Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Раджы заманты папирусӕй бӕлӕгътӕ арӕзтой?

Папирус (зайӕгой)

БИРӔТӔ йӕ зонынц, рагон Египеты-иу адӕм арӕхдӕр папирусыл кӕй фыстой. Грекъӕгтӕ ӕмӕ ромӕгтӕ дӕр фыстой папирусыл *. Фӕлӕ раджы заманты папирусӕй бӕлӕгътӕ дӕр кӕй арӕзтой, уый та бирӕтӕ нӕ зонынц.

Папирусӕй конд бӕлӕгъты макеттӕ; бӕлӕгътӕ ссардтой египетаг зӕппадзы

Иу-2 500 азы размӕ пехуымпар Исай ныффыста, «Ефиопийы цӕугӕдӕтты алыварс» чи цард, уыцы адӕм денджызыл кӕй ӕрвыстой минӕвӕрттӕ, ӕрвыстой сӕ доныл «папирусӕй конд наутыл» (Ис. 18:1, 2).

Библи у Хуыцауы комытӕфӕй фыст. Ӕмӕ, Библи чи иртасы, уыдонмӕ диссаг нӕ кӕсы, археологтӕ кӕй ссардтой бӕлвырдгӕнӕнтӕ, раджы заманты-иу папирусӕй бӕлӕгътӕ кӕй арӕзтой, уымӕн (2 Тим. 3:16). Зӕгъӕм, ссардтой бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Египеты-иу папирусӕй бӕлӕгътӕ кӕй арӕзтой, уымӕн.

ПАПИРУСӔЙ БӔЛӔГЪТӔ КУЫД АРӔЗТОЙ?

Египетӕгты зӕппӕдзты къултыл цы нывтӕ ис, уыдоныл фенӕн ис, папирус-иу куыд карстой ӕмӕ дзы бӕлӕгътӕ куыд арӕзтой, уый. Нӕлгоймӕгтӕ-иу папирус ӕркарстой, куыристӕ-иу дзы скодтой ӕмӕ-иу стӕй уыцы куыристӕ кӕрӕдзийыл фидар бабастой. Папирусӕн йӕ хъӕд у ӕртӕтигъон. Ӕмӕ папирусы хъӕдтӕ кӕрӕдзийыл куы бабӕттынц, уӕд дзы рауайы хъӕддых баст куырис. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй-иу папирусӕй конд бӕлӕгътӕн сӕ дӕргъ 17 метры бӕрц дӕр уыд. Ӕмӕ-иу сыл дыууӕрдыгӕй дӕр уыд фӕйнӕ 10 кӕнӕ 12 донвыййаджы (A Companion to Ancient Egypt).

Папирусӕй бӕлӕгъ куыд аразынц, уый ныв египетаг зӕппадзы къулыл

ПАПИРУСӔЙ БӔЛӔГЪТӔ ЦӔМӔН АРӔЗТОЙ?

Нилы дӕлвӕзы бирӕ папирус зад. Стӕй папирусӕй ӕнцон уыд бӕлӕгътӕ аразын. Наутӕ хъӕдӕрмӕгӕй аразын куы райдыдтой, уӕд дӕр ма-иу кӕсагахсджытӕ ӕмӕ цуанӕттӕ доныл цыдысты папирусӕй конд гыццыл бӕлӕгътыл.

Уӕдӕй фӕстӕмӕ ма адӕм бирӕ азты дӕргъы фӕцыдысты папирусӕй конд бӕлӕгътыл. Рагон грекъаг фыссӕг Плутарх (царди фыццаг чырыстӕтты рӕстӕджы) ныффыста, уыцы рӕстӕджы дӕр ма кӕй уыди папирусӕй конд бӕлӕгътӕ фенӕн.

^ 3 абз. Папирус зайы цъымарадӕтты ӕмӕ, дон сындӕг кӕм цӕуы, ахӕм рӕтты. Йӕ бӕрзӕнд вӕййы 5 метры бӕрц, йӕ хъӕды фӕтӕн та рӕбынӕй – 15 сантиметры бӕрц.