Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йесо Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы дунейы кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн?

Йесо Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы дунейы кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн?

Айразмӕйы статьяйӕ базыдтам, Библийы афтӕ фыст кӕй ис, ӕмӕ ацы дунейӕн йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн, уый ууыл дзурӕг кӕй нӕу, ӕмӕ зӕхх ӕмӕ адӕм фесӕфдзысты. Кӕрон ӕрцӕудзӕн ацы цардӕвӕрдӕн ӕмӕ фыдгӕнджытӕн. Фӕлӕ ацы дунейӕн йӕ кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй Библийы исты фыст ис?

ӔРКӔСӔМ, ЙЕСО АЦЫ ДУНЕЙЫ КӔРОНЫ ТЫХХӔЙ ЦЫ ЗАГЪТА, УЫМӔ:

«Ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр уыцы бон зонут, нӕдӕр уыцы сахат» (МАТФЕЙЫ 25:13).

«Кӕсут, ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ, уыцы рӕстӕг кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут» (МАРЧЫ 13:33).

Уӕдӕ зӕххыл иу адӕймаг дӕр нӕ зоны, ацы цардӕвӕрды кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый. Фӕлӕ Хуыцау, ацы дунейӕн кӕрон кӕд скӕндзӕн, уымӕн снысан кодта бӕлвырд рӕстӕг, ома бӕлвырд бон ӕмӕ сахат (Матфейы 24:36). Ӕмӕ цымӕ уӕд нӕ бон никуыд у базонын, кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый? Нӕ бон у. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн радзырдта, кӕрон хӕстӕг кӕй у, уый цавӕр хабӕрттӕй уыдзӕн бӕрӕг.

ЙЕСО ЦАВӔР ХАБӔРТТЫ КОЙ КОДТА?

Йесо цы хабӕртты кой кодта, уыдонӕй хъуамӕ бӕрӕг уыдаид, ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ. Йесо загъта: «Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ. Стӕй куы иу ран, куы иннӕ ран адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг ӕмӕ уыдзӕн зӕххӕнкъуыстытӕ» (Матфейы 24:3, 7). Стӕй ма загъта, кӕй сыстдзӕн фыднизтӕ дӕр (Лукайы 21:11). Йесо цы хабӕртты кой кодта, уыдон абон кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый дӕхи цӕстӕй уыныс?

Хӕстытӕ, зӕххӕнкъуыстытӕ, ӕххормагдзинад ӕмӕ низтӕ – ӕппӕт ацы хабӕртты тыххӕй абон адӕм хъизӕмар кӕнынц. Зӕгъӕм, 2004 азы Индийы океаны уыди стыр зӕххӕнкъуыст, ӕмӕ расайдта цунами. Уый аххосӕй фӕмард 225 000 адӕймаджы бӕрц. Ӕртӕ азмӕ коронавирусы пандемийӕйӕ ӕгас зӕххыл дӕр амард 6 900 000 адӕймаджы бӕрц. Йесо загъта, ацы хабӕрттӕй ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хабӕрттӕй кӕй уыдзӕн бӕрӕг, ацы дунейы кӕрон хӕстӕг кӕй у.

«ФӔСТАГ БОНТӔ»

Кӕроны размӕ цы рӕстӕг хъуамӕ уыдаид, уыцы рӕстӕг Библи хоны «фӕстаг бонтӕ» (2 Петры 3:3, 4). 2 Тимофеймӕ 3:1–5 фыст ис, фӕстаг бонты адӕм бынысӕфт кӕй фӕуыдзысты. (Кӕс рамкӕ « Ацы дунейы кӕроны размӕ адӕм цавӕр уыдзысты?».) Ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр сразы уыдзынӕ, абон адӕм хиуарзон, зыдгӕнаг ӕмӕ ӕгъатыр кӕй сты, стӕй кӕрӕдзи кӕй нӕ уарзынц. Уымӕй дӕр бӕрӕг у, ацы дунейы кӕрон хӕстӕг кӕй у.

Фӕстаг бонтӕ цас рӕстӕг ахӕсдзысты? Библимӕ гӕсгӕ уыцы рӕстӕг бирӕ нӕ ахӕсдзӕн. Уый фӕстӕ та Хуыцау фесафдзӕн, «зӕхх чи сафы, уыдоны» (Раргомад 11:15–18; 12:12).

ТАГЪД ЗӔХХЫЛ УЫДЗӔН ДЗӔНӔТ!

Хуыцау, ацы фыддуне кӕд фесафдзӕн, уымӕн бӕлвырд бон ӕмӕ сахат рагӕй снысан кодта (Матфейы 24:36). Фӕлӕ ма ис ноджыдӕр иу хорз хабар: Хуыцауы нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа (2 Петры 3:9). Уый алкӕмӕн дӕр фадат дӕтты, цӕмӕй йын йӕ фӕндон базона ӕмӕ йӕ коммӕ кӕса. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй, ацы дунейы кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд фервӕзӕм ӕмӕ ног дунейы дзӕнӕты цӕрӕм.

Хуыцау адӕмӕн фадат дӕтты, цӕмӕй базоной, сӕ бон цӕй фӕрцы уыдзӕн ног дунейы йӕ Паддзахады дӕлбар цӕрын. Йесо Чырысти загъта, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуыстгонд кӕй хъуамӕ ӕрцӕуа ӕгас зӕххы цъарыл дӕр (Матфейы 24:14). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар хъусын кӕныныл ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныныл бахардз кӕнынц миллиардгай сахӕттӕ. Йесо загъта, хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр хъуыстгонд кӕй ӕрцӕудзӕн, цалынмӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ.

Адӕмы хицаудзинадӕн тагъд кӕрон ӕрцӕудзӕн. Фӕлӕ ис хорз хабар: ацы дунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд дӕ бон уыдзӕн фервӕзын ӕмӕ, Хуыцау зӕрдӕ цы дзӕнӕтӕй бавӕрдта, уым цӕрын. Иннӕ статьяйӕ базондзынӕ, дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ног дунейы цӕрай.

Йесо Чырысти «фӕстаг бонты» тыххӕй цы пехуымпар-ныхӕстӕ загъта, уыдон нын сты ныфсы хос