Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дурыл фыст ис: «Йахве Саваоф ралгъитӕд Хагавы фырт Хагафы»

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Рагон ныхӕстӕ куыд бӕлвырд кӕнынц, Библийы цы фыст ис, уый ӕцӕг кӕй у?

ИЕРУСАЛИМЫ ис, Библийы кӕй кой ис, уыцы бӕстӕты музей. Уыцы музейы ис, Израилы, Хевронмӕ хӕстӕг, кӕй ссардтой, ахӕм дур. Ссардтой йӕ, мард-иу кӕм бавӕрдтой, ахӕм лӕгӕты. Дурыл фыст ис: «Йахве Саваоф ралгъитӕд Хагавы фырт Хагафы». Уыцы ныхӕстӕ фыст ӕрцыдысты н. э. размӕ иу-700–600 азты. Уыцы рагон ныхӕстӕ куыд бӕлвырд кӕнынц, Библийы цы фыст ис, уый ӕцӕг кӕй у? Уыдонӕй бӕрӕг у, раджы заманты Хуыцауы ном «Йегъовӕ», кӕнӕ «Йахве» (рагон дзуттаг дамгъӕтӕй фыст у ЙХВХ) кӕй зыдтой ӕмӕ-иу ӕй арӕх кӕй дзырдтой. Уыцы заманты-иу афтӕ уыд, ӕмӕ-иу мардӕвӕрӕн лӕгӕтты чидӕр кӕимӕдӕр фембӕлд кӕнӕ-иу чидӕр кӕмӕйдӕр ӕмбӕхст. Ӕмӕ-иу арӕх лӕгӕтты къултыл Хуыцауы ном ныффыстой. Стӕй ма-иу дзы ныффыстой адӕмы нӕмттӕ дӕр. Ӕмӕ уыцы нӕмтты ӕмбӕлы Хуыцауы ном.

Лӕгӕтты къултыл цы ныхӕстӕ ис фыст, уыдоны тыххӕй профессор Рейчел Набулси (Джорджийы университетӕй) загъта: «Ном ЙХВХ афтӕ арӕх кӕй ӕмбӕлы, уымӕй бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн. [...] Рагон тексттӕ бӕлвырд кӕнынц, уыцы ном кӕмӕн ис, уый Израилы ӕмӕ Иудӕйы адӕмы царды стыр бынат кӕй ахста». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Библийы, дзуттаг тексты, Хуыцауы ном (дзуттаг дамгъӕтӕй ЙХВХ) ӕмбӕлы цалдӕр мин хатты. Стӕй ма дзы ӕмбӕлы, Хуыцауы ном кӕм ис, ахӕм нӕмттӕ.

Уыцы дурыл цы ныхӕстӕ ис фыст, «Йахве Саваоф», зӕгъгӕ, уыдон нысан кӕнынц «ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ». Куыд зыны, афтӕмӕй раджы заманты адӕм Хуыцауы ӕрмӕст йӕ номӕй нӕ хуыдтой, фӕлӕ ма-иу ӕй арӕх хуыдтой «ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ» дӕр. Уӕдӕ Библийы дӕр ныхӕстӕ «ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ» дзӕгъӕлы не ’мбӕлынц. Ӕмбӕлынц дзы 250 хаттӕй фылдӕр, арӕхдӕр Исайы, Йеремийы ӕмӕ Захарийы чингуыты.