Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Йегъовӕйӕн «нӕ» никуы загътам

Йегъовӕйӕн «нӕ» никуы загътам

ТЫХДЫМГӔЙЫ фӕстӕ цӕугӕдон уыд змӕст ӕмӕ дуртӕ хаста. Хъуамӕ цӕугӕдоны сӕрты иннӕ фарсмӕ ахызтаиккам, фӕлӕ хид дон аласта. Уыдтӕн мӕ сӕрыхицау Харвиимӕ ӕмӕ нӕ тӕлмацгӕнӕгимӕ. Тынг фӕтарстыстӕм, ӕмӕ, цы кодтаиккам, уый нӕ зыдтам. Доны иннӕ фарс нӕм ӕфсымӕртӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты ӕмӕ нын тарстысты, куыд бахӕццӕ уыдзысты, зӕгъгӕ. Уӕд сфӕнд кодтам нӕ машинӕйы сбадын ӕмӕ доны иннӕ фарсмӕ, нӕ машинӕйӕ гыццыл стырдӕр чи уыд, ахӕм машинӕйы фӕстӕ ацӕуын. Ӕмӕ йӕ фӕдыл сабыргай цыдыстӕм, тросӕй баст ӕм нӕ уыдыстӕм, афтӕмӕй. Афтӕ нӕм каст, ӕмӕ иннӕ фарсмӕ никуы бахӕццӕ уыдзыстӕм. Цалынмӕ фаллаг фарсмӕ нӕ бахӕццӕ стӕм, уӕдмӕ Йегъовӕмӕ куывтам. Уыцы хабар ныл ӕрцыд 1971 азы. Мах уыдыстӕм Тайваны скӕсӕн хайы, нӕ райгуырӕн бӕстӕтӕй тынг дард. Цӕй ӕмӕ уын нӕ царды хабӕрттӕ радзурон.

ЙЕГЪОВӔЙЫ ТЫНГ БАУАРЗТАМ

Цыппар ӕфсымӕрӕй Харви уыди ӕппӕты хистӕр. Йӕ бинонтӕ рӕстдзинад базыдтой 1930-ӕм азты Ныгуылӕн Австралийы, горӕт Мидленд-Джанкшены. Уыцы рӕстӕг экономикӕ тынг ӕвзӕр уавӕры уыд. Харви Йегъовӕйы тынг бауарзта, ӕмӕ йыл 14 азы куы цыд, уӕд донаргъуыд райста. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ бамбӕрста, ӕмбырды-иу ын хӕслӕвӕрд куы раттой, уӕд-иу кӕй хъуамӕ сразы уа. Иухатт ын бахӕс кодтой ӕмбырды «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» статья бакӕсын. Ӕмӕ йӕм афтӕ каст, ӕмӕ нӕ сарӕхсдзӕн. Фӕлӕ йын иу ӕфсымӕр загъта, Йегъовӕйы организацийы, дам, дын ӕфсымӕртӕ исты куы бахӕс кӕнынц, уӕд ӕй уыдон фӕзонынц, кӕй сарӕхсдзынӕ (2 Кор. 3:5).

Ӕз, мӕ мад ӕмӕ мӕ хистӕр хо рӕстдзинад базыдтам Английы. Мӕ фыд дӕр ӕппынфӕстаг сси Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фыццаг йӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыдысты. Кӕд мӕ фыды нӕ фӕндыд, уӕддӕр донаргъуыд райстон, 10 азы дӕр мыл нӕма цыд, афтӕ. Ӕз мӕ разы нысан сӕвӕрдтон, кӕй лӕггад кӕндзынӕн пионерӕй, уый фӕстӕ та миссионерӕй. Фӕлӕ мӕ мӕ фыд пионерӕй лӕггад кӕнын нӕ бауагътаид, цалынмӕ мыл 21 азы нӕ сӕххӕст уыдаид, уӕдмӕ. Фӕлӕ мӕн уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ фӕндыд. 16 азы мыл куы цыд, уӕд мын бар радта, цӕмӕй Австралимӕ мӕ хистӕр хомӕ цӕрынмӕ ацыдаин. Ӕмӕ мыл 18 азы куы сӕххӕст, уӕд пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон.

Нӕ чындзӕхсӕвы бон, 1951 аз

Австралийы базонгӕ дӕн Харвиимӕ. Нӕ дыууӕйӕн дӕр нӕ бӕллиц уыд миссионертӕй лӕггад кӕнын. 1951 азы нӕ цард баиу кодтам. Пионертӕй дыууӕ азы куы балӕггад кодтам, уӕд Харвийы снысан кодтой районон цӕстдарӕгӕй, ӕмӕ йын ӕз дӕр ӕххуыс кодтон. Нӕ район уыди Ныгуылӕн Австралийы ӕмӕ уыд тынг стыр. Ӕмӕ-иу нӕ тӕвды тынг дард рӕттӕм хъуыди цӕуын.

НӔ БӔЛЛИЦ СӔХХӔСТ

Стадион «Янки»-йы, Галаады скъола куы фестӕм, уӕд, 1955 аз

1954 азы нӕ фӕхуыдтой Галаады скъоламӕ, 25-ӕм къласмӕ. Ӕмӕ тагъд хъуамӕ нӕ бӕллиц сӕххӕст уыдаид! Нью-Йоркмӕ ’рцыдыстӕм науыл. Скъолайы ахуыргӕнгӕйӕ Библи тынг арф иртӕстам. Стӕй ма ахуыр кодтам испайнаг ӕвзаг дӕр. Фӕлӕ Харвийӕн уый ӕнцон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ йӕ бон нӕ уыд испайнаг «р» дзурын.

Галаады скъолайы нын нӕ ахуыргӕнджытӕ загътой, Японийы лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн сӕ бон кӕй у сӕхи япойнаг ӕвзаджы курсытӕм ныффыссын. Мах ахъуыды кодтам, хуыздӕр кӕй уыдзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы организаци аскъуыддзаг кӕна, кӕм лӕггад кӕндзыстӕм, уый. Гыццыл фӕстӕдӕр нӕ ахуыргӕнджытӕй иу, Альберт Шрёдер, базыдта, нӕхи кӕй нӕ ныффыстам. Ӕмӕ нын афтӕ, ноджыдӕр, дам, ахъуыды кӕнут. Фӕлӕ мах дызӕрдыг кодтам. Ӕмӕ нын уӕд загъта, мах, дам, уӕ ныффыстам уыцы курсытӕм, ӕмӕ, дам, афӕлварут. Харвийӕн япойнаг ӕвзаг сахуыр кӕнын ӕнцондӕр уыд.

Японимӕ ’рцыдыстӕм 1955 азы. Уӕд дзы 500 хъусынгӕнӕджы йеддӕмӕ нӕ уыд. Харвийыл уӕд цыд 26 азы, мӕныл та – 24 азы. Снысан нӕ кодтой наулӕууӕн горӕт Кобемӕ, ӕмӕ дзы 4 азы фӕлӕггад кодтам. Уый фӕстӕ та Харвийы ногӕй снысан кодтой районон цӕстдарӕгӕй, ӕмӕ лӕггад кодтам горӕт Нагойӕмӕ ’ввахс. Уым алцыдӕр цыди нӕ зӕрдӕмӕ: хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, бынӕттон хӕринӕгтӕ, ӕрдз. Фӕстӕдӕр нӕ снысан кодтой ӕндӕр ранмӕ, ӕмӕ та ацы хатт дӕр Йегъовӕйӕн «нӕ» нӕ загътам.

НОГ ХӔСТӔ – НОГ ЗЫНДЗИНӔДТӔ

Харви, ӕз ӕмӕ иннӕ миссионертӕ Кобейы, 1957 аз

Харви 3 азы районон цӕстдарӕгӕй куы фӕлӕггад кодта, уӕд нӕ Японийы филиалы ӕфсымӕртӕ бафарстой, нӕ, дам, уӕ фӕнды Тайванмӕ ацӕуын ӕмӕ адӕмыхатт амийӕн хорз хабар хъусын кӕнын. Уыцы ӕвзагыл дзурӕг ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ рӕстдзинад ныууагътой. Ӕмӕ цӕмӕй иннӕты дӕр сӕ зондыл ма акодтаиккой, уый тыххӕй хъуыди, япойнаг ӕвзаг чи зыдта, ахӕм ӕфсымӕры ӕххуыс *. Японийы лӕггад кӕнын нӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ Тайванмӕ ацӕуын нӕ фӕндыд. Фӕлӕ-иу Харви алкӕддӕр сразы, йӕ бӕрны йын-иу цы хӕстӕ бакодтой, уыдон ӕххӕст кӕныныл. Ӕмӕ та ацы хатт дӕр сразы стӕм.

Тайванмӕ ’рцыдыстӕм 1962 азы ноябры. Уыди дзы 2 271 хъусынгӕнӕджы, сӕ фылдӕр уыдысты адӕмыхатт амийӕ. Фыццаг нӕ хъуыди китайаг ӕвзаг сахуыр кӕнын. Уыди нӕм ӕрмӕстдӕр иу чиныг. Стӕй ма нын ӕххуыс кодта, англисагау чи нӕ дзырдта, ахӕм ахуыргӕнӕг. Фӕлӕ уӕддӕр китайаг ӕвзаг сахуыр кодтам.

Гыццыл фӕстӕдӕр Харвийы снысан кодтой филиалы цӕстдарӕгӕй. Филиал стыр кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ Харвийӕн йӕ бон уыди уым дӕр йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын ӕмӕ ма мӕй ӕртӕ къуырийы, амисаг ӕвзагыл чи дзырдта, уыцы ӕфсымӕртимӕ дӕр лӕггад кӕнын. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ма-иу Харви лӕггад кодта облӕстон цӕстдарӕгӕй. Конгрессты-иу ын уыди раныхӕстӕ. Йӕ бон уыд йӕ раныхӕстӕ япойнаг ӕвзагыл дзурын, ӕмӕ-иу ӕй амисаг ӕвзагыл дзурӕг ӕфсымӕртӕ ӕмбӕрстаиккой. Фӕлӕ хицауады бардзырдмӕ гӕсгӕ дины фембӕлдтӕ уадзӕн уыд ӕрмӕстдӕр китайаг ӕвзагыл. Гъемӕ Харви йӕ раныхӕстӕ дзырдта китайаг ӕвзагыл, кӕд ын уыцы ӕвзагыл дзурын ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр. Ӕфсымӕр та-иу ӕй амисагмӕ тӕлмац кодта.

Уыцы рӕстӕг Тайваны уыд хӕстон уавӕр. Ӕмӕ-иу цӕмӕй конгресстӕ ауагътаиккам, уый тыххӕй-иу ӕфсымӕрты хъуыди пъӕлицӕйӕ бар ракурын. Уый афтӕ ӕнцон нӕ уыд, стӕй-иу ууыл бирӕ рӕстӕг ацыд. Афтӕ-иу куы уыд, ӕмӕ ма конгресмӕ цалдӕр боны хъӕуы, фӕлӕ нын бар нӕма радтой, уӕд-иу Харви пъӕлицӕмӕ ацыд. Ӕмӕ-иу ын цалынмӕ бар нӕ радтой, уӕдмӕ-иу уым бадти. Харви фӕсарӕйнаг кӕй уыд, уый тыххӕй-иу ын бар тагъддӕр радтой.

ФЫЦЦАГ ХАТТ ХОХМӔ ССЫДТӔН

Тайваны цӕугӕдоны сӕрты хизӕм, цӕуӕм хъусын кӕнынмӕ

Ӕмбырдтимӕ-иу куы лӕггад кодтам, уыцы рӕстӕг-иу фистӕгӕй бирӕ фӕцыдыстӕм, зӕгъӕм, сахат кӕнӕ сахат ӕмӕ ’рдӕг. Хъуыди-иу нӕ хӕхтӕм дӕр ссӕуын, цӕугӕдӕтты сӕрты дӕр ахизын. Хъуыды ма йӕ кӕнын, фыццаг хатт хохмӕ куыд ссыдтӕн, уый. Райсомӕй цыдӕртӕ ахордтам, ӕмӕ, ӕхсӕзы ’рдӕгыл чи цыд, уыцы автобусыл абадтыстӕм, ӕмӕ дард хъӕумӕ ацыдыстӕм. Стӕй ма нӕ хъуыди къахӕй дӕр цӕуын. Цӕугӕдоны сӕрты ахызтыстӕм ӕмӕ хохмӕ ссыдыстӕм. Хох ахӕм уырдыг уыд, ӕмӕ, мӕ разӕй чи цыд, уыцы ӕфсымӕрӕн йӕ зӕвӕттӕ уыдтон.

Харви хъусын кӕнынмӕ ацыд бынӕттон ӕфсымӕртимӕ, ӕз та иунӕгӕй хъусын кодтон иу гыццыл хъӕуы, япойнаг ӕвзагыл чи дзырдта, уыцы адӕмӕн. Сихормӕ афтӕ сӕххормаг дӕн, ӕмӕ мӕм тыхы мур нал баззад. Харвиимӕ куы фембӕлдыстӕм, уӕд ӕм уыди ӕртӕ хом айчы, радтой йын сӕ журналты тыххӕй. Ӕмӕ мын равдыста, хом айк хӕрын куыд хъӕуы, уый. Дыууӕрдыгӕй дзы хуынчъытӕ скодта ӕмӕ йӕ сцъырдта. Кӕд ӕм мӕ комыдӕттӕ не ’руадысты, уӕддӕр дзы ӕз дӕр иу федтон. Фӕлӕ ӕртыккаг айк та чи хъуамӕ бахордтаид? Уый дӕр ӕз бахордтон, уымӕн ӕмӕ ӕххормагӕй мӕ зӕрдӕ куы бахъарм уыдаид, уӕд мӕ Харви бынмӕ йе ’ккойыл куыд хастаид.

АФТӔ НИКУЫМА НЫННАДТОН МӔХИ

Иухатт ацыдыстӕм районон конгресмӕ, ӕмӕ нӕ суазӕг кодта, Паддзахады залы раз чи цард, уыцы ӕфсымӕр. Адӕмыхатт ами хи найын тынг ахсджиагыл нымайынц. Ӕмӕ нын районон цӕстдарӕджы ус алцыдӕр ӕрцӕттӕ кодта, цӕмӕй нӕхи ныннадтаиккам. Харвийы нӕма ’вдӕлд, ӕмӕ мын загъта, ды, дам, уал ныннай дӕхи. Куы ацыдтӕн, уӕд федтон, хо ӕддейӕ кӕй сӕвӕрдта дыууӕ ведрайы ӕмӕ тас. Иу ведрайы уыд уазал дон, иннӕйы та – тӕвд. Ӕфсымӕртӕ Паддзахады залы конгресмӕ цыдӕртӕ цӕттӕ кодтой, ӕмӕ сӕм уырдыгӕй зындаин. Ӕз хойы бафарстон, ницы ӕмбӕрзӕн дзы ис, цӕмӕй йӕ ам ӕрцауындзон, зӕгъгӕ. Ӕмӕ дын мын целлофан куы ’рбахӕссид! Ӕз ахъуыды кодтон, уӕд та, зӕгъын, хӕдзары чъылдыммӕ ацӕуон ӕмӕ мӕхи уым ныннайон. Фӕлӕ уым та хъазтӕ уыди. Сӕ сӕртӕ-иу заборӕй ӕрбадардтой, ӕмӕ сӕм хӕстӕг чи бацыдаид, уыдоныл фӕхӕцыдаиккой. Уӕд ахъуыды кодтон: «Цӕй, ницы кӕны. Ӕфсымӕрты не ’вдӕлы, ӕмӕ мӕ нӕ фендзысты. Стӕй мӕхи куы нӕ ныннайон, уӕд нӕ фысымты фӕхъыг кӕндзынӕн». Ӕмӕ мӕхи ныннадтон.

Нӕ уӕлӕ ис, адӕмыхатт ами кӕй дарынц, ахӕм уӕлӕдарӕс

ЛИТЕРАТУРӔ АМИСАГ ӔВЗАГЫЛ

Харви бамбӕрста, амисаг ӕвзагыл дзурӕг ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ кӕсын кӕй нӕ зыдтой ӕмӕ се ’взагыл литературӕ кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй сын зын кӕй уыд сӕ уырнындзинад фидар кӕнын. Уыцы ӕвзагыл 1963 азы фыссынад кӕй фӕзынд, уымӕ гӕсгӕ ӕфсымӕртӕ аскъуыддзаг кодтой, хуыздӕр кӕй уыдзӕн бынӕттон ӕфсымӕрты се ’взагыл кӕсын сахуыр кӕнын. Уый ӕнцон хъуыддаг нӕ уыди. Фӕлӕ, кӕсын кӕй сахуыр сты, уый фӕрцы ныр сӕхи бон уыд Библи иртасын. 1966 азы амисаг ӕвзагыл фӕзынд Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ. 1968 азы та уыцы ӕвзагыл мыхуыры цӕуын райдыдта «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг».

Фӕлӕ хицауад ӕрмӕстдӕр китайаг ӕвзагыл уагъта литературӕ мыхуыр кӕнын. Цӕмӕй нӕ хъуыддаг размӕ цыдаид, уый тыххӕй ӕфсымӕртӕ бирӕ цыдӕртӕ арӕзтой. Зӕгъӕм, журналы-иу статьятӕ фыст уыдысты китайаг ӕвзагыл, ӕмӕ ма-иу дзы уыди сӕ тӕлмац дӕр амисаг ӕвзагыл. Ӕмӕ афтӕ кодтой цасдӕр рӕстӕг. Ӕмӕ-иу афтӕ зынди, цыма уыцы журналы фӕрцы адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм китайаг ӕвзаг ахуыр кӕнынӕн. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы организаци амисаг ӕвзагыл рауагъта бирӕ литературӕ. Ӕмӕ нӕ литературӕйы фӕрцы уыцы адӕмӕн сӕ бон вӕййы рӕстдзинад базонын (Хъуыд. 10:34, 35).

ӔМБЫРДТӔ ССЫГЪДӔГ СТЫ

1960–1970 азты ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ нӕ цардысты. Библийы уагӕвӕрдтӕ кӕронмӕ кӕй не ’мбӕрстой, уымӕ гӕсгӕ дзы иуӕй-иутӕ ӕнӕгъдау цард кодтой, фыднозт кодтой, тамако дымдтой ӕмӕ бетель ӕууылдтой. Харви бирӕ ӕмбырдтӕ бӕрӕг кодта. Ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй бамбӕрстаиккой, Йегъовӕ уыцы хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый. Ӕмӕ, райдианы цы хабары кой ракодтон, уый ныл ӕрцыд, иухатт иу ӕмбырд бӕрӕг кӕнынмӕ куы цыдыстӕм, уӕд.

Сӕрныллӕг ӕфсымӕртӕ цӕттӕ уыдысты сӕ цард аивынмӕ. Фӕлӕ, хъыгагӕн, алкӕй нӕ фӕндыд йӕ цард ивын. Уыцы рӕстӕг Тайваны уыд 2 450 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр. Фӕлӕ 20 азмӕ сӕ нымӕц дзӕвгар фӕкъаддӕр, ӕмӕ ма дзы баззад 900 хъусынгӕнӕджы бӕрц. Уый тыххӕй нӕ ныфс тынг асаст. Фӕлӕ мах зыдтам, Йегъовӕ ӕрмӕстдӕр сыгъдӕг организацийӕн кӕй арфӕ кӕндзӕн (2 Кор. 7:1). Ӕппынфӕстаг ӕмбырдтӕ ссыгъдӕг сты. Йегъовӕ сын арфӕ кодта, ӕмӕ ныр Тайваны ис 11 мин хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр.

1980 азӕй амисаг ӕвзагыл дзурӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уырнындзинад фидар кӕнын райдыдта. Харвийӕн фӕзынд фылдӕр рӕстӕг, ӕмӕ йӕ бон уыд китайаг ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырдтӕн дӕр ӕххуыс кӕнын. Уый тынг цин кодта, нӕ хотӕй кӕмӕндӕрты сӕ лӕгтӕн кӕй баххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ суыдаиккой. Хъуыды ма йӕ кӕнын, куыд цингӕнгӕйӕ мын дзырдта, уыцы нӕлгоймӕгтӕй иу Йегъовӕмӕ фыццаг хатт куыд скуывта. Ӕз дӕр цин кӕнын, мӕ бон кӕй уыди бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уыдаиккой. Стӕй ма мын тынг ӕхсызгон у, Тайваны филиалы кӕй лӕггад кодтон, раздӕр Библи кӕимӕ ахуыр кодтон, уыцы сылгоймӕгтӕй иуӕн йӕ лӕппуимӕ ӕмӕ йӕ чызгимӕ.

МӔ ЦАРДӔМБАЛ ФӔЗИАН

2010 азы 1 январы мӕ зынаргъ цардӕмбал ракӕй амард. Иумӕ фӕцардыстӕм 59 азы. Харви ӕххӕстрӕстӕг фӕлӕггад кодта 60 азы бӕрц. Тынг ӕй мысын. Фӕлӕ иумӕ дыууӕ диссаджы бӕстӕйы кӕй лӕггад кодтам ӕмӕ йын кӕй ӕххуыс кодтон, уый мын стыр цины хос у. Мах сахуыр кодтам, ӕнцон чи не сты, дыууӕ ахӕм азиаг ӕвзаджы. Харви та уыцы ӕвзӕгтыл фыссын дӕр сахуыр.

Харвийы мӕлӕтӕй цалдӕр азы фӕстӕ, азтӕ мыл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уымӕ гӕсгӕ Разамонӕг совет уынаффӕ рахаста, хуыздӕр кӕй уыдзӕн, цӕмӕй фӕстӕмӕ Австралимӕ ацӕуон. Фыццаг мӕ Тайванӕй цӕуын нӕ фӕндыд. Фӕлӕ Харвийӕ сахуыр дӕн иу хъуыддагыл: Йегъовӕйы организацийӕн «нӕ» хъуамӕ макуы дзурон. Ӕмӕ сразы дӕн. Фӕстӕдӕр ӕй бамбӕрстон, уый раст уынаффӕ кӕй уыд.

Ӕхсызгон мын у, мӕ бон кӕй у филиалы экскурситӕ япойнаг ӕмӕ китайаг ӕвзӕгтыл кӕнын

Ныр лӕггад кӕнын Австралазийы филиалы. Улӕфгӕ бонты та ӕмбырдимӕ фӕхъусын кӕнын. Ӕхсызгон мын у, мӕ бон кӕй у филиалы экскурситӕ япойнаг ӕмӕ китайаг ӕвзӕгтыл кӕнын. Зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын, мӕрдтӕ куы райгас уой, уыцы рӕстӕгмӕ. Ӕз ӕй зонын, Йегъовӕ Харвийы кӕй нӕ ферох кодта, уымӕн ӕмӕ йын Харви «нӕ» никуы загъта (Иоан. 5:28, 29).

^ 14 абз. Ныртӕккӕ Тайваны сӕйраг ӕвзаг китайаг у. Фӕлӕ дзы дӕсгай азтӕ сӕйраг ӕвзаг уыд япойнаг. Уымӕ гӕсгӕ Тайваны бирӕ адӕмыхӕттытӕ дзырдтой япойнагау дӕр.