Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ног дунейы цӕрай?

Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ног дунейы цӕрай?

Айразмӕйы статьяты дзырд цыди, тагъд Хуыцау ацы ӕнӕхуыцау дунейӕн ӕмӕ зындзинӕдтӕн се ’ппӕтӕн дӕр кӕрон кӕй скӕндзӕн. Ӕмӕ афтӕ кӕй уыдзӕн, ууыл нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ нын Хуыцау йӕ Ныхас Библийы зӕрдӕ ӕвӕры:

«Дуне... фӕивгъуыйы» (1 ИОАННЫ 2:17).

Нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, чидӕртӕ кӕй фервӕздзысты, уымӕн ӕмӕ ма уыцы стихы фыст ис:

«Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм».

Уӕдӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй фервӕзӕм, уӕд хъуамӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ, Хуыцауы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый цӕмӕй базонӕм, уый тыххӕй уал ын хъуамӕ йӕхи базонӕм.

ХУЫЦАУЫ БАЗОН, ЦӔМӔЙ ФЕРВӔЗАЙ

Йесо загъта: «Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы» (Иоанны 17:3). Цӕмӕй фервӕзӕм ӕмӕ ӕнустӕм цӕрӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы базонӕм. Хуыцауы тыххӕй цыдӕртӕ зонын ӕмӕ, кӕй ис, ууыл ӕууӕндын фаг нӕу. Хъуамӕ суӕм йе ’ввахс хӕлӕрттӕ. Цӕмӕй дыууӕ ӕмбалы ӕнгомдӕр уой, уый тыххӕй хъуамӕ иумӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитой ӕмӕ кӕрӕдзи хуыздӕр базоной. Раст афтӕ, цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ суӕм, уый тыххӕй-иу хъуамӕ рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, цӕмӕй йӕ хуыздӕр базонӕм. Ӕркӕсӕм Библийӕ цалдӕр ахсджиаг хъуыддагмӕ. Уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ суӕм ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм.

ХУЫЦАУЫ НЫХАС БИБЛИ АЛЫ БОН ДӔР КӔС

Хуыцауӕй ӕххуыс куы курай ӕмӕ йын йӕ фӕндон куы ’ххӕст кӕнай, уӕд дӕ бон уыдзӕн фервӕзын, ацы дунейы кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд

Мах алы бон дӕр фӕхъӕуы хӕрын, цӕмӕй удӕгас уӕм. Фӕлӕ Чырысти загъта: «Адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ цӕры Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр» (Матфейы 4:4).

Абон Йегъовӕйы ныхӕстӕ нӕ бон у Библийы бакӕсын. Уыцы диссаджы чиныг куы ахуыр кӕнай, уӕд дӕ бон уыдзӕн базонын, Хуыцау раджы заманты цы арӕзта, абон цы аразы ӕмӕ фидӕны цы сараздзӕн, уый.

ХУЫЦАУМӔ КУВ ӔМӔ ДЗЫ ӔХХУЫС КУР

Адӕймагӕн цы баххуыс кӕндзӕн, Хуыцауы коммӕ кӕсын ӕй куы фӕнда, фӕлӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы хъуыддӕгтӕ нӕ цӕуы, уыдон ныууадзын ын зын куы уа, уӕд? Хъуамӕ дарддӕр дӕр архайа, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базона.

Ӕркӕсӕм иу сылгоймаджы цӕвиттонмӕ, схонӕм ӕй Сакурӕ. Уый кодта ӕнӕгъдау цард. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд базыдта Хуыцауы фӕдзӕхст, «хӕтындзинадӕй дард лидзут», зӕгъгӕ (1 Коринфӕгтӕм 6:18). Сакурӕ Хуыцауӕй тыхтӕ куырдта, ӕмӕ, Хуыцау йе сӕфт цы хъуыддӕгтӕй уыны, уыдон ныууадзын йӕ бон баци. Фӕлӕ йӕ ныр дӕр хатт фӕхъӕуы ӕвзӕр фӕндтимӕ тох кӕнын. Сакурӕ зӕгъы: «Ӕнӕгъдау хъуыдытӕ мӕм куы фӕзыны, уӕд Йегъовӕмӕ скувын ӕмӕ йын алцыдӕр радзурын, уымӕн ӕмӕ йӕ зонын, мӕхи бон кӕй не суыдзӕн уыцы хъуыдытӕй фервӕзын. Йегъовӕмӕ кӕй фӕкувын, уый фӕрцы йӕм баввахс дӕн». Сакурӕйау милуангай адӕм архайынц, цӕмӕй Хуыцауы базоной. Хуыцау сын ратты тыхтӕ, цӕмӕй сӕ цард фӕивой ӕмӕ йын сӕ цардӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕной (Филиппӕгтӕм 4:13).

Хуыцауы хуыздӕр куы базонӕм, уӕд нӕ уый дӕр зондзӕн ӕмӕ нӕ йӕ хорз хӕлӕрттыл нымайдзӕн (Галатӕгтӕм 4:9; Псалом 25:14). Уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн фервӕзын ӕмӕ Хуыцауы ног дунейы цӕрын. Фӕлӕ цымӕ ног дунейы цард цыхуызӕн уыдзӕн? Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

a Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном.