Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Апостол Павел ныффыста: «Закъон йӕхӕдӕг цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ ӕз закъонӕн амардтӕн» (Гал. 2:19). Уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд?

Павел ныффыста: «Закъон йӕхӕдӕг цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ ӕз закъонӕн амардтӕн, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй райгас уон» (Гал. 2:19).

Ромаг провинци Галатийы ӕмбырдты иуӕй-иу чырыстӕттыл фӕзынд мӕнг ахуыргӕнджыты зонд. Уыцы ахуыргӕнджытӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, цӕмӕй адӕймаг фервӕза, уый тыххӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕна Моисейы закъон, уӕлдайдӕр та сунӕт кӕныны ӕгъдау. Фӕлӕ Павел зыдта, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕй уый кӕй нал домдта. Уый ӕрхаста фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ, ӕмӕ уыцы мӕнг ахуырӕдтӕ хурмӕ рахаста. Афтӕмӕй ӕфсымӕрты уырнындзинад бафидар кодта ӕмӕ сын баххуыс кодта, цӕмӕй Йесо Чырыстийы нывондыл ноджы тынгдӕр баууӕндыдаиккой (Гал. 2:4; 5:2). Павел бамбарын кодта, Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын кӕй нал хъуыди. Ӕмӕ гъеуӕд ныффыста Галатӕгтӕм 2:19 стихы ныхӕстӕ.

Библийы бӕлвырдӕй фыст ис, адӕймаг куы амӕлы, уӕд кӕй ницыуал фембары ӕмӕ, йӕ алыварс цытӕ цӕуы, уыдӕтты бар ыл кӕй нал фӕцӕуы (Еккл. 9:5). Уӕдӕ Павел афтӕ куы загъта, «закъон йӕхӕдӕг цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ ӕз закъонӕн амардтӕн», зӕгъгӕ, уӕд ӕй уымӕй зӕгъын фӕндыд, Моисейы закъон ӕм кӕй ницыуал бар дардта. Фӕлӕ Павел фидарӕй зыдта, Чырыстийы нывондыл кӕй баууӕндыд, уый фӕрцы «Хуыцауы тыххӕй» кӕй райгас.

Павелӕн йӕ уавӕр фӕивта, «Закъон йӕхӕдӕг цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ». Ома куыд? Гыццыл раздӕр дӕр ма афтӕ куы загъта, «Закъон цы хъуыддӕгтӕ домы, адӕймаг уыдоны фӕрцы не ’рцӕуы рӕстгӕнӕгыл нымад, фӕлӕ, Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕнды, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы» (Гал. 2:16). Закъон тынг ахсджиаг уыд. Павел галатӕгтӕн бамбарын кодта: «Хуыцау ӕй радта, цӕмӕй, зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уыцы байзӕддаг цалынмӕ не ’рцыдаид, уӕдмӕ адӕмы фыдракӕндтӕ раргом кодтаид» (Гал. 3:19). О, Закъон раргом кодта, ӕнӕххӕст, тӕригъӕдджын адӕмӕн сӕ бон кӕй нӕу уыцы Закъон афтӕ ӕххӕст кӕнын, цӕмӕй-иу ӕппындӕр мацӕмӕй фӕрӕдыдаиккой. Ӕмӕ сӕ хъуыди алцӕмӕй ӕххӕст нывонд. Афтӕмӕй Закъон адӕмы кодта «байзӕддагмӕ», ома Чырыстимӕ. Ӕмӕ-иу Чырыстийыл чи баууӕндыд, уый-иу Хуыцау банымадта рӕстгӕнӕгыл (Гал. 3:24). Ӕмӕ Павел дӕр рӕстгӕнӕгыл нымад ӕрцыд, уымӕн ӕмӕ Закъоны фӕрцы базыдта Чырыстийы тыххӕй ӕмӕ йыл баууӕндыд. Афтӕмӕй «Закъонӕн амард» ӕмӕ «Хуыцауы тыххӕй райгас». Павел Закъоны дӕлбар нал уыд, фӕлӕ Хуыцауы дӕлбар.

Павел ма ахӕм хъуыды загъта йӕ фыстӕджы ромӕгтӕм дӕр: «Сымах дӕр, ме ’фсымӕртӕ, Чырыстийы буары фӕрцы Закъонӕн амардыстут... Ныр [нӕм] Закъон ницыуал бар дары, уымӕн ӕмӕ ныл фидар цы хӕцыд, уымӕн амардыстӕм» (Ром. 7:4, 6). Ацы стихтӕй дӕр ӕмӕ Галатӕгтӕм 2:19 стихӕй дӕр бӕрӕг у, Павел, адӕймаг-иу Закъонмӕ гӕсгӕ тӕригъӕдджыныл нымад кӕй ӕрцыд ӕмӕ-иу афтӕмӕй кӕй амард, уый кой кӕй нӕ кодта. Фӕлӕ кодта, йӕхӕдӕг ӕмӕ ма иннӕ чырыстӕттӕ дӕр кӕй ссӕрибар сты, уый кой. Закъон сӕм ницыуал бар дардта. Уыдон ссӕрибар сты, Чырыстийы нывондыл кӕй баууӕндыдысты, уый фӕрцы.