Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Амондджын фидӕнмӕ фӕндаг цӕй фӕрцы ссардзынӕ?

Амондджын фидӕнмӕ фӕндаг цӕй фӕрцы ссардзынӕ?

Айразмӕйы статьятӕй базыдтам, бирӕтӕ афтӕ кӕй фенхъӕлынц, ӕмӕ рухс фидӕн кӕнгӕ у амондӕй, уӕлдӕр ахуырадӕй, хъӕздыгдзинадӕй ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕй. Уый абарӕн ис, адӕймаг ӕнӕзонгӕ ранмӕ цӕугӕйӕ, раст фӕндаг чи нӕ амоны, ахӕм картӕйӕ куы пайда кӕнид, уыимӕ. Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ бон нӕу амондджын фидӕнмӕ фӕндаг ссарын? Нӕ, уый афтӕ нӕу.

РУХС ФИДӔНМӔ НӔ ЧИ КӔНЫ, УЫЦЫ ФӔНДАГАМОНӔГ

Уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ арӕх ӕххуыс ракурӕм, нӕхицӕй хистӕр ӕмӕ зондджындӕр чи у, уыдонӕй. Ӕмӕ нын рухс фидӕнмӕ дӕр фӕндаг амоны, махӕй бирӕ фылдӕр чи цӕры ӕмӕ бирӕ зондджындӕр чи у, уый. Йӕ уынаффӕтӕ йын бакӕсӕн ис, иу-3 500 азы размӕ фыст чи ’рцыд, уыцы чиныджы. Уый у Библи.

Нӕ бон цӕмӕн у Библийыл ӕууӕндын? Уымӕн ӕмӕ йӕ Авторӕй зондджындӕр Дун-дунейы нӕй, ӕмӕ уымӕй фылдӕр никуы ничи цард. Библи йӕ хоны, «раджы замантӕй фӕстӕмӕ Чи ис, уый». Фыст ма дзы ис, «ӕнусӕй-ӕнусмӕ дӕр ды дӕ Хуыцау», зӕгъгӕ (Данел 7:9; Псалом 90:2). Уый у, «арв чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцау,– уый у ӕцӕг Хуыцау, уый скодта зӕхх, сфӕлдыста йӕ» (Исай 45:18). Ӕмӕ нын раргом кодта, йӕ ном кӕй у Йегъовӕ (Псалом 83:18).

Библи у, ӕппӕт адӕмы чи сфӕлдыста уыцы Хуыцауӕй. Ӕмӕ дзы уымӕ гӕсгӕ афтӕ никуы бакӕсдзынӕ, ӕмӕ иу адӕмыхатт иннӕмӕй хуыздӕр у. Йӕ уынаффӕтыл рӕстӕджы бар нӕ цӕуы ӕмӕ пайда сты зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Библи цал ӕвзагыл ис, уал ӕвзагыл иу чиныг дӕр нӕй, стӕй уымӕй парахатдӕр чиныг нӕй *. Уӕдӕ адӕймаг кӕмфӕнды ма цӕра, уӕддӕр йӕ бон у Библи йӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕсын ӕмӕ дзы цы зондджын уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ архайын. Уый бӕрӕг у, Библийы цы фыст ис, уымӕй дӕр:

«Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (ХЪУЫДДӔГТӔ 10:34, 35).

Уарзӕгой ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн куыд фӕамонынц зонд, афтӕ нын нӕ уарзӕгой Фыд, Йегъовӕ Хуыцау дӕр йӕ Ныхас Библийы фӕрцы амоны раст фӕндаг (2 Тимофеймӕ 3:16). Дӕ бон у Хуыцауы Ныхасыл ӕууӕндын, уымӕн ӕмӕ нӕ уый сфӕлдыста, ӕмӕ йӕ зоны, амондджын цардмӕ цавӕр фӕндаг кӕны, уый.

Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ахӕм диссаджы фидӕн дӕхи цӕстӕй фенай? Ууыл дзырд цӕуы иннӕ статьяйы.

^ 6 абз. Библи куыд тӕлмац кӕнынц ӕмӕ йӕ куыд парахат кӕнынц, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис сайты www.pr418.com (БИБЛИЙЫ АХУЫРӔДТӔ > НАУКӔ ӔМӔ БИБЛИ).

^ 16 абз. Уый тыххӕй дӕ бон у фылдӕр базонын чиныгӕй «Библия: слово Бога или человека?», 9 сӕрӕй. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Ссарӕн ма йӕ ис сайты www.pr418.com (кӕс БИБЛИОТЕКА > КНИГИ И БРОШЮРЫ).