Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

5 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау у Чырысти»

«Алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау у Чырысти»

«Алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау у Чырысти» (1 КОР. 11:3).

12 ЗАРӔГ Стыр Хуыцау Йегъовӕ

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Нӕлгоймаг йӕ бинонтӕн куыд вӕййы, ууыл арӕх цы бандавы?

ДӔУМӔ гӕсгӕ, бинонты хистӕр цавӕр хъуамӕ уа? Иуӕй-иу нӕлгоймӕгтӕ сӕ устытӕн ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн куыд вӕййынц, ууыл арӕх бандавы, куыд схъомыл сты, уый кӕнӕ, цы адӕмыхаттӕй сты, уыдоны ӕгъдӕуттӕ. Хо Янитӕ цӕры Европӕйы, ӕмӕ уый загъта: «Ӕз кӕм цӕрын, уым сылгоймӕгты нымайынц нӕлгоймӕгтӕй дӕлдӕрыл. Ӕмӕ сӕм ахӕм цӕстӕй кӕсынц, цыма ӕххуырст сты». Ӕфсымӕр Люк та цӕры Америкӕйы Иугонд Штатты, ӕмӕ уый афтӕ загъта: «Нӕлгоймӕгтӕй иуӕй-иутӕ сӕ фырттӕн фӕдзурынц, сылгоймаг, дам, цы дзуры, уымӕ, дам, ӕппындӕр нӕ хъӕуы хъусын». Фӕлӕ Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй лӕг йӕ усмӕ ахӕм цӕстӕй кӕса. (Абар Марчы 7:13.) Уӕдӕ нӕлгоймагӕн йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй хорз бинонты хистӕр уа?

2. Бинонты хистӕр цы хъуамӕ зона ӕмӕ цӕмӕн?

2 Цӕмӕй нӕлгоймаг хорз бинонты хистӕр уа, уый тыххӕй хъуамӕ фыццаджыдӕр зона, Йегъовӕ дзы цы домы, уый. Хъуамӕ ма зона, Йегъовӕ йын бартӕ цӕмӕн радта ӕмӕ йӕ бон куыд у Йегъовӕйы ӕмӕ Чырыстийы фӕзмын. Уыдӕттӕ зонын ӕй цӕмӕн хъӕуы? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй, цы бартӕ йын радта, уыдонӕй раст пайда кӕна (Лук. 12:48б).

ЙЕГЪОВӔ ЙӔ БИНОНТӔН ЦАВӔР ӔГЪДАУ СФИДАР КОДТА?

3. 1 Коринфӕгтӕм 11:3 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ йӕ бинонтӕн цавӕр ӕгъдау сфидар кодта?

3 Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 11:3. Ацы стихӕй базонӕн ис, Йегъовӕ уӕлӕрвты ӕмӕ зӕххыл йӕ бинонтӕн цавӕр ӕгъдау сфидар кодта, уый. Йегъовӕ у «хицау», ома ӕппӕт бартӕ дӕр уымӕ сты. Уый йӕ сывӕллӕттӕн, ома зӕдтӕн дӕр ӕмӕ адӕмӕн дӕр, радта цавӕрдӕр бартӕ. Фӕлӕ, сӕ бартӕй куыд пайда кӕнынц, уый тыххӕй йӕ разы дзуапп дӕттынц (Ром. 14:10; Еф. 3:14, 15). Йегъовӕ Йесо Чырыстийы сӕвӕрдта ӕмбырды хистӕрӕй, фӕлӕ, Хуыцауы адӕмӕн куыд у, уый тыххӕй Йегъовӕйы раз дзуапп дӕтты (1 Кор. 15:27). Нӕлгоймаджы та Йегъовӕ сӕвӕрдта бинонты хистӕрӕй. Фӕлӕ нӕлгоймаг йӕ усӕн ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕн куыд у, уый тыххӕй дзуапп дӕтты Йегъовӕйы раз ӕмӕ Чырыстийы раз (1 Пет. 3:7).

4. Йегъовӕйӕн ӕмӕ Йесойӕн бар цӕмӕн ис?

4 Йегъовӕйӕн бар ис, цӕмӕй, уӕлӕрвты ӕмӕ йын зӕххыл цы стыр бинонтӕ ис, уыдонӕн закъӕттӕ дӕтта ӕмӕ, уыцы закъӕттӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уымӕ йӕ хъус дара (Ис. 33:22). Йесо та у ӕмбырды «сӕр», ӕмӕ уымӕн дӕр ис бар, цӕмӕй закъӕттӕ ӕвӕра ӕмӕ сӕ куыд ӕххӕст кӕнӕм, уымӕ йӕ хъус дара (Гал. 6:2; Кол. 1:18–20).

5. Чырыстон бинонты хистӕрӕн цавӕр бартӕ ис? Йӕ бартӕ ӕгӕрон сты?

5 Чырыстон бинонты хистӕрӕн дӕр Йегъовӕйау ӕмӕ Чырыстийау ис бар, цӕмӕй йӕ бинонтӕн цавӕрдӕр закъӕттӕ ӕвӕра (Ром. 7:2; Еф. 6:4). Фӕлӕ йӕ бартӕ ӕгӕрон не сты. Зӕгъӕм, цы закъӕттӕ ӕрӕвӕры, уыдонӕн сӕ бындур хъуамӕ уой Хуыцауы Ныхасы уагӕвӕрдтӕ (Ӕмб. 3:5, 6). Стӕй йын уый бар нӕй, цӕмӕй, йӕ бинонтӕй чи нӕу, уыдонӕн закъӕттӕ ӕвӕра (Ром. 14:4). Уымӕй уӕлдай, йӕ фырттӕй ӕмӕ йӕ чызджытӕй чи сыстыр, уыдонӕй исчи хицӕнӕй куы цӕра, уӕд ын уый бар нал уыдзӕн, цӕмӕй йын уагӕвӕрдтӕ фидар кӕна (Матф. 19:5). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, лӕппу кӕнӕ чызг хицӕнӕй куы цӕра, уӕддӕр йӕ ныййарджытӕн кад кӕндзӕн.

ЙЕГЪОВӔ КӔМӔНДӔРТЫ БАРТӔ ЦӔМӔН РАДТА?

6. Йегъовӕ кӕмӕндӕрты бартӕ цӕмӕн радта?

6 Йегъовӕ кӕмӕндӕрты бартӕ уый тыххӕй радта, ӕмӕ йӕ бинонты тынг уарзы. Иннӕтӕн бартӕ кӕй радта, уый у йӕ лӕвар. Уый фӕрцы йӕ бинонты ’хсӕн алцыдӕр у уаг ӕмӕ ӕгъдауыл ӕмӕ се ’хсӕн ис фарн (1 Кор. 14:33, 40). Ӕнӕ уымӕй амондджын нӕ уыдаиккам. Зӕгъӕм, уӕд нӕ зыдтаиккам, цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл уынаффӕ чи хъуамӕ рахӕсса ӕмӕ уыцы хъуыддаг кӕронмӕ чи хъуамӕ ахӕццӕ кӕна, уый.

7. Ефесӕгтӕм 5:25, 28 стихтӕм гӕсгӕ, афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, лӕг йӕ усы хӕрдмӕ скӕсын куы нӕ фӕуадзы, уӕд уый Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ вӕййы?

7 Йегъовӕ бинонты хистӕрӕн бартӕ кӕй радта, уый кӕд хорз у, уӕд сылгоймӕгтӕй бирӕтӕм афтӕ цӕмӕн фӕкӕсы, ӕмӕ сӕ сӕ лӕгтӕ ӕфхӕрынц ӕмӕ сӕ хӕрдмӕ скӕсын нӕ уадзынц? Афтӕ уымӕн вӕййы, ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕй бирӕтӕ Йегъовӕйы закъӕттӕм нӕ хъусынц. Уыдон сӕ бинойнӕгтӕн куыд вӕййынц, ууыл бандавы, кӕм схъомыл сты, уым адӕм цы ’гъдӕуттыл хӕст сты, уыдон. Иуӕй-иутӕ та сӕ устыты уымӕн фефхӕрынц, ӕмӕ сӕхимӕ афтӕмӕй лӕгдӕр фӕкӕсынц. Кӕнӕ та сӕ фӕфӕнды иннӕтӕн сӕ лӕгдзинад равдисын. Чи зоны, лӕг хъуыды кӕна, зӕгъгӕ, мӕхи йын тыххӕй нӕ бауарзын кӕндзынӕн, фӕлӕ мӕ тӕрсгӕ уӕддӕр кӕндзӕн, ӕмӕ уӕд, мӕн цы фӕнды, уый араздзӕн *. Фӕлӕ, сылгоймагмӕ ахӕм цӕстӕй чи кӕсы, уыцы нӕлгоймаг тынг рӕдийы. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй лӕг йӕ усӕн кад кӕна. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:25, 28.)

НӔЛГОЙМАГӔН ЦЫ БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ХОРЗ БИНОНТЫ ХИСТӔР УА?

8. Нӕлгоймагӕн йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй хорз бинонты хистӕр уа?

8 Нӕлгоймаг хорз бинонты хистӕр уыдзӕн, Йегъовӕ ӕмӕ Чырысти сӕ бартӕй куыд пайда кӕнынц, уымӕй сӕ куы фӕзма, уӕд. Ӕркӕсӕм Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы миниуджытӕй дыууӕмӕ ӕмӕ аныхас кӕнӕм, бинонты хистӕртӕн сӕ бон куыд у уыцы миниуджытӕ ӕвдисын, ууыл.

9. Йегъовӕ куыд ӕвдисы, сӕрныллӕг кӕй у, уый?

9 Сӕрныллӕгдзинад. Дун-дунейы Йегъовӕйӕ зондджындӕр нӕй, фӕлӕ, йӕ лӕггадгӕнджытӕ цы фӕзӕгъынц, уымӕ байхъусы (Райд. 18:23, 24, 32). Йӕ дӕлбар чи ис, уыдонӕн-иу бар радта, цӕмӕй сӕ хъуыды загътаиккой, уынаффӕ-иу куы хаста, уӕд (1 Пад. 22:19–22). Йегъовӕ у ӕххӕст, фӕлӕ махӕй ныртӕккӕ нӕ домы, цӕмӕй ӕххӕст уӕм. Чи йын лӕггад кӕны, уыцы ӕнӕххӕст адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕнтыстджын уой (Пс. 113:6, 7). Библийы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис, уый у «ӕххуысгӕнӕг», зӕгъгӕ (Пс. 27:9; Дзут. 13:6). Паддзах Давид ӕмбӕрста, Йегъовӕ йын йӕ бар цы стыр хъуыддӕгтӕ бакодта, уыдон ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы сӕрныллӕгдзинады фӕрцы кӕй сарӕзта (2 Сам. 22:36).

10. Чырысти куыд равдыста, сӕрныллӕг кӕй уыд, уый?

10 Ӕркӕсӕм Йесойы цӕвиттонмӕ. Кӕд Хицау ӕмӕ Ахуыргӕнӕг уыд, уӕддӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ къӕхтӕ ныхсадта. Цымӕ Йегъовӕ ацы хабар Библийы цӕмӕн ныффыссын кодта? Цӕмӕй не ’ппӕт дӕр, уыимӕ бинонты хистӕртӕ дӕр, Йесойы фӕзмӕм. Уый йӕхӕдӕг загъта: «Ӕз уын равдыстон, куыд хъуамӕ кӕнат, уый, цӕмӕй уын ӕз куыд сарӕзтон, афтӕ аразат сымах дӕр» (Иоан. 13:12–17). Кӕд Йесомӕ стыр бартӕ уыди, уӕддӕр уымӕ не ’нхъӕлмӕ каст, цӕмӕй йын иннӕтӕ лӕггад кӕной. Фӕлӕ йӕхӕдӕг иннӕтӕн лӕггад кодта (Матф. 20:28).

Бинонты хистӕр сӕрныллӕг кӕй у ӕмӕ йӕ бинонты кӕй уарзы, уый равдисдзӕн, хӕдзары куыстытӕ куы кӕна ӕмӕ йӕ бинонты уырнындзинад куы фидар кӕна (кӕс 11, 13 абзацтӕ)

11. Йегъовӕ ӕмӕ Йесо куыд сӕрныллӕг сты, уымӕй сӕ бинонты хистӕрӕн йӕ бон куыд у бафӕзмын?

11 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Бинонты хистӕр сӕрныллӕг кӕй у, уый йӕ бон куыд у равдисын? Зӕгъӕм, йӕ бинойнагӕй ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕй куы нӕ дома, цӕмӕй ӕххӕст уой. Стӕй-иу куы байхъуса, цы хъуыды кӕнынц, уымӕ, йемӕ разы куы нӕ уой, уӕд дӕр. Хо Марли цӕры Иугонд Штатты, ӕмӕ афтӕ загъта: «Мӕ сӕрыхицауимӕ алкӕд иухуызон нӕ фӕхъуыды кӕнӕм. Фӕлӕ йӕ зонын, кӕй мын аргъ кӕны ӕмӕ мын кӕй кад кӕны. Цалынмӕ уынаффӕ нӕ рахӕссы, уӕдмӕ мӕ бафӕрсы, цы хъуыды кӕнын, уымӕй. Ӕмӕ йын цы фӕзӕгъын, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕны». Уымӕй уӕлдай ма сӕрныллӕг сӕрыхицау хӕдзары куыстытӕ дӕр фӕкӕны, кӕд, кӕм цӕры, уым уыдӕттӕ сылгоймаджы куыстытыл нымад сты, уӕддӕр. Уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Цӕуылнӕ? Хо Рейчел загъта: «Ӕз кӕцӕй дӕн, уым лӕг йӕ усӕн тӕбӕгътӕ ӕхсынӕн кӕнӕ хӕдзар ӕфснайынӕн куы ’ххуыс кӕна, уӕд сыхӕгтӕ ӕмӕ хиуӕттӕ зӕгъдзысты, ай цӕй лӕг у, зӕгъгӕ. Ӕмӕ хъуыды кӕндзысты, йӕ усы йӕ сӕрыл кӕй сбадын кодта». Кӕд сымахмӕ дӕр адӕмӕн сӕ фылдӕр афтӕ хъуыды кӕнынц, уӕд дӕ зӕрдыл дар, Чырысти йӕ апостолты къӕхтӕ кӕй ныхсадта, кӕд-иу уый цагъары хӕс уыд, уӕддӕр. Хорз бинонты хистӕр ууыл нӕ фӕхъуыды кӕны, ӕмӕ йын иннӕты цӕсты кад уа, фӕлӕ, йӕ бинойнагӕн ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕн хуыздӕр куыд уыдзӕн, ууыл. Бинонты хистӕрмӕ ма сӕрныллӕгдзинадӕй уӕлдай ноджыдӕр цавӕр миниуӕг хъуамӕ уа?

12. Йегъовӕ ӕмӕ нӕ Йесо кӕй уарзынц, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

12 Уарзондзинад. Йегъовӕ цыдӕриддӕр аразы, уый аразы, уарзгӕ нӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй (1 Иоан. 4:7, 8). Кӕй нӕ уарзы ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм, уый бӕрӕг у, йӕ Ныхас Библи нын кӕй радта ӕмӕ нӕ йӕ организацимӕ кӕй ӕрбакодта, уымӕй. Йегъовӕ ма нын дзуры, кӕй нӕ уарзы ӕмӕ йын зынаргъ кӕй стӕм. Стӕй нӕ, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕй цух нӕ уадзы. «Циндзинад нын цыдӕриддӕр хӕссы, уый нын рӕдауӕй... дӕтты» (1 Тим. 6:17). Куы фӕрӕдийӕм, уӕд нын зонд бацамоны, фӕлӕ нӕ уӕддӕр фӕуарзы. Йегъовӕ нӕ тынг кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ йӕ Фырты нывондӕн ӕрхаста. Ӕмӕ нӕ Йесо дӕр тынг уарзы. Уый йӕ цард мах тыххӕй радта (Иоан. 3:16; 15:13). Йегъовӕйыл ӕмӕ Йесойыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд нӕ сӕ уарзондзинадӕй ничи ӕмӕ ницы фӕхицӕн кӕндзӕн (Иоан. 13:1; Ром. 8:35, 38, 39).

13. Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй бинонты хистӕр, йӕ бинонты кӕй уарзы, уый хъуыддагӕй ӕвдиса? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Бинонтӕ чи скодта, уымӕн йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй йӕ йӕ бинойнаг нымайа?».)

13 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Бинонты хистӕр цыфӕнды ма араза, уый хъуамӕ араза, йӕ бинонты кӕй уарзы, уый тыххӕй. Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Апостол Иоанн загъта: «Кӕй уыны, уыцы ӕфсымӕры [кӕнӕ бинонты] чи нӕ уарзы, уымӕн йӕ бон куыд у, кӕй нӕ уыны, уыцы Хуыцауы уарзын?» (1 Иоан. 4:11, 20). Йӕ бинонты чи уарзы ӕмӕ Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы фӕзмын кӕй фӕнды, ахӕм лӕг йӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар уа, ӕмӕ сын ӕмбарын кӕндзӕн, кӕй сӕ уарзы. Стӕй сӕ цух нӕ уадздзӕн, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕй (1 Тим. 5:8). Уый йӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕндзӕн ӕмӕ сын зонд амондзӕн. Стӕй ма архайдзӕн, цӕмӕй, цы уынаффӕтӕ рахӕссы, уыдон Йегъовӕйӕн кад хӕссой ӕмӕ йӕ бинонтӕн дӕр пайда уой. Ныртӕккӕ уыцы хъуыддӕгтӕй алкӕцымӕ дӕр ӕркӕсдзыстӕм ӕмӕ фендзыстӕм, бинонты хистӕрӕн йӕ бон Йегъовӕйы ӕмӕ Чырыстийы фӕзмын куыд у, уый.

БИНОНТЫ ХИСТӔРЫЛ ЦАВӔР ХӔСТӔ ИС?

14. Бинонты хистӕрӕн йӕ бон куыд у йӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар уа?

14 Хъуамӕ йӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕна, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар уа. Йесо фӕзмыдта йӕ Фыды. Уый йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар уыдаид (Матф. 5:3, 6; Мар. 6:34). Ӕмӕ бинонты хистӕр дӕр фыццаджыдӕр хъуамӕ хъуыды кӕна йӕ бинонты уырнындзинад фидар кӕныныл (Дык. з. 6:6–9). Хъуамӕ йӕ хъус дара, цӕмӕй йӕ бинонтӕ Библи кӕсой, иртасой йӕ, ӕмбырдтӕм цӕуой, хорз хабар хъусын кӕной, стӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕной. Ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕ йӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ араза.

15. Бинонты хистӕрӕн йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй йӕ бинонтӕ ӕмбарой, кӕй сӕ уарзы?

15 Хъуамӕ йӕ бинонтӕн ӕмбарын кӕна, кӕй сӕ уарзы. Йегъовӕ Йесойӕн ӕргом дзырдта, кӕй йӕ уарзы (Матф. 3:17). Ӕмӕ Йесо дӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дзырдта, кӕй сӕ уарзы. Стӕй уый хъуыддӕгтӕй дӕр ӕвдыста. Ӕмӕ йын уыдон дӕр дзырдтой, кӕй йӕ уарзынц (Иоан. 15:9, 12, 13; 21:16). Бинонты хистӕр йӕ бинойнаджы ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты кӕй уарзы, уый ӕвдисдзӕн, зӕгъӕм, семӕ иумӕ Библи куы иртаса, уымӕй. Хъуамӕ ма-иу сын дзура, кӕй сӕ уарзы ӕмӕ йын тынг зынаргъ кӕй сты, ӕмӕ, уавӕр куы амона, уӕд-иу сӕ иннӕты раз дӕр раппӕла (Ӕмб. 31:28, 29).

Бинонты хистӕр йӕ бинонтыл куы тыхса, цӕмӕй сын, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ уа, уӕд дзы Йегъовӕ райгонд уыдзӕн (кӕс 16 абзац)

16. Бинонты хистӕр ма ноджыдӕр цы хъуамӕ араза, фӕлӕ йӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дара?

16 Хъуамӕ йӕ бинонтыл тыхса, цӕмӕй сын уа, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Йегъовӕ израилӕгты, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъуыд, уыдӕттӕй цух нӕ уагъта, суанг ма-иу сӕ се ’гоммӕгӕсдзинады тыххӕй куы бафхӕрдта, уӕд дӕр (Дык. з. 2:7; 29:5). Ӕмӕ абон махыл дӕр тыхсы (Матф. 6:31–33; 7:11). Йесо дӕр-иу хӕринаг лӕвӕрдта, йӕ фӕдыл чи цыд, уыдонӕн (Матф. 14:17–20). Стӕй ма-иу сӕ дзӕбӕх дӕр кодта (Матф. 4:24). Бинонты хистӕр йӕ бинонтыл куы тыхса, цӕмӕй сын, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ уа, уӕд дзы Йегъовӕ райгонд уыдзӕн. Фӕлӕ хъуамӕ иу хъуыддаг йӕ зӕрдыл дара. Йӕ куыстыл хъуамӕ ӕгӕр ма суа, кӕннод ын йӕ бинонтӕн рӕстӕг нал уыдзӕн.

17. Йегъовӕ ӕмӕ нӕ Чырысти куыд ахуыр кӕнынц ӕмӕ нын зонд куыд амонынц?

17 Хъуамӕ йӕ бинонтӕн разамынд дӕтта ӕмӕ сын зонд амона. Йегъовӕ нӕ ахуыр кӕны ӕмӕ нын зонд амоны, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм (Дзут. 12:7–9). Йегъовӕйау Йесо дӕр, йӕ дӕлбар чи ис, уыдонӕн фӕлмӕнӕй зонд фӕамоны (Иоан. 15:14, 15). Цы хъӕуы, уый фӕзӕгъы, фӕлӕ тызмӕг никуы вӕййы (Матф. 20:24–28). Зоны йӕ, ӕнӕххӕст кӕй стӕм ӕмӕ арӕх кӕй фӕрӕдийӕм (Матф. 26:41).

18. Хорз бинонты хистӕр йӕ зӕрдыл цы фӕдары?

18 Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы чи фӕзмы, ахӕм бинонты хистӕр йӕ зӕрдыл фӕдары, йӕ бинонтӕ ӕнӕххӕст кӕй сты. Йӕ бинойнагмӕ ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕм тызмӕг нӕ вӕййы (Кол. 3:19). Уый фӕархайы, Галатӕгтӕм 6:1 стихы цы ныхӕстӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ куы фӕхъӕуы, уӕд сын «фӕлмӕнӕй» зонд бацамоны ӕмӕ дзы рох нӕ вӕййы, йӕхӕдӕг дӕр ӕнӕххӕст кӕй у. Йесойау уый дӕр зоны, йӕ бинонтӕн йӕхӕдӕг фӕзминаг кӕй хъуамӕ уа, цӕмӕй сӕ истӕуыл сахуыр кӕна (1 Пет. 2:21).

19, 20. Бинонты хистӕры уынаффӕ рахӕссын куы фӕхъӕуы, уӕд йӕ бон куыд вӕййы Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы бафӕзмын?

19 Уынаффӕ хӕсгӕйӕ хъуамӕ йӕ бинонтыл хъуыды кӕна. Йегъовӕ уынаффӕ куы фӕхӕссы, уӕд фӕхъуыды кӕны, иннӕтӕн хуыздӕр куыд уыдзӕн, ууыл. Зӕгъӕм, адӕмы уый тыххӕй не сфӕлдыста, ӕмӕ дзы йӕхицӕн цыдӕр пайда уыд, фӕлӕ цӕмӕй царды ад бавзӕрстаиккой. Йӕ Фырты дӕр ын зӕхмӕ тыххӕй ничи рарвитын кодта, йӕхи бафӕндыд афтӕ. Йесо дӕр-иу уынаффӕтӕ куы хаста, уӕд-иу фыццаджыдӕр иннӕтыл хъуыды кодта (Ром. 15:3). Зӕгъӕм, иухатт ӕй фӕндыд йӕ фӕллад суадзын. Фӕлӕ йӕм адӕм куы ’рбацыдысты, уӕд ууыл нал хъуыды кодта, ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын райдыдта (Мар. 6:31–34).

20 Хорз бинонты хистӕр ӕмбары, йӕ бинонты тыххӕй дзуапп кӕй дӕтты ӕмӕ ӕнцон кӕй нӕу раст уынаффӕтӕ хӕссын, ӕмӕ уыцы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсы. Йӕ зӕрдӕ йӕм куыд сдзуры, афтӕ нӕ бакӕны. Уый фӕнды, цӕмӕй йӕ Йегъовӕ сахуыр кӕна уынаффӕтӕ хӕссын (Ӕмб. 2:6, 7) *. Ӕмӕ-иу уӕд йӕхиуыл нӕ хъуыды кӕндзӕн, фӕлӕ иннӕтыл (Фил. 2:4).

21. Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

21 Йегъовӕ бинонты хистӕрӕн йӕ бар цы хӕстӕ бакодта, уыдон ӕнцон ӕххӕстгӕнӕн не сты. Ӕмӕ сӕ куыд ӕххӕст кӕны, уый тыххӕй дзуапп дӕтты Йегъовӕйы раз. Фӕлӕ Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы куы фӕзма, уӕд йӕ бинонтӕн уыдзӕн хорз хистӕр. Ӕмӕ йӕ бинойнаг дӕр йӕ хӕстӕ хорз куы ӕххӕст кӕна, уӕд уыдзысты амондджын. Ус йӕ сӕрыхицаумӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕса ӕмӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлы? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.

16 ЗАРӔГ Йегъовӕйӕн скад кӕн йе ’вӕрд Паддзахы тыххӕй

^ 5 абз. Нӕлгоймаг бинонты хъуыддаг куы бакӕны, уӕд свӕййы бинонты хистӕр. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ йӕ бинонтӕн цавӕр ӕгъдау сфидар кодта, цӕмӕн ӕй сфидар кодта ӕмӕ лӕг Йегъовӕйӕ ӕмӕ Йесо Чырыстийӕ цӕуыл ахуыр кӕны, ууыл. Дыккаг статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, лӕг ӕмӕ ус Йесойӕ ӕмӕ ма Библийы кӕй кой ис, уыдонӕй цӕуыл ахуыр кӕнынц. Ӕмӕ ӕртыккаг статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, ӕфсымӕртӕ ӕмбырды сӕ бартӕй куыд хъуамӕ пайда кӕной, ууыл.

^ 7 абз. Иуӕй-иу хатт киноты, цавӕрдӕр худӕг радзырдты кӕнӕ телепередачӕты февдисынц, лӕг йӕ усы кӕй ӕфхӕры кӕнӕ ма йӕ нӕмгӕ дӕр кӕй кӕны. Ӕмӕ уый тыххӕй бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ, лӕг йӕ усӕн афтӕ уа, уым ӕвзӕрӕй ницы ис.

^ 20 абз. Хорз уынаффӕтӕ хӕссӕн куыд ис, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис 2011 азы 15 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй, статьяйӕ «Хуыцауӕн кад чи хӕссы, ахӕм уынаффӕтӕ хӕсс», 13–17 фӕрстӕ.