Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

52 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ бон цы у саразын, ныфссаст куы уай, уӕд?

Дӕ бон цы у саразын, ныфссаст куы уай, уӕд?

«Дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр, ӕмӕ дын уый баххуыс кӕндзӕн» (ПС. 55:22).

33 ЗАРӔГ Дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Нӕ ныфс куы асӕтты, уӕд ныл уый куыд фӕзыны?

МАХ зындзинӕдтыл алы бон дӕр ӕмбӕлӕм. Ӕмӕ нӕ бон цы у, уый фӕаразӕм, цӕмӕй-иу нӕ сӕ быны ма скӕной. Фӕлӕ, ныфссаст куы вӕййӕм, уӕд нын зындӕр вӕййы зындзинӕдтӕн фӕразын. Ныфссастдзинад къӕрныхӕй уӕлдай нӕу. Байсы нын нӕ циндзинад, стӕй уый тыххӕй нӕхимӕ ницӕйаг ӕркӕсӕм. Ӕмбисӕндты 24:10 стихы фыст ис: «Зын сахат дӕ ныфс куы асӕтта, уӕд дӕм тых кӕцӕй уыдзӕн?» Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у. Нӕ ныфс куы асӕтты, уӕд нын уый нӕ тыхтӕ байсы ӕмӕ нӕ бон нал вӕййы зындзинӕдтӕн фӕразын.

2. Нӕ ныфс цӕй тыххӕй асӕтты ӕмӕ ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Нӕ ныфс бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй асӕтты, зӕгъӕм, нӕ рӕдыдтыты ӕмӕ нӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй кӕнӕ, рынчын кӕй стӕм, уый тыххӕй. Науӕд нӕ, чи зоны, фӕнды ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын йе та ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын, фӕлӕ уый нӕ къухы не ’фты. Кӕнӕ та хъусын кӕнӕм, адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз хабармӕ кӕм нӕ хъусынц, ахӕм территорийы. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, ныфссаст куы вӕййӕм, уӕд нӕ бон саразын цы вӕййы, ууыл.

НӔ РӔДЫДТЫТӔ ӔМӔ НӔ ХЪӔНДЗИНӔДТӔ

3. Цы нын баххуыс кӕндзӕн нӕ рӕдыдтытӕм раст цӕстӕй кӕсынӕн?

3 Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ рӕдыдтыты ӕмӕ нӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй нӕхимӕ раст цӕстӕй мауал кӕсӕм. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, афтӕ хъуыды кӕнын райдайӕм, ӕмӕ Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй ног дунейы цӕрӕм. Фӕлӕ афтӕ хъуыды кӕнын тынг тӕссаг у. Библийӕ базонӕн ис, Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ адӕм «се ’ппӕт дӕр тӕригъӕд [кӕй] ракодтой» (Ром. 3:23). Йегъовӕ нын нӕ рӕдыдтытӕм нӕ ныккомкоммӕ вӕййы ӕмӕ, алцӕмӕй ӕххӕст уӕм, уый нӕ нӕ домы. Уый у нӕ уарзӕгой Фыд ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна. Стӕй ма у фӕразон. Уый уыны, нӕ хъӕндзинӕдтимӕ куыд тох кӕнӕм ӕмӕ куыд архайӕм, цӕмӕй нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсӕм. Ӕмӕ нын баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ у (Ром. 7:18, 19).

Йегъовӕйӕ нӕ хорз хъуыддӕгтӕ рох не сты ӕмӕ, ныртӕккӕ хорзӕй цы аразӕм, уый дӕр уыны (кӕс 5 абзац) *

4, 5. 1 Иоанны 3:19, 20 стихтӕм гӕсгӕ, Деборӕ ӕмӕ Марийӕйӕн цы баххуыс кодта сӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн?

4 Ӕркӕсӕм Деборӕ ӕмӕ Марийӕйы цӕвиттонтӕм *. Деборӕйы гыццылӕй йӕ бинонтӕ арӕх ӕфхӕрдтой. Ӕппӕлгӕ дӕр-иу дзы искуы иу хатт йеддӕмӕ нӕ ракодтой. Уый тыххӕй стырӕй дӕр йӕхимӕ ницӕйаг каст. Ӕмӕ-иу гыццыл истӕмӕй дӕр куы фӕрӕдыд, уӕд-иу ӕм афтӕ каст, ӕмӕ уымӕй ӕвзӕрдӕр адӕймагӕн скӕнӕн нӕй. Марийӕ дӕр-иу йӕ бинонтӕй ӕдзух ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ хъуыста. Ӕмӕ уый тыххӕй уый дӕр афтӕ хъуыды кӕнын райдыдта, ӕмӕ ницӕмӕн бӕззы. Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сси, уӕд дӕр ма йӕм афтӕ каст, ӕмӕ, Хуыцауы ном хӕсса, уый аккаг нӕу!

5 Фӕлӕ ацы дыууӕ хойы Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кодтой. Уыдон-иу Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй куывтой, ӕмӕ йыл афтӕмӕй сӕ уаргъ сӕвӕрдтой (Пс. 55:22). Деборӕ ӕмӕ Марийӕ бамбӕрстой, нӕ уарзӕгой Фыд кӕй зоны, царды цытӕ бавзӕрстам, уыдӕтты тыххӕй хатт нӕхимӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕй фӕкӕсӕм. Фӕлӕ Йегъовӕ фӕуыны нӕ хорз миниуджытӕ дӕр, кӕд нӕхимӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нӕм иу хорз миниуӕг дӕр нӕй, уӕддӕр. (Бакӕс 1 Иоанны 3:19, 20.)

6. Адӕймаг цавӕрдӕр ӕвзӕр хъуыддаг ныууадзыныл куы архайа, фӕлӕ та куы фӕрӕдийа, уӕд ӕм, гӕнӕн ис, цавӕр хъуыдытӕ фӕзына?

6 Гӕнӕн ис, адӕймаг архайа цавӕрдӕр ӕвзӕр хъуыддаг ныууадзыныл, фӕлӕ йын уый афтӕ ӕнцон ма уа. Ӕмӕ та, чи зоны, фӕрӕдийа, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ ныфс асӕтта. Тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл ӕрхуды, ӕмӕ уый хорз у (2 Кор. 7:10). Фӕлӕ-иу хъуамӕ нӕхи ӕгӕр ма хӕрӕм ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм: «Мӕнӕй никуы ницы рауайдзӕн. Йегъовӕ мын никуы ныххатыр кӕндзӕн». Уыдон раст хъуыдытӕ не сты. Ахӕм зондыл хӕст куы уӕм, уӕд, гӕнӕн ис, Йегъовӕйӕн дӕр мауал лӕггад кӕнӕм. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Ӕмбисӕндты 24:10 стихы цы бакастыстӕм, уый. Нӕ ныфс куы асӕтта, уӕд нӕм тых нӕ уыдзӕн. Уӕдӕ-иу куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Хъуамӕ-иу Йегъовӕимӕ «аныхас кӕнӕм ӕмӕ хъуыддӕгтӕ равзарӕм», ома-иу ӕм скувӕм ӕмӕ дзы курӕм, цӕмӕй нын ныххатыр кӕна (Ис. 1:18). Йегъовӕ куы фена, ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодтам, уӕд нын ныххатыр кӕндзӕн. Хъӕудзӕн ма нӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм дӕр бацӕуын. Уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй та Йегъовӕмӕ баввахс уӕм (Иак. 5:14, 15).

7. Раст цы у, уый аразын нын зын куы уа, уӕд нӕ ныфс цӕуылнӕ хъуамӕ асӕтта?

7 Жан-Люк у хистӕр нӕлгоймаг, цӕры Францийы. Ӕмӕ, цавӕрдӕр ӕвзӕр хъуыддаг ныууадзыныл чи фӕархайы, уыдонӕн афтӕ фӕзӕгъы: «Йегъовӕ рӕстгӕнӕгыл, рӕдигӕ чи нӕ кӕны, ахӕм адӕймаджы нӕ нымайы. Уый рӕстгӕнӕгыл нымайы, йӕ рӕдыдтыты тыххӕй йӕхиуыл чи ӕрхуды ӕмӕ алкӕддӕр чи ӕрфӕсмон кӕны, ахӕм адӕймаджы» (Ром. 7:21–25). Кӕд дӕуӕн дӕр зын у цавӕрдӕр ӕвзӕр ахуыр ныууадзын, уӕд афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ ницӕйаг дӕ. Мах не ’ппӕт дӕр рӕдийӕм, фӕлӕ нӕ алкӕмӕн дӕр Йегъовӕ йӕ рӕдыдтытӕ ныххатыр кӕны йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы (Еф. 1:7; 1 Иоан. 4:10).

8. Ныфссаст куы вӕййӕм, уӕд нӕ бон кӕмӕй вӕййы ӕххуыс ракурын?

8 Нӕ хотӕ ӕмӕ нын не ’фсымӕртӕ нӕ ныфсыл ныфс бафтауынц. Нӕ бон сын вӕййы, цӕуыл тыхсӕм, уый радзурын. Уыдон нӕм лӕмбынӕг байхъусынц, стӕй нын исты зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ фӕзӕгъынц (Ӕмб. 12:25; 1 Фес. 5:14). Иу нигериаг хо, Джой, зӕгъы: «Мӕ хотӕ ӕмӕ мын ме ’фсымӕртӕ куы нӕ уыдаиккой, уӕд куыд кодтаин? Кӕй мӕ бафидар кӕнынц, уый мын ууыл дзурӕг у, ӕмӕ мын Йегъовӕ мӕ куывдтытӕн дзуапп дӕтты. Уыдонӕй ма мӕхӕдӕг дӕр сахуыр дӕн, ныфссаст чи у, уыдонӕн сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын». Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ алкӕд кӕй нӕ фӕзонынц, ныфссаст кӕй стӕм. Ӕмӕ хатт нӕхи бахъӕуы фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕй искӕмӕ бацӕуын ӕмӕ йын зӕгъын, ӕххуыс нӕ кӕй хъӕуы.

РЫНЧЫН КУЫ УӔМ

9. Псалом 41:3 стих ӕмӕ 94:19 стих нын нӕ ныфсыл ныфс куыд ӕфтауынц?

9 Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур. Адӕймаг йӕ сӕрӕн куы нӕ вӕййы, уӕлдайдӕр та уӕззау низӕй рынчын куы вӕййы, уӕд хатт йӕхимӕ ныхъхъусы. Йегъовӕ нӕ нырма диссаджы хуызы не сдзӕбӕх кӕны. Фӕлӕ нын нӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕны ӕмӕ нын тыхтӕ ратты, цӕмӕй низӕн фӕразӕм. (Бакӕс Псалом 41:3; 94:19.) Исты ӕххуыс нӕ куы фӕхъӕуы, зӕгъӕм, хӕдзары куыстытӕ бакӕнын кӕнӕ та истытӕ балхӕнын, уӕд йӕ бон у хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты баразӕнгард кӕнын, цӕмӕй нӕм фӕкӕсой. Кӕнӕ та йӕ бон у не ’фсымӕрты баразӕнгард кӕнын, цӕмӕй немӕ скувой. Йегъовӕ ма нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, чи нӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм хъуыдытӕ Библийӕ, зӕгъӕм, тагъд рӕстӕджы ног дунейы ӕххӕст кӕй суыдзыстӕм ӕмӕ нӕ ӕппындӕр кӕй ницыуал рисдзӕн (Ром. 15:4).

10. Исангӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй йӕхимӕ ма ныхъхъуыстаид?

10 Исанг цӕры Нигерийы. Иухатт ыл ӕвирхъау бӕллӕх ӕрцыд, ӕмӕ йӕ буар астӕуӕй дӕлӕмӕ нал змӕлыд. Дохтыр ын куы загъта, йӕ бон цӕуын кӕй никуыуал уыдзӕн, уӕд арвыцӕфау фӕци ӕмӕ йӕ ныфс тынг асаст. Фӕлӕ уӕддӕр йӕхимӕ нӕ ныхъхъуыста. Цы йын баххуыс кодта? Исанг загъта: «Мӕ бинойнагимӕ ӕдзух Йегъовӕмӕ куывтам ӕмӕ йын йӕ Ныхас иртӕстам. Стӕй нӕхицӕн загътам, фылдӕр нӕ арфӕдзинӕдтыл ӕмӕ нын ног дунейы цӕрыны ныфс кӕй ис, ууыл кӕй хъуыды кӕндзыстӕм».

Рынчын кӕнӕ нӕфӕразгӕ чи у, уыдонӕн дӕр сӕ бон у ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнын (кӕс 11–13 абзацтӕ)

11. Синдимӕ уӕззау низ куы ссардтой, уӕд ын цы баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ зӕрдӕйы циндзинад уыдаид?

11 Синди цӕры Мексикӕйы. Ацы хомӕ ссардтой, адӕймаг мӕлгӕ дӕр кӕмӕй акӕны, ахӕм низ. Цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй йӕхимӕ ма ныхъхъуыстаид? Рынчындоны йӕ куы схуыссын кодтой, уӕд йӕ разы нысан сӕвӕрдта, алы бон дӕр искӕмӕн хорз хабар кӕй хъусын кӕндзӕн. Синди ныффыста: «Уый мын ӕххуыс кодта, цӕмӕй фылдӕр иннӕтыл хъуыды кодтаин, мӕ операцийыл, мӕ рыстытыл ӕмӕ мӕ низыл нӕ, фӕлӕ. Дохтыртимӕ ӕмӕ-иу иннӕ кусджытимӕ куы ныхас кодтон, уӕд-иу сӕ фыццаг сӕ бинонтӕй афарстон. Стӕй-иу сӕ бафарстон, ахӕм зын куыст цӕмӕн равзӕрстой. Афтӕмӕй-иу бамбӕрстон, сӕ зӕрдӕ сын фылдӕр цы бацагайдзӕн ӕмӕ семӕ цӕуыл ис аныхас кӕнӕн. Цалдӕрӕй загътой, зӕгъгӕ, дам, афтӕ арӕх нӕ вӕййы, цӕмӕй нӕ рынчынтӕ фӕрсой, куыд стӕм, уымӕй. Ӕмӕ-иу мын арфӕтӕ кодтой. Иуӕй-иутӕ ма мын сӕ адристӕ кӕнӕ сӕ телефонты номыртӕ дӕр радтой. Уыцы зын рӕстӕг мын Йегъовӕ ахӕм циндзинад радта, ӕмӕ мӕхӕдӕг дӕр дисӕй мардтӕн!» (Ӕмб. 15:15).

12, 13. Рынчын кӕнӕ нӕфӕразгӕ чи у, уыдонӕй чидӕртӕ хорз хабар куыд хъусын кӕнынц ӕмӕ сын цы бантысы?

12 Рынчын кӕнӕ нӕфӕразгӕ чи у, уыдонӕн сӕ бон нӕ вӕййы, цас сӕ фӕндид, уыйбӕрц хъусын кӕнын, ӕмӕ уый тыххӕй сӕ ныфс асӕтты. Фӕлӕ сӕ бирӕтӕ уӕддӕр хорз хабар хъусын кӕнынӕн фадӕттӕ ссарынц. Хо Лорел царди Америкӕйы Иугонд Штатты. Уый 37 азы дӕргъы хуыссыд, «ӕфсӕйнаг рӕуджытӕ» кӕй хонынц, уыцы аппараты мидӕг! Уымӕй уӕлдай ма йӕм уыди рак, скодтой йын цалдӕр операцийы, стӕй ма ӕндӕр низтӕй дӕр хъӕрзыд. Фӕлӕ уый уӕддӕр хорз хабар хъусын кодта, хӕдзармӕ-иу ӕм чи ’рбацыд, уыцы медицинон хотӕн ӕмӕ ӕндӕр медицинон кусджытӕн. Лорел рӕстдзинад базонынӕн баххуыс кодта ӕппынкъаддӕр 17 адӕймагӕн! *

13 Ришар у хистӕр нӕлгоймаг, цӕры Францийы. Искуыдӕм цӕуын йӕ бон кӕмӕн нӕу кӕнӕ зӕрӕдты хӕдзары чи цӕры, уыдонӕн сӕ бон хъусын кӕнын куыд у, уый тыххӕй загъта: «Сӕ бон вӕййы нӕ публикацитӕй гыццыл стенд скӕнын. Уый кӕмӕдӕрты цымыдисаг фӕкӕсы, ӕмӕ сын афтӕмӕй ныхас бацайдагъ вӕййы. Ӕмӕ уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ тынг бафидар вӕййынц». Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын йӕ бон кӕмӕн нал у, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ма сӕ бон вӕййы писмотӕ фыссын ӕмӕ телефонӕй хъусын кӕнын дӕр.

ХУЫЦАУЫ ХЪУЫДДАДЖЫ ЦӔМӔ БӔЛЛӔМ, УЫЙ НӔ КЪУХЫ КУЫ НЕ ’ФТА

14. Паддзах Давид нын фӕзминаг цӕмӕй у?

14 Чи зоны нӕ фӕнды ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын йе та ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Фӕлӕ не ’нӕниздзинады тыххӕй, азтӕ ныл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй кӕнӕ ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй уымӕн гӕнӕн нӕй. Ӕркӕсӕм-ма, ахӕм уавӕры паддзах Давид куыд бакодта, уымӕ. Уый тынг бӕллыд Хуыцауы кувӕндон саразынмӕ. Фӕлӕ стӕй базыдта, уый йӕ кӕй нӕ сараздзӕн. Ӕмӕ, Хуыцау уыцы хъуыддагӕн кӕй равзӕрста, уымӕн баххуыс кодта, йӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр уыд, уымӕй. Кувӕндон саразынӕн ма радта бирӕ сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист дӕр. Давид нын фӕзминаг куыннӕ у! (2 Сам. 7:12, 13; 1 Аз. 29:1, 3–5).

15. Гугойӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй йӕхимӕ ма ныхъхъуыстаид?

15 Гуго цӕры Францийы. Йе ’нӕниздзинад кӕй фӕцудыдта, уый тыххӕй йӕ бон хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнын нал уыд. Стӕй хӕдзары хуымӕтӕг хъуыддӕгтӕ аразын дӕр йӕ бон нал уыд. Уый ныффыста: «Мӕхимӕ ницӕйаг ӕркастӕн ӕмӕ мӕ ныфс асаст. Фӕлӕ фӕстӕдӕр бамбӕрстон, мӕ бон алцы аразын кӕй нал уыд, ууыл мӕт кӕнын кӕй нӕ хъӕуы. Ӕмӕ мын уӕд циндзинад хӕссын райдыдта, Йегъовӕйы хъуыддаджы уӕддӕр мӕ бон цыдӕр аразын кӕй уыд, уый. Мӕхицӕн загътон, мӕ къухтӕ кӕй не ’руадздзынӕн. Кӕд Гедеон ӕмӕ, йемӕ цы ӕртӕсӕдӕ хӕстоны уыди, уыдон тынг фӕллад уыдысты, уӕддӕр дарддӕр се знӕгтимӕ хӕцыдысты. Ӕмӕ ӕз дӕр уыдонау дарддӕр тох кӕндзынӕн!» (Тӕрх. 8:4).

16. Зӕдтӕ нын фӕзминаг цӕмӕй сты?

16 Хуыцауы иузӕрдион зӕдтӕ дӕр нын фӕзминаг сты. Паддзах Ахавы заман Йегъовӕ йӕ зӕдты бафарста, Ахавы уӕ бон куыд у асайын, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын иуӕй-иутӕ сӕ хъуыдытӕ загътой. Фӕлӕ Хуыцау ӕрмӕстдӕр иу зӕдӕн загъта, бантысдзӕн дын, зӕгъгӕ, ӕмӕ уымӕн бахӕс кодта уыцы хъуыддаг (1 Пад. 22:19–22). Цымӕ иннӕ зӕдтӕн сӕ ныфс асаст ӕмӕ сӕ исчи афтӕ хъуыды кодта, ӕз та ма мӕ сӕр цӕуыл риссын кодтон, зӕгъгӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Зӕдтӕ сӕрныллӕг сты ӕмӕ сӕ фӕнды ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы кадджын кӕнын (Тӕрх. 13:16–18; Рарг. 19:10).

17. Хуыцауы хъуыддаджы цӕмӕ бӕллӕм, уый нӕ къухы куы не ’фта кӕнӕ уымӕн гӕнӕн куы нӕ уа, уӕд нӕ бон цы у аразын?

17 Дӕ зӕрдыл дар, Хуыцауы ном хӕссын ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын стыр кад кӕй у. Чи зоны, абон нӕ бар цавӕрдӕр хӕстӕ ис, райсом та – нал. Йе та абон ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнӕм, райсом та – нал. Нӕ бар цавӕрдӕр хӕстӕ кӕй ис, Хуыцау нын уый тыххӕй нӕ аргъ кӕны. Хуыцауӕн, стӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн зынаргъ уӕд уыдзыстӕм, сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ куы уӕм. Уӕдӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур, цӕмӕй дӕм ацы миниуджытӕ дарддӕр дӕр уой. Хъуыды кӕн, Библийы цы сӕрныллӕг лӕггадгӕнджыты кой ис, уыдоны цӕвиттонтыл. Ӕмӕ алкӕддӕр цӕттӕ у де ’фсымӕртӕн балӕггад кӕнынмӕ (Пс. 138:6; 1 Пет. 5:5).

ХОРЗ ХАБАРМӔ КӔМ НӔ ХЪУСЫНЦ, АХӔМ ТЕРРИТОРИЙЫ КУЫ ХЪУСЫН КӔНӔМ

18, 19. Кӕд уӕ территорийы адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз хабармӕ нӕ хъусынц, уӕд дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дӕ циндзинад ма ’рмынӕг уа?

18 Чи зоны, уӕ территорийы адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз хабармӕ нӕ хъусынц, йе та, куы фӕхъусын кӕныс, уӕд бирӕтӕ хӕдзары нӕ вӕййынц. Ӕмӕ уыдӕтты тыххӕй, гӕнӕн ис, дӕ ныфс асӕтта. Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дӕ циндзинад ма ’рмынӕг уа кӕнӕ дын дӕ лӕггад фылдӕр циндзинад хӕсса? Уый фӕдыл хорз уынаффӕтӕ ис рамкӕйы « Дӕ бон куыд у дӕ лӕггад фӕхуыздӕр кӕнын?». Ахсджиаг ма у, цӕмӕй дӕ лӕггадмӕ раст цӕстӕй кӕсай. Уый тыххӕй цы хъӕуы аразын?

19 Мах сӕйраджыдӕр хъусын кӕнӕм, цӕмӕй адӕмӕн Хуыцауы ном ӕргом кӕнӕм ӕмӕ сын йӕ Паддзахады тыххӕй дзурӕм. Йесо бӕлвырд бамбарын кодта, цардмӕ цы фӕндаг кӕны, уый бирӕтӕ кӕй не ссардзысты (Матф. 7:13, 14). Уацамынды куы вӕййӕм, уӕд ӕмгуыст фӕкӕнӕм Йегъовӕимӕ, Йесоимӕ ӕмӕ зӕдтимӕ. Ӕмӕ уый у стыр кад (Матф. 28:19, 20; 1 Кор. 3:9; Рарг. 14:6, 7). Йегъовӕ йӕхимӕ ӕрбакӕны, аккаг чи у, ахӕм адӕймӕгты (Иоан. 6:44). Ӕмӕ нӕм кӕд адӕймаг абон нӕ байхъуыста, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕм ӕндӕр хатт дӕр нӕ байхъусдзӕн.

20. Йеремийы 20:8, 9 стихтӕм гӕсгӕ, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕхимӕ ма ныхъхъусӕм?

20 Ахъуыды-ма кӕнӕм, пехуымпар Йереми куыд лӕггад кодта, ууыл. Хуыцауы ныхас кӕм хъусын кодта, уыцы территорийы йӕм бирӕтӕ нӕ хъуыстой. Адӕм ӕй «бон-изӕрмӕ» ӕфхӕрдтой ӕмӕ дзы хынджылӕг кодтой. (Бакӕс Йеремийы 20:8, 9.) Уый тыххӕй иуафон йӕ ныфс асаст, ӕмӕ йӕ Хуыцауы ныхас дзурын дӕр нал фӕндыд. Фӕлӕ цымӕ йӕ бон баци хъусӕй лӕууын? Нӕ баци. «Йегъовӕйы ныхас» йӕ мидӕг сыгъд пиллон артау, ӕмӕ йӕ йӕ бон уромын нӕ уыд! Махӕн дӕр нӕ бон нӕ уыдзӕн «Йегъовӕйы ныхас» нӕ мидӕг уромын, Библи алы бон дӕр куы кӕсӕм ӕмӕ йыл арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд. Ӕмӕ нын уӕд нӕ лӕггад фылдӕр циндзинад хӕсдзӕн, стӕй ӕнтыстджындӕр уыдзыстӕм (Йер. 15:16).

21. Ныфссаст куы уӕм, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй та-иу нӕ ныфс бацӕуа?

21 Статьяйы райдианы кӕй кой уыд, уыцы хо, Деборӕ, загъта: «Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй-иу нӕ ныфс асӕтта. Йӕ къухы уый тыхджын хӕцӕнгарз у». Фӕлӕ Хӕйрӕджы хӕцӕнгӕрзтӕ Йегъовӕйӕн хъазӕнтӕй уӕлдай не сты. Уӕдӕ дӕ ныфс цӕйфӕнды тыххӕй ма асӕтта,– Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур. Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ рӕдыдтыты ӕмӕ дӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй дӕхимӕ ма ныхъхъусай. Баххуыс дын кӕндзӕн, рынчын куы уай, уӕд дӕр. Баххуыс ма дын кӕндзӕн, Хуыцауы хъуыддаджы дӕ бон аразын цы у, уымӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн. Стӕй дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ дӕ циндзинад ма ’рмынӕг уа. Дӕ уӕларвон Фыдӕн-иу радзур, цыдӕриддӕр дӕ тыхсын кӕны, уый. Ӕмӕ дын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй та дӕ ныфс бацӕуа!

41 ЗАРӔГ О Хуыцау, фехъус мӕ

^ 5 абз. Хатт алкӕмӕн дӕр йӕ ныфс цӕйдӕр тыххӕй асӕтты. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, ахӕм уавӕры нӕ бон саразын цы вӕййы, ууыл. Мах фендзыстӕм, Йегъовӕ-иу нын ӕнӕмӕнг кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй та-иу нӕ ныфс бацӕуа.

^ 4 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

^ 12 абз. Лорел Низбеты биографи бакӕсӕн ис 1993 азы 22 январы «Райхъал ут!»-ы (англ.).

^ 69 абз. НЫВ. Хойӕн цӕйдӕр тыххӕй йӕ ныфс асаст. Фӕлӕ йӕ раздӕры лӕггадыл хъуыды кӕны ӕмӕ Йегъовӕмӕ кувы. Зоны йӕ, раздӕр цы арӕзта, уый Йегъовӕйӕ рох кӕй нӕу ӕмӕ, ныр цы аразы, уый дӕр кӕй уыны.