Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

7 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Ӕмбырды кӕмӕн цавӕр бартӕ ис?

Ӕмбырды кӕмӕн цавӕр бартӕ ис?

«Чырысти [у] ӕмбырды, йӕ буары, сӕр... йӕ ирвӕзынгӕнӕг» (ЕФ. 5:23).

137 ЗАРӔГ Иузӕрдион сылгоймӕгтӕ, нӕ чырыстон хотӕ

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Йегъовӕйы бинонты ’хсӕн иудзинад цӕй фӕрцы ис?

ЙЕГЪОВӔЙЫ бинонты ’хсӕн кӕй стӕм, ууыл тынг цин кӕнӕм. Не ’хсӕн фарн ӕмӕ иудзинад цӕй фӕрцы ис? Иу уый, ӕмӕ не ’ппӕт дӕр тынг архайӕм, цӕмӕй, Йегъовӕ цавӕрдӕр бартӕ кӕмӕн радта, уыдонӕн аргъ кӕнӕм. Ӕмӕ, Йегъовӕ цы ӕгъдау сфидар кодта, уый цас хуыздӕр ӕмбарӕм, уыйас кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕндзыстӕм.

2. Ацы статьяйы цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

2 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ ӕмбырды кӕмӕн цавӕр бартӕ радта, ууыл. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм ахӕм фарстатыл: хотыл ӕмбырды цавӕр ахсджиаг хӕстӕ ис? Сӕрыхицаумӕ цы бартӕ ис, алы ӕфсымӕрмӕ дӕр ахӕм бартӕ ис? Бинонты хистӕрӕн йӕ бинонты ’хсӕн цавӕр бартӕ ис, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр ӕмбырды ахӕм бартӕ ис? Фӕлӕ уал фыццаг аныхас кӕнӕм, хотӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, ууыл.

ХОТӔМ ЦЫ ЦӔСТӔЙ ХЪУАМӔ КӔСӔМ?

3. Нӕ хотӕ цы аразынц, уымӕн тынгдӕр цӕй фӕрцы аргъ кӕндзыстӕм?

3 Мах нӕ хотӕн тынг аргъ кӕнӕм. Уыдон сӕ бинонтыл тыхсынц, хорз хабар хъусын кӕнынц ӕмӕ ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнынц. Йегъовӕ ӕмӕ сӕм Чырысти цы цӕстӕй кӕсынц, ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд сын тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм. Стӕй ма фылдӕр базондзыстӕм, апостол Павел сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй каст, уымӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд.

4. Библийӕ куыд зыны, Йегъовӕ нӕлгоймӕгтӕн куыд аргъ кӕны, сылгоймӕгтӕн дӕр афтӕ кӕй аргъ кӕны?

4 Библийӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ нӕлгоймӕгтӕн куыд аргъ кӕны, сылгоймӕгтӕн дӕр афтӕ кӕй аргъ кӕны. Зӕгъӕм, Библийӕ базонӕн ис, 1 ӕнусы Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй схайджын кодта нӕлгоймӕгты дӕр ӕмӕ сылгоймӕгты дӕр, цӕмӕй сӕ бон уыдаид диссӕгтӕ аразын, зӕгъӕм, алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурын (Хъуыд. 2:1–4, 15–18). Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдысты нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр, цӕмӕй уӕлӕрвты Йесоимӕ паддзӕхтӕ уой (Гал. 3:26–29). Стӕй ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс дӕр ӕрмӕст нӕлгоймӕгтӕн нӕй, фӕлӕ сылгоймӕгтӕн дӕр (Рарг. 7:9, 10, 13–15). Нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр хъусын кӕнынц хорз хабар ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынц (Матф. 28:19, 20). Зӕгъӕм, Хъуыддӕгты чиныгӕй куыд зыны, афтӕмӕй хо Прискиллӕ йӕ сӕрыхицау Акилӕимӕ иу ахуыргонд лӕгӕн, Аполлосӕн, баххуыс кодтой, цӕмӕй рӕстдзинад хуыздӕр бамбӕрстаид (Хъуыд. 18:24–26).

5. Лукайы 10:38, 39, 42 стихтӕй куыд зыны, Йесо сылгоймӕгтӕн кӕй кад кодта?

5 Йесо сылгоймӕгтӕн кад кодта. Йесо фарисейты хуызӕн нӕ уыд. Уыдон сылгоймӕгтӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кастысты ӕмӕ адӕмы ’хсӕн семӕ ныхас дӕр нӕ кодтой, уӕлдайдӕр та Фыстадыл. Уыдонӕй уӕлдай Йесо Фыстады арф хъуыдытыл ныхас кодта сылгоймӕгтимӕ дӕр *. (Бакӕс Лукайы 10:38, 39, 42.) Стӕй-иу алы хъӕуты хорз хабар куы хъусын кодта, уӕд-иу йемӕ сылгоймӕгтӕ дӕр цыдысты (Лук. 8:1–3). Уымӕй уӕлдай ма сӕ ахӕм кады аккаг скодта, ӕмӕ сын бабар кодта, цӕмӕй апостолтӕн фехъусын кодтаиккой, кӕй райгас, уый (Иоан. 20:16–18).

6. Павел сылгоймӕгтӕн кӕй кад кодта, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?

6 Апостол Павел Тимофейӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, сылгоймӕгтӕн кӕй хъуамӕ кад кӕна. Загъта йын: «Ацӕргӕ сылгоймӕгтимӕ афтӕ ныхас кӕн, цыма дӕ мадимӕ ныхас кӕныс. Ӕрыгон сылгоймӕгтимӕ та, цыма дӕ хотӕ сты, афтӕ» (1 Тим. 5:1, 2). Павел Тимофейӕн баххуыс кодта, цӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстон суыдаид. Фӕлӕ дзы рох нӕ уыд, Тимофейӕн фыццаг йӕ мад ӕмӕ йӕ мадымад кӕй бацамыдтой «сыгъдӕг Фыстытӕ» (2 Тим. 1:5; 3:14, 15). Павел ромӕгтӕм йӕ фыстӕг куы фыста, уӕд дзы хоты номгай ранымадта. Павел сын ӕрмӕст сӕ хъуыддӕгтӕ нӕ уыдта, фӕлӕ ма сын арфӕ дӕр ракодта, цы хъуыддӕгтӕ арӕзтой, уыдоны тыххӕй (Ром. 16:1–4, 6, 12; Фил. 4:3).

7. Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

7 Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй Библийы афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ хотӕ ӕфсымӕртӕй дӕлдӕр сты. Нӕ уарзӕгой ӕмӕ рӕдау хотӕ ӕмбырдӕн стыр ӕххуыс сты. Ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ аргъ кӕнынц, хотӕ ӕмбырды иудзинадӕн кӕй ахъаз кӕнынц, уымӕн. Фӕлӕ нӕм, чи зоны, фӕзына ахӕм фарстатӕ: кӕцыдӕр уавӕрты Йегъовӕ цӕмӕн фӕдомы, цӕмӕй хо йӕ сӕрыл исты ныккӕна? Кӕд ӕрмӕст ӕфсымӕртӕ свӕййынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, сӕрыхицаумӕ цы бартӕ ис, алы ӕфсымӕрмӕ дӕр ахӕм бартӕ ис?

СӔРЫХИЦАУМӔ ЦЫ БАРТӔ ИС, АЛЫ ӔФСЫМӔРМӔ ДӔР АХӔМ БАРТӔ ИС?

8. Ефесӕгтӕм 5:23 стихмӕ гӕсгӕ, сӕрыхицаумӕ цы бартӕ ис, алы ӕфсымӕрмӕ дӕр ахӕм бартӕ ис? Бамбарын ӕй кӕн.

8 Ус йӕ сӕрыхицаумӕ куыд фӕхъусы, хотӕ алы ӕфсымӕрмӕ дӕр афтӕ хъуамӕ хъусой? Нӕ. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:23.) Бинонты кой куы кӕнӕм, уӕд усӕн йӕ лӕг у йӕ сӕрыхицау. Фӕлӕ сын кӕд фырт ис ӕмӕ донаргъуыд у, уӕддӕр уымӕн нӕй бар, ӕмӕ йӕхи йӕ мадӕн хицау кӕна (Еф. 6:1, 2). Ӕмбырды дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕн кӕд цавӕрдӕр бартӕ ис, уӕддӕр сын уый бар нӕй, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй домой, алы хъуыддаджы дӕр сӕ коммӕ кӕй кӕсдзысты (1 Фес. 5:12; Дзут. 13:17). Цы зӕгъӕн ис, йӕ ныййарджытимӕ чи нал цӕры, ахӕм ӕнӕцыд хойӕ та? Уый уӕддӕр йӕ ныййарджыты нымайы ӕмӕ сын аргъ кӕны. Стӕй хистӕр нӕлгоймӕгты дӕр нымайы. Фӕлӕ ӕфсымӕртӕн сӕ «сӕр» Чырысти куыд у, афтӕ ӕнӕцыд хотӕн дӕр ӕрмӕстдӕр Чырысти у сӕ «сӕр».

Кӕд ӕнӕцыд хо кӕнӕ ӕнӕус ӕфсымӕр йӕ ныййарджытимӕ нал цӕры, уӕд уымӕн йӕ хицау у Йесо (кӕс 8 абзац)

9. Кӕцыдӕр уавӕрты хойы йӕ сӕр бамбӕрзын цӕмӕн фӕхъӕуы?

9 Йегъовӕ нӕлгоймӕгтӕн бахӕс кодта, цӕмӕй ӕмбырдӕн разамынд дӕттой. Фӕлӕ сылгоймӕгтӕн ахӕм бартӕ нӕ радта (1 Тим. 2:12). Цымӕ цӕуылнӕ? Уый дӕр, Йесойы нӕлгоймагӕн хицауӕй цӕмӕн сӕвӕрдта, уый тыххӕй – цӕмӕй ӕмбырды алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уа. Кӕд цӕмӕдӕр гӕсгӕ хо ӕфсымӕры хӕстӕ ӕххӕст кӕны, уӕд та хъуамӕ йӕ сӕр бамбӕрза (1 Кор. 11:4–7) *. Йегъовӕ хотӕн афтӕ уымӕн нӕ аразын кӕны, ӕмӕ сӕ нӕлгоймӕгтӕй дӕлдӕр ӕвӕры. Фӕлӕ сын афтӕмӕй фадат дӕтты, цӕмӕй равдисой, бартӕ кӕмӕн радта, уыдоны кӕй нымайынц. Уӕдӕ ныр аныхас кӕнӕм ахӕм фарстайыл: бинонты хистӕртӕн ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цавӕр бартӕ ис?

БИНОНТЫ ХИСТӔРТӔН ӔМӔ ХИСТӔР НӔЛГОЙМӔГТӔН ЦАВӔР БАРТӔ ИС?

10. Иуӕй-иу хатт хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырдӕн цавӕрдӕр закъӕттӕ цӕмӕн ӕрӕвӕрынц?

10 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уарзынц Йесойы, стӕй уарзынц, Йегъовӕ ӕмӕ сын Йесо сӕ бар кӕй бакодтой, уыцы «фысты» дӕр (Иоан. 21:15–17). Ӕмӕ, хистӕр нӕлгоймаг ӕмбырдыл кӕй тыхсы, уымӕ гӕсгӕ йӕм, чи зоны, афтӕ кӕса, цыма ӕмбырдӕн у, фыд йӕ сывӕллӕттӕн куыд у, афтӕ. Чи зоны, хъуыды кӕна, ӕмӕ кӕд бинонты хистӕрӕн ис бар, цӕмӕй йӕ бинонты бахъахъхъӕнынӕн цавӕрдӕр закъӕттӕ ӕрӕвӕра, уӕд хистӕр нӕлгоймагӕн дӕр йӕ бон у, Хуыцауы фысты чи бахъахъхъӕндзӕн, ахӕм закъӕттӕ ӕрӕвӕрын. Стӕй ма афтӕ уымӕн дӕр рауайы, ӕмӕ иуӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фӕфӕнды, цӕмӕй-иу сӕ бӕсты уынаффӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ рахӕссой. Фӕлӕ цымӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ бинонты хистӕртӕн иухуызон бартӕ ис?

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар уа, стӕй цӕмӕй ӕмбарой, кӕй сӕ уарзынц, уый. Йегъовӕ ма сын бахӕс кодта, цӕмӕй ӕмбырды сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕной (кӕс 11, 12 абзацтӕ)

11. Бинонты хистӕртӕн ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цы бартӕ ис, уыдон ӕмхуызон цӕмӕй сты?

11 Апостол Павел бамбарын кодта, бинонты хистӕрӕн ӕмӕ хистӕр нӕлгоймагӕн цы бартӕ ис, уыдон цӕмӕйдӕр ӕмхуызон кӕй сты (1 Тим. 3:4, 5). Зӕгъӕм, Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй бинонтӕ кӕсой бинонты хистӕры коммӕ (Кол. 3:20). Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй ӕмбырд кӕса хистӕр нӕлгоймӕгты коммӕ. Йегъовӕ бинонты хистӕртӕн дӕр ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр фӕдзӕхсы, цӕмӕй, сӕ бар чи ис, уыдонӕн ӕххуыс кӕной сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн. Уымӕй уӕлдай ма бинонты хистӕртӕ дӕр ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр, сӕ бар чи ис, уыдоныл фӕтыхсынц, цӕмӕй йӕ зоной, кӕй сӕ уарзынц. Стӕй хорз бинонты хистӕр куыд фӕкӕны, афтӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн зын сахат баххуыс кӕнынц (Иак. 2:15–17). Йегъовӕйы ма фӕнды, цӕмӕй бинонты хистӕртӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ бинонтӕн ӕмӕ ӕмбырдӕн ӕххуыс кӕной йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрынӕн. Ӕмӕ сӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй, Библийы цы фыст ис, уый сӕрты ма хизой (1 Кор. 4:6).

Бинонты хистӕртӕн Йегъовӕ радта бартӕ, ӕмӕ хъуамӕ сӕ бинонтӕн разамынд дӕттой. Хорз бинонты хистӕр уынаффӕ рахӕссыны размӕ йӕ бинойнагимӕ бауынаффӕ кӕндзӕн (кӕс 13 абзац)

12, 13. Ромӕгтӕм 7:2 стихмӕ гӕсгӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ бинонты хистӕртӕн цы бартӕ ис, уыдон цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

12 Фӕлӕ Йегъовӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цы бартӕ радта, уыдон цӕмӕйдӕр хицӕн кӕнынц, бинонты хистӕртӕн цы бартӕ радта, уыдонӕй. Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн радта ӕмбырды тӕрхон кӕныны бар. Уыдонӕн сӕ хӕс у, цӕмӕй, чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдоны-иу ӕмбырдӕй ацух кӕной (1 Кор. 5:11–13).

13 Иннӕмӕй та Йегъовӕ, бинонты хистӕртӕн цы бартӕ радта, ахӕм бартӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн нӕ радта. Зӕгъӕм, бинонты хистӕрӕн ис бар, цӕмӕй йӕ бинонтӕн уагӕвӕрдтӕ ӕрфидар кӕна ӕмӕ сӕ домгӕ дӕр кӕна, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕной. (Бакӕс Ромӕгтӕм 7:2.) Бинонты хистӕрӕн ис бар, цӕмӕй йӕ сывӕллӕттӕн зӕгъа, изӕрӕй хъуамӕ уыцы ӕмӕ уыцы афон ӕрбацӕуат хӕдзармӕ, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын ис бар, цӕмӕй, куы нӕ байхъусой, уӕд сӕ ӕфхӕргӕ дӕр бакӕна (Еф. 6:1). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорз бинонты хистӕр йӕ бинойнагимӕ дӕр бауынаффӕ кӕндзӕн, цалынмӕ цавӕрдӕр уагӕвӕрдтӕ ӕрӕвӕра, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ «иу буар» сты (Матф. 19:6) *.

ЧЫРЫСТИЙӔН, ӔМБЫРДЫ «СӔРӔН», КАД КӔН

Йесо разамынд дӕтты чырыстон ӕмбырдӕн, йӕхицӕн та йӕ хицау у Йегъовӕ (кӕс 14 абзац)

14. а) Марчы 10:45 стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ Йесойы ӕмбырды сӕргъы цӕмӕн сӕвӕрдта? б) Разамонӕг советӕн йӕ хӕс цы у? (Кӕс рамкӕ « Разамонӕг советӕн йӕ хӕс цы у?».)

14 Йегъовӕ Чырыстийы нывондӕн ӕрхаста ӕмӕ афтӕмӕй, ӕмбырды чидӕриддӕр ис, уыдоны балхӕдта, стӕй ма балхӕдта, Йесойыл чи баууӕнда, уыдонӕй алкӕй дӕр. (Бакӕс Марчы 10:45; Хъуыд. 20:28; 1 Кор. 15:21, 22.) Йесо мах тыххӕй йӕ цард кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ йӕ Йегъовӕ сӕвӕрдта ӕмбырды сӕргъы. Ӕмӕ Йесойӕн ис бар, цӕмӕй закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ фидар кӕна алы адӕймагӕн дӕр, бинонтӕн дӕр ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн дӕр ӕмӕ йӕ хъус дара, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕнӕм (Гал. 6:2). Фӕлӕ Йесо ӕрмӕст закъӕттӕ не ’вӕры. Уый ма ӕмбырдмӕ «зилы ӕмӕ йӕ буц... дары», ома махӕй алкӕуыл дӕр тыхсы (Еф. 5:29).

15, 16. Хо Марли ӕмӕ ӕфсымӕр Бенджамин цы загътой, уымӕй дӕхицӕн зондӕн цы райстай?

15 Хотӕ, кӕй бар сты, уыцы нӕлгоймӕгты разамындмӕ гӕсгӕ куы фӕархайынц, уӕд афтӕмӕй равдисынц, Чырыстийы кӕй нымайынц. Хо Марли цӕры Америкӕйы Иугонд Штатты. Ӕмӕ, цы загъта, уыимӕ бирӕ хотӕ сразы уыдзысты. Уый афтӕ загъта: «Мӕныл ис хӕстӕ мӕ сӕрыхицауы раз дӕр ӕмӕ ӕмбырды дӕр, ӕмӕ мын, сылгоймаг уӕвгӕйӕ, цы бынат ис, уымӕн тынг аргъ кӕнын. Ӕнӕуи мӕ ӕдзухдӕр фӕхъӕуы архайын, цӕмӕй, Йегъовӕ бинонтӕн ӕмӕ ӕмбырды цы ӕгъдау сфидар кодта, уымӕ раст цӕстӕй кӕсон. Фӕлӕ мӕ мӕ сӕрыхицау ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕй нымайынц ӕмӕ, цы аразын, уый тыххӕй мӕ бузныг кӕй вӕййынц, уый фӕрцы мын ӕнцондӕр у сӕ коммӕ кӕсын».

16 Ӕфсымӕртӕ хотӕн куы аргъ кӕной ӕмӕ сын куы кад кӕной, уӕд афтӕмӕй ӕвдисдзысты, Йегъовӕ ӕмбырды цы ӕгъдау сфидар кодта, уый кӕй ӕмбарынц. Бенджамин цӕры Английы. Уый афтӕ зӕгъы: «Ӕз бирӕ цыдӕртӕ базонын, хотӕ ӕмбырды цы дзуаппытӕ раттынц, уыдонӕй. Стӕй, Библи иртасӕн ӕмӕ хорз хабар ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнӕн куыд ис, уый фӕдыл дӕр хорз хъуыдытӕ фӕзӕгъынц. Цы аразынц, уымӕн стыр аргъ ис».

17. Йегъовӕ бартӕ кӕмӕн радта, уыдоны цӕмӕн хъуамӕ нымайӕм?

17 Нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр, бинонты хистӕртӕ дӕр ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр, Йегъовӕ иннӕтӕн бартӕ цӕмӕн радта, уый раст куы ӕмбарой ӕмӕ, бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны куы нымайой, уӕд ӕмбырды уыдзӕн фарн ӕмӕ иудзинад. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ афтӕмӕй кадджын кӕндзыстӕм нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд Йегъовӕйы (Пс. 150:6).

123 ЗАРӔГ Хуыцауы ӕвӕрд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл фидар хӕцӕм

^ 5 абз. Хотыл ӕмбырды цавӕр ахсджиаг хӕстӕ ис? Сӕрыхицаумӕ цы бартӕ ис, алы ӕфсымӕрмӕ дӕр ахӕм бартӕ ис? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ бинонты хистӕртӕн иухуызон бартӕ ис? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм ацы статьяйӕ.

^ 5 абз. Кӕс 2020 азы сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», статья «Ӕмбырды хотӕн де ’ххуыс ма ӕвгъау кӕн», 6 абзац.

^ 13 абз. Бинонтӕ кӕцы ӕмбырды лӕггад кӕндзысты, уый фӕдыл уынаффӕ чи хъуамӕ рахӕсса, уый тыххӕй бакӕсӕн ис 2020 азы августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», статьяйы «Йегъовӕйы ӕмбырды алкӕмӕн дӕр аргъ кӕн», 17–19 абзацтӕ.

^ 59 абз. Ацы фарстайыл бӕстондӕр дзырд цӕуы чиныджы «Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн», 239–242 фӕрстӕ.

^ 64 абз. Разамонӕг советы тыххӕй фылдӕр бакӕсӕн ис 2013 азы 15 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 20–25 фӕрстӕ.