Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хо сӕм кӕй бахудт, уый фӕрцы!

Хо сӕм кӕй бахудт, уый фӕрцы!

ФИЛИППИНТЫ горӕт Багиойы дыууӕ чызджы фӕцӕйцыдысты, алыхуызон куыстуӕттӕ кӕм ис, ахӕм районы. Сӕ цӕст ӕрхӕцыд, нӕ литературӕ ӕвӕрд кӕм уыд, ахӕм стендыл, фӕлӕ йӕм хӕстӕг нӕ бацыдысты. Стенды раз лӕууыди нӕ хо Хелен, ӕмӕ сӕм бахудт. Чызджытӕ йӕ рӕзты ацыдысты, фӕлӕ сӕм Хелен куыд бахудт, уый бахъуыды кодтой.

Фӕстӕдӕр хӕдзармӕ автобусыл куы цыдысты, уӕд федтой, Паддзахады залыл стыр дамгъӕтӕй кӕй ис фыст jw.org. Ӕмӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыди, стендыл дӕр уыцы дамгъӕтӕ кӕй федтой. Уӕд автобусӕй рахызтысты ӕмӕ Паддзахады залы ’рдӕм фӕраст сты. Ӕддейӕ ауыгъд уыд ӕмбырдты фембӕлдты график, ӕмӕ йӕм ӕркастысты.

Уый фӕстӕ чызджытӕ ӕмбырдмӕ ӕрбацыдысты. Ӕмӕ Паддзахады залмӕ куы бацыдысты, уӕд кӕй федтой? Хелены! Уайтагъд ӕй базыдтой, ай мӕнӕ, чи нӕм бахудти, уыцы сылгоймаг куы у, зӕгъгӕ. Хелен зӕгъы: «Куы мӕм ӕрбацӕйцыдысты, уӕд гыццыл фӕтыхстӕн, зӕгъын, кӕд сӕ зӕрдӕмӕ цыдӕр нӕ фӕцыд». Фӕлӕ йын чызджытӕ бамбарын кодтой, хабар цӕй мидӕг ис, уый.

Ӕмбырды сӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, раст цыма сӕхи бинонты ’хсӕн уыдысты, афтӕ сӕм фӕкаст. Ӕмбырды фӕстӕ иууылдӕр зал кӕй ӕфснайынц, уый куы федтой, уӕд бафарстой, махӕн, дам, нӕ бон баххуыс кӕнын нӕу. Фӕстӕдӕр уыцы чызджытӕй иу Филиппинтӕй ацыд. Иннӕ та ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Ӕмӕ афтӕ рауад, хо сӕм кӕй бахудт, уый фӕрцы!