кодта? Дыккаг бон наулӕууӕны куы ’рлӕууыдысты, уӕд «Юлий Павелӕн ахӕм хорздзинад ракодта, ӕмӕ йӕ йе ’мбӕлттӕм ауагъта». Фӕстӕдӕр та йын суанг йӕ цард дӕр бахъахъхъӕдта. Сӕ нау куы ныппырх, уӕд ӕфсӕддонтӕ хъавыдысты, науыл чи уыд, уыцы ахст адӕмы се ’ппӕты дӕр амарынмӕ, цӕмӕй ма алыгъдаиккой. Фӕлӕ сӕ Юлий нӕ бауагъта. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕ «фӕндыди Павелы дзӕбӕхӕй фӕхӕццӕ кӕнын». Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Павел ӕмбӕрста, уыцы хӕларзӕрдӕ ӕфсӕддон хицауы уылты йын Йегъовӕ кӕй баххуыс кодта (Хъуыд. 27:1–3, 42–44).

кӕс 13 абзац

13. Бартӕ кӕмӕ ис, уыцы адӕмы уылты Йегъовӕ куыд фӕархайы?

13 Бартӕ кӕмӕ ис, уыдон махӕн куыд баххуыс кӕнынц? Йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй Йегъовӕ йӕ хъомысджын сыгъдӕг тыхы фӕрцы афтӕ бакӕны, ӕмӕ, бартӕ кӕмӕ ис, уыдон саразынц, цы йӕ фӕнды, уый. Паддзах Соломон ныффыста: «Паддзахы зӕрдӕ Йегъовӕйы къухы у цӕугӕдоны хуызӕн – кӕцырдӕм ӕй фӕнды, уыцырдӕм ӕй аздахы» (Ӕмб. 21:1). Ацы ӕмбисонд куыд ӕмбаргӕ у? Адӕймагӕн йӕ бон у цӕугӕдонӕй къанау акъахын ӕмӕ цӕугӕдон, кӕцырдӕм ӕй фӕнды, уыцырдӕм аздахын. Раст афтӕ Йегъовӕйӕн дӕр йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ бон у, бартӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн сӕ хъуыдытӕ «аздахын», цӕмӕй-иу саразой, йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн цы хъӕуы, уый. Ӕмӕ уӕд рахӕссынц, Хуыцауы адӕмӕн пайда чи ’рхӕссы, ахӕм уынаффӕтӕ. (Абар Ездрӕ 7:21, 25, 26.)

14. Хъуыддӕгтӕ 12:5 стихмӕ гӕсгӕ, нӕ бон кӕй тыххӕй у кувын?

14 Махӕн нӕ бон цы у аразын? Нӕ бон у «паддзӕхты ӕмӕ, стыр бынӕттӕ чидӕриддӕр ахсы, уыдоны тыххӕй» кувын, нӕ цардыл ӕмӕ нӕ лӕггадыл чи фӕзындзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ куы хӕссой, уӕд (1 Тим. 2:1, 2; Неем. 1:11). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау мах дӕр зӕрдиагӕй фӕкувӕм, ахӕстӕтты чи ис, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 12:5; Дзут. 13:3.) Уымӕй уӕлдай ма нӕ бон у Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй-иу ахӕстонгӕсты ахӕм зондыл сараза, ӕмӕ-иу уыдон дӕр Юлийау нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн «хорздзинад ракӕной».

ХОТӔ ӔМӔ ’ФСЫМӔРТЫ ӔХХУЫС

15, 16. Йегъовӕ Павелӕн Аристарх ӕмӕ Лукайы уылты куыд баххуыс кодта?

15 Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Павелӕн куыд баххуыс кодтой? Павел Роммӕ куы цыд, уӕд ын Йегъовӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ баххуыс кодта. Ӕркӕсӕм цалдӕр хабармӕ.

16 Павелы иузӕрдион ӕмбӕлттӕ Аристарх ӕмӕ Лука сфӕнд кодтой йемӕ Роммӕ ацӕуын *. Кӕд дзы Йесо иуӕн дӕр афтӕ нӕ загъта, Роммӕ дзӕбӕхӕй бахӕццӕ уыдзынӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ уый тӕссаг балц уыд, уӕддӕр уыдон цӕттӕ уыдысты Павелимӕ ацӕуынмӕ, цӕмӕй йӕ фарсмӕ уыдаиккой. Денджызы тыхдымгӕ куы сыстад, ӕрмӕстдӕр уӕд базыдтой, кӕй аирвӕздзысты, уый. Аристарх ӕмӕ Лука Кесарийы науыл куы сбадтысты, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, Павел Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй скуывта ӕмӕ йын раарфӕ кодта, уыцы дыууӕ хъӕбатыр ӕфсымӕры уылты йын кӕй баххуыс кодта, уый тыххӕй (Хъуыд. 27:1, 2, 20–25).

17. Йегъовӕ Павелӕн иннӕ чырыстӕтты уылты куыд баххуыс кодта?

17 Павелӕн ма уыцы балцы рӕстӕг цалдӕр хатты баххуыс кодтой иннӕ чырыстӕттӕ дӕр. Зӕгъӕм, нау горӕт Сидоны куы ’рлӕууыд, уӕд Юлий Павелы «йе ’мбӕлттӕм ауагъта, цӕмӕй йӕм фӕкастаиккой». Фӕстӕдӕр та горӕт Путеолы Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ ӕфсымӕрты ссардтой, ӕмӕ сын уыдон ныллӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сӕм авд боны баззадаиккой. Уыцы рӕтты Павелыл ӕмӕ йе ’мбӕлттыл чи батыхст, уыцы чырыстӕтты Павел йӕхӕдӕг дӕр куыннӕ бафидар кодтаид алыхуызон цымыдисаг хабӕрттӕй. (Абар Хъуыддӕгтӕ 15:2, 3.) Павелӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн сӕ ныфсыл ныфс бафтыд, ӕмӕ стӕй сӕ фӕндаг адарддӕр кодтой (Хъуыд. 27:3; 28:13, 14).

Йегъовӕ-иу Павелӕн баххуыс кодта иннӕ чырыстӕтты уылты. Ӕмӕ махӕн дӕр баххуыс кӕны нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уылты (кӕс 18 абзацтӕ)

18. Павел Хуыцауӕн цӕй тыххӕй раарфӕ кодта ӕмӕ дзы ныфс цӕмӕн бацыд?

18 Павел Роммӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты, ӕртӕ азы размӕ Ромы ӕмбырдмӕ кӕй ныффыста, уыцы ныхӕстӕ: «Цалдӕр азы [мӕ] тынг фӕнды сымахмӕ ӕрцӕуын» (Ром. 15:23). Фӕлӕ уый ӕнхъӕл кӕцӕй уыд, ӕмӕ сӕм ахст адӕймаг уӕвгӕйӕ ӕрцӕудзӕн. Павел куы федта, ромаг ӕфсымӕртӕ йӕм фӕндаджы раз кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уӕд куыннӕ бафидар уыдаид! Куы сӕ федта, «уӕд Хуыцауӕн раарфӕ кодта ӕмӕ дзы ныфс бацыд» (Хъуыд. 28:15). Ӕфсымӕртӕ йӕ размӕ кӕй рацыдысты, уый тыххӕй Павел Хуыцауӕн цӕмӕн раарфӕ кодта? Уымӕн ӕмӕ та ацы хатт дӕр бамбӕрста, ӕфсымӕрты уылты йын Йегъовӕ кӕй баххуыс кодта.

кӕс 19 абзац

19. 1 Петры 4:10 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ мах уылты хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн куыд баххуыс кӕны?

19 Махӕн нӕ бон цы у аразын? Чи зоны, не ’мбырды чидӕр рынчын у кӕнӕ кӕуылдӕр зиан ӕрцыд. Стӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕмбӕлынц ӕндӕр зындзинӕдтыл дӕр. Ӕмӕ, искӕй ӕххуыс кӕй хъӕуы, уый куы базонӕм, уӕд нӕ бон у Йегъовӕмӕ кувын, цӕмӕй нын баххуыс кӕна уыцы адӕймагӕн зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ зӕгъынӕн кӕнӕ йын исты хорздзинад саразынӕн. Ӕмӕ дзы, чи зоны, растдӕр уый фӕрцы ныфс бацӕуа. (Бакӕс 1 Петры 4:10.) * Ӕмӕ та йӕ уӕд фидарӕй уырндзӕн, Йегъовӕ уымӕн дӕр кӕй дзуры, «никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн», зӕгъгӕ. Уый дын цины хос куыннӕ уыдзӕн!

20. Нӕ бон цӕмӕн у фидарӕй зӕгъын: «Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг»?

20 Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттау мах дӕр царды фӕндагыл цӕугӕйӕ «тыхдымгӕты» бахауӕм. Фӕлӕ зонӕм, ныфсджын ӕмӕ фидар кӕй хъуамӕ уӕм, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ немӕ ис. Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны Йесойы ӕмӕ зӕдты уылты. Йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй куы хъӕуа, уӕд йӕ бон у, ӕмӕ нын баххуыс кӕна, бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны уылты. Стӕй йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ лӕггадгӕнджыты баразӕнгард кӕны, цӕмӕй-иу кӕрӕдзийӕн баххуыс кӕной. Ӕмӕ уый бирӕтӕ сӕхиуыл бавзӕрстой. Уӕдӕ нӕ бон у Павелау фидарӕй зӕгъын: «Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?» (Дзут. 13:6).

38 ЗАРӔГ Хуыцау дӕ бафидар кӕндзӕн

^ 5 абз. Ацы статьяйы дзырд цӕуы, Йегъовӕ-иу апостол Павелӕн зындзинӕдты куыд баххуыс кодта, ууыл. Аныхас кӕндзыстӕм ӕртӕ хъуыддагыл. Йегъовӕ раджы заманты йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кодта, уымӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд нӕ ныфсыл ныфс бафтдзӕн. Ӕмӕ нӕ ноджы фидардӕрӕй уырндзӕн, махӕн дӕр зындзинӕдты рӕстӕг кӕй ӕххуыс кӕндзӕн.

^ 16 абз. Аристарх ӕмӕ Лука Павелы ӕмбӕлццӕттӕ фыццаг хатт нӕ уыдысты. Ӕмӕ, Павел Ромы ахст куы уыд, уӕд дӕр уыцы ӕнувыд ӕфсымӕртӕ йемӕ уыдысты (Хъуыд. 16:10–12; 20:4; Кол. 4:10, 14).