Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

50 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Мӕрдтӕ куыд райгас уыдзысты?»

«Мӕрдтӕ куыд райгас уыдзысты?»

«Мӕлӕт, кӕм ис дӕ уӕлахиз? Мӕлӕт, кӕм ис дӕ маргджын фат?» (1 КОР. 15:55).

141 ЗАРӔГ Цард у зынаргъ лӕвар

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр цӕмӕн хъӕуы базонын, чидӕртӕ уӕлӕрвты цӕрынӕн кӕй ӕгас кӕнынц, уыимӕ баст хабӕрттӕ?

НЫРТӔККӔ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕ фылдӕрӕн ис ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс. Фӕлӕ ма зӕххыл сӕрст чырыстӕттӕй чи ис, уыдонӕн ныфс ис, сӕ мӕлӕты фӕстӕ уӕлӕрвты цӕрынӕн кӕй райгас уыдзысты. Уыдоны тынг фӕнды базонын, уӕлӕрвты сӕм цавӕр цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Фӕлӕ, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдоны та цӕмӕн хъӕуы уый тыххӕй базонын? Куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй, адӕмӕй чидӕртӕ уӕларвон цардмӕ кӕй ӕгас кӕнынц, уый ӕрхӕсдзӕн арфӕдзинӕдтӕ, ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕн дӕр. Уӕдӕ нӕ хъуамӕ алкӕй дӕр фӕнда уыцы хабӕрттӕ базонын, уӕлдай нӕу, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл цӕрыны ныфс.

2 Хуыцау 1 ӕнусы Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй кӕмӕндӕрты йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы ныффыссын кодта, чырыстӕттӕй чидӕртӕ уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты. Апостол Иоанн ныффыста: «Мах ныр стӕм Хуыцауы хъӕбултӕ, фӕлӕ фидӕны цыхуызӕн уыдзыстӕм, уый нӕма раргом. Ӕрмӕст зонӕм уый, ӕмӕ, куы раргом уа, уӕд уый хуызӕн суыдзыстӕм» (1 Иоан. 3:2). Уӕдӕ сӕрст чырыстӕттӕ нӕ фӕзонынц, куы райгас уой ӕмӕ уӕлӕрвты куы цӕрой, уӕд бӕлвырдӕй цыхуызӕн уыдзысты. Фӕлӕ, сӕ хӕрзиуӕг куы райсой, уӕд сӕ бон суыдзӕн Йегъовӕйы фенын. Библийӕ уыцы хабӕртты тыххӕй алцы нӕй базонӕн. Фӕлӕ уӕддӕр цыдӕртӕ базонӕн ис апостол Павелы ныхӕстӕй. Йесо Чырысти «ӕппӕт хицаудзинӕдтӕ, хицауӕдтӕ ӕмӕ барджынты», стӕй «фӕстаг знаг дӕр – мӕлӕт», куы сафа, уӕд сӕрст чырыстӕттӕ уыдзысты йемӕ. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг Йесо ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон сӕхи бакӕндзысты Йегъовӕйы дӕлбар, ӕмӕ ӕрмӕст сӕхи нӕ, фӕлӕ ӕппӕт дӕр (1 Кор. 15:24–28). Уый цӕй диссаджы рӕстӕг уыдзӕн! *

3. 1 Коринфӕгтӕм 15:30–32 стихтӕм гӕсгӕ, Павелӕн куыд ӕххуыс кодта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый йӕ фидарӕй кӕй уырныдта, уый?

3 Павелы фидарӕй уырныдта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ӕмӕ йын уый ӕххуыс кодта алыхуызон фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:30–32.) Коринфӕгтӕм ныффыста: «Ӕз алы бон дӕр кӕсын мӕлӕты цӕстытӕм». Стӕй ма ныффыста: «Ефесы хъӕддаг сырдтимӕ... тох кодтон». Чи зоны, Павел ӕцӕгдӕр тох кодта сырдтимӕ Ефесы стадионы (2 Кор. 1:8; 4:10; 11:23). Кӕнӕ та, гӕнӕн ис, «хъӕддаг сырдтӕ» схуыдта, йӕ ныхмӕ чи цыд, уыцы дзуттӕгты кӕнӕ ӕндӕр кӕйдӕрты (Хъуыд. 19:26–34; 1 Кор. 16:9). Куыдфӕнды ма уыдаид,– бӕрӕг у, Павел-иу тынг тӕссаг уавӕрты кӕй бахауд. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ ныфс нӕ саст. Уый уырныдта, диссаджы фидӕн ӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы (2 Кор. 4:16–18).

Нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, ахӕм бӕстӕйы чи цӕры, уыцы бинонтӕ Хуыцауӕн дарддӕр лӕггад кӕнынц. Уыдоны фидарӕй уырны, Йегъовӕ сын фидӕны диссаджы цард кӕй балӕвар кӕндзӕн (кӕс 4 абзац)

4. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уыцы ныфс абон чырыстӕттӕн куыд ӕххуыс кӕны? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

4 Мах тынг ӕвзӕр рӕстӕджы цӕрӕм. Не ’фсымӕртӕй чидӕртӕ фыдгӕнджыты къухӕй ӕфхӕрд баййафынц. Иннӕтӕ цӕрынц, хӕстытӕ кӕм цӕуы, ахӕм бӕстӕты, ӕмӕ арӕх фӕкӕсынц мӕлӕты цӕстытӕм. Чидӕртӕ та цӕрынц, хъусын кӕныны бар кӕм нӕй кӕнӕ нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, ахӕм бӕстӕты. Фӕлӕ уыдон Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кӕнынц, кӕд сӕ уый тыххӕй ахӕстоны сбадын кӕнынц кӕнӕ сын мӕлӕтӕй дӕр тӕссаг вӕййы, уӕддӕр. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ ахӕм зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй сты, уымӕй нын сты фӕзминаг. Уыдонӕн сӕ зӕрдӕты тас нӕ бацӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕ зонынц, исты сыл куы ’рцӕуа, уӕддӕр сын Йегъовӕ фидӕны диссаджы цард кӕй балӕвар кӕндзӕн.

5. Нӕхи хъуамӕ цавӕр зондахастӕй хъахъхъӕнӕм, цӕмӕй ма фӕдызӕрдыг уӕм, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл?

5 Павел йе ’фсымӕртӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕхи хъахъхъӕдтаиккой, иуӕй-иутӕ цы ӕвзӕр зондыл хӕст уыдысты, уымӕй. Уыдон афтӕ хъуыды кодтой: «Кӕд мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, уӕд „хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм,– уӕддӕр райсом амӕлдзыстӕм“». Ӕмӕ адӕм ахӕм зондыл хӕст ӕрмӕст Павелы заман нӕ уыдысты. Уый размӕ дӕр уыди, афтӕ чи хъуыды кодта, ахӕм адӕм. Ӕвӕццӕгӕн, Павел ӕрхаста Исайы 22:13 стихы фыст ныхӕстӕ, ӕмӕ уым цыди израилӕгты кой. Уыдон сӕ уды дзӕбӕхӕн цардысты ӕмӕ, Хуыцаумӕ баввахсдӕр уыдаиккой, уый мӕт сӕ ӕппындӕр нӕ уыд. Ахӕм зондыл хӕст уыдысты, зӕгъгӕ, абон дӕ, райсом нал уыдзынӕ, ӕмӕ ныртӕккӕ цы ацӕрай, уый дӕхи. Ӕмӕ абон дӕр бирӕтӕ цардмӕ ахӕм цӕстӕй кӕсынц. Фӕлӕ ахӕм зондахаст Израилы адӕмы хорзӕй ницӕмӕ ӕркодта (2 Аз. 36:15–20).

6. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый кӕй зонӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕхицӕн цавӕр ӕмбӕлттӕ хъуамӕ ӕвзарӕм?

6 Уӕдӕ, Йегъовӕ мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн, уый кӕй зонӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, нӕхицӕн цавӕр ӕмбӕлттӕ ӕвзарӕм, ууыл. Коринфаг ӕфсымӕртӕ хъуамӕ ма лымӕн кодтаиккой, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый кӕй нӕ уырныдта, уыдонимӕ. Ӕмӕ абон мах дӕр хъуамӕ ӕмбарӕм: цардмӕ иу боны цӕстӕй чи кӕсы, ахӕм адӕмимӕ куы лымӕн кӕнӕм, уӕд уый хорзӕй ницӕмӕ ӕркӕндзӕн. Уый фӕзындзӕн нӕ зондахастыл дӕр ӕмӕ нӕ цардыуагыл дӕр. Суанг ма, гӕнӕн ис, райдайӕм, Хуыцау йе сӕфт кӕмӕй уыны, уыцы хъуыддӕгтӕ дӕр аразын. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Павел чырыстӕттӕн ныффӕдзӕхста: «Райхъал ут ӕмӕ рӕстӕй архайут ӕмӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ ма кӕнут» (1 Кор. 15:33, 34).

ЦАВӔР БУАР СЫН УЫДЗӔН?

7. 1 Коринфӕгтӕм 15:35–38 стихтӕм гӕсгӕ, иуӕй-иутӕ, гӕнӕн ис, цы дзырдтаиккой, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй?

7 Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:35–38. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый дызӕрдыггаг чи кодта, ахӕм адӕймаг, гӕнӕн ис, загътаид: «Мӕрдтӕ куыд райгас уыдзысты? Ӕмӕ сын цавӕр буар уыдзӕни?» Мах ӕркӕсдзыстӕм, ацы фарстатӕн Павел цы дзуапп радта, уымӕ. Абон бирӕтӕ сӕхирдыгонау ӕмбарынц, адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы, уый. Фӕлӕ Библи та цы дзуры?

Павел цӕвиттонӕн ӕрхаста, нӕмыг куыд байтауынц ӕмӕ куыд сзайы, уый, ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, Хуыцауӕн йӕ бон кӕй у, кӕй райгас кӕна, уыдонӕн, цавӕр буӕрттӕ хъӕуы, ахӕм буӕрттӕ раттын (кӕс 8 абзац)

8. Нӕ бон цавӕр цӕвиттоны фӕрцы у бамбарын, Хуыцауӕн йӕ бон кӕй у, кӕй райгас кӕна, уымӕн ӕндӕр буар раттын?

8 Адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ буар бамбийы. Фӕлӕ, Дун-дуне ницӕмӕй чи сфӕлдыста, уымӕн йӕ бон у адӕймаджы райгас кӕнын ӕмӕ йын, цавӕр буар хъӕуы, ахӕм буар раттын (Райд. 1:1; 2:7). Чидӕртӕ уӕлӕрвты цӕрынӕн кӕй райгас уыдзысты, уый кой кӕнгӕйӕ Павел ӕрхаста цӕстуынгӕ цӕвиттон. Уымӕй равдыста, Хуыцау адӕймагӕн, раздӕр ын цы буар уыд, фӕстӕмӕ уыцы буар кӕй нӕ ратдзӕн. Хоры нӕмыг куы байтауынц, уӕд ӕвзар суадзы ӕмӕ стӕй фӕзыны ног ӕфсир. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы ног ӕфсир фӕхицӕн кӕны, кӕй байтыдтой, уыцы гыццыл нӕмыгӕй. Павел ацы абарсты фӕрцы равдыста, не Сфӕлдисӕгӕн йӕ бон кӕй у, кӕй райгас кӕна, уыдонӕн, «цавӕр ӕй фӕнды, ахӕм буар» раттын.

9. 1 Коринфӕгтӕм 15:39–41 стихты цы фыст ис, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдон кӕрӕдзийӕ куыд хицӕн кӕнынц, уый тыххӕй?

9 Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:39–41. Павел куыд загъта, афтӕмӕй, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдон кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц. Фосӕн иу буар ис, мӕргътӕн – ӕндӕр буар, ӕмӕ кӕсӕгтӕн дӕр – ӕндӕр. Хур ӕмӕ Мӕй дӕр кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц. Ӕмӕ «стъалытӕн дӕр сӕ кад иу нӕу». Стъалытӕ кӕрӕдзийӕ кӕй хицӕн кӕнынц, уый ӕнӕ телескопӕй нӕ бон фенын нӕу. Фӕлӕ ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, кӕй ис тынг стыр ӕмӕ тынг гыццыл стъалытӕ, чи дзы сырх у, чи – урс, чи та – нӕ Хуры хуызӕн бур. Павел ма загъта, кӕй ис «уӕларвон буӕрттӕ ӕмӕ зӕххон буӕрттӕ». Уый куыд ӕмбаргӕ у? Зӕххыл чи цӕры, уыдонӕн ис туг ӕмӕ стӕгӕй буар. Уӕлӕрвты чи цӕры, уыдонӕн та ис ӕнӕуынгӕ буӕрттӕ, зӕдтӕн цавӕр буӕрттӕ ис, ахӕмтӕ.

10. Уӕлӕрвты цӕрынӕн чи райгас вӕййы, уыдонӕн цавӕр буӕрттӕ вӕййы?

10 Уый фӕстӕ Павел загъта: «Афтӕ у мӕрдты райгасы хабар дӕр. Байтыдӕуы ӕмбийгӕ буар, райгас вӕййы ӕнӕмбийгӕ буар». Адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ буар бамбийы ӕмӕ фӕстӕмӕ сыджыт свӕййы (Райд. 3:19). Уӕдӕ куыд ис гӕнӕн, ӕмӕ райгас уа «ӕнӕмбийгӕ буар»? Зӕххыл цӕрынӕн чи райгас уыдзӕн, Павел уыдоны кой нӕ кодта. Зӕгъӕм, Илийа, Елисей ӕмӕ Йесо Чырысти кӕй райгас кодтой, уыдон зӕххыл цардысты. Павел кодта, уӕларвон буӕрттӕ лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцӕудзӕн, уыдоны кой (1 Кор. 15:42–44).

11, 12. Йесо куы райгас, уӕд ын цавӕр буар уыд? Ӕмӕ, сӕрст чырыстӕттӕ куы райгас вӕййынц, уӕд уыдонӕн дӕр цавӕр буӕрттӕ вӕййы?

11 Йесо зӕххыл куы цард, уӕд ын уыди туг ӕмӕ стӕгӕй буар. Фӕлӕ куы райгас, уӕд «сси царддӕттӕг уӕларвон удгоймаг» ӕмӕ аздӕхт уӕлӕрвтӕм. Афтӕ сӕрст чырыстӕттӕ дӕр куы райгас вӕййынц, уӕд сын вӕййы уӕларвон буӕрттӕ. Павел загъта: «Сыджытӕй конд чи уыд, уый хуызӕн куыд стӕм, афтӕ уыдзыстӕм, уӕлӕрвтӕм чи аздӕхт, уый хуызӕн дӕр» (1 Кор. 15:45–49).

12 Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йесо куы райгас, уӕд ын туг ӕмӕ стӕгӕй буар кӕй нӕ уыд. Павел йӕ ныхас кӕронмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд бӕлвырд загъта: «Туг ӕмӕ фыдӕй конд адӕймагӕн йӕ бон нӕу Хуыцауы [уӕларвон] паддзахад бынӕн райсын» (1 Кор. 15:50). Апостолтӕ ӕмӕ иннӕ сӕрст чырыстӕттӕ уӕлӕрвты цӕрынӕн, туг ӕмӕ фыдӕй чи у ӕмӕ ӕмбийгӕ чи кӕны, ахӕм буӕртты нӕ райгас уыдаиккой. Ӕмӕ кӕд хъуамӕ райгас уыдаиккой? Павел бамбарын кодта, уый фидӕны кӕй уыдзӕн, уайтагъд сӕ мӕлӕты фӕстӕ нӕ, фӕлӕ. Коринфӕгтӕм йӕ фыццаг фыстӕг куы ныффыста, уӕдмӕ ахуыргӕнинӕгтӕй чидӕртӕ амардысты, зӕгъӕм, апостол Иаков (Хъуыд. 12:1, 2). Иннӕ апостолтӕ ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕ та нырма ӕгас уыдысты, фӕлӕ уыдон дӕр ӕппынфӕстаг амардысты (1 Кор. 15:6).

МӔЛӔТЫЛ ФӔУӔЛАХИЗ УЫДЗЫСТӔМ

13. Чырысти кӕй ӕрцыд, уый цавӕр хабӕрттӕй хъуамӕ уа бӕрӕг?

13 Йесо Чырысти дӕр ӕмӕ Павел дӕр дзырдтой, фидӕны тынг ахсджиаг хабар кӕй ӕрцӕудзӕн. Уыдон дзырдтой Чырыстийы ӕрцыды тыххӕй. Уыцы рӕстӕг цӕудзӕн хӕстытӕ, уыдзӕн зӕххӕнкъуыстытӕ, фыднизтӕ парахат кӕндзысты ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр цӕудзӕн ӕндӕр ӕвзӕр хабӕрттӕ. Ацы пехуымпарӕдтӕ ӕххӕст кӕнынц 1914 азӕй. Йесо загъта, йе ’рцыд ма иу ахсджиаг хабарӕй кӕй уыдзӕн бӕрӕг: Хуыцауы Паддзахад ӕвӕрд кӕй ӕрцыд, уыцы хорз хабар хъуыстгонд цӕудзӕн «ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матф. 24:3, 7–14). Павел та загъта, сӕрст чырыстӕттӕй мард чи у, уыдон «Хицауы ’рцыды» рӕстӕг кӕй райгас уыдзысты (1 Фес. 4:14–16; 1 Кор. 15:23).

14. Чырыстийы ӕрцыды рӕстӕг сӕрст чырыстӕттӕй исчи куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?

14 Абон сӕрст чырыстӕттӕй исчи куы амӕлы, уӕд уӕларвон цардмӕ уайтагъд райгас вӕййы. Уый бӕрӕг у, Павел ма ноджыдӕр цы загъта, уымӕй: «Не ’ппӕт мӕрдвынӕй нӕ кӕндзыстӕм, фӕлӕ не ’ппӕт дӕр фӕивдзыстӕм ӕвиппайды, цӕстыфӕныкъуылдмӕ, фӕстаг уадындз куы ныууаса, уӕд» (1 Кор. 15:51, 52). Ӕмӕ Павелы ныхӕстӕ абон ӕххӕст кӕнынц! Чырыстийы ӕфсымӕртӕ куы райгас вӕййынц, уӕд стыр цинӕй схайджын вӕййынц, уымӕн ӕмӕ «уымӕй фӕстӕмӕ ӕдзухдӕр уыдзысты... Хицауимӕ» (1 Фес. 4:17).

Сӕрст чырыстӕттӕ Йесоимӕ иумӕ хӕцдзысты адӕмтимӕ (кӕс 15 абзац)

15. Сӕрст чырыстӕттӕн уӕлӕрвты сӕ хӕс цы уыдзӕн?

15 Библийӕ базонӕн ис, сӕрст чырыстӕттӕн уӕлӕрвты сӕ хӕс цы уыдзӕн, уый. Йесо сын зӕгъы: «Уӕлахиз чи кӕны ӕмӕ, ӕз цы бафӕдзӕхстон, уыдон кӕронмӕ чи ӕххӕст кӕны, уый ӕз адӕмтӕн хицауӕй сӕвӕрдзынӕн,– мӕн мӕ Фыд куыд сӕвӕрдта, афтӕ,– ӕмӕ сӕ ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй здахдзӕн, ӕмӕ ӕлыгӕй конд мигӕнӕнтау базгъӕлӕнтӕ уыдзысты» (Рарг. 2:26, 27). Уыдон дӕр сӕ Разамонӕгау адӕмты здахдзысты ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй (Рарг. 19:11–15).

16. Сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ мӕлӕтыл куыд фӕуӕлахиз уыдзысты?

16 Сӕрст чырыстӕттӕ мӕлӕтыл фӕуӕлахиз уыдзысты (1 Кор. 15:54–57). Уӕларвон цардмӕ кӕй райгас уыдзысты, уый фӕрцы уыдон дӕр хӕцдзысты Армагеддоны хӕсты ӕмӕ ӕгас зӕххӕй дӕр фыддзинад фесафдзысты. Милуангай чырыстӕттӕ та ахиздзысты «стыр бӕллӕхы сӕрты» ӕмӕ бацӕудзысты ног дунемӕ (Рарг. 7:14). Уыдон сӕхи цӕстӕй фендзысты, мӕлӕтыл ма иннӕтӕ дӕр кӕй фӕуӕлахиз уыдзысты – миллиардгай адӕм райгас уыдзысты. Уый уыдзӕн стыр диссаг ӕмӕ стыр цины хабар! (Хъуыд. 24:15). Ӕмӕ Йегъовӕйыл суанг кӕронмӕ дӕр иузӕрдионӕй чи баззайа, уыдон та мӕлӕтыл бынтондӕр фӕуӕлахиз уыдзысты. Адамӕй сӕ туджы цы тӕригъӕд рахастой, уый уацарӕй ссӕрибар уыдзысты, ӕмӕ сыл мӕлӕты бар нал цӕудзӕн. Ӕмӕ сӕ бон уыдзӕн ӕнустӕм цӕрын.

17. 1 Коринфӕгтӕм 15:58 стихмӕ гӕсгӕ, ныртӕккӕ цы хъуамӕ аразӕм?

17 Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй Павел коринфӕгтӕм цы ныффыста, уый чырыстӕттӕй алкӕмӕн дӕр стыр ныфсы хос у. Ӕмӕ, уыцы ныхӕстӕ фыст кӕй ӕрцыдысты, уымӕн тынг аргъ кӕнӕм. Мах фӕнды Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын ӕмӕ «Хицауы хъуыддаджы» бирӕ фыдӕбон кӕнын. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:58.) Кӕд уыцы хъуыддаджы зӕрдиагӕй архайӕм, уӕд нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы фидӕн. Ахӕм цард фыны дӕр никуы федтам! Уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ Хицауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ нӕ фыдӕбон ӕцӕгдӕр дзӕгъӕлы нӕ уыд.

140 ЗАРӔГ Мӕнӕ ӕнусон цард!

^ 5 абз. 1 Коринфӕгтӕм 15-ӕм сӕры дыккаг хайы дзырд цӕуы, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уыимӕ баст хабӕрттыл. Павел цы ныффыста, уый уӕлдайдӕр хауы сӕрст чырыстӕттӕм. Фӕлӕ уыдӕттӕ зонын хъӕуы «ӕндӕр фысты» дӕр. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый кӕй зонӕм, уый нӕ цардыл куыд хъуамӕ фӕзына? Ӕмӕ нын уыцы ныфс куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй фидӕнмӕ цингӕнгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм? Уый базондзыстӕм ацы статьяйӕ.

^ 2 абз. Ацы номыры рубрикӕйы «Кӕсджыты фарстатӕ» дзырд цӕуы, Павел 1 Коринфӕгтӕм 15:29 стихы цӕй кой кӕны, ууыл.