Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Ӕмбисӕндты 24:16 стихы фыст ис: «Рӕстгӕнӕг авд хатты куы ахауа, уӕддӕр сыстдзӕн». Ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ, адӕймаг ногӕй ӕмӕ ногӕй тӕригъӕд куы араза, уӕддӕр ын Хуыцау хатыр кӕндзӕн?

▪ Нӕ, ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы. Ацы стих амоны, бирӕ зындзинӕдтыл чи ӕмбӕлы ӕмӕ афтӕмӕй чи «ахауы», фӕлӕ уӕддӕр чи «сысты», ома фӕстӕмӕ йӕ къахыл чи слӕууы, ахӕм адӕймагмӕ.

Ӕркӕсӕм-ма 15-ӕм ӕмӕ 17-ӕм стихтӕм дӕр: «Рӕстгӕнӕджы хӕдзары цур йӕ размӕ фыдгӕнӕгау ма бабад, йӕ къона йын ма хал, уымӕн ӕмӕ рӕстгӕнӕг авд хатты куы ахауа, уӕддӕр сыстдзӕн, фыдгӕнджытӕ та бӕллӕхы рӕстӕг фӕцуддзысты. Де знаг куы ахауа, уӕд цин ма кӕн, ӕмӕ куы фӕкӕла, уӕд дӕ зӕрдӕ фырцинӕй ма райӕд» (Ӕмб. 24:15–17).

Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, 16-ӕм стих амоны, тӕригъӕд чи саразы, фӕлӕ чи ’рфӕсмон кӕны, ахӕм адӕймагмӕ. Ахӕм адӕймаг, дам, фӕстӕмӕ Хуыцаумӕ баввахс вӕййы. Дыууӕ англисаг сауджыны куыд ныффыстой, афтӕмӕй сауджынтӕ ацы ныхӕстӕ раздӕр дӕр афтӕ ӕмбарын кодтой ӕмӕ сӕ ныр дӕр афтӕ ӕмбарын кӕнынц. Ӕмӕ, дам, уӕд афтӕ уайы: хорз адӕймаг дӕр, гӕнӕн ис, стыр тӕригъӕдтӕ сараза. Фӕлӕ уый уӕддӕр Хуыцауы уарзы, ӕмӕ алы хатт дӕр кӕй ӕрфӕсмон кӕны, уый тыххӕй Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай нӕ фӕвӕййы. Цавӕрдӕр ӕвзӕр хъуыддаг чи аразы ӕмӕ уый ныууадзыныл чи нӕ архайы, ахӕм адӕймагӕн ацы ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуиккой. Гӕнӕн ис, хъуыды кӕна, ӕмӕ та-иу ногӕй куы фӕрӕдийа, уӕддӕр та-иу ын Хуыцау ныххатыр кӕндзӕн.

Фӕлӕ 16-ӕм стихӕн йӕ хъуыды ахӕм нӕу.

16-ӕм ӕмӕ 17-ӕм стихты дзырд «ахауын»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый вӕййы алыхуызон уавӕрты зӕгъӕн. Кӕмдӕрты комкоммӕ фӕамоны, чидӕр кӕнӕ цыдӕр кӕй ахауд кӕнӕ кӕй ӕрхауд, уымӕ, зӕгъӕм, гал фӕндагыл ӕрхауд, чидӕр хӕдзары сӕрӕй рахауд, гыццыл дур зӕхмӕ ӕрхауд (Дык. з. 22:4, 8; Амос 9:9). Кӕмдӕр та ацы дзырд ӕмбӕлы ахӕсгӕ хуызы, зӕгъӕм, ацы стихы: «Йегъовӕ ӕххуыс кӕны, чи ахауы, уыдонӕн, схӕцы, йӕ ныфс кӕмӕн асаст, уыдоныл» (Пс. 145:14).

Фӕлӕ-ма нӕ хъус ӕрдарӕм, профессор Эдвард Пламптре цы загъта, уымӕ: «Дзырд „ахауын“-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый тӕригъӕд саразынмӕ никуы фӕамоны». Ӕндӕр ахуыргонд та 16-ӕм стихы тыххӕй загъта: «Хуыцауы адӕмы чи ’фхӕры, уыдон дзӕгъӕлы архайынц. Уӕддӕр сын ницы рауайдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы адӕм ӕппӕт дӕр сфӕразынц, фыдгӕнджытӕ та – нӕ!»

Уӕдӕ бӕрӕг у, Ӕмбисӕндты 24:16 стихы дзырд «ахауын» тӕригъӕд саразынмӕ кӕй нӕ амоны. Фӕлӕ амоны, адӕймаг зындзинӕдтыл кӕй сӕмбӕлы, уымӕ, суанг бирӕ зындзинӕдтыл дӕр. Ацы фыддунейы рӕстгӕнӕг алыхуызон зындзинӕдтыл сӕмбӕлы. Гӕнӕн ис, йе ’нӕниздзинад фӕцуда кӕнӕ йӕ хицауад йӕ уырнындзинады тыххӕй карзӕй ӕфхӕра. Фӕлӕ уый йӕ ныфс Хуыцауыл дары ӕмӕ зоны, кӕй йын баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ уый фӕрцы ӕппӕт дӕр кӕй сфӕраздзӕн. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, цал ӕмӕ цал хатты федтам, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ-иу ӕппӕт дӕр кӕй сфӕрӕзтой. Мах ӕй фидарӕй зонӕм, «Йегъовӕ [кӕй] ӕххуыс кӕны, чи ахауы, уыдонӕн, [кӕй] схӕцы, йӕ ныфс кӕмӕн асаст, уыдоныл» (Пс. 41:1–3; 145:14–19).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иннӕтӕ зындзинӕдтӕ кӕй февзарынц, уый рӕстгӕнӕгӕн ӕхсызгон нӕ вӕййы. Фӕлӕ уый зоны, «хорз [кӕй] уыдзӕн, ӕцӕг Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдонӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон тӕрсынц Хуыцауӕй». Ӕмӕ йын уый у ныфсы хос (Еккл. 8:11–13; Иов 31:3–6; Пс. 27:5, 6).