Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

2 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Йесо ке уарзта, еци ахуркӕнуйнагӕй» цӕбӕл ахур кӕнӕн?

«Йесо ке уарзта, еци ахуркӕнуйнагӕй» цӕбӕл ахур кӕнӕн?

«Кӕрӕдзей уарзӕн, уомӕн ӕма уарзондзийнадӕ Хуцауӕй цӕуй» (1 ИОАН. 4:7).

105 ЗАР «Хуцау ӕй уарзондзийнадӕ»

РАЗДЗУРД *

1. Йегови уарзт нин нӕ зӕрдитӕ куд тавуй?

«ХУЦАУ ӕй уарзондзийнадӕ»,– финста Иоанн (1 Иоан. 4:8). Мах ӕй зонӕн, цард Хуцау ке искодта. Фал ма аци хумӕтӕг дзурдтӕй бӕрӕг ӕй, уарзондзийнадӕ дӕр уомӕй ке цӕуй. Йеговӕ нӕ берӕ уарзуй. Ӕма еци уарзт нӕхебӕл ке лӕдӕрӕн, уой фӕрци нӕ цардӕй ан зӕрдӕрохс, цийнӕ кӕнӕн ӕма нецӕмӕй тӕрсӕн.

2. Матфеййи 22:37–40 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ дууӕ сӕйраг фӕдзӕхсти цӕхуӕн ӕнцӕ ӕма си дуккаг зиндӕр ӕнхӕстгӕнӕн цӕмӕн ӕй?

2 Мах гъӕуама кӕрӕдзей уарзӕн. Е Хуцауи фӕдзӕхст ӕй. (Бакӕсӕ Матфеййи 22:37–40.) Адӕймаг Хуцауи ку базонуй, уӕд ин фиццаг фӕдзӕхст ӕнцон ӕнхӕст кӕнӕн фӕууй. Йеговӕ ӕцӕгӕйдӕр ӕнцон уарзӕн ӕй, уомӕн ӕма имӕ нецӕхуӕн гъӕндзийнӕдтӕ ес, удта нӕ ӕхуӕдӕг дӕр берӕ уарзуй. Фал дуккаг фӕдзӕхст ӕнхӕст кӕнун ба уотӕ ӕнцон нӕбал ӕй. Цума цӕмӕн? Уомӕн ӕма нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕ ӕнӕнхӕст ӕнцӕ. Хатгай ба нин нӕ зӕрдихудти дӕр бацӕунцӕ сӕ карз зӕгъдтитӕй кенӕ се ’нӕргъуди миутӕй. Уомӕ гӕсгӕ Йеговӕ, Библи ка финста, уони ӕ сугъдӕг хъаурӕй баразӕнгард кодта, цӕмӕй ниффинстайуонцӕ, кӕрӕдзей уарзун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй ӕма нин еци гъуддаги ци банхус кӕндзӕй, уой туххӕй. Еци гъуддӕгти туххӕй ка финста, уонӕй сӕ еу адтӕй апостол Иоанн (1 Иоан. 3:11, 12).

3. Иоанн арӕх цӕй туххӕй финста?

3 Иоанн еу ӕма дууӕ хатти нӕ дзурдта, киристӕнттӕн кӕрӕдзей уарзун куд ӕхсидзгӕ ’й, уобӕл. Ӕ Евангелий дзурдтӕ «уарзондзийнадӕ» ӕма «уарзун» цал хатти ӕмбӕлунцӕ, уал хатти иннӕ ӕртӕ Евангелий не ’мбӕлунцӕ. Иоанн ӕ Евангели, удта е ’ртӕ финстӕги ку ниффинста, уӕд ибӕл цудӕй еу 100 анзи. Ӕма фулдӕр финста, киристонӕн ӕ уарзондзийнадӕ ӕ алли гъуддагӕй дӕр ке гъӕуама уа бӕрӕг (1 Иоан. 4:10, 11). Фал Иоаннӕн алкӕд ӕнцон н’ адтӕй иннети уарзун.

4. Хатгай Иоанн ӕхе куд фӕддаридӕ?

4 Иоанн ма ӕригон ку адтӕй, уӕд ин хатгай уарзондзийнадӕ нӕ фӕффагӕ кӕнидӕ. Зӕгъӕн, еухатт Йесо ӕма ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ Йерусалиммӕ цудӕнцӕ Самарибӕлти. Уоми ба сӕ еу гъӕуи цӕргутӕ нӕ баиуазӕг кодтонцӕ. Е Иоанмӕ гъе уотӕ гъулӕг фӕккастӕй, ӕма ма Йесойӕн уотӕ дӕр фӕккодта: «Фӕндуй дӕ, уӕд зӕгъӕн, цӕмӕй арвӕй арт ӕрцӕуа ӕма сӕ ранихъуӕра?» (Лук. 9:52–56). Иннӕ хатт ба е ’нсувӕр Иакови хӕццӕ сӕ мади Йесомӕ барвистонцӕ, цӕмӕй син ӕ Паддзахади хуӕздӕр бунӕттӕ рахецӕн кӕнун кодтайдӕ. Иннӕ апостолтӕ уой ку базудтонцӕ, уӕд сӕмӕ хъӕбӕр рамӕстгун ӕнцӕ (Матф. 20:20, 21, 24). Фал кӕд Иоанн уӕхӕн рӕдудтитӕ искӕнидӕ, уӕддӕр ӕй Йесо берӕ уарзта (Иоан. 21:7).

5. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

5 Аци статьяй ӕркӕсдзиан, Иоанн цӕхуӕн адӕймаг адтӕй, удта уарзондзийнади туххӕй ци ниффинста, уомӕ. Ӕма базондзиан, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ке уарзӕн, уой нӕ бон куд ӕй ӕвдесун, уой. Удта бийнонти хестӕрти бон куд ӕй бавдесун, сӕ бийнонти ке уарзунцӕ, уой.

УӔ УАРЗОНДЗИЙНАДӔ ГЪУДДӔГТӔЙ ӔВДЕСЕТӔ

Йеговӕ нӕ ке уарзуй, е бӕрӕг ӕй, ӕ Фурти мах туххӕй нивондӕн ке ӕрхаста, уомӕй (кӕсӕ 6 ӕма 7 абзацтӕ)

6. Йеговӕ нин ӕй куд бавдиста, ке нӕ уарзуй, уой?

6 Беретӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, ӕма адӕймаг еске ку уарза, уӕд ин ӕй гъӕуама дзурдтӕй балӕдӕрун кӕна. Фал ӕцӕг уарзондзийнадӕ айдагъ дзурдтӕй бӕрӕг нӕ фӕууй, фал ма гъуддӕгтӕй дӕр. (Рабарӕ Иакови 2:17, 26.) Йеговӕ дӕр нӕ берӕ уарзуй (1 Иоан. 4:19). Ӕма нин ӕй рӕсугъд дзурдтӕй дӕр лӕдӕрун кӕнуй. Еци дзурдтӕ финст ӕнцӕ Библий (Пс. 25:10; Ром. 8:38, 39). Фал Йеговӕ ӕ уарзондзийнадӕ фиццагидӕр гъуддӕгтӕй ӕвдесуй. Иоанн финста: «Хуцау нӕ ке уарзуй, уой уомӕй бавдиста, ӕма ӕ еунӕг Фурти дуйнемӕ рарвиста, цӕмӕй уой фӕрци цардӕй хайгин уӕн» (1 Иоан. 4:9). Йеговӕ бауагъта, цӕмӕй ӕ Фурт гъезмарӕгӕнгӕй рамардайдӕ (Иоан. 3:16). Гъе уой фӕсте ма куд гъӕуама дузӕрдуг кӕнӕн, Йеговӕ нӕ ке уарзуй, уобӕл?

7. Йесо нин ӕй куд бавдиста, ке нӕ уарзуй, уой?

7 Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн арӕх фӕззӕгъидӕ, ке сӕ уарзуй, уой (Иоан. 13:1; 15:15). Фал ӕ уарзондзийнадӕ айдагъ дзурдтӕй бӕрӕг н’ адтӕй. Еухатт Йесо загъта: «Уомӕй устурдӕр уарзондзийнадӕ нӕййес, ӕма еске е ’мбӕлтти сӕрбӕл ӕ уод ку ратта» (Иоан. 15:13). Йеговӕ ӕма Йесо мах туххӕй ци искодтонцӕ, е нӕ цардбӕл куд гъӕуама бӕрӕг кӕна?

8. 1 Иоанни 3:18 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕ ци кӕнун гъӕуй?

8 Йегови ӕма Йесой ку уарзӕн, уӕд сӕмӕ игъосгӕ дӕр кӕндзиан (Иоан. 14:15; 1 Иоан. 5:3). Йесо ба нин бафӕдзахста, цӕмӕй кӕрӕдзей уарзӕн (Иоан. 13:34, 35). Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ке уарзӕн, уой син айдагъ дзурдтӕй гъӕуама ма ’вдесӕн, фал гъуддӕгтӕй дӕр. (Бакӕсӕ 1 Иоанни 3:18.) Цӕхуӕн гъуддӕгтӕй?

ХУӔРТӔ ӔМА ӔНСУВӔРТИ УАРЗЕТӔ

9. Иоанни уарзондзийнадӕ цӕмӕ разӕнгард кодта?

9 Иоаннӕн барӕ адтӕй ӕ фиди хӕццӕ байзайун ӕма идарддӕр дӕр кӕсалгӕ ахӕссуни куст кӕнун. Фал Иоанн ӕндӕр над равзурста. Дӕсгай ӕнзти дӕргъи адӕнӕн ӕнхус кодта, цӕмӕй Йегови ӕма Йесой базудтайуонцӕ. Еци надбӕл цӕун ӕнцон н’ адтӕй. Фиццаг ӕноси кӕрон Иоанни ниййахӕстонцӕ ӕма ’й Патмосмӕ рарвистонцӕ, зӕронд лӕг ке адтӕй, уомӕ дӕр ин нӕ фӕккастӕнцӕ (Гъуд. 3:1; 4:1–3; 5:18; Рарг. 1:9). Фал уоми дӕр Иоанн иннетӕбӕл сагъӕс кодта. Цалинмӕ Патмоси адтӕй, уӕдмӕ ниффинста Раргомади киунугӕ ӕма ’й хуӕртӕ ма ӕнсувӕртӕмӕ рарвиста, цӕмӕй етӕ дӕр базудтайуонцӕ, «тагъд рӕстӕги цитӕ гъӕуама ӕрцудайдӕ», уой (Рарг. 1:1). Ӕ Евангели ба, ӕвӕдзи, ниффинста, уордиги ку исуӕгъдӕ ’й, уӕд. Иоанни Евангелий финст ӕй Йесой цард ӕма лӕггади туххӕй. Уомӕй уӕлдай ма Иоанн ниффинста ӕртӕ финстӕги хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти бафедар кӕнунмӕ. Бӕрӕг ӕй, Иоанн ӕ уод иннетӕн ке не ’вгъау кодта. Цума ’й мах бон ба куд ӕй фӕнзун?

10. Адӕни ке уарзӕн, уой нӕ бон куд ӕй бавдесун?

10 Адӕни ке уарзӕн, е бӕрӕг уодзӕй, нӕ цард куд ӕрветӕн, уомӕй. Абони Сайтани дуйне уомӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй нӕ хъауритӕ ӕма нӕ рӕстӕг харз кӕнӕн фулдӕр ӕхца бакосунбӕл кенӕ нӕхецӕн кадгин ном искӕнунбӕл. Фал Паддзахади хабар ка игъосун кӕнуй, етӕ ба фиццагидӕр архайунцӕ иннетӕн ӕнхус кӕнунбӕл. Зӕгъӕн, хуарз хабар зингзӕрдӕй игъосун кӕнунцӕ ӕма адӕнӕн ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй Йегови базононцӕ. Кадӕртӕ ба ма си ӕнхӕстрӕстӕг дӕр лӕггадӕ кӕнунцӕ.

Нӕ бийнонти, удта нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ке уарзӕн, е бӕрӕг уодзӕй нӕ гъуддӕгтӕй (кӕсӕ 11 ӕма 17 абзацтӕ) *

11. Берӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ куд бавдесунцӕ, Йегови дӕр удта ин ӕ адӕни дӕр ке уарзунцӕ, уой?

11 Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй беретӕ бийнонтӕ дарунцӕ, ӕма сӕ уой туххӕй сӕумӕй-изӕрмӕ косун фӕгъгъӕуй. Фал уотемӕй дӕр Хуцауи гъуддаги, сӕ бон ци ӕй, уой кӕнунцӕ. Еуӕй-еуетӕ си фенхус кӕнунцӕ, ӕрдзон бӕллӕхти ка бахауй, уонӕн. Иннетӕ ба арӕзтадон гъуддӕгти фӕййархайунцӕ. Уомӕй уӕлдай ма не ’гасдӕр Хуцауи гъуддагӕн нисайнӕгтӕй фенхус кӕнӕн. Еци гъуддӕгтӕмӕ нӕ фӕрразӕнгард кӕнуй, Хуцауи ӕма адӕни ке уарзӕн, е. Алли къуӕре дӕр ӕмбурдтӕмӕ ке ӕрбацӕуӕн, уомӕй дӕр бавдесӕн, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ке уарзӕн, уой. Кусти фӕсте фӕллад ку фӕууӕн, уӕд дӕр ӕрбацӕуӕн ӕма дзуӕппитӕ дӕр фӕддӕттӕн, кӕд хатгай ӕфсӕрми фӕккӕнӕн, уӕддӕр. Удта ӕмбурди разӕй ӕма ӕмбурди фӕсте дӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕри бафедар кӕнунбӕл фӕййархайӕн, кӕд нӕхуӕдтӕ дӕр зиндзийнӕдтӕ февзарӕн, уӕддӕр (Дзиуит. 10:24, 25). Мах хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй се ’гас хуарздзийнӕдти туххӕй дӕр хъӕбӕр боз ан!

12. Иоанн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ке уарзта, е ма никкидӕр цӕмӕй бӕрӕг адтӕй?

12 Иоанн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти айдагъ ӕстаугӕ нӕ кодта, фал ма сӕ фӕдзӕхсгӕ дӕр кодта, ӕма уомӕй бӕрӕг адтӕй, уарзгӕ сӕ ке кодта, е. Зӕгъӕн, ӕ финстӕгути хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти растудта сӕ хуарз гъуддӕгти ӕма се ’ууӕндундзийнади туххӕй. Фал ма син уомӕй уӕлдай ӕргом загъта, тӕрегъӕд ци ӕй, уой раст ке нӕ лӕдӕрунцӕ (1 Иоан. 1:8–2:1, 13, 14). Мах дӕр гъӕуама хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти зӕрдиагӕй ӕстауӕн. Кедӕр си раст надӕй еуварсмӕ ке хӕссуй, уой ку фӕууинӕн, уӕдта ’й гъӕуама фӕлмӕнӕй бараст кӕнӕн. Е ӕнцон нӕй, фал уомӕй бавдесдзиан, ке ’й уарзӕн, уой. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ ӕцӕг ӕмбӕлттӕ кӕрӕдземӕн фенхус кӕнунцӕ, цӕмӕй хуӕздӕр исуонцӕ (Ӕмб. 27:17).

13. Цӕхуӕн гъуддӕгтӕй гъӕуама хезӕн нӕхе?

13 Еуӕй-еухатт ба нӕ уарзондзийнадӕ бавдесӕн, цӕхуӕндӕр гъуддӕгтӕ ке нӕ фӕккӕнӕн уомӕй. Зӕгъӕн, еске дзурдтӕбӕл зӕрдихудтӕ кӕнунмӕ нӕ фӕттагъд кӕнӕн. Еухатт Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн загъта: «Адӕймаги Фурти бауӕр ку нӕ хуӕрайтӕ ӕма ин ӕ тог ку нӕ ниуазайтӕ, уӕд цард нӕ фӕууиндзиайтӕ» (Иоан. 6:53–57). Еци дзурдтӕ берети зӕрдӕмӕ нӕ фӕццудӕнцӕ ӕма Йесой ниууагътонцӕ. Фал е ’цӕг ӕмбӕлттӕ ба ӕ хӕццӕ байзадӕнцӕ, ӕма Иоанн дӕр уони астӕу адтӕй. Етӕ дӕр ӕй нӕ балӕдӕрдтӕнцӕ, Йесо цӕй кой кодта, уой. Фал уотӕ нӕ расагъӕс кодтонцӕ, айӕ цитӕ дзоруй, зӕгъгӕ. Етӕ Йесобӕл федарӕй ӕууӕндтӕнцӕ, уомӕн ӕма ’й зудтонцӕ, рӕстдзийнадӕ ке амонуй, уой (Иоан. 6:60, 66–69). Махӕн дӕр еске дзурдтӕ гъулӕг ку уонцӕ, уӕд гъӕуама тагъд ма кӕнӕн, фал еци адӕймаги бауадзӕн, цӕмӕй, ци зӕгъуйнаг адтӕй, уой балӕдӕрун кӕна (Ӕмб. 18:13; Еккл. 7:9).

14. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй не ’сӕфт уинун ку райдайӕн, уӕд е тӕссаг цӕмӕй уодзӕй?

14 Иоанн ма финста, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй не ’сӕфт уинун дӕр раст ке нӕй. Еци унаффӕмӕ ку нӕ игъосӕн, уӕд нӕхе Сайтани къохмӕ гӕлдзӕн (1 Иоан. 2:11; 3:15). Фиццаг ӕноси кӕрон дӕр еуӕй-еу киристӕнттӕбӕл гъе уӕхӕн хабар ӕрцудӕй. Сайтан, ӕ бон куд адтӕй, уотӕ архайдта, цӕмӕй сӕ астӕу буцӕутӕ фӕззиндтайдӕ ӕма кӕрӕдземӕй се ’сӕфт уинун райдӕдтайуонцӕ. Иоанн ӕ финстӕгутӕ ку ниффинста, еци рӕстӕг киристон ӕмбурди, Сайтани хузӕн фӕндтӕ кӕмӕ адтӕй, уӕхӕн адӕн фӕззиндтӕй. Ӕма уонӕй сӕ еу адтӕй Диотреф. Диотрефи туххӕй ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти астӕу буцӕутӕ рауаидӕ (3 Иоан. 9, 10). Разамонӕг советӕй сӕ ка бабӕрӕг кӕнидӕ, еци ӕнсувӕрти дӕр нӕ нимадта. Ӕ зӕрдӕмӕ ка нӕ цудӕй, уони ка баиуазӕг кӕнидӕ, уони ба ма ӕмбурдӕй ратӕрунмӕ дӕр гъавта. Бӕрӕг ӕй, ӕппундӕр ибӕл цӕсгони цъарӕ ке н’ адтӕй! Абони дӕр Сайтан уобӕл архайуй, цӕмӕй Хуцауи адӕн кӕрӕдземӕй се ’сӕфт уинун райдайонцӕ. Фал ин мах уӕхӕн барӕ гъӕуама ма дӕттӕн.

УӔ БИЙНОНТИ УАРЗЕТӔ

Йесо ӕ мадӕ Марийи Иоанбӕл бафӕдзахста, цӕмӕй ин рӕстдзийнади надбӕл дӕр ӕма ӕнӕуой дӕр ӕнхус кодтайдӕ. Бийнонти хестӕртӕ дӕр гъӕуама сӕ бийнонтӕбӕл гъе уотӕ тухсонцӕ (кӕсӕ 15 ӕма 16 абзацтӕ)

15. Бийнонти хестӕртӕ ци гъӕуама ма иронх кӕнонцӕ?

15 Бийнонти хестӕри бон куд ӕй бавдесун, ӕ бийнонти ке уарзуй, уой? Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ гъӕуама ӕ бийнонтӕ дара (1 Тим. 5:8). Фал уой дӕр гъӕуама ма иронх кӕна, ӕма син ӕхцатӕ ӕма дзаумӕутти фӕрци се ’ууӕндундзийнадӕ нӕ бафедар кӕндзӕй (Матф. 5:3). Йесо бийнонти хестӕртӕн хуарз цӕветтон ниууагъта. Мӕлгӕ ку кодта, уӕддӕр ӕ мадӕбӕл батухстӕй. Гъезӕмӕртти гъӕдӕбӕл ку адтӕй, уӕд ӕ размӕ лӕудтӕнцӕ Иоанн ӕма ӕ мадӕ Марийӕ. Уӕхӕн риститӕ ӕвзаргӕй дӕр Йесо ӕ мадӕбӕл батухстӕй ӕма ’й Иоанбӕл бафӕдзахста (Иоан. 19:26, 27). Йесойӕн ма ӕндӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр адтӕй, ӕма етӕ дӕр сӕ мади ӕнӕ къӕбӕрӕй нӕ ниууагътайуонцӕ, фал си ӕ ахуркӕнуйнаг некема адтӕй. Йесой ба фӕндадтӕй, цӕмӕй Марийи фарсмӕ адтайдӕ, ка ’й федар кодтайдӕ ӕма ин ка ӕнхус кодтайдӕ, уӕхӕн адӕймаг.

16. Иоанбӕл цӕхуӕн ихӕстӕ адтӕй?

16 Иоанбӕл берӕ аллихузи ихӕстӕ адтӕй. Е адтӕй апостолтӕй сӕ еу, ӕма игъосун кӕнуни гъуддагӕн разамунд лӕвардта. Удта ин, ӕвӕдзи, бийнонтӕ дӕр адтӕй. Ӕма кӕд уотӕ ’й, уӕд ӕй ӕ бийнонтӕ дарун дӕр гъудӕй, удта син се ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун дӕр (1 Кор. 9:5). Абони бийнонти хестӕртӕ уомӕй цӕбӕл ахур кӕнунцӕ?

17. Ӕнсувӕр ӕ бийнонтӕбӕл ке тухсуй, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй?

17 Бийнонтӕ кӕмӕн ес, уӕхӕн ӕнсувӕрбӕл берӕ аллихузи ихӕстӕ фӕууй. Зӕгъӕн, фӕгъгъӕуй ӕй косун ӕма архайун, цӕмӕй ин кусти хуарз ном уа, ӕма уотемӕй Йегови ном рохс кӕна (Еф. 6:5, 6; Тит. 2:9, 10). Уомӕй уӕлдай ма ин фӕууй ихӕстӕ ӕмбурди дӕр. Фӕгъгъӕуй ӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл батухсун кенӕ игъосун кӕнуни гъуддагӕн разамунд дӕттун. Фал уӕддӕр хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ӕй, цӕмӕй ӕ бийнойнаг ӕма ӕ сувӕллӕнтти хӕццӕ Библи ахур кӕна. Ӕнсувӕр уотӕ ку архайа, уӕд ӕй ӕ бийнонтӕ уиндзӕнцӕ аллирдиги дӕр сӕбӕл ке тухсуй ӕма си боз уодзӕнцӕ (Еф. 5:28, 29; 6:4).

«ХАЙГИН УОДЗИАЙТӔ МӔ УАРЗОНДЗИЙНАДӔЙ»

18. Иоанн федарӕй ци зудта?

18 Иоанн берӕ фӕццардӕй, ӕма ӕ царди берӕ зинтӕ бавзурста. Фал уӕддӕр е ’ууӕндундзийнадӕ не ’рлӕмӕгъ ӕй. Е алкӕддӕр, ӕ бон ци адтӕй, уой кодта, цӕмӕй Киристей фӕдзӕхститӕ ӕнхӕст кодтайдӕ, зӕгъӕн, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти уарзун. Иоанн ӕй федарӕй зудта, Йеговӕ ӕма ’й Йесо берӕ ке уарзунцӕ ӕма ин фагӕ хъауритӕ ке ратдзӕнцӕ, цӕмӕй цийфӕнди зиндзийнӕдтӕн дӕр ниббухса (Иоан. 14:15–17; 15:10; 1 Иоан. 4:16). Сайтан ӕма ӕ зундбӕл ка цудӕй, еци адӕн ба уобӕл архайдтонцӕ, цӕмӕй Иоанн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти мабал уарзтайдӕ, фал син си неци рауадӕй. Иоанн идарддӕр дӕр ӕ уарзондзийнадӕ дзурдтӕй ӕма гъуддӕгтӕй ӕвдиста.

19. 1 Иоанни 4:7 финст дзурдтӕ нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнунцӕ ӕма уотӕ архайун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

19 Абони дӕр дуйне Сайтани къохи ӕй, ӕма уомӕ гӕсгӕ адӕн кӕрӕдземӕй се ’сӕфт уинунцӕ (1 Иоан. 3:1, 10). Сайтани уотӕ фӕндуй, цӕмӕй мах дӕр кӕрӕдзей мабал уарзӕн. Фал ин си неци рауайдзӕй, цалинмӕ ин нӕхуӕдтӕ еци барӕ нӕ раттӕн уӕдмӕ. Гъӕйдӕ мадта нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕгас зӕрдӕй уарзӕн ӕма еци уарзт дзурдтӕй дӕр ӕма гъуддӕгтӕй дӕр ӕвдесӕн. Гъе уӕд ни алкедӕр лӕдӕрдзӕй, Йегови устур бийнонтӕй ке ӕй, уой, нӕ цард ба уодзӕй амондгун ӕма цийнӕйдзаг. (Бакӕсӕ 1 Иоанни 4:7.)

88 ЗАР Байамонӕ мин дӕ нӕдтӕ

^ 5 абз. Библий уотӕ ке туххӕй финст ӕй, «Йесо ке уарзта, еци ахуркӕнуйнаг», зӕгъгӕ, е апостол Иоанн адтайдӕ (Иоан. 21:7). Мадта ’й кӕд Йесо уӕлдай уарзт кодта, уӕд имӕ, ӕвӕдзи, берӕ хуарз менеугутӕ адтӕй. Ку базӕронд ӕй, уӕд ӕй Йеговӕ ӕ сугъдӕг хъаурӕй баразӕнгард кодта Евангели ӕма ӕртӕ финстӕги ниффинсун. Иоанн уарзондзийнади туххӕй берӕ финста. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, Иоанни дзурдтӕй цалдӕремӕ ӕма ин ӕ цардӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн, уомӕ.

^ 59 абз. ХУЗӔ. Бийнонти хестӕр ӕнхус кӕнуй ӕрдзон бӕллӕхи фӕсте, ӕгасдуйнеуон гъуддагӕн нисайнаг ӕрветуй ӕма сӕ бийнонти ахурмӕ кедӕрти фӕххудта.