Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

17 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕ дӕ тынг уарзы!

Йегъовӕ дӕ тынг уарзы!

«Йегъовӕ уарзы йӕ адӕмы» (2 АЗ. 2:11).

108 ЗАРӔГ Хуыцауы ӕнувыд уарзт

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

Нӕ уӕларвон Фыд нӕ алкӕй дӕр тынг уарзы! (кӕс 1 абзац)

1. Йегъовӕ нӕ йӕхимӕ цӕмӕн ӕрбакодта?

«ЙЕГЪОВӔ уарзы йӕ адӕмы» (2 Аз. 2:11). Ӕмӕ нын уый у цины хос. Уый федта, цы хорз миниуджытӕ нӕм ис, уыдон ӕмӕ, нӕ бон фӕивын кӕй у, уый, ӕмӕ нӕ йӕхимӕ ӕрбакодта. Иузӕрдионӕй йыл куы баззайӕм, уӕд ӕнустӕм уыдзӕн нӕ Хӕлар! (Иоан. 6:44).

2. Иуӕй-иутӕ цӕмӕн фӕдызӕрдыг кӕнынц, Йегъовӕ сӕ кӕй уарзы, ууыл?

2 Чи зоны, исчи зӕгъдзӕн: «Зонын ӕй, Йегъовӕ йӕ адӕмы уарзы. Фӕлӕ цымӕ мӕн дӕр уарзы?» Адӕймагмӕ ахӕм фарста цӕмӕн фӕзыны? Оксанӕ * гыццылӕй над ӕмӕ ӕфхӕрд йеддӕмӕ ницы федта. Уый радзырдта: «Донаргъуыд куы райстон ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын куы райдыдтон, уӕд тынг цин кодтон. Фӕлӕ 15 азы куы рацыди, уӕд, гыццылӕй цытӕ бавзӕрстон, уыдӕттӕ та иууылдӕр ӕрхъуыды кодтон. Уый тыххӕй мӕм афтӕ кӕсын райдыдта, ӕмӕ мӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ нал рухс кӕны ӕмӕ мӕ уарза, уый аккаг нӕ дӕн». Юӕ лӕггад кӕны пионерӕй, ӕмӕ уымӕн дӕр йӕ сабибонтӕ бӕллиццаг схонӕн нӕ уыди. Юӕ радзырдта: «Мӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодтон, уымӕн ӕмӕ мӕ фӕндыди, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кодтаин. Фӕлӕ мӕ Йегъовӕ искуы бауарздзӕн, ууыл дызӕрдыг кодтон».

3. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

3 Ацы иузӕрдион чырыстӕттау ды дӕр Йегъовӕйы тынг уарзыс. Фӕлӕ, чи зоны, ды дӕр дызӕрдыг кӕныс, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, ууыл. Йегъовӕйӕн зынаргъ кӕй дӕ, уый дӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна? Афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ нӕ уарзы, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй афтӕ ма хъуыды кӕнай? Цӕй ӕмӕ ацы фарстатӕн дзуапп базонӕм.

ЙЕГЪОВӔ НӔ КӔЙ УАРЗЫ, УУЫЛ ДЫЗӔРДЫГ КӔНЫН ТӔССАГ У

4. Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл дызӕрдыг кӕнын тӕссаг цӕмӕн у?

4 Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый нӕ фидарӕй куы фӕуырны, уӕд нын уый нӕ хъарутыл хъарутӕ, нӕ ныфсыл ныфс бафтауы, ӕмӕ нӕ фӕфӕнды ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын лӕггад кӕнын, кӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уӕддӕр. Фӕлӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл куы дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд нӕ ныфс асӕтдзӕн ӕмӕ нӕм тых нӕ уыдзӕн (Ӕмб. 24:10). Ӕмӕ ныл уӕд Хӕйрӕг ӕнцонтӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн (Еф. 6:16).

5. Иуӕй-иутыл куыд фӕзынд, Хуыцау сӕ кӕй уарзы, ууыл дызӕрдыг кӕнын кӕй райдыдтой, уый?

5 Иузӕрдион чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ, Йегъовӕ сӕ кӕй уарзы, ууыл дызӕрдыг кӕнын кӕй райдыдтой, уый тыххӕй сӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ. Джеймс у хистӕр нӕлгоймаг. Уый загъта: «Кӕд Вефилы лӕггад кодтон ӕмӕ ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырды уыдтӕн, уӕддӕр дызӕрдыг кодтон, Йегъовӕйы хъуыддаджы цы арӕзтон, уымӕй райгонд кӕй уыд. Иуафон ма мӕм афтӕ кӕсын дӕр райдыдта, ӕмӕ мын мӕ куывдтытӕ нӕ хъусы». Евӕ дӕр лӕггад кӕны Вефилы. Уый зӕгъы: «Ӕз бамбӕрстон, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, ууыл дызӕрдыг кӕнын тынг тӕссаг кӕй у. Адӕймаг цыма цъымарайы ныгъуылы, афтӕ вӕййы. Хуыцауы хъуыддаджы йӕ ницыуал фӕфӕнды аразын ӕмӕ йӕ циндзинад ӕрмынӕг вӕййы». Майкл у хистӕр нӕлгоймаг ӕмӕ лӕггад кӕны пионерӕй. Уый зӕгъы: «Хуыцауӕн зынаргъ кӕй дӕ, ууыл куы дызӕрдыг кӕнай, уӕд дзы адард уыдзынӕ».

6. Хуыцауӕн зынаргъ кӕй стӕм, ууыл дызӕрдыг кӕнын куы райдайӕм, уӕд-иу цы хъуамӕ саразӕм?

6 Джеймс, Евӕ ӕмӕ Майклы цӕвиттонтӕй бӕрӕг у, адӕймаг куы фӕдызӕрдыг кӕны, Хуыцау ӕй кӕй уарзы, ууыл, уӕд йӕ уырнындзинад кӕй ӕрлӕмӕгъ вӕййы. Фӕлӕ-иу хъуамӕ ахӕм хъуыдытӕ уайтагъд фӕсурӕм! Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дӕ фервӕзын кӕна, ӕнцой дын чи нӕ дӕтты, уыцы хъуыдытӕй ӕмӕ дын ратта, дӕ зӕрдӕ ӕмӕ дын дӕ зонд чи бахъахъхъӕндзӕн, уыцы фарн (Пс. 139:23; Фил. 4:6, 7). Стӕй дӕ рох ма уӕд, ахӕм дызӕрдыг хъуыдытӕ иннӕ иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм дӕр кӕй фӕзыны. Йегъовӕйы рагон лӕггадгӕнджытӕм дӕр-иу фӕзынди ахӕм хъуыдытӕ. Ӕркӕсӕм, апостол Павелы хабарӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын, уымӕ.

ПАВЕЛЫ ХАБАРӔЙ НӔ БОН ЦЫ У НӔХИЦӔН ЗОНДӔН РАЙСЫН?

7. Павел цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд?

7 Кӕд дыл бирӕ хӕстӕ ис, уӕд дӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ дӕ бон нӕу се ’ппӕтыл аххӕссын, ӕмӕ ууыл фӕмӕт кӕныс? Кӕд о, уӕд Павелы бамбардзынӕ. Уый мӕт кодта ӕрмӕст иу ӕмбырдыл нӕ, фӕлӕ «ӕппӕт ӕмбырдтыл» дӕр (2 Кор. 11:23–28). Кӕнӕ та, чи зоны, цавӕрдӕр низӕй рынчын дӕ, ӕмӕ дӕхимӕ арӕх ныхъхъусыс. Павелы дӕр тухӕнӕй мардта «буары... сындз», чи зоны, цавӕрдӕр низ, ӕмӕ йӕ тынг фӕндыд, цӕмӕй дзы фервӕзтаид (2 Кор. 12:7–10). Мыййаг, дӕ рӕдыдтыты ӕмӕ дӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй дӕ ныфс асӕтты? Павел дӕр-иу ахӕм уавӕры уыд. Уый ӕдзух хъуыди тох кӕнын, цӕмӕй, раст цы у, уый арӕзтаид. Ӕмӕ ма йӕхи тыххӕй афтӕ дӕр загъта, мӕнӕ, дам, цы мӕгуыр дӕн (Ром. 7:21–24).

8. Павелӕн зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн цы ӕххуыс кодта?

8 Кӕд Павел алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлд, уӕддӕр Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кодта. Цы йын ӕххуыс кодта? Павел ӕмбӕрста, хъӕндзинӕдтӕ йӕм кӕй уыд ӕмӕ-иу кӕй фӕрӕдыд. Фӕлӕ Павел зыдта Йесойы зӕрдӕвӕрд, чидӕриддӕр мыл ӕууӕнды, уый хайджын уыдзӕн ӕнусон цардӕй, зӕгъгӕ (Иоан. 3:16; Ром. 6:23). Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Павел ӕууӕндыд, Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, ууыл. Уый фидарӕй зыдта, стыр тӕригъӕдтӕ чи сарӕзта, фӕлӕ сыл чи ’рфӕсмон кодта, Йегъовӕ суанг уыдонӕн дӕр кӕй ныххатыр кӕны (Пс. 86:5).

9. Галатӕгтӕм 2:20 стихы фыст ныхӕстӕй нӕ бон цы у базонын?

9 Уымӕй уӕлдай ма Павелы уырныдта, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, Хуыцау йӕ Фырты нывондӕн уый тыххӕй дӕр кӕй ӕрхаста. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Павел афтӕ кӕй загъта: «Хуыцауы Фырт... мӕн... бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй йӕ цард... радта». (Бакӕс Галатӕгтӕм 2:20.) Павелмӕ афтӕ нӕ каст, ӕмӕ Хуыцауы уарзты аккаг нӕу. Уый афтӕ нӕ хъуыды кодта: «Ӕмбарын ӕй, Йегъовӕ ме ’фсымӕрты цӕй тыххӕй уарзы, уый. Фӕлӕ мӕн та цӕй тыххӕй хъуамӕ уарза?» Павел ромӕгтӕм ныффыста: «Чырысти нӕ сӕрвӕлтау, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд... амард» (Ром. 5:8). Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕй никӕй хъулон кӕны, алкӕй дӕр уарзы!

10. Ромӕгтӕм 8:38, 39 стихтӕ нын цӕуыл дзурӕг сты?

10 Бакӕс Ромӕгтӕм 8:38, 39. Павел ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Хуыцау ӕй тынг кӕй уарзы, ууыл. Уый ныффыста, зӕгъгӕ нӕ «ницы фӕхицӕн кӕндзӕн, Хуыцау нӕм... цы уарзондзинад равдыста, уымӕй». Павел зыдта, Йегъовӕ израилӕгтӕн бирӕ кӕй быхста ӕмӕ сын кӕй хатыр кодта. Стӕй йын Йегъовӕ йӕхимӕ дӕр фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста. Ӕндӕр ныхасӕй, Павел афтӕ зӕгъинаг уыд: «Кӕд Йегъовӕ йӕ Фырты нывондӕн мӕн тыххӕй ӕрхаста, уӕд куыд хъуамӕ дызӕрдыг кӕнон, кӕй мӕ уарзы, ууыл?» (Ром. 8:32).

Йегъовӕ нӕ кӕсы, раздӕр цы арӕзтам, уымӕ. Сӕйраг ын у, ныр цы аразӕм ӕмӕ фидӕны цы араздзыстӕм, уый (кӕс 11 абзац) *

11. 1 Тимофеймӕ 1:12–15 стихты куыд фыст ис, афтӕмӕй, кӕд Павел раздӕр стыр тӕригъӕдтӕ арӕзта, уӕддӕр ӕй фидарӕй цӕмӕн уырныдта, Хуыцау ӕй кӕй уарзы, уый?

11 Бакӕс 1 Тимофеймӕ 1:12–15. Ӕвӕццӕгӕн-иу Павел йӕхи тынг хордта, йӕ раздӕры тӕригъӕдтыл-иу куы ахъуыды кодта, уӕд. Йӕхи тыххӕй дзӕгъӕлы нӕ загъта, зӕгъгӕ, «тӕригъӕдджынтӕн ӕз дӕн сӕ фыццаг». Цалынмӕ рӕстдзинад нӕ базыдта, уӕдмӕ алы горӕтты чырыстӕтты карзӕй ӕфхӕрдта. Бирӕты ахӕстоны бакодта, ӕмӕ-иу дзы кӕмӕндӕрты мӕлӕты тӕрхон куы хастой, уӕд-иу сӕ амарыныл схъӕлӕс кодта (Хъуыд. 26:10, 11). Чи зоны-иу уый фӕстӕ Павел фембӕлд, йӕ ныййарджыты кӕмӕн амарын кодта, ахӕм ӕрыгон чырыстӕттӕй искӕуыл. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн, куыд-иу фӕуыдаид. Павел йӕ рӕдыдтытыл фӕсмон кодта, фӕлӕ йӕ зыдта, раздӕр цы уыд, уый йӕ бон аивын кӕй нӕ уыд. Уый уырныдта, Чырысти йӕ цард уый тӕригъӕдты тыххӕй дӕр кӕй радта, ӕмӕ ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Ацы хӕс [мыл] ис Хуыцауы стыр хорзӕхы фӕрцы» (1 Кор. 15:3, 10). Уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? Фидарӕй дӕ уырнӕд, Йесо дӕу тыххӕй дӕр кӕй амард ӕмӕ дын уый фӕрцы фадат кӕй фӕзынд, цӕмӕй Йегъовӕ де ’ввахс Хӕлар суа (Хъуыд. 3:19). Йегъовӕ нӕ кӕсы, раздӕр цы арӕзтам, уымӕ, уӕлдай нӕу, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыдыстӕм ӕви нӕма. Хуыцауӕн сӕйраг у, ныр цы аразӕм ӕмӕ фидӕны цы араздзыстӕм, уый (Ис. 1:18).

12. Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ Хуыцауы уарзты аккаг не стӕм, уӕд нын 1 Иоанны 3:19, 20 стихтӕ куыд баххуыс кӕндзысты?

12 Йесо дӕ тӕригъӕдты тыххӕй кӕй амард, ууыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ ахӕм стыр лӕвары аккаг нӕ дӕ. Хатт нӕ не ’нӕххӕст зӕрдӕ фӕсайы ӕмӕ фӕхъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, мӕн хуызӕн адӕймаг уый аккаг нӕу, ӕмӕ йӕ Хуыцау уарза. (Бакӕс 1 Иоанны 3:19, 20.) Фӕлӕ-иу уӕд ахъуыды кӕн, «Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕй стырдӕр» кӕй у, ууыл. Нӕ уӕларвон Фыд нӕ тынг уарзы ӕмӕ нын хатыр кӕны. Кӕд нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ нӕ уарзы ӕмӕ нын нӕ рӕдыдтытӕ нӕ ныххатыр кӕндзӕн, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у. Хъуамӕ-иу нӕхи баууӕндын кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл. Стӕй хъуамӕ сахуыр уӕм нӕхимӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсын. Уый нын бантысдзӕн, йӕ Ныхас ын куы иртасӕм, арӕх ӕм куы кувӕм ӕмӕ нӕхи йӕ адӕмыл куы бӕттӕм, уӕд.

БИБЛИ ИРТАС, ЙЕГЪОВӔМӔ КУВ ӔМӔ ӔНУВЫД ӔМБӔЛТТЫЛ ДӔХИ БӔТТ

13. Хуыцауы Ныхас куы иртасӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Хуыцауы Ныхас сын куыд ӕххуыс кӕны?».)

13 Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр иртас. Уый фӕрцы Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджыты тыххӕй фылдӕр базондзынӕ. Ӕмӕ бамбардзынӕ, Йегъовӕ дӕ фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы. Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ фӕндтӕ раст кӕндзӕн, ӕмӕ уӕд алцӕмӕ дӕр раст цӕстӕй кӕсдзыстӕм (2 Тим. 3:16). Иу хистӕр нӕлгоймагмӕ, Кевинмӕ, афтӕ каст, ӕмӕ Йегъовӕйы уарзты аккаг нӕу. Уый зӕгъы: «Ӕз-иу кастӕн 103-ӕм псалом ӕмӕ-иу ыл хъуыды кодтон. Уый фӕрцы бамбӕрстон, Йегъовӕ мӕм ӕцӕгӕй цы цӕстӕй кӕсы, уый». Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо Евӕ та загъта: «Алы изӕр дӕр фӕхъуыды кӕнын, Йегъовӕ цӕмӕдӕрты цы цӕстӕй кӕсы, ууыл. Уый фӕрцы мӕ зӕрдӕйы вӕййы фарн ӕмӕ мӕ уырнындзинад бафидар вӕййы».

14. Йегъовӕмӕ куы кувӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн?

14 Йегъовӕмӕ арӕх кув (1 Фес. 5:17). Дыууӕ адӕймаджы хорз ӕмбӕлттӕ свӕййынц, арӕх куы фӕныхас кӕнынц ӕмӕ кӕрӕдзийӕн, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый куы фӕдзурынц, уӕд. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕ не ’ввахс Хӕлар уа, уӕд ын хъуамӕ дзурӕм, цӕуыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ нӕ цы тыхсын кӕны, уыдӕттӕ. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, кӕй нӕ хъусы ӕмӕ нӕ кӕй уарзы, уый нӕ кӕй уырны (Пс. 94:17–19; 1 Иоан. 5:14, 15). Статьяйы райдианы кӕй кой уыд, уыцы хо, Юӕ, загъта: «Йегъовӕмӕ куы фӕкувын, уӕд ын, боны дӕргъы мыл цы ’рцыд, ӕрмӕст уыдӕттӕ нӕ фӕдзурын. Радзурын ын, мӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр вӕййы ӕмӕ цӕуыл фӕхъуыды кӕнын, уыдӕттӕ. Ӕз гыццылгай бамбӕрстон, Йегъовӕ стыр компанийы директоры хуызӕн кӕй нӕу, фӕлӕ кӕй у, йӕ хъӕбулты чи уарзы, ахӕм Фыд». (Кӕс рамкӕ « Бакастӕ йӕ?».)

15. Йегъовӕ ныл кӕй тыхсы, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

15 Ӕнувыд ӕмбӕлттыл дӕхи бӕтт. Уыдон сты Йегъовӕйы лӕвар (Иак. 1:17). Нӕ уӕларвон Фыд ныл тыхсы, ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ радта чырыстон бинонтӕ. Нӕ хотӕ ӕмӕ нӕ не ’фсымӕртӕ «алкӕддӕр уарзынц» (Ӕмб. 17:17). Павел колоссӕгтӕм ӕрвыст фыстӕджы скодта, чи йын баххуыс кодта, уыцы чырыстӕтты кой. Ӕмӕ загъта, уыдон ын кӕй «фесты стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос» (Кол. 4:10, 11). Суанг Йесо Чырыстийы дӕр хъуыди иннӕты ӕххуыс. Ӕмӕ уый бузныг уыд, йе ’мбӕлттӕ йын – зӕдтӕ дӕр ӕмӕ адӕм дӕр – кӕй ӕххуыс кодтой, уый тыххӕй (Лук. 22:28, 43).

16. Ӕнувыд ӕмбӕлттӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм?

16 Ӕмбырды дын цы ӕмбӕлттӕ ис, уыдонӕй ӕххуыс ракурыс? Цы дӕ тыхсын кӕны, уый фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕй искӕмӕн куы радзурай, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, ӕмӕ дӕ уырнындзинад лӕмӕгъ у. Афтӕ куы кӕнай, уӕд дӕ уый бирӕ цӕмӕйдӕрты бахъахъхъӕндзӕн. Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы ӕфсымӕр, Джеймс, загъта: «Ме ’мбӕлттӕ сты фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ, ӕмӕ мын тынг баххуыс кӕнынц. Цавӕрдӕр хъуыдыты тыххӕй мӕ ныфс куы асӕтты, уӕд мӕм уыдон байхъусынц ӕмӕ мын фӕзӕгъынц, кӕй мӕ уарзынц. Уый фӕрцы бамбарын, Йегъовӕ мӕ кӕй уарзы ӕмӕ мыл кӕй тыхсы». Уӕдӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртыл хъуамӕ нӕхи ӕнӕмӕнг бӕттӕм.

ЙЕГЪОВӔЙЫ УАРЗОНДЗИНАДӔЙ ХАЙДЖЫН У

17, 18. Кӕмӕ хъуамӕ хъусӕм ӕмӕ цӕмӕн?

17 Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй бафӕллайӕм ӕмӕ, раст цы у, уый мауал аразӕм. Уый фӕнды, цӕмӕй хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ нӕ уарзы ӕмӕ уый аккаг не стӕм, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу!

18 Йегъовӕ дӕ тынг уарзы. Ды йын зынаргъ хӕзна дӕ. Ӕмӕ йӕм куы хъусай, уӕд дарддӕр дӕр «йӕ уарзондзинадӕй хайджын» уыдзынӕ, Йесо йӕ уарзондзинадӕй хайджын куыд у, афтӕ (Иоан. 15:10). Уӕдӕ Хӕйрӕгмӕ ма хъус, стӕй дӕ мӕнгард зӕрдӕмӕ дӕр ма хъус. Фӕлӕ хъус Йегъовӕмӕ. Уый уыны, йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕ дӕр хорзӕй цыдӕр кӕй ис, уый. Уӕдӕ дӕ фидарӕй уырнӕд, Йегъовӕ кӕй «уарзы йӕ адӕмы». Ӕмӕ дӕу дӕр уарзы!

141 ЗАРӔГ Цард у зынаргъ лӕвар

^ 5 абз. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй чидӕртӕ дызӕрдыг кӕнынц, Йегъовӕ сӕ кӕй уарзы, ууыл. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ нӕ алкӕй дӕр кӕй уарзы, уый нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл.

^ 2 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

^ 67 абз. НЫВ. Павел чырыстӕттӕй бирӕты ахӕстоны бакодта. Фӕлӕ Чырыстийы нывондыл куы баууӕндыд, уӕд аивта. Павел йе ’фсымӕрты фидар кодта, ӕмӕ дзы чидӕртӕ, чи зоны, уыдысты, раздӕр кӕй ӕфхӕрдта, уыдоны бинонтӕ.