Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

23 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕимӕ иунӕг никуы уыдзынӕ!

Йегъовӕимӕ иунӕг никуы уыдзынӕ!

«Йегъовӕ хӕстӕг у, чи йӕм кувы, уыдонмӕ» (ПС. 145:18).

28 ЗАРӔГ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Иуӕй-иу хатт Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сӕхимӕ иунӕг цӕмӕн фӕкӕсынц?

ӔВӔЦЦӔГӔН нӕ алчидӕр хатт йӕхимӕ иунӕг фӕкӕсы. Кӕмӕндӕрты уый бирӕ нӕ ахӕссы. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ сӕхимӕ иунӕг ӕдзухдӕр фӕкӕсынц, суанг бирӕ адӕмы ’хсӕн куы вӕййынц, уӕд дӕр. Кӕмӕндӕр зын вӕййы ног ӕмбырды ӕмбӕлттӕ ссарын. Чидӕр та ӕнгом бинонты ’хсӕн схъомыл, фӕлӕ ныр йӕ бинонтӕй дард цӕры ӕмӕ сӕ тынг мысы. Кӕмӕндӕр йӕ бинонтӕй кӕнӕ йе ’мбӕлттӕй чидӕр фӕзиан. Иуӕй-иу чырыстӕттӕ та, уӕлдайдӕр рӕстдзинады фӕндагыл ӕрӕджы чи ’рлӕууыд, уыдон, сӕхимӕ иунӕг фӕкӕсынц, сӕ бинонтӕ кӕнӕ сӕ раздӕры ӕмбӕлттӕ сӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд.

2. Цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм дзуапп?

2 Йегъовӕ мах тыххӕй алцыдӕр зоны ӕмӕ нӕ хорз ӕмбары. Ӕмӕ кӕд нӕхимӕ иунӕг кӕсӕм, уӕд уый дӕр зоны. Ӕмӕ йӕ фӕнды махӕн баххуыс кӕнын. Куыд нын ӕххуыс кӕны? Нӕхи бон цы у саразын? Ӕмӕ нӕ бон куыд у, йӕхимӕ иунӕг чи кӕсы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнын? Цӕй ӕмӕ ацы фарстатӕн дзуапп базонӕм.

ЙЕГЪОВӔ АЛЦЫДӔР УЫНЫ

Йегъовӕ Илийамӕ зӕды арвыста, цӕмӕй йын ныфсытӕ бавӕрдтаид ӕмӕ йын загътаид, иунӕг кӕй нӕу (кӕс 3 абзац)

3. Йегъовӕ Илийайӕн куыд баххуыс кодта?

3 Йегъовӕйы тынг фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр амондджын уой. Уый хӕстӕг у махӕй алкӕмӕ дӕр. Ӕмӕ, нӕ ныфс куы асӕтты, уӕд ӕй уайтагъд фены (Пс. 145:18, 19). Уый бӕрӕг у пехуымпар Илийайы хабарӕй дӕр. Израилы тынг ӕвзӕр рӕстӕг скодта. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ карз ӕфхӕрд ӕййӕфтой. Чи сӕ ӕфхӕрдта, уыдон стыр бынӕттӕ ахстой ӕмӕ Хуыцауы нӕ уарзтой. Ӕмӕ уӕлдайдӕр Илийамӕ цыди сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс (1 Пад. 19:1, 2). Уымӕй уӕлдай ма Илийамӕ афтӕ каст, ӕмӕ Йегъовӕйы иузӕрдион пехуымпартӕй ӕрмӕстдӕр уый баззад (1 Пад. 19:10). Йегъовӕ йын уайтагъддӕр баххуыс кодта. Арвыста йӕм зӕды, цӕмӕй йын ныфсытӕ бавӕрдтаид ӕмӕ йын загътаид, иунӕг кӕй нӕу, ноджыдӕр ма бирӕтӕ кӕй баззадысты Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй (1 Пад. 19:5, 18).

4. Марчы 10:29, 30 стихтӕй куыд зыны, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй нӕ ныууадзы, сӕ бинонтӕ ӕмӕ сӕ се ’мбӕлттӕ куы адард вӕййынц, уӕд?

4 Йегъовӕ йӕ зоны, кӕйдӕрты бирӕ цыдӕртӕ кӕй бахъуыд ныууадзын ӕмӕ сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ суыдаиккой. Чи зоны сӕ сӕ бинонтӕ, сӕ хиуӕттӕ ӕмӕ се ’мбӕлттӕ адард сты. Ӕвӕццӕгӕн, апостол Петр дӕр цӕуылдӕрты мӕт кодта, ӕмӕ иухатт Йесойы бафарста: «Мах ӕппӕт дӕр нӕ ныууагътам ӕмӕ дӕ фӕдыл нӕ рацыдыстӕм? Цы нын уыдзӕн хорзӕй?» (Матф. 19:27). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй сын фӕзындзӕн стыр чырыстон бинонтӕ. (Бакӕс Марчы 10:29, 30.) Йегъовӕ та, нӕ бинонты Хистӕр, зӕрдӕ ӕвӕры, йӕ лӕггадгӕнджытӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ сӕ фарсмӕ кӕй уыдзӕн (Пс. 9:10). Кӕд дӕхимӕ иунӕг фӕкӕсыс, уӕд дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дын Йегъовӕ баххуыс кӕна? Ныртӕккӕ ууыл аныхас кӕндзыстӕм.

ДӔ БОН ЦЫ У САРАЗЫН?

5. Йегъовӕ дын куыд ӕххуыс кӕны, ууыл цӕмӕн хъӕуы хъуыды кӕнын?

5 Хъуыды кӕн, Йегъовӕ дын куыд ӕххуыс кӕны, ууыл (Пс. 55:22). Уӕд дӕ бон уыдзӕн дӕ уавӕрмӕ раст цӕстӕй кӕсын. Йӕ бинонтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕмӕн не сты, иу ахӕм ӕнӕцыд хо, Кэрол *, загъта: «Йегъовӕ мын зындзинӕдты рӕстӕг куыд ӕххуыс кодта, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд ӕй бамбарын, иунӕг кӕй нӕ дӕн. Стӕй уый фӕрцы ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнын, уый фӕстӕ дӕр мын Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл».

6. 1 Петры 5:9, 10 стихтӕ ныфсы хос куыд сты, йӕхимӕ иунӕг чи кӕсы, уыцы чырыстӕттӕн?

6 Хъуыды кӕн, Йегъовӕ иннӕ чырыстӕттӕн сӕ зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн куыд ӕххуыс кӕны, ууыл. (Бакӕс 1 Петры 5:9, 10.) Ӕфсымӕр Хироси Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕны. Фӕлӕ йӕ бинонтӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ничима сси. Уый афтӕ зӕгъы: «Не ’мбырдмӕ куы акӕсын, уӕд фенын, зындзинӕдтыл иууылдӕр кӕй ӕмбӕлынц, иуӕн дӕр ӕнӕмӕт цард нӕй. Фӕлӕ алчидӕр Йегъовӕйы хъуыддаджы, йӕ бон цы у, уый аразы. Ӕмӕ, йӕ бинонтӕ Ӕвдисӕнтӕ кӕмӕн не сты, уыдонӕн уый стыр ныфсы хос у».

7. Йегъовӕмӕ кӕй фӕкувыс, уый дын куыд ӕххуыс кӕны?

7 Йегъовӕмӕ кув, Библи кӕс ӕмӕ ӕмбырдтӕм цу. Йегъовӕйӕн-иу ӕргом радзур, дӕ зӕрдӕйы цы ис, цы дӕ тыхсын кӕны, уыдӕттӕ (1 Пет. 5:7). Масиель у ӕрыгон хо. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд йӕ бинонтӕй Ӕвдисӕн ничи уыд, ӕмӕ-иу уый тыххӕй йӕхимӕ иунӕг касти. Уый афтӕ зӕгъы: «Стыр ӕххуыс мын уыди, зӕрдиагӕй-иу кӕй куывтон, уый. Йегъовӕ у мӕ Фыд, ӕмӕ йӕм ӕз алы бон дӕр куывтон. Ӕмӕ бон иу хатт дӕр нӕ, фӕлӕ цалдӕр хатты. Ӕмӕ-иу ын дзырдтон, мӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый».

Иунӕг чи у, уыдон ӕмбырдтӕм куы фӕцӕттӕ кӕнынц кӕнӕ Библи куы фӕкӕсынц, уӕд фӕхъусынц аудиозаписьтӕм. Уый сын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ма ӕнкъард кӕной (кӕс 8 абзац) *

8. Хуыцауы Ныхас кӕй фӕкӕсыс ӕмӕ, цы бакастӕ, ууыл кӕй фӕхъуыды кӕныс, уый дын куыд ӕххуыс кӕны?

8 Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр кӕс. Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, уый цы скъуыддзӕгтӕй у бӕрӕг, уыдоныл-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕн. Афтӕ фӕкӕны хо Бьянкӕ дӕр. Уымӕн йӕ бинонтӕ мӕстӕймарӕн ныхӕстӕ фӕкӕнынц. Бьянкӕ зӕгъы: «Библийы, стӕй биографиты бакӕсын, мӕ уавӕры хуызӕн уавӕрты чи уыд, уыцы лӕггадгӕнджыты тыххӕй. Ӕмӕ стӕй уыцы хабӕрттыл фӕхъуыды кӕнын. Уый мын тынг ӕххуыс кӕны». Иуӕй-иу чырыстӕттӕ та бахъуыды кӕнынц, уӕлдай тынгдӕр сын ныфсы хос чи сты, ахӕм стихтӕ, зӕгъӕм, Псалом 27:10 стих ӕмӕ Исай 41:10 стих. Чидӕртӕ та, ӕмбырдтӕм куы фӕцӕттӕ кӕнынц кӕнӕ Библи куы фӕкӕсынц, уӕд фӕхъусынц аудиозаписьтӕм. Ӕмӕ сын уый дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕхимӕ иунӕг ма кӕсой ӕмӕ ма ӕнкъард кӕной.

9. Ӕмбырдтӕм кӕй цӕуыс, уый дын куыд ӕххуыс кӕны?

9 Архай, цӕмӕй ӕмбырдтӕ ма цух кӕнай. Фембӕлдты программӕ-иу дӕ ныфс бауадздзӕн, стӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты дӕр хуыздӕр базондзынӕ (Дзут. 10:24, 25). Масиель ма загъта: «Кӕд ӕфсӕрмыгӕнаг уыдтӕн, уӕддӕр мӕхицӕн загътон, иу ӕмбырд дӕр кӕй нӕ цух кӕндзынӕн ӕмӕ-иу дзуаппытӕ кӕй дӕтдзынӕн. Уый фӕрцы-иу хотӕ ӕмӕ ’фымӕртӕм дӕр тынгдӕр баввахс дӕн».

10. Ахсджиаг цӕмӕн у хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ’хсӕн ӕмбӕлттӕ ссарын?

10 Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ’хсӕн дӕхицӕн ӕмбӕлттӕ ссар. Ӕмбырды дӕхицӕн ссар, цӕуылдӕрты кӕмӕй сахуыр уыдзынӕ, ахӕм ӕмбӕлттӕ. Гӕнӕн ис, уой дӕхицӕй хистӕр кӕнӕ кӕстӕр, кӕнӕ та ӕндӕр адӕмыхаттӕй дӕр. Библийы фыст ис, «зонд зӕрӕдтӕм» кӕй ис (Иов 12:12). Ӕмӕ хистӕртӕ дӕр ӕрыгӕттӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр вӕййынц. Давид Ионафанӕй бирӕ кӕстӕр уыди, фӕлӕ уыдон тынг ӕввахс ӕмбӕлттӕ уыдысты (1 Сам. 18:1). Давид ӕмӕ Ионафан зын уавӕрты кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтой Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн (1 Сам. 23:16–18). Хо Иринӕйӕн йӕ бинонтӕй йӕхи йеддӕмӕ Ӕвдисӕн ничи у. Ӕмӕ уый афтӕ зӕгъы: «Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ нын свӕййынц ныййарджыты кӕнӕ мадызӕнӕджы хуызӕн. Йегъовӕ нын уыдоны уылты ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕм афтӕ ма кӕса, ӕмӕ цӕмӕйдӕр фӕцух стӕм».

11. Нӕ бон куыд у нӕхицӕн хорз ӕмбӕлттӕ ссарын?

11 Ног ӕмбӕлттӕ ссарын алыхатт ӕнцон нӕ вӕййы, уӕлдайдӕр ӕфсӕрмыгӕнаг куы уай, уӕд. Ратнӕ дӕр ӕфсӕрмыгӕнаг хо у. Уый рӕстдзинады фӕндагыл ӕрлӕууыд, кӕд йӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр. Ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Хъуамӕ йӕ бамбӕрстаин, ӕнӕмӕнг мӕ кӕй хъӕуы мӕ чырыстон хоты ӕмӕ ’фсымӕрты ӕххуыс». Ӕнцон нӕ вӕййы, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый иннӕтӕн радзурын. Фӕлӕ цӕмӕй исчи де ’ввахс ӕмбал суа, уый тыххӕй фӕхъӕуы ӕргом ныхас кӕнын. Не ’мбӕлтты фӕфӕнды, цӕмӕй-иу нын баххуыс кӕной ӕмӕ-иу нӕ ныфс бауадзой. Фӕлӕ сын куы ницы дзурӕм, уӕд нын куыд баххуыс кӕндзысты?

12. Ноджыдӕр ма дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дӕхицӕн хорз ӕмбӕлттӕ ссарай?

12 Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ балымӕн уай, уӕд семӕ хъусын кӕнынмӕ цу. Гыццыл раздӕр кӕй кой уыд, уыцы хо, Кэрол, загъта: «Хуыцауы хъуыддӕгты кӕимӕ архайдтон ӕмӕ-иу хъусын кӕнынмӕ кӕимӕ цыдтӕн, уыцы хотӕй бирӕтимӕ тынг балымӕн дӕн. Ӕмӕ мын Йегъовӕ бирӕ азты дӕргъы ӕххуыс кӕны уыцы ӕмбӕлтты уылты». Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй-иу чырыстӕтты ’хсӕн нӕхицӕн ӕмбӕлттӕ ссарӕм. Ахӕм ӕмбӕлтты фӕрцы нӕ Йегъовӕ ныфс бауадзы, ӕмӕ нӕхимӕ иунӕг нӕ фӕкӕсӕм (Ӕмб. 17:17).

ИННӔТӔН ӔХХУЫС КӔН, ЦӔМӔЙ ӔМБАРОЙ, ИУ БИНОНТӔ КӔЙ СТӔМ

13. Ӕмбырды алкӕуыл дӕр цавӕр хӕс ис?

13 Ӕмбырды хъуамӕ уа фарн ӕмӕ уарзондзинад, цӕмӕй афтӕ макӕмӕ кӕса, ӕмӕ никӕй хъӕуы (Иоан. 13:35). Ӕмӕ алкӕй хӕс дӕр у, цӕмӕй уый тыххӕй цыдӕр араза. Искӕмӕн хорзӕй исты куы саразӕм кӕнӕ йын исты хорз ныхас куы фӕзӕгъӕм, уӕд ыл базыртӕ базайы. Иу хо мӕнӕ куыд загъта: «Рӕстдзинад куы базыдтон, уӕд ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ систы мӕ бинонтӕ. Уыдон мын куы не ’ххуыс кодтаиккой, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕр не суыдаин». Йӕ бинонтӕ Ӕвдисӕнтӕ кӕмӕн не сты, уыдонӕн дӕ бон куыд у баххуыс кӕнын, цӕмӕй ӕмбарой, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сӕ кӕй уарзынц, уый?

14. Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй-иу ногтимӕ балымӕн уай?

14 Ногтимӕ-иу балымӕн у. Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕй исчи ӕмбырдтӕм цӕуын куы райдайа, ӕндӕр ӕмбырдӕй не ’мбырдмӕ исчи куы рахиза кӕнӕ исчи донаргъуыд куы райса, уӕд-иу ыл зӕрдиагӕй бацин кӕн (Ром. 15:7). Фӕлӕ ногтӕн ӕнӕуи зӕрдиагӕй салам раттын фаг нӕ уыдзӕн. Мах фӕнды, цӕмӕй сын хорз ӕмбӕлттӕ суӕм. Бӕрӕг уӕд, зӕрдиагӕй сыл кӕй тыхсыс. Дӕ бон у базонын, цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц. Ӕрмӕст-иу афтӕ ма рауайӕд, ӕмӕ дӕхи сӕ хъуыддӕгты тъыссыс. Иуӕй-иутӕн зын вӕййы, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уыдӕттӕ дзурын. Ӕмӕ сӕ дзурын куы нӕ фӕнда, уӕд-иу сӕ хынцфарст ма кӕн. Ахъуыды-иу кӕн, цӕмӕй сӕ ис бафӕрсӕн, цӕмӕй сын сӕ царды тыххӕй фылдӕр базонай. Стӕй-иу сӕм лӕмбынӕг байхъус. Зӕгъӕм, ис сӕ бафӕрсӕн, рӕстдзинад куыд базыдтой, уымӕй.

15. Фӕлтӕрд чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у ӕмбырды иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын?

15 Чырыстӕттӕ кӕрӕдзийыл куы хъуыды кӕной ӕмӕ кӕрӕдзийыл зӕрдиагӕй куы тыхсой, уӕд ӕмбырды алкӕй уырнындзинад дӕр фидардӕр кӕндзӕн. Уӕлдайдӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ иннӕ фӕлтӕрд чырыстӕттӕ хъуамӕ кӕной афтӕ. Мелиссӕйы Хуыцауы фӕндагыл йӕ мад сӕвӕрдта. Ӕмӕ Мелиссӕ зӕгъы: «Ӕз тынг бузныг дӕн, фыды хуызӕн мын чи сси, уыцы ’фсымӕртӕй. Уыдон-иу мын сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ фӕлмӕн ныхас не ’вгъау кодтой. Истӕуыл мӕ аныхас кӕнын куы фӕхъӕуы, уӕд ӕй фӕзонын, мӕ бон кӕимӕ у аныхас кӕнын». Иу ӕрыгон ӕфсымӕр, Маурисио, йӕхимӕ иунӕг каст, йемӕ Библи чи ахуыр кодта, уыцы ӕфсымӕр ӕмбырдтӕм куы нал цыд, уӕд. Маурисио зӕгъы: «Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ мын тынг баххуыс кодтой. Мемӕ-иу ныхас кодтой, хъусын кӕнынмӕ-иу мемӕ цыдысты, Библи иртасгӕйӕ-иу цы хъуыдытӕ ссардтой, уыдон-иу мын радзырдтой. Суанг ма-иу ӕнӕуи дӕр мемӕ рӕстӕг ӕрвыстой». Ныр Мелиссӕ дӕр ӕмӕ Маурисио дӕр сты ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ.

Мыййаг, уе ’мбырды ахӕм хо кӕнӕ ’фсымӕр ис, де ’рхъуыдыдзинадӕй уӕлдай бузныг чи фӕуыдзӕн? (кӕс 16–19 абзацтӕ) *

16, 17. Нӕ бон ма куыд у иннӕтӕн баххуыс кӕнын?

16 Иннӕтӕн хъуыддагӕй ӕххуыс кӕн (Гал. 6:10). Лео миссионерӕй кӕм лӕггад кӕны, уыцы бӕстӕ дард у, йӕ бинонтӕ кӕм цӕрынц, уыцы бӕстӕйӕ. Уый зӕгъы: «Адӕймагӕн исчи бахъуаджы сахат гыццыл хорздзинад дӕр куы саразы, уӕд ын арӕх уый дӕр фаг вӕййы. Иухатт авари скодтон. Ӕмӕ хӕдзармӕ куы бахӕццӕ дӕн, уӕд афтӕ уыдтӕн, цыма мӕ исчи лӕмаргӕ ныккодта. Гъемӕ дын мӕ уӕд иу бинонтӕ – лӕг ӕмӕ ус – сӕхимӕ куы фӕхониккой. Фынгыл бирӕ цыдӕртӕ нӕ уыд. Стӕй, цы хордтам, уый хъуыды дӕр нӕ кӕнын. Фӕлӕ йӕ хъуыды кӕнын, лӕмбынӕг мӕм кӕй байхъуыстой ӕмӕ мын мӕ зын сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстой, уый. Уый фӕрцы мӕхимӕ гыццыл ӕрцыдтӕн».

17 Не ’ппӕт дӕр конгресстӕ тынг уарзӕм. Уым кӕрӕдзи фенӕм, стӕй нӕ бон вӕййы, программӕйы цы диссаджы хъуыдытӕ фехъусӕм, уыдоныл аныхас кӕнын. Фӕлӕ Кэролӕн конгрессты уӕлдай зын вӕййы. Цымӕ цӕмӕн? Уый афтӕ зӕгъы: «Кӕд мӕ алыварс бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ вӕййы, цалдӕр сӕдӕ кӕнӕ цалдӕр мины дӕр, уӕддӕр мӕхимӕ иунӕг фӕкӕсын, уымӕн ӕмӕ бирӕтӕ сӕ бинонтимӕ вӕййынц». Кӕмӕндӕр та конгресмӕ ацӕуын зын вӕййы йӕ цардӕмбалы зианы фӕстӕ. Мыййаг, искӕй зоныс, уыдӕтты тыххӕй конгресмӕ ацӕуын зын кӕмӕн вӕййы? Иннӕ хатт дӕ бинонтимӕ конгресмӕ куы цӕуай, уӕд ӕй дӕ бон нӕ уаид фӕхонын, цӕмӕй иумӕ ацӕуат ӕмӕ конгрессы рӕстӕг дӕр иумӕ уат?

18. Нӕ бон куыд у 2 Коринфӕгтӕм 6:11–13 стихтӕм гӕсгӕ архайын?

18 Иумӕ рӕстӕг ӕрвитут. Хорз уыдзӕн, алыхуызон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ-иу рӕстӕг куы ’рвитай, уӕлдайдӕр, йӕхимӕ иунӕг чи кӕсы, уыдонимӕ. Мах фӕнды алкӕмӕн дӕр нӕ «зӕрдӕтӕ уӕрӕх байгом кӕнын». (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 6:11–13.) Мелиссӕ ма афтӕ загъта: «Куыд хорз-иу уыди, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ-иу нӕ мамӕимӕ сӕхимӕ уазӕгуаты куы фӕхуыдтой! Семӕ ӕмӕ-иу сӕ бинонтимӕ нӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй арвыстам. Кӕнӕ-иу искуыдӕм улӕфынмӕ куы цыдысты, уӕд-иу мах дӕр семӕ акодтой». Дӕуӕн дӕр дӕ бон нӕ уаид ӕмбырдӕй искӕмӕн ахӕм хорздзинад саразын?

19. Уӕлдайдӕр кӕд фӕхъӕуы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн рӕстӕг ссарын?

19 Иуӕй-иу хатт хоты ӕмӕ ’фсымӕрты уӕлдай тынгдӕр фӕхъӕуы, цӕмӕй-иу сын рӕстӕг ссарӕм ӕмӕ сӕ фарсмӕ уӕм. Чидӕртӕ нӕ фӕзонынц, сӕхи цы фӕкӕной, уый, се ’нӕуырнӕг бинонтӕ бӕрӕгбӕттӕ куы фӕкӕнынц, уӕд. Чидӕр та тынг фенкъард кӕны, бирӕ кӕй уарзта, уыцы адӕймаджы мӕлӕты бон куы ’рхӕццӕ вӕййы, уӕд. Ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фарсмӕ куы вӕййӕм, уӕд ӕй фӕуынынц, зӕрдиагӕй сыл кӕй тыхсӕм (Фил. 2:20).

20. Нӕхимӕ иунӕг куы кӕсӕм, уӕд нын Матфейы 12:48–50 стихтӕ куыд баххуыс кӕндзысты?

20 Алчидӕр нӕ хатт цӕйдӕрты тыххӕй ӕрӕнкъард вӕййы ӕмӕ йӕхимӕ иунӕг фӕкӕсы. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа, Йегъовӕ алцыдӕр кӕй уыны. Ӕмӕ нын алкӕддӕр баххуыс кӕны, арӕх нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уылты, цӕмӕй нӕм афтӕ ма кӕса, ӕмӕ нын цыдӕр нӕ фаг кӕны. (Бакӕс Матфейы 12:48–50.) Йегъовӕйӕ бузныг кӕй стӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, нӕхӕдӕг дӕр нӕ чырыстон бинонтӕн, нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй куы ’ххуыс кӕнӕм. Ӕмӕ кӕд хатт нӕхимӕ иунӕг фӕкӕсӕм, уӕддӕр иунӕг никуы вӕййӕм, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ алкӕддӕр нӕ фарсмӕ ис!

46 ЗАРӔГ Стыр бузныг дын, Йегъовӕ

^ 5 абз. Искуы дӕхимӕ иунӕг фӕкӕсыс? Кӕд о, уӕд ӕй зон, Йегъовӕ алцыдӕр кӕй уыны ӕмӕ йӕ тынг кӕй фӕнды дӕуӕн баххуыс кӕнын. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дӕхимӕ иунӕг ма кӕсай. Стӕй ма базондзыстӕм, дӕ бон цӕмӕй у, йӕхимӕ иунӕг чи кӕсы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын.

^ 5 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

^ 60 абз. НЫВТӔ. Йӕ бинойнаг кӕмӕн амард, уыцы ’фсымӕр Библи кӕсгӕйӕ ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнгӕйӕ хъусы аудиозаписьтӕм.

^ 62 абз. НЫВТӔ. Ӕфсымӕр йӕ чызгимӕ се ’мбырдӕй иу ацӕргӕ ’фсымӕрмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын цыдӕр ӕрбахастой.