Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Йесо кӕй уарзта, уыцы ахуыргӕнинагӕй» цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

«Йесо кӕй уарзта, уыцы ахуыргӕнинагӕй» цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

«Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, нӕ кӕрӕдзийы уарзӕм, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад Хуыцауӕй цӕуы» (1 ИОАН. 4:7).

105 ЗАРӔГ «Хуыцау у уарзондзинад»

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Хуыцау дӕ кӕй уарзы, ууыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд цы фенкъарыс?

АПОСТОЛ Иоанн ныффыста: «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоан. 4:8). Ацы хуымӕтӕг ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц ахсджиаг хъуыды: цард нын чи радта, уыцы Хуыцауӕй цӕуы уарзондзинад дӕр. Мах зонӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый. Ӕмӕ уый фӕрцы стӕм амондджын.

2. Матфейы 22:37–40 стихтӕм гӕсгӕ, дыууӕ сӕйраг фӕдзӕхсты цавӕр сты? Хатт нын дыккаг фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын зын цӕмӕн вӕййы?

2 Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ кӕрӕдзи хъуамӕ ӕнӕмӕнг уарзӕм. Уый у Йесойы фӕдзӕхст. (Бакӕс Матфейы 22:37–40.) Адӕймаг Йегъовӕйы хорз куы базоны, уӕд ын фыццаг фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын зын нӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у ӕххӕст. Уый ныл тыхсы ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕ никуы ницӕмӕй фӕриссын кӕны. Фӕлӕ нын дыккаг фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын хатт зын вӕййы. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, фыццаджыдӕр кӕй хъуамӕ уарзӕм, уыцы «иннӕты» ’хсӕн сты нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр. Ӕмӕ уыдон та ӕнӕххӕст сты, ӕмӕ нын хатт нӕ зӕрдӕ истӕмӕй фӕриссын кӕнынц. Йегъовӕ зыдта, афтӕ кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ Библийы фысджытӕй иуӕй-иутӕн бӕлвырд уынаффӕтӕ ныффыссын кодта, кӕрӕдзи цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ уый цавӕр хъуыддӕгтӕй хъуамӕ уа бӕрӕг, уый фӕдыл. Уыцы фысджытӕй иу уыди Иоанн (1 Иоан. 3:11, 12).

3. Иоанн цы чингуытӕ ныффыста, уыдоны арӕх цӕй кой кӕны?

3 Иоанн цы чингуытӕ ныффыста, уыдоны арӕх кӕны, чырыстӕттӕ кӕрӕдзи кӕй хъуамӕ уарзой, уый кой. Цыппар Евангелийӕ ӕппӕты арӕхдӕр уарзондзинады кой Иоанны Евангелийы ис. Иннӕ ӕртӕ Евангелийы иумӕ куы райсӕм, уӕддӕр дзы уарзондзинады тыххӕй уыйбӕрц нӕй фыст. Иоанн йӕ Евангели ӕмӕ йе ’ртӕ фыстӕджы куы ныффыста, уӕд ыл цыди 100 азы бӕрц. Уыцы чингуытӕй бӕрӕг у, чырыстон цыдӕриддӕр аразы, уый кӕй хъуамӕ араза, иннӕты кӕй уарзы, уый тыххӕй (1 Иоан. 4:10, 11). Фӕлӕ Иоанны бахъуыд рӕстӕг, цӕмӕй уый бамбӕрстаид.

4. Иоаннӕн алкӕддӕр уади иннӕты уарзын?

4 Иоаннӕн ӕрыгонӕй алкӕд нӕ уади иннӕты уарзын. Зӕгъӕм, иухатт Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Самарийы уылты Иерусалиммӕ фӕцӕйцыдысты. Иу самариаг хъӕуы сӕ не суазӕг кодтой. Ӕмӕ уӕд Иоанн куыд бакодта? Йе ’фсымӕр Иаковимӕ Йесойӕн загътой, зӕгъгӕ, дам, дӕ кӕд фӕнды, уӕд, дам, ныртӕккӕ зӕгъдзыстӕм, ӕмӕ арвӕй арт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ ацы хъӕуы цӕрджыты аныхъуырдзӕн (Лук. 9:52–56). Ӕндӕр хатт та сӕ мады Йесомӕ барвыстой, зӕгъ-ма, дам, ын, цӕмӕй нӕ йӕ Паддзахады йӕ фарсмӕ кадджын бынӕтты ӕрбадын кӕна. Иннӕ апостолтӕ уый тыххӕй куы базыдтой, уӕд тынг смӕсты сты (Матф. 20:20, 21, 24). Фӕлӕ кӕд Иоанн рӕдигӕ дӕр кодта, уӕддӕр ӕй Йесо уарзта (Иоан. 21:7).

5. Ацы статьяйы цӕмӕ ’ркӕсдзыстӕм?

5 Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Иоанны цӕвиттонмӕ, стӕй, уарзондзинады тыххӕй цы хъуыдытӕ ныффыста, уыдонӕй цалдӕрмӕ. Уый фӕрцы бамбардзыстӕм, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын. Ноджыдӕр ма базондзыстӕм, бинонты хистӕрӕн йӕ бон цавӕр ахсджиаг хъуыддагӕй у равдисын, йӕ бинонты кӕй уарзы, уый.

УАРЗОНДЗИНАД БӔРӔГ ВӔЙЙЫ ХЪУЫДДӔГТӔЙ

Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый равдыста, йӕ Фырты мах тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй (кӕс 6, 7 абзацтӕ)

6. Йегъовӕ куыд равдыста, кӕй нӕ уарзы, уый?

6 Чи зоны нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ, адӕймаг кӕйдӕр кӕй уарзы, уый бӕрӕг вӕййы, хорз зӕрдӕ йӕм кӕй фӕдары, стӕй йын дзӕбӕх ныхӕстӕ кӕй фӕкӕны, уымӕй. Фӕлӕ ӕцӕг уарзондзинад хъуамӕ бӕрӕг уа хъуыддӕгтӕй дӕр. (Абар Иаковы 2:17, 26.) Зӕгъӕм, Йегъовӕ нӕ уарзы (1 Иоан. 4:19). Ӕмӕ уый равдыста, Библийы цы рӕсугъд, зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ ныффыссын кодта, уыдонӕй (Пс. 25:10; Ром. 8:38, 39). Фӕлӕ нӕ кӕй уарзы, уый нӕ фидарӕй ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ уырны, фӕлӕ ма цы сарӕзта, уый фӕрцы дӕр. Иоанн ныффыста: «Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый уымӕй равдыста, ӕмӕ йӕ иунӕг Фырты дунемӕ рарвыста, цӕмӕй уый фӕрцы цардӕй хайджын уӕм» (1 Иоан. 4:9). Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй йӕ зынаргъ Фырт фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ мах тыххӕй амардаид (Иоан. 3:16). Уӕдӕ мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ ӕцӕгдӕр кӕй уарзы, ууыл.

7. Йесо куыд равдыста, кӕй нӕ уарзы, уый?

7 Йесо-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдта, кӕй сӕ уарзы (Иоан. 13:1; 15:15). Ӕмӕ сӕ кӕй уарзта, стӕй мах дӕр кӕй уарзы, уый ӕрмӕст йӕ ныхӕстӕй нӕ уыд бӕрӕг, фӕлӕ, цы сарӕзта, уымӕй дӕр. Йесо загъта: «Уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй, ӕмӕ исчи йӕ хӕлӕртты сӕрвӕлтау йӕ уд куы ратта» (Иоан. 15:13). Йегъовӕ ӕмӕ Йесо мах тыххӕй цы сарӕзтой, уый ныл куыд хъуамӕ фӕзына?

8. 1 Иоанны 3:18 стихмӕ гӕсгӕ, цы хъуамӕ аразӕм?

8 Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы кӕй уарзӕм, уый бӕрӕг у, сӕ коммӕ кӕй кӕсӕм, уымӕй (Иоан. 14:15; 1 Иоан. 5:3). Йесо та нын бафӕдзӕхста, цӕмӕй кӕрӕдзи уарзӕм (Иоан. 13:34, 35). Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый хъуамӕ ӕрмӕст нӕ ныхӕстӕй ма уа бӕрӕг, фӕлӕ нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр. (Бакӕс 1 Иоанны 3:18.) Кӕй сӕ уарзӕм, уый нӕ бон цавӕр хъуыддӕгтӕй у равдисын?

ХЪУАМӔ УАРЗӔМ НӔ ХОТӔ ӔМӔ НЕ ’ФСЫМӔРТЫ

9. Иоанн иннӕты кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ йӕ цы фӕндыд аразын?

9 Иоаннӕн йӕ бон уыд дарддӕр йӕ фыдимӕ кӕсаг ахсыны куыст кӕнын. Фӕлӕ уый бафӕндыд адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы тыххӕй базыдтаиккой. Ӕмӕ цард-цӕрӕнбонты уыцы куыст кодта. Иоанн цы цард равзӕрста, уый ӕнцон схонӕн нӕ уыд. Иоанн ӕфхӕрд ӕййӕфта. 1 ӕнусы кӕрон та хаст ӕрцыд сакъадах Патмосмӕ, ӕмӕ йыл уӕдмӕ тынг бирӕ цыд (Хъуыд. 3:1; 4:1–3; 5:18; Рарг. 1:9). Иоанн ахст куы уыд, уӕд дӕр иннӕтыл хъуыды кодта. Зӕгъӕм, сакъадах Патмосыл куы уыд, уӕд ныффыста Раргомады чиныг ӕмӕ йӕ арвыста ӕмбырдтӕм, цӕмӕй базыдтаиккой, «тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ» (Рарг. 1:1). Уый фӕстӕ та ныффыста Йесойы царды ӕмӕ лӕггады тыххӕй (ӕвӕццӕгӕн, куы ссӕрибар, уӕд). Уымӕй уӕлдай ма ныффыста ӕртӕ фыстӕджы, цӕмӕй йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕрты бафидар кодтаид ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс бафтыдтаид. Дӕуӕн та дӕ бон куыд у Иоанны йӕ удуӕлдайдзинадӕй бафӕзмын?

10. Адӕмы кӕй уарзыс, уый дӕ бон куыд у равдисын?

10 Адӕмы уарзыс ӕви нӕ, уый бӕрӕг уыдзӕн, царды дын сӕйрагдӕр цы уыдзӕн, уымӕй. Хӕйрӕджы дунейы афтӕ фӕнды, цӕмӕй ӕрмӕст дӕхи мӕт кӕнай, дӕ рӕстӕг дӕхиуыл хардз кӕнай ӕмӕ архайай, цӕмӕй фылдӕр ӕхца бакусай кӕнӕ дын адӕмы цӕсты фылдӕр кад уа. Фӕлӕ ӕгас зӕххыл дӕр удуӕлдай хъусынгӕнджытӕ архайынц, цӕмӕй, сӕ уавӕртӕ цас амонынц, уыйбӕрц хъусын кӕной ӕмӕ адӕмӕн Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕнынӕн ӕххуыс кӕной. Кӕмӕндӕрты та сӕ бон вӕййы уыцы хъуыддагӕн бирӕ рӕстӕг рахицӕн кӕнын.

Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты, стӕй нӕ бинонты кӕй уарзӕм, уый ӕвдисӕм нӕ хъуыддӕгтӕй (кӕс 11, 17 абзацтӕ) *

11. Бирӕ иузӕрдион хъусынгӕнджытӕ куыд ӕвдисынц, сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕрты кӕй уарзынц, уый?

11 Чырыстӕттӕй бирӕты фӕхъӕуы тынг бирӕ кусын, цӕмӕй сӕ бон уа сӕхи ӕмӕ сӕ бинонты фӕдарын. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы иузӕрдион хъусынгӕнджытӕ Хуыцауы организацийӕн ӕххуыс кӕнынц, сӕ бон цӕмӕй у, уымӕй. Иутӕ феххуыс кӕнынц, ӕрдзон бӕллӕхы фӕстӕ ӕххуыс кӕм фӕхъӕуы, уым, иннӕтӕ та – нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн. Ӕмӕ алкӕмӕн дӕр ис фадат, цӕмӕй ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕй ӕххуыс кӕна. Уыцы хъуыддӕгтӕй уыдон ӕвдисынц, Хуыцауы ӕмӕ иннӕты кӕй уарзынц, уый. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый равдисӕм, алы къуыри дӕр ӕмбырдтӕм кӕй ӕрбацӕуӕм, хӕслӕвӕрдтӕ кӕй бацӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ дзуаппытӕ кӕй фӕдӕттӕм, уымӕй. Чи зоны, фӕллад дӕр вӕййӕм, фӕлӕ уӕддӕр ӕрбацӕуӕм. Чи зоны, фӕтыхсӕм, фӕлӕ уӕддӕр дзуапп раттӕм. Ӕмӕ нӕ кӕд алчидӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлы, уӕддӕр ӕмбырды размӕ кӕнӕ ӕмбырды фӕстӕ иннӕты бафидар кӕнӕм (Дзут. 10:24, 25). Мах нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй тынг бузныг стӕм, цы аразынц, уый тыххӕй!

12. Иоанн йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕрты кӕй уарзта, уый ма ноджыдӕр куыд равдыста?

12 Иоанн йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕрты кӕй уарзта, уый-иу равдыста, кӕй-иу сӕ раппӕлыд, уымӕй. Фӕлӕ ӕрмӕст уымӕй нӕ. Радта ма-иу сын уынаффӕ дӕр. Зӕгъӕм, йӕ фыстӕджыты сӕ раппӕлыд сӕ уырнындзинады ӕмӕ сӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй. Фӕлӕ ма сын радта уынаффӕ дӕр, цӕмӕй сӕхи хызтаиккой тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕй (1 Иоан. 1:8–2:1, 13, 14). Мах дӕр-иу хъуамӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй сӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй раппӕлӕм. Фӕлӕ куы уынӕм, чырыстӕттӕй чидӕр рӕдыд зондыл кӕй ныххӕцыд кӕнӕ йӕ Йегъовӕйӕ чи адард кӕндзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕ аразын кӕй райдыдта, уӕд уарзондзинад равдисдзыстӕм, фӕлмӕнӕй йын уынаффӕ куы раттӕм, уӕд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уымӕн хъӕудзӕн хъӕбатырдзинад. Фӕлӕ Библийы фыст ис, ӕцӕг ӕмбӕлттӕ кӕрӕдзийы кӕй «цыргъ» кӕнынц, ома кӕрӕдзийӕн зонд дӕр кӕй бацамонынц ӕмӕ уынаффӕ дӕр кӕй раттынц (Ӕмб. 27:17).

13. Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

13 Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый, цы аразӕм, ӕрмӕст уымӕй нӕ равдисӕм, фӕлӕ, цы нӕ аразӕм, уымӕй дӕр. Зӕгъӕм, сӕ ныхӕсты тыххӕй-иу сӕм хъуамӕ уайтагъд ма фӕхӕрам уӕм. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд иухатт цы хабар ӕрцыд, ууыл. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, йӕ буар ын кӕй хъуамӕ хӕрой ӕмӕ йын йӕ туг кӕй хъуамӕ нуазой, цӕмӕй цардӕй схайджын уой (Иоан. 6:53–57). Уыцы ныхӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕм тынг ӕнахуыр фӕкастысты, ӕмӕ йӕ фӕдыл нал цыдысты. Фӕлӕ йе ’нувыд ӕмбӕлттӕ, уыимӕ Иоанн дӕр, йемӕ баззадысты. Уыдон дӕр ын йӕ ныхӕстӕ нӕ бамбӕрстой, стӕй сӕм диссаг дӕр куыннӕ фӕкастаиккой. Фӕлӕ афтӕ нӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ фӕрӕдыд. Ӕмӕ сӕм йӕ ныхӕстӕ хъыг нӕ фӕкастысты. Уыдон ыл ӕууӕндыдысты, уымӕн ӕмӕ зыдтой, цы дзуры, уый ӕцӕг ӕмӕ раст кӕй у (Иоан. 6:60, 66–69). Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй-иу, не ’мбӕлттӕ цы фӕзӕгъынц, уый тыххӕй сӕм уайтагъд ма фӕхӕрам уӕм. Хъуамӕ-иу сын фадат раттӕм, цӕмӕй-иу бамбарын кӕной, цы зӕгъын сӕ фӕндыд, уый (Ӕмб. 18:13; Еккл. 7:9).

14. Цӕмӕн хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй афтӕ макуы рауайа, ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй не сӕфт федтам?

14 Иоанн ма ныффыста, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй не сӕфт кӕй хъуамӕ ма уынӕм. Уыцы уынаффӕ куы ницӕмӕ дарӕм, уӕд нӕ Хӕйрӕг хъазӕнхъул сараздзӕн (1 Иоан. 2:11; 3:15). Ахӕм хабар ӕрцыд иуӕй-иутыл 1 ӕнусы кӕрон. Хӕйрӕг ӕппӕт тыхтӕй архайдта, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы кӕрӕдзийы ныхмӕ скодтаид ӕмӕ кӕрӕдзийӕ се сӕфт федтаиккой. Иоанн йӕ фыстӕджытӕ куы ныффыста, уӕдмӕ дӕр ӕмбырды фӕзынд, Хӕйрӕджы зондыл чи цыди, ахӕм адӕм. Зӕгъӕм, Диотрефы тыххӕй ӕмбырд тынг ныддихтӕ (3 Иоан. 9, 10). Разамонӕг совет-иу ӕмбырдтӕм кӕй арвыста, уыцы ӕфсымӕрты ницӕмӕ дардта. Суанг ма-иу архайдта, цӕмӕй ӕмбырдӕй ратӕра, кӕй нӕ уарзта, уыцы ӕфсымӕрты-иу суазӕг кӕнынмӕ чи хъавыд, уыцы чырыстӕтты. Бӕрӕг у, йӕхиуыл тынг кӕй фервӕссыд. Абон дӕр Хӕйрӕг йӕ уд скъуыны, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы ныддихтӕ кӕна ӕмӕ йӕ фӕндиаг фӕуой. Уӕдӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй афтӕ макуы рауайа, ӕмӕ кӕрӕдзийӕ не сӕфт федтам ӕмӕ кӕрӕдзийӕ адард стӕм.

ХЪУАМӔ УАРЗӔМ НӔ БИНОНТЫ

Йесо йӕ мады бакодта Иоанны бар, цӕмӕй йыл батыхстаид ӕмӕ йын ӕххуыс кодтаид дарддӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн. Абон дӕр бинонты хистӕр хъуамӕ йӕ бинонтыл тыхса (кӕс 15, 16 абзацтӕ)

15. Бинонты хистӕр йӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дара?

15 Бинонты хистӕр йӕ бинонты кӕй уарзы, уый бӕрӕг уыдзӕн, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕй сӕ цух куы нӕ уадза, уымӕй (1 Тим. 5:8). Фӕлӕ хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара, ноджы ахсджиагдӕр кӕй у, цӕмӕй сын ӕххуыс кӕна сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн (Матф. 5:3). Йесо фӕзминаг у бинонты хистӕртӕн. Иоанны Евангелийӕ базонӕн ис, хъизӕмӕртты хъӕдыл ауыгъд куы уыд, уӕд дӕр йӕ бинонтыл кӕй хъуыды кодта. Йесо ауыгъд кӕм уыд, уым лӕууыди йӕ мад Марийӕ. Йӕ фарсмӕ та лӕууыд Иоанн. Ӕмӕ кӕд Йесо удхар кодта, уӕддӕр йӕ мады бакодта Иоанны бар (Иоан. 19:26, 27). Йесойӕн ма уыди хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, ӕмӕ уыдонӕн дӕр сӕ бон уыд сӕ мадыл батыхсын. Фӕлӕ, куыд зыны, афтӕмӕй дзы нырма иу дӕр Йесойы ахуыргӕнинаг не сси. Ӕмӕ Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йӕ мадыл исчи батыхстаид, стӕй йын ӕххуыс кодтаид, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кодтаид.

16. Иоанныл цавӕр хӕстӕ уыди?

16 Иоанныл бирӕ хӕстӕ уыди. Апостол кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтаид. Стӕй ма йын, чи зоны, ус дӕр уыди, ӕмӕ йӕ уӕд хъуыд йӕ бинонты дарын дӕр ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын дӕр (1 Кор. 9:5). Абон Иоанн бинонты хистӕрӕн фӕзминаг цӕмӕй у?

17. Бинонты хистӕрӕн йӕ бон куыд у равдисын, йӕ бинонты кӕй уарзы, уый?

17 Бинонтӕ кӕмӕн ис, ахӕм ӕфсымӕрыл бирӕ хӕстӕ вӕййы. Зӕгъӕм, хъӕуы йӕ кусын, ӕмӕ йӕ куысты хъуамӕ уа ӕнӕзӕрдӕхудт кусӕг, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй кадджын кӕндзӕн Йегъовӕйы (Еф. 6:5, 6; Тит. 2:9, 10). Кӕуылдӕрты ма вӕййы хӕстӕ ӕмбырды дӕр. Зӕгъӕм, кӕд ӕфсымӕр хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр у, уӕд ӕй фӕхъӕуы иннӕты фидар кӕнын ӕмӕ хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын. Ахсджиаг ма у, цӕмӕй алы къуыри дӕр бинонты ахуыр уадза, стӕй йӕ сывӕллӕттимӕ Библи ахуыр кӕна. Йӕ бинонтӕ дзы тынг бузныг уыдзысты, кӕй сыл тыхсы ӕмӕ кӕй архайы, цӕмӕй уой ӕнӕниз, амондджын ӕмӕ сӕ уырнындзинад фидар уа (Еф. 5:28, 29; 6:4).

«ДАРДДӔР ДӔР ХАЙДЖЫН УЫДЗЫСТУТ МӔ УАРЗОНДЗИНАДӔЙ»

18. Иоанн фидарӕй цы зыдта?

18 Иоанн бирӕ фӕцард. Царды йыл бирӕ хорз хабӕрттӕ ӕрцыд. Ӕмӕ зындзинӕдтыл дӕр куыннӕ ӕмбӕлд. Фӕлӕ йӕ уырнындзинад не ’рлӕмӕгъ. Уый алкӕддӕр архайдта, цӕмӕй Йесойы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кодтаид. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зыдта, Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Йесо кӕй уарзынц ӕмӕ йын кӕй дӕтдзысты хъару, цӕмӕй цыфӕнды фӕлварӕн дӕр сфӕраза (Иоан. 14:15–17; 15:10; 1 Иоан. 4:16). Нӕдӕр Хӕйрӕгӕн, нӕдӕр Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ бон не сси афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Иоанн йе ’фсымӕрты мауал уарзтаид. Кӕй сӕ уарзта, уый алкӕддӕр бӕрӕг уыд йӕ ныхӕстӕй дӕр ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй дӕр.

19. 1 Иоанны 4:7 стихмӕ гӕсгӕ, цы хъуамӕ аразӕм ӕмӕ цӕмӕн?

19 Иоаннау мах дӕр цӕрӕм Хӕйрӕджы дунейы. Ацы дунейы хуыцау се ’ппӕтӕй дӕр йе сӕфт уыны (1 Иоан. 3:1, 10). Уый архайы, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты мауал уарзӕм. Фӕлӕ уый йӕ къухы нӕ бафтдзӕн, нӕхӕдӕг ын уый бар куы нӕ раттӕм, уӕд. Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм ӕмӕ уый ӕвдисӕм нӕ ныхӕстӕй дӕр ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр. Ӕмӕ уӕд алкӕддӕр уыдзыстӕм Йегъовӕйы бинонтӕй ӕмӕ уыдзыстӕм тынг амондджын. (Бакӕс 1 Иоанны 4:7.)

88 ЗАРӔГ Бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ

^ 5 абз. Куыд зыны, афтӕмӕй, «Йесо кӕй уарзта, уыцы ахуыргӕнинаг» уыд апостол Иоанн (Иоан. 21:7). Кӕд уыцы рӕстӕг ӕрыгон уыд, уӕддӕр ӕм бирӕ хорз миниуджытӕ уыди. Бирӕ азты фӕстӕ Йегъовӕ Иоаннӕн уарзондзинады тыххӕй бирӕ ахсджиаг хъуыдытӕ ныффыссын кодта. Ацы статьяйы уыцы хъуыдытӕй цалдӕрмӕ ӕркӕсдзыстӕм ӕмӕ базондзыстӕм, Иоаннӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уый.

^ 59 абз. НЫВ. Бирӕ хӕстӕ кӕуыл ис, уыцы бинонты хистӕр ӕххуыс кӕны, ӕрдзон бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыдонӕн; ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ ӕрвиты; сӕ бинонты ахуырмӕ кӕйдӕрты фӕхуыдта.