Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

16 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Чырыстийы нывондӕн алкӕддӕр аргъ кӕн!

Чырыстийы нывондӕн алкӕддӕр аргъ кӕн!

«Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй... не ’рцыд, цӕмӕй йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй... йӕ уд ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (МАР. 10:45).

18 ЗАРӔГ Бузныг стӕм Чырыстийы нывонды тыххӕй

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Йесо йӕ цард нывондӕн цӕмӕн ӕрхаста ӕмӕ афтӕ бакӕнын ӕнӕмӕнг цӕмӕн хъуыд?

ӔХХӔСТ адӕймаг Адам тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд ӕнустӕм цӕрыны фадатӕй ӕрмӕст йӕхи нӕ фӕкодта ӕнӕхай, фӕлӕ ма йӕ байзӕддӕгты дӕр. Ӕмӕ уымӕн ныххатыр кӕнӕн нӕ уыд. Афтӕ зонгӕ-зонын бакодта. Фӕлӕ цы ис зӕгъӕн йӕ байзӕддӕгты тыххӕй та? Уыдон уӕд гуырд дӕр нӕма уыдысты ӕмӕ, Адам цы сарӕзта, уый сӕ аххос нӕ уыд (Ром. 5:12, 14). Адамӕн хаст ӕрцыд мӕлӕты тӕрхон. Фӕлӕ цӕмӕй йӕ байзӕддӕгтӕн сӕ бон уыдаид ӕнустӕм цӕрын, уый тыххӕй исты уыд саразӕн? О. Адам тӕригъӕд куы сарӕзта, уый фӕстӕ Йегъовӕ гыццылгай ӕргом кӕнын райдыдта, Адамы байзӕддӕгты тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый (Райд. 3:15). Ӕмӕ рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд йӕ Фырты зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй йӕ цард раттаид «бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Мар. 10:45; Иоан. 6:51).

2 Йесо йӕ цард радта, Адам ӕнӕхай цӕмӕй фӕци, уый фӕстӕмӕ балхӕныны тыххӕй (1 Кор. 15:22). Афтӕ бакӕнын ӕнӕмӕнг цӕмӕн хъуыди? Йегъовӕ алы хъуыддаджы дӕр архайы рӕстӕй, ӕмӕ йӕ Закъонмӕ гӕсгӕ царды тыххӕй хъуамӕ лӕвӕрд ӕрцыдаид цард (Рац. 21:23, 24). Адам ӕнӕхай фӕци ӕххӕст цардӕй. Ӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ Йесо дӕр радта йе ’ххӕст цард (Ром. 5:17). Афтӕмӕй, йӕ нывондыл ын чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдонӕн сси «Ӕнусон фыд» (Ис. 9:6; Ром. 3:23, 24).

3. Иоанны 14:31 стихмӕ гӕсгӕ ӕмӕ 15:13 стихмӕ гӕсгӕ, Йесо йе ’ххӕст цард раттынмӕ цӕттӕ цӕмӕн уыд?

3 Йесо цӕттӕ уыд йе ’ххӕст цард раттынмӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ Фыды ӕмӕ адӕмы тынг уарзы. (Бакӕс Иоанны 14:31; 15:13.) Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ фидар фӕнд уыд, кӕронмӕ дӕр, суанг мӕлӕты онг, иузӕрдионӕй баззайын ӕмӕ йӕ Фыды фӕндон сӕххӕст кӕнын. Уый фӕрцы, Йегъовӕмӕ адӕмы ӕмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕххӕст уыдзӕн. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй Йесо афтӕ фӕхъизӕмар кодтаид. Цыбыртӕй ма ӕркӕсдзыстӕм апостол Иоанны цӕвиттонмӕ. Уый Чырыстийы нывондӕн тынг аргъ кодта. Ӕмӕ ма аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон куыд у равдисын, Чырыстийы нывонды тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый, стӕй нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо цы сарӕзтой, уымӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕнӕм.

ЙЕСО ЦӔМӔН ХЪУАМӔ ФӔХЪИЗӔМАР КОДТАИД?

Йесо цас цыдӕртӕ бавзӕрста, цӕмӕй мах тыххӕй йӕ цард нывондӕн ӕрхастаид! (кӕс 4 абзац)

4. Радзур, Йесо куыд амард.

4 Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йесойы царды фӕстаг бон цыхуызӕн уыд, ууыл. Йӕ бон уыди зӕдты ’фсӕдтӕм фӕдзурын, цӕмӕй йӕ бахъахъхъӕдтаиккой, фӕлӕ афтӕ нӕ бакодта. Уый бауагъта, цӕмӕй йӕ ромаг ӕфсӕддонтӕ ӕрцахстаиккой ӕмӕ йӕ фӕнадтаиккой (Матф. 26:52–54; Иоан. 18:3; 19:1). Ехсы цӕфтӕй йӕ царм ӕмӕ фыдтӕ скъуыдтӕ кодтой. Йӕ фӕсонтыл иу удӕгас бынат дӕр нал баззад. Ӕмӕ йын афтӕмӕй уӕззау хъӕд йе ’ккой сӕвӕрдтой ӕмӕ йӕ акодтой, кӕм ӕй хъуамӕ байтыгътаиккой, уыцы бынатмӕ. Йесо уыцы хъӕд иу цасдӕр тыххӕйты ахаста, фӕлӕ йӕм хъару нал баззад. Ӕмӕ уӕд ӕфсӕддонтӕ уыцы хъӕд иу лӕгӕн ахӕссын кодтой (Матф. 27:32). Уый фӕстӕ йын ӕфсӕддонтӕ йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ хъӕдмӕ ныххуыдтой. Хъӕд хӕрдмӕ куы систой, уӕд йӕ буары уӕзӕй йӕ хъӕдгӕмттӕ скъуыйын райдыдтой. Йе ’мбӕлттӕ йыл маст кодтой, йӕ мад куыдта. Дзуттаг разамонджытӕ та дзы хынджылӕг кодтой ӕмӕ йыл худтысты (Лук. 23:32–38; Иоан. 19:25). Рацыд цалдӕр сахаты. Йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ рӕуджытӕ кусын нал фӕрӕзтой, ӕмӕ йын улӕфт нал фаг кодта. Йесо зыдта, Йегъовӕйыл кӕронмӕ дӕр иузӕрдионӕй кӕй баззад, ӕмӕ ма йӕм фӕстаг хатт скуывта. Уый фӕстӕ йӕ сӕр йӕ риуыл ӕркъул, ӕмӕ цардӕй ахицӕн (Мар. 15:37; Лук. 23:46; Иоан. 10:17, 18; 19:30). Йесо амард удхаргӕнгӕ, ӕгады мардӕй.

5. Йесо ӕппӕты тынгдӕр цӕуыл маст кодта?

5 Йесо, куыд ӕй амардзысты, ӕппӕты тынгдӕр ууыл нӕ маст кодта. Хуыцауы фауӕг ӕй рахуыдтой, ӕмӕ йын мӕлӕты тӕрхон уый тыххӕй рахастой. Хуыцауы фауӕг ӕй кӕй рахуыдтой, уымӕй афтӕ уад, ӕмӕ Хуыцауы кӕнӕ йын йӕ ном хынджылӕггаг кӕны (Матф. 26:64–66). Йесойӕн уый тынг зын уыд. Ӕмӕ йӕ ныфс уыд, йӕ Фыд кӕй нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй йыл ахӕм худинаджы ном сбада (Матф. 26:38, 39, 42). Цымӕ Йегъовӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй йӕ Фырт фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ амардаид? Ӕркӕсӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ.

6. Йесо хъӕдыл цӕмӕн хъуамӕ амардаид?

6 Фыццаг: Йесо хъуамӕ хъӕдыл амардаид, цӕмӕй дзуттӕгты ссӕрибар кодтаид ӕлгъыстӕй (Гал. 3:10, 13). Уыдон уыдысты ӕлгъыст, уымӕн ӕмӕ дзырд радтой, Хуыцауы закъон кӕй ӕххӕст кӕндзысты, фӕлӕ йӕ не ’ххӕст кодтой. Ӕнӕуи дӕр, Адамы байзӕддӕгтӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ уыдысты мӕлӕты аккаг (Ром. 5:12). Хуыцау израилӕгтӕн цы закъон радта, уымӕ гӕсгӕ-иу адӕймаг, мӕлӕты тӕрхон кӕй тыххӕй ӕмбӕлы, ахӕм тӕригъӕд куы сарӕзтаид, уӕд-иу ӕй хъуамӕ амардтаиккой. Иуӕй-иу хатт-иу фыдгӕнӕджы мард ӕрцауыгътой хъӕдыл (Дык. з. 21:22, 23; 27:26) *. Ӕмӕ, Йесойы хъӕдыл кӕй ӕрцауыгътой, уый фӕрцы дзуттӕгтӕн фӕзынд фадат, цӕмӕй, йӕ нывонд цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдонӕй схайджын уыдаиккой.

7. Хуыцау ма ноджыдӕр цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй йӕ Фырт фӕхъизӕмар кодтаид?

7 Дыккаг: Йегъовӕ Йесойы цӕттӕ кодта Хистӕр сауджыны хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ. Йесо йӕхиуыл бавзӕрста, уӕззау фӕлварӕнты рӕстӕг Хуыцаумӕ хъусын куыд зын у, уый. Афтӕ зын ын уыди, ӕмӕ Хуыцауӕй «дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыгкалгӕйӕ» ӕххуыс куырдта. Йесо ахӕм уынгӕджы уавӕры кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ нӕ хорз ӕмбары. Ӕмӕ, фӕлварӕнты куы вӕййӕм, уӕд нын йӕ бон баххуыс кӕнын вӕййы. Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын чи ӕмбары, ахӕм тӕригъӕдгӕнаг Хистӕр сауджын нын кӕй ис, уый тыххӕй! (Дзут. 2:17, 18; 4:14–16; 5:7–10).

8. Йесо ма ахӕм хъизӕмӕрттӕ ноджыдӕр цӕмӕн бавзӕрста?

8 Ӕртыккаг: Йесо ахӕм хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, цӕмӕй дзуапп лӕвӕрд ӕрцыдаид иу ахсджиаг фарстайӕн: адӕм уӕззау фӕлварӕнты дӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайдзысты? Хӕйрӕг зӕгъы, кӕй нӕ баззайдзысты. Уый зӕгъы, адӕм Хуыцауӕн ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй кӕй лӕггад кӕнынц, ӕмӕ йӕм цӕмӕдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц. Хӕйрӕг афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ Хуыцауы иу дӕр нӕ уарзы, Адам ӕй куыд нӕ уарзта, афтӕ (Иов 1:9–11; 2:4, 5). Йегъовӕ нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ Фырт ыл иузӕрдионӕй кӕй баззайдзӕн. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бауагъта, цӕмӕй, адӕймагӕн йӕ бон бафӕразын цас у, уыйбӕрц фӕлвӕрд ӕрцыдаид. Йесо Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад ӕмӕ равдыста, Хӕйрӕг сайгӕ кӕй кӕны.

АПОСТОЛ ИОАНН ЧЫРЫСТИЙЫ НЫВОНДӔН ТЫНГ АРГЪ КОДТА

9. Апостол Иоанн нын фӕзминаг цӕмӕй у?

9 Чырыстӕттӕй бирӕтӕ Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнынц, ӕмӕ бирӕ алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц. Фӕлӕ, Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы сӕ уырнындзинад у фидар ӕмӕ дарддӕр дӕр хъусын кӕнынц. Ӕркӕсӕм апостол Иоанны цӕвиттонмӕ. Ӕвӕццӕгӕн, 60 азӕй фылдӕр хъусын кодта Чырыстийы тыххӕй ӕмӕ, йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый тыххӕй. 100 азмӕ ’ввахс ыл куы цыд, уӕд хаст ӕрцыд сакъадах Патмосмӕ. Ӕвӕццӕгӕн ӕй Ромы паддзахад сӕ бӕстӕйӕн тӕссаг адӕймагыл банымадта. Цымӕ цӕмӕн? «Хуыцауы тыххӕй кӕй дзырдта ӕмӕ Йесойы тыххӕй кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй» (Рарг. 1:9). Иоанн фидар фӕлӕууыд ӕмӕ диссаджы уырнындзинад равдыста!

10. Иоанн цы чингуытӕ ныффыста, уыдонӕй куыд зыны, Чырыстийы нывондӕн кӕй аргъ кодта, уый?

10 Иоанн цы чингуытӕ ныффыста, уыдонӕй бӕрӕг у, Йесойы тынг кӕй уарзта ӕмӕ йын йӕ нывондӕн кӕй аргъ кодта. 100 хаттӕй фылдӕр скодта Чырыстийы нывонды кой ӕмӕ, уыцы нывонд адӕмӕн цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдоны кой. Зӕгъӕм, Иоанн ныффыста: «Кӕд исчи тӕригъӕд ракодта, уӕд та нын Фыды раз ис ӕххуысгӕнӕг – рӕстгӕнӕг Йесо Чырысти» (1 Иоан. 2:1, 2). Йӕ чингуытӕй ма бӕрӕг у, ахсджиаг кӕй у «Йесойы тыххӕй ӕвдисӕн... лӕууын» (Рарг. 19:10). Мах дӕр Чырыстийы нывондӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?

НӔ БОН КУЫД У РАВДИСЫН, ЧЫРЫСТИЙЫ НЫВОНДЫ ТЫХХӔЙ БУЗНЫГ КӔЙ СТӔМ?

Чырыстийы нывондӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд-иу нӕ зӕрдӕйы ӕмӕ нӕ буары монцты фӕдыл нӕ ацӕудзыстӕм (кӕс 11 абзац) *

11. Фӕрӕдийынӕй нын тӕссаг куы уа, уӕд нӕ бон цы у саразын?

11 Дӕ зӕрдӕйы ӕмӕ-иу дӕ буары монцты фӕдыл ма ацу. Чырыстийы нывондӕн ӕцӕгдӕр куы аргъ кӕнӕм, уӕд афтӕ нӕ хъуыды кӕндзыстӕм: «Зын мын у ӕдзух мӕхиуыл хӕцын. Цӕй, ницы кӕны. Куы фӕрӕдийон, уӕд Хуыцауӕй хатыр ракурдзынӕн, ӕмӕ мын ныххатыр кӕндзӕн». Фӕлӕ-иу нӕхицӕн фидарӕй зӕгъдзыстӕм: «Йегъовӕ ӕмӕ мын Йесо хорзӕй цас цыдӕртӕ сарӕзтой, ӕмӕ афтӕ куыд хъуамӕ бакӕнон?» Ӕмӕ-иу Йегъовӕйӕ хъарутӕ курдзыстӕм ӕмӕ-иу ӕм кувдзыстӕм: «Баххуыс мын кӕн, цӕмӕй ма фӕрӕдийон» (Матф. 6:13).

12. Нӕ бон куыд у 1 Иоанны 3:16–18 стихтӕм гӕсгӕ архайын?

12 Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уарз. Чырыстийы нывондӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый ма ӕвдисӕм, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕй дӕр. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Йесо йӕ цард ӕрмӕст мах тыххӕй нӕ радта, фӕлӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй дӕр. Ӕмӕ уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сын тынг аргъ кӕны. (Бакӕс 1 Иоанны 3:16–18.) Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый бӕрӕг вӕййы нӕ хъуыддӕгтӕй (Еф. 4:29, 31–5:2). Зӕгъӕм, феххуыс сын кӕнӕм, рынчын куы вӕййынц, уӕззау фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлынц йе та сын ӕрдзон бӕллӕх исты зиан куы ’рхӕссы, уӕд. Фӕлӕ нӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕной, уӕд та-иу куыд хъуамӕ бакӕнӕм?

13. Хатыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

13 Ӕнцон дын вӕййы хойӕн кӕнӕ ’фсымӕрӕн ныххатыр кӕнын? (Лев. 19:18). Кӕд нӕ, уӕд дӕ хъӕуы мӕнӕ ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын: «Исчи уӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут. Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнат» (Кол. 3:13). Дӕ хо кӕнӕ де ’фсымӕрӕн куы ныххатыр кӕныс, уӕд Йегъовӕ фӕуыны, Чырыстийы нывондӕн ӕцӕгдӕр кӕй аргъ кӕныс. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уыцы лӕварӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕнӕм?

ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ЧЫРЫСТИЙЫ НЫВОНДӔН НОДЖЫ ТЫНГДӔР АРГЪ КӔНӔМ?

14. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Чырыстийы нывондӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕнӕм?

14 Йегъовӕйӕн Чырыстийы нывонды тыххӕй бузныг дзурӕм. Хо Джоаннӕйыл цӕуы 83 азы, цӕры Индийы. Ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, тынг ахсджиаг у, цӕмӕй Йегъовӕйӕн алы бон дӕр бузныг дзурон Чырыстийы нывонды тыххӕй». Йегъовӕмӕ куы фӕкувыс, уӕд-иу ахъуыды кӕн, боны дӕргъы цӕмӕй фӕрӕдыдтӕ, ууыл, ӕмӕ-иу Йегъовӕйӕ хатыр ракур. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕд стыр тӕригъӕд сарӕзтай, уӕд дӕ хъӕудзӕн хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуыс дӕр. Уыдон фӕлмӕнзӕрдӕ ӕфсымӕртӕ сты, ӕмӕ дӕм байхъусдзысты ӕмӕ дын Хуыцауы Ныхасӕй уынаффӕ ратдзысты. Стӕй демӕ иумӕ Йегъовӕмӕ скувдзысты ӕмӕ дзы ракурдзысты, цӕмӕй дын Чырыстийы нывонды фӕрцы дӕ тӕригъӕд ныххатыр кӕна ӕмӕ «сдзӕбӕх» уай, ома та фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс уай (Иак. 5:14–16).

15. Цӕмӕн хъӕуы Чырыстийы нывонды тыххӕй фылдӕр базонын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын?

15 Чырыстийы нывондыл хъуыды кӕнӕм. Хо Раджаманийыл цӕуы 73 азы. Ӕмӕ уый афтӕ зӕгъы: «Йесо куыд хъизӕмар кодта, уый тыххӕй куы фӕкӕсын, уӕд мӕ зӕрдӕ суынгӕг вӕййы». Дӕуӕн дӕр, чи зоны, зын вӕййы, Хуыцауы Фырт цас хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, уый тыххӕй кӕсын. Фӕлӕ йӕ нывондыл арӕхдӕр куы хъуыды кӕнай, уӕд ын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ Фыды дӕр тынгдӕр уарздзынӕ. Нӕ дӕ фӕндид Чырыстийы нывонды тыххӕй фылдӕр ӕрмӕг раиртасын?

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн равдыста, йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый ӕрымысынӕн цы хъуамӕ аразой, уый (кӕс 16 абзац)

16. Иннӕтӕн Чырыстийы нывонды тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд уый нӕхицӕн дӕр куыд баххуыс кӕны? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

16 Иннӕтӕн дзурӕм Чырыстийы нывонды тыххӕй. Иннӕтӕн дӕр Чырыстийы нывонды тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд ын нӕхӕдӕг дӕр ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын райдайӕм. Ис нӕм тынг хорз публикацитӕ ӕмӕ видеороликтӕ, ӕмӕ уыдоны фӕрцы нӕ бон у адӕмӕн ӕмбарын кӕнын, Йесо адӕмы тыххӕй цӕмӕн амард, уый. Зӕгъӕм, нӕ бон у спайда кӕнын брошюрӕйӕ «Хорз хабар Хуыцауӕй», 4-ӕм сӕрӕй. Уыцы сӕр хуыйны «Чи у Йесо Чырысти?». Кӕнӕ та ис спайда кӕнӕн чиныгӕй «Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?», 5-ӕм сӕрӕй. Уыцы сӕр хуыйны «Чырыстийы нывонд – Хуыцауы стырдӕр лӕвар». Уымӕй уӕлдай ма алы аз дӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы ’рбацӕуӕм ӕмӕ иннӕты дӕр зӕрдиагӕй куы фӕхонӕм, уӕд уый фӕрцы дӕр Чырыстийы нывондӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын райдайӕм. Нӕ бон иннӕтӕн Хуыцауы Фырты тыххӕй дзурын кӕй у, уый нын стыр кад у!

17. Чырыстийы нывонд Хуыцауы стырдӕр лӕвар цӕмӕн у?

17 Куыннӕ хъуамӕ аргъ кӕнӕм Чырыстийы нывондӕн! Уый фӕрцы гӕнӕн ис, цӕмӕй Йегъовӕ не ’ввахс Хӕлар уа, кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр. Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр фехалдзӕн (1 Иоан. 3:8). Уымӕй уӕлдай ма Чырыстийы нывонды фӕрцы, Йегъовӕмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕххӕст уыдзӕн. Зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр суыдзӕн дзӕнӕт. Чидӕриддӕр ыл цӕра,– иууылдӕр уарздзысты Йегъовӕйы ӕмӕ йын лӕггад кӕндзысты. Чырыстийы нывонд адӕмӕн у Хуыцауы стырдӕр лӕвар! Цӕй уӕдӕ алы бон дӕр хъуыддагӕй ӕвдисӕм, уыцы нывондӕн кӕй аргъ кӕнӕм!

20 ЗАРӔГ Ды радтай дӕ уарзон Фырты

^ 5 абз. Йесо хъизӕмайраг мардӕй цӕмӕн амард? Ацы фарстайӕн дзуапп базондзыстӕм ацы статьяйӕ. Ацы статья ма нын баххуыс кӕндзӕн Чырыстийы нывондӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕнынӕн.

^ 6 абз. Мӕлӕты тӕрхон-иу кӕмӕн рахастой, уыдонӕн-иу ромӕгтӕ удӕгасӕй сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ хъӕдыл ныххуыдтой кӕнӕ-иу сын сӕ хъӕдыл бабастой. Ӕмӕ Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй йын йӕ Фырты дӕр афтӕ амардтаиккой.

^ 55 абз. НЫВТӔ. Иу ӕфсымӕр ӕнӕгъдау нывтӕм нӕ бакаст, иннӕ тамако нӕ бакуымдта, ӕртыккаг та гӕртам нӕ айста.