Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

52 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Нифссаст ку уӕн, уӕд нин ци банхус кӕндзӕй?

Нифссаст ку уӕн, уӕд нин ци банхус кӕндзӕй?

«Дӕ уаргъ Йеговӕбӕл исӕвӕрӕ, ӕма дин е банхус кӕндзӕй» (ПС. 55:22).

33 ЗАР Дӕ уаргъ Йеговӕбӕл исӕвӕрӕ

РАЗДЗУРД *

1. Адӕймаг нифссаст ку уа, уӕд е лӕгъуз цӕмӕн ӕй?

АЛЛИ бон дӕр цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдтӕбӕл фембӕлӕн. Ӕма нифссаст ку уӕн, уӕд нин сӕ сӕрти хезун зиндӕр уодзӕй. Мадта, гъӕуама архайӕн, цӕмӕй зин уавӕри нӕ нифс, нӕ хъаурӕ ӕма нӕ цийнӕ ма фесӕфа. Ӕмбесӕндти 24:10 финст ӕй: «Зин сахат дӕ нифс ку басӕтта, уӕд дӕмӕ хъаурӕ кӕцӕй уодзӕй?»

2. Нӕ нифс цӕй туххӕй басӕттуй ӕма аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

2 Адӕймагӕн берӕ цӕйдӕрти туххӕй басӕттуй ӕ нифс. Зӕгъӕн, ӕ рӕдудтити туххӕй, ести нези туххӕй кенӕ, хъӕбӕр кӕмӕ бӕлдтӕй, еци ихӕстӕ ин ке нӕ равардтонцӕ, уой туххӕй, кенӕ ба адӕн хуарз хабармӕ ке нӕ игъосунцӕ, уой туххӕй. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, уӕхӕн уавӕрти нин цӕхуӕн унаффитӕ банхус кӕндзӕнцӕ, уомӕ.

НЕ ’НӔНХӔСТДЗИЙНАДӔ

3. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕхемӕ раст цӕстӕй кӕсӕн?

3 Хатгай нӕ рӕдудтити туххӕй нӕхемӕ нецӕййаг ӕркӕсӕн, удта уотӕ сагъӕс кӕнун райдайӕн, цума нӕ Йеговӕ нӕуӕг дуйней цӕруни аккагбӕл нӕ нимайуй. Уӕхӕн сагъӕстӕ хъӕбӕр тӕссаг ӕнцӕ. Мадта нӕхемӕ цӕхуӕн цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн? Библий куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Киристейӕй уӕлдай еугурӕйдӕр тӕрегъӕдгун ӕнцӕ (Ром. 3:23). Фал нин Йеговӕ айдагъ нӕ рӕдудтитӕмӕ нӕ фӕккӕсуй. Е уарзӕгой Фидӕ ӕй ӕма нӕбӕл тухсуй. Удта хъӕбӕр фӕразон ӕй. Зонуй ӕй, цӕйбӕрцӕ хъауритӕ нӕ фӕгъгъӕуй нӕ рӕдудтити ӕма нӕ нифссӕттӕн сагъӕсти хӕццӕ тох кӕнунмӕ, ӕма нин банхус кӕнунмӕ алкӕддӕр цӕттӕ фӕууй (Ром. 7:18, 19).

Йеговӕ нӕ иронх кӕнуй, раздӕр ке кодтан ӕма нур ке кӕнӕн, еци хуарз гъуддӕгтӕ (кӕсӕ 5 абзац) *

4, 5. Деборӕ ӕма Марийӕ 1 Иоанни 3:19, 20 финст дзурдтӕй ци балӕдӕрдтӕнцӕ?

4 Ӕркӕсӕн нӕ хуӕртӕ Дебори ӕма Марийи * хабӕрттӕмӕ. Деборӕ ма сувӕллон ку адтӕй, уӕд рӕвдуд цох адтӕй, удта ’й ӕстаугӕ дӕр некӕд кодтонцӕ, ӕма гъе уой туххӕй ку исустур ӕй, уӕд ӕхемӕ нецӕййаг кастӕй. Еу минкъий естӕми ку фӕррӕдуйидӕ, уӕддӕр имӕ уотӕ кӕсидӕ, ӕма си некӕд неци рауайдзӕй. Марийӕн дӕр ӕ хабар уотӕ адтӕй. Ӕ бийнонтӕй ӕфхуӕрӕн дзубандитӕй ӕндӕр неци игъуста, ӕма уой туххӕй ку исустур ӕй, уӕд е дӕр ӕхемӕ нецӕййаг кастӕй. Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун ку райдӕдта, уӕд дӕр имӕ уотӕ кастӕй ӕма Хуцауи ном хӕссуни аккаг нӕй.

5 Фал уӕддӕр еци хуӕртӕ сӕ лӕггадӕ нӕ ниууагътонцӕ. Цума син ци банхус кодта? Йеговӕмӕ зӕрдибунӕй кувтонцӕ ӕма ин дзурдтонцӕ, цӕбӕл тухстӕнцӕ, уой (Пс. 55:22). Ба ’й лӕдӕрдтӕнцӕ, Йеговӕ сӕ хуарз ке лӕдӕруй, уомӕн ӕма ’й зонуй, цӕхуӕн цард син адтӕй, уой, удта ма син сӕ хуарз менеугутӕ дӕр ке уинуй, сӕхуӕдтӕ ке нӕ фӕууинунцӕ, уони дӕр. (Бакӕсӕ 1 Иоанни 3:19, 20.)

6. Еци еу гъуддаги ка фӕррӕдуйуй, уонӕмӕ арӕх цӕхуӕн гъудитӕ фӕззиннуй?

6 Арӕх фӕууй уотӕ, ӕма адӕймаги бон нӕ фӕууй ӕхе цидӕр лӕгъуз гъуддагӕй ратонун. Ӕма бабӕй еци гъуддаги ку фӕррӕдуйуй, уӕд ӕхе хуӕрун райдайуй. Фал нӕ ести рӕдуди туххӕй нӕ цӕсгон ку хуӕра, уӕд е лӕгъуз нӕй (2 Кор. 7:10). Гъӕуама уотӕ ма сагъӕс кӕнӕн: «Некӕд ми неци рауайдзӕй. Йеговӕ мин нӕ ниххатир кӕндзӕй». Нӕхемӕ уӕхӕн цӕстӕй ку кӕсӕн, уӕд, гӕнӕн ес, ӕма нӕ лӕггадӕ дӕр ниууадзӕн. Нифссаст ку уӕн, уӕд нӕмӕ хъаурӕ кӕцӕй уодзӕй? (Ӕмб. 24:10). Мадта гъӕуама нӕхе Йеговӕбӕл бӕттӕн ӕма имӕ ковӕн (Ис. 1:18). Ӕма зӕрдиагӕй ке ӕрфӕсмон кодтан, уой Йеговӕ ку фӕууина, уӕд нин ниххатир кӕндзӕй. Удта ма гъӕуама хестӕр нӕлгоймӕгтӕй дӕр ӕнхус ракорӕн. Етӕ алкӕддӕр цӕттӕ фӕуунцӕ махӕн банхус кӕнунмӕ (Иак. 5:14, 15).

7. Раст ци ӕй, уой кӕнун нин зин ку уа, уӕддӕр нӕ нифс цӕмӕннӕ гъӕуама сӕтта?

7 Францийӕй еу хестӕр нӕлгоймаг Жан-Люк зӕгъуй: «Йегови цӕсти рӕстгӕнӕг, ка некӕд рӕдуйуй, уӕхӕн адӕймаг нӕй, фал ӕ рӕдудтитӕбӕл алкӕддӕр ка ӕрфӕсмон кӕнуй, е» (Ром. 7:21–25). Мадта дӕхе ӕгӕр ма хуӕрӕ, ести гъуддаги бабӕй нӕуӕгӕй ку фӕррӕдуйай, уӕд. Рӕдуйгӕ ни алкедӕр кӕнуй, ӕма неке бон ӕй ӕхе Хуцауи рази исраст кӕнун. Фал Хуцау е ’стур хуарзӕнхӕй ци нивонд ӕрхаста, уой фӕрци нӕ рӕстгӕнгутӕбӕл нимайуй (Еф. 1:7; 1 Иоан. 4:10).

8. Нифссаст ку фӕууӕн, уӕд ӕнхус кӕмӕй гъӕуама корӕн?

8 Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй ӕнхус корӕ. Нӕ зӕрди риститӕ нӕ ескӕмӕн радзорун ку бафӕндӕуа, уӕд нин уонӕй хуӕздӕр неке банхус кӕндзӕй. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ нӕмӕ байгъосдзӕнцӕ ӕма нӕ фӕлмӕн дзурдӕй бафедар кӕндзӕнцӕ (Ӕмб. 12:25; 1 Фес. 5:14). Нигерийӕй еу хуӕрӕ Джой ӕхемӕ арӕх нийгъосидӕ ӕма зӕгъуй: «Ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ку н’ адтайуонцӕ, уӕд магъа цитӕ кодтайнӕ. Се ’нхусӕй ӕй уинун, Йеговӕ мин мӕ кувдтитӕбӕл дзуапп ке дӕттуй. Уони фӕрци ӕз дӕр базудтон, нифссаст ка ӕй, уонӕн ӕнхус кӕнун». Фал ӕй гъӕуама лӕдӕрӕн: хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ алкӕд нӕ фӕууинунцӕ, бафедар кӕнун нӕ ке гъӕуй, уой. Мадта ӕнхус ракорунмӕ гъӕуама ӕфсӕрми ма кӕнӕн.

НЕЗИ ХӔЦЦӔ КУ ТОХ КӔНӔН

9. Псалом 41:3 ӕма 94:19 финст дзурдтӕ нин нӕ нифс куд федар кӕнунцӕ?

9 Йеговӕй ӕнхус коретӕ. Ести нези хӕццӕ ку фӕттох кӕнӕн, уӕлдайдӕр ба исдзӕбӕх кӕнӕн кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн нези хӕццӕ, уӕд нин цардбӕл цийнӕ кӕнун уӕлдай зиндӕр фӕууй. Кӕд нӕ абони Йеговӕ незтӕй не ’сдзӕбӕх кӕнуй, уӕддӕр нин уодӕнцойнӕ ӕма хъауритӕ раттуй. (Бакӕсӕ Псалом 41:3; 94:19.) Зӕгъӕн, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти баразӕнгард кӕнуй, цӕмӕй нин банхус кӕнонцӕ. Еуетӕ нин хӕдзари кустӕгти банхус кӕнунцӕ, иннетӕ нин туканмӕ бауайунцӕ, удта еске нӕ хӕццӕ ку раковуй, уӕддӕр нин фенцондӕр уй. Уомӕй уӕлдай ма нин Хуцауи Дзурд дӕр устур уодӕнцойнӕ хӕссуй, зӕгъӕн, нӕуӕг дуйней незтӕ ӕма гъезӕмарӕ ке нӕбал уодзӕй, уой туххӕй ку фӕккӕсӕн, уӕд (Ром. 15:4).

10. Исангӕн ци банхус кодта, цӕмӕй ӕ нифс ма басастайдӕ?

10 Нигерий ка цӕруй, еу уӕхӕн ӕнсувӕр Исанг фидбилизи бахаудтӕй, ӕма ин дохтир загъта, цӕун ӕ бон ке некӕдбал исуодзӕй. «Еци хабар ку фегъустон, уӕд мӕ хурфӕ никкалдӕй»,– зӕгъуй Исанг. Цума ин ци банхус кодта, цӕмӕй ӕ нифс ма басастайдӕ? Исанг зӕгъуй: «Мӕ бийнойнаги хӕццӕ Йеговӕмӕ кувтан ӕма ин идарддӕр дӕр ӕ Дзурд ӕртастан. Нӕхецӕн загътан, царди нӕмӕ хуарзӕй цидӕриддӕр ес, удта нин ци дессаги нифс ес, уомӕн алкӕддӕр устур аргъ ке кӕндзиан».

Уӕззау незӕй сӕйгӕ ка ӕй, етӕ дӕр иссерунцӕ фадуӕттӕ игъосун кӕнунмӕ, ӕма син е устур цийнӕ ӕрхӕссуй (кӕсӕ 11–13 абзацтӕ)

11. Синдийӕн цийнӕ ци хаста, кӕд хъӕбӕр садӕй, уӕддӕр?

11 Мексикӕй нӕ хуӕрӕ Синдимӕ лӕгъуз нез разиндтӕй. Цума ин еци рӕстӕг ци банхус кодта? Сӕйгӕдони ку адтӕй, уӕд ӕхецӕн нисан исӕвардта алли бон дӕр ескӕмӕн хуарз хабар радзорун. Синди зӕгъуй: «Уӕхӕн нисан ке исӕвардтон, уой фӕрци операцибӕл, удта мин куд лӕгъуз адтӕй, уобӕл нӕ сагъӕс кодтон, фал адӕнбӕл. Дохтирти хӕццӕ ба дзубанди уотӕ райдайинӕ: „Куда айтӕ? Куд ӕнцӕ уӕ бийнонтӕ?“ Уой фӕсте ба сӕ рафӕрсинӕ, уӕхӕн куст цӕмӕн равзурстонцӕ, уобӕл. Уотемӕй ӕй балӕдӕринӕ, сӕ хӕццӕ цӕбӕл ӕнгъезуй радзорун, уой. Еуӕй-еуетӕ ба мин сӕ адрес ӕма сӕ телефони номертӕ дӕр ниууадзиуонцӕ. Зудтон ӕй, еци зин рӕстӕг исфӕразунмӕ мин Йеговӕ хъауритӕ ке ратдзӕй, фал ма мин уойбӕрцӕ цийнӕ ке ратдзӕй, уой ӕнгъӕл ба н’ адтӕн. Дохтиртӕ мин уотӕ фӕззӕгъиуонцӕ, сӕйгитӕй, дан, арӕх нӕ фегъосдзӕнӕ, куд айтӕ, зӕгъгӕ. Ке сӕ рафӕрститӕ кӕнинӕ, е син ӕхцӕуӕн уидӕ» (Ӕмб. 15:15).

12, 13. Сӕйгӕ ка кӕнуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй беретӕ игъосун кӕнунмӕ цӕхуӕн фадуӕттӕ иссирдтонцӕ ӕма син уой фӕрци ци бантӕстӕй?

12 Е ’нӕнездзийнадӕ хуӕздӕргъӕуагӕ кӕмӕн ӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ арӕх хъӕбӕр нифссаст фӕуунцӕ, игъосун кӕнуни гъуддаги сӕ бон фулдӕр кӕнун ке нӕй, уой туххӕй. Фал си уӕддӕр беретӕ фадуӕттӕ иссерунцӕ хуарз хабар игъосун кӕнунмӕ. Ӕркӕсӕн Америкӕй еу хуӕрӕ Лорели хабармӕ. Цӕмӕй ӕ бон уолӕфун адтайдӕ, уой туххӕй ӕй гъудӕй, «ӕфсӕйнаг рӕугутӕ» ке хонунцӕ, уӕхӕн аппарати хурфи ун. Гъема еци аппарати 37 анзи фӕцӕй! Лорелмӕ ма рак дӕр адтӕй, удта ин устур операцитӕ дӕр искодтонцӕ. Уомӕй уӕлдай ма ӕ бауӕрбӕл дӕр, дзӕбӕх ка нӕ кодта, уӕхӕн нез адтӕй. Фал уӕхӕн зин уавӕрти дӕр адӕнӕн Хуцауи паддзахади туххӕй дзурдта. Хӕдзарӕмӕ имӕ ка ’рбацӕуидӕ, еци дохтиртӕн хуарз хабар игъосун кодта. Гъема Лорели фӕрци тӕккӕ минкъийдӕр 17 адӕймаги иссӕнцӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ *.

13 Францийӕй еу хестӕр нӕлгоймаг Ришар, сӕйгӕдони кенӕ хӕдзари ка фӕууй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн цӕхуӕн унаффитӕ раттуй, уой туххӕй загъта: «Фӕззӕгъун син, цӕмӕй цалдӕр киунуги кенӕ журналтӕ, зингӕ кӕми кӕнонцӕ, уӕхӕн бунати ниввӕронцӕ. Уой фӕрци син еске хӕццӕ хуарз дзубанди рауайуй. Уотемӕй нӕ хъазар хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн сӕ нифс бафедар уй, кӕд сӕ бон хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ игъосун кӕнун нӕбал ӕй, уӕддӕр». Уомӕй уӕлдай ма уӕхӕн киристӕнттӕн сӕ бон ӕй финстӕгутӕ финсун кенӕ телефонӕй игъосун кӕнун.

КӔМӔ БӔЛДТАН, ЕЦИ ИХӔСТӔ НИН КУ НӔ РАТТУНЦӔ

14. Паддзах Давид фӕнзуйнаг цӕмӕй ӕй?

14 Ка ’й зонуй нин нӕ карӕмӕ кенӕ не ’нӕнездзийнадӕмӕ гӕсгӕ ӕмбурди кенӕ райони цӕхуӕндӕр ихӕстӕ нӕбал дӕттунцӕ. Кӕд ду дӕр уӕхӕн уавӕри дӕ, уӕд дӕ бон ӕй паддзах Давиди фӕнзун. Ковӕндонӕ искӕнун ӕй хъӕбӕр фӕндадтӕй, фал Йеговӕ унаффӕ рахаста, Соломон ӕй ке искӕндзӕй. Давид уой ку базудта, уӕд еци унаффӕбӕл исарази ӕй. Ковӕндонӕ искӕнунмӕ ма дуйне сугъзӕрийнӕ ӕма ӕвзестӕ дӕр ӕрӕмбурд кодта (2 Сам. 7:12, 13; 1 Анз. 29:1, 3–5).

15. Анри куд архайдта, цӕмӕй ӕ къохтӕ ма ’руагътайдӕ?

15 Францийӕй еу ӕнсувӕр Анри уӕззау незӕй фӕссӕйгӕ ’й ӕма хестӕр нӕлгоймагӕй нӕбал лӕггадӕ кодта. Уомӕй уӕлдай ма ӕ хӕдзари куститӕ кӕнун дӕр ӕ бон нӕбал адтӕй. Анри зӕгъуй: «Фиццӕгти хъӕбӕр нифссаст адтӕн ӕма ма мӕхемӕ ӕнӕбон дӕр ӕркӕсинӕ. Фал рӕстӕг рацудӕй ӕма ’й балӕдӕрдтӕн, мӕ уавӕртӕбӕл мӕ исахур ун ке гъӕуй. Гъема Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй мӕ бон ци ӕй кӕнун, уобӕл цийнӕ кӕнун райдӕдтон. Мӕ къохтӕ уадзун мӕ нӕ фӕндуй, фал мӕ фӕндуй Гедеони ӕма е 300 ӕфсӕддоней фӕнзун. Етӕ кӕд хъӕбӕр бафӕлладӕнцӕ уӕддӕр знаги хӕццӕ кӕронмӕ дӕр тухтонцӕ» (Тӕрх. 8:4).

16. Изӕдтӕ нин фӕнзуйнаг цӕмӕй ӕнцӕ?

16 Хуарз цӕветтон ма нин ниууагътонцӕ Йегови еузӕрдон изӕдтӕ дӕр. Еухатт сӕ Йеговӕ рафарста, ке бон адтайдӕ фудзӕрдӕ паддзах Ахавбӕл сайдӕй рацӕун. Йеговӕ се ’гасемӕдӕр байгъуста, фал си ӕрмӕстдӕр еуемӕн загъта, ду, дан, ӕй бакӕнӕ еци гъуддаг (1 Пад. 22:19–22). Цума иннӕ изӕдтӕн уой туххӕй сӕ нифс басастӕй? Уотӕ си еске загъта, мӕ рӕстӕг ма цӕбӕл харз кодтон, зӕгъгӕ? Изӕдтӕ ӕцӕгӕйдӕр сӕрниллӕг ӕнцӕ. Уони фӕндуй Йеговӕн кадӕ кӕнун (Тӕрх. 13:16–18; Рарг. 19:10).

17. Кадгин ихӕстӕ нин ку нӕ уа, уӕддӕр нин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ къохтӕ ма уадзӕн?

17 Дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ, Йегови ном хӕссун ӕма Паддзахади хабар игъосун кӕнун устур кадӕ ке ӕй. Абони нин цӕхуӕндӕр кадгин ихӕстӕ ес, исон ба си, гӕнӕн ес, ӕма фенӕхай уӕн, фал нин Йеговӕ уой туххӕй минкъийдӕр аргъ кӕнун нӕ райдайдзӕй. Уомӕн сӕйраг ӕй, цӕмӕй сӕрниллӕг ӕма бонзонгӕ уӕн. Йеговӕ нӕ еци менеугути туххӕй уарзуй, удта хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр. Мадта Йеговӕмӕ ковӕ, цӕмӕй алкӕддӕр бонзонгӕ ӕма сӕрниллӕг уай, удта сагъӕс кӕнӕ, Библий уӕхӕн менеугутӕ ка ӕвдиста, уони хабӕрттӕбӕл. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн балӕггадӕ кӕнунмӕ дӕр цӕттӕ уо (Пс. 138:6; 1 Пет. 5:5).

АДӔН ХУАРЗ ХАБАРМӔ КУ НӔ ИГЪОСОНЦӔ

18, 19. Адӕн нӕмӕ ку нӕ игъосонцӕ, уӕддӕр нин нӕ лӕггадӕ цийнӕ цӕй фӕрци хӕсдзӕй?

18 Ка ’й зонуй, дӕ нифс басӕттуй, адӕн хуарз хабармӕ ку нӕ фегъосунцӕ, кенӕ сӕ хӕдзари ку не ’рбаййафис, уӕд. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй уӕхӕн уавӕри нӕ цийнӕ исӕфгӕ нӕ, фал ма фулдӕр дӕр кӕна? Цалдӕр хуарз унаффи ес рамки « Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нин нӕ лӕггадӕ фулдӕр цийнӕ хӕсса?». Нӕ лӕггадӕмӕ гъӕуама раст цӕстӕй кӕсӕн. Цума уомӕ ци хауй?

19 Иронх ди ма уӕд, нӕ сӕйраг нисан ӕй адӕнӕн Хуцауи номи ӕма ӕ Паддзахади туххӕй дзорун. Йесо комкоммӕ загъта, цардмӕ ка кӕнуй, еци над беретӕ ке не ’ссердзӕнцӕ (Матф. 7:13, 14). Ӕма хуарз хабар игъосун кӕнгӕй мах ӕмгуст кӕнӕн Йегови, Йесой ӕма изӕдти хӕццӕ (Матф. 28:19, 20; 1 Кор. 3:9; Рарг. 14:6, 7). Йеговӕ агоруй, лӕггадӕ кӕнун ин ке фӕндуй, уӕхӕн адӕни (Иоан. 6:44). Адӕймаг нӕмӕ абони ку нӕ байгъоса, уӕддӕр нӕмӕ, ка ’й зонуй, ӕндӕр хатт байгъосдзӕй.

20. Йеремий 20:8, 9 финст дзурдтӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

20 Пахампар Йеремий хабарӕй берӕ цӕбӕлдӕрти ахур кӕнӕн. Хуцау ин баихӕс кодта, ходгӕ ибӕл ка кодта ӕма ’й ӕфхуӕргӕ ка кодта, уӕхӕн адӕнӕн ӕ дзурд фегъосун кӕнун. (Бакӕсӕ Йереми 20:8, 9.) Еу рӕстӕг Йереми гъе уотӕ истухстӕй, ӕма ’й нӕбал фӕндадтӕй Йегови номӕй дзорун. Фал уӕддӕр гъосӕй лӕуун ӕ бон не ’ссӕй. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма Йегови дзурд ӕ реуи арти хузӕн сугъдӕй ӕма ин бауорамӕн н’ адтӕй. Махӕн дӕр нӕ зунд ӕма нӕ зӕрдӕ Хуцауи Дзурди рӕстдзийнадӕй идзаг ку уонцӕ, уӕд мах бон дӕр нӕ уодзӕй гъосӕй лӕуун. Гъе уомӕ гӕсгӕ хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ’й алли бон дӕр Библи кӕсун ӕма ибӕл сагъӕс кӕнун. Уой фӕрци нин нӕ лӕггадӕ фулдӕр цийнӕ хӕсдзӕй, удта нин ӕнтӕсгӕ дӕр фулдӕр кӕндзӕй (Йер. 15:16).

21. Нифссаст ку уӕн, уӕд нин ци банхус кӕндзӕй?

21 «Нифссаст ку уӕн, уӕд Сайтан уомӕй нӕ нихмӕ испайда кӕндзӕй»,– зӕгъуй уӕлдӕр ке кой кодта, еци хуӕрӕ Деборӕ. Фал Йеговӕ Сайтанӕй берӕ хъаурӕгиндӕр ӕй. Мадта нифссаст ку уай, уӕд Йеговӕй корӕ, цӕмӕй дӕ бафедар кӕна. Уой фӕрци дӕ бон уодзӕй дӕ рӕдудтитӕмӕ раст цӕстӕй кӕсун. Ести незӕй ку тухсай, уӕд дӕ Йеговӕ бафедар кӕндзӕй. Удта ма дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ӕмбурди ихӕстӕмӕ раст цӕстӕй кӕсай ӕма адӕн хуарз хабармӕ ку нӕ игъосонцӕ, уӕд дӕ къохтӕ ма уадзай. Дӕ бон ӕй нӕ уӕларвон Фидӕн дзорун, цидӕриддӕр дӕ тухсун кӕнуй, уой. Е дин дӕ нифс бафедар кӕндзӕй.

41 ЗАР О Хуцау, фегъосӕ мӕ

^ 5 абз. Алкӕмӕндӕр ни хатгай ӕ нифс басӕттуй. Аци статьяй базондзиан, уӕхӕн уавӕри нин ци банхус кӕндзӕй, удта нин Йеговӕ ӕхуӕдӕг дӕр куд фенхус кӕнуй, уой.

^ 4 абз. Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.

^ 12 абз. Лорел Низбети биографи бакӕсӕн ес 1993 анзи 22 январи уагъд журнали «Ӕригъал уотӕ!» (англ.).

^ 69 абз. ХУЗӔ. Хуӕрӕн еу минкъий ӕ нифс расастӕй, фал раздӕр ци хуарз гъуддӕгтӕ кодта, етӕ ӕ зӕрди ӕрӕфтудӕнцӕ ӕма Йеговӕмӕ ковуй. Йеговӕ ин сӕ ке нӕ иронх кӕнуй, уобӕл федарӕй ӕууӕндуй.