Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

24 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ бон у Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй раирвӕзын!

Дӕ бон у Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй раирвӕзын!

Хӕйрӕджы къӕппӕгӕй раирвӕзут (2 ТИМ. 2:26).

36 ЗАРӔГ Нӕ зӕрдӕтӕ хъахъхъӕнӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Хӕйрӕджы цуанонимӕ цӕмӕн ис абарӕн?

ЦУАНОНӔН йӕ нысан вӕййы, кӕуыл цуан кӕны, уыцы сырды ӕрцахсын кӕнӕ йӕ амарын, ӕмӕ сӕвӕры алыхуызон къӕппӕджытӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй Библийы дӕр фыст ис (Иов 18:8–10). Цуанон сырды къӕппӕгмӕ куыд басайы? Иуцасдӕр ӕй фӕхъахъхъӕны, фӕкӕсы йӕм, цӕмӕй базона, кӕмыты вӕййы, цы уарзы, хуыздӕр ын цавӕр къӕппӕг уыдзӕн сӕвӕрын. Хӕйрӕг дӕр цуаноны хуызӕн у. Уый нӕм фӕкӕсы, цӕмӕй базона, цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, нӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, кӕм вӕййӕм. Ӕмӕ стӕй сӕвӕры, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ хуыздӕр чи уыдзӕн, ахӕм къӕппӕг, цӕмӕй нӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцахса. Фӕлӕ Библи дзуры, йӕ къӕппӕджыты куы бахауӕм, уӕддӕр нӕ бон кӕй у раирвӕзын. Стӕй нын ӕмбарын кӕны, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй уыцы къӕппӕджыты ӕппындӕр ма бахауӕм.

Хӕйрӕджы хуыздӕр къӕппӕджытӕй дыууӕ сты сӕрбӕрзонддзинад ӕмӕ зыд кӕнын (кӕс 2 абзац) *

2. Хӕйрӕджы хуыздӕр къӕппӕджытӕй дыууӕ цавӕр сты?

2 Аныхас кӕнӕм Хӕйрӕджы хуыздӕр къӕппӕджытӕй дыууӕйыл. Уыдон сты сӕрбӕрзонддзинад ӕмӕ зыд кӕнын. Уыцы къӕппӕджытӕ ӕвӕры цалдӕр мин азы дӕргъы, ӕмӕ дзы бирӕ адӕм бахаудысты. Уый цъиуахсӕджы хуызӕн йӕ амӕттаджы къӕппӕгмӕ басайы (Пс. 91:3). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дзы ӕнӕмӕнг бахаудзыстӕм. Йегъовӕ нын раргом кодта, Хӕйрӕг куыд архайы, уый (2 Кор. 2:11).

Библийы цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Хӕйрӕджы къӕппӕджыты ма бахауӕм ӕмӕ, кӕд йӕ къӕппӕджыты бахаудыстӕм, уӕд та сӕ цӕмӕй раирвӕзӕм (кӕс 3 абзац) *

3. Сӕрбӕрзонд ӕмӕ зыдгӕнаг чи сси, уыдоны тыххӕй Йегъовӕ Библийы цӕмӕн ныффыссын кодта?

3 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ӕмбарӕм, адӕймаг сӕрбӕрзонд ӕмӕ зыдгӕнаг куы суа, уӕд уый тынг тӕссаг кӕй у. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй-иу ахъуыды кӕнӕм, йӕ лӕггадгӕнджытӕй уыцы миниуджытӕ кӕмӕ фӕзындысты, уыдоны хабӕрттыл. Ацы статьяйы цы цӕвиттонтӕм ӕркӕсдзыстӕм, уыдонӕй бӕрӕг у, фӕлтӕрдджын лӕггадгӕнджытӕ дӕр-иу кӕй бахаудысты Хӕйрӕджы къӕппӕджыты. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, абон уа, райсом уа, уӕддӕр нӕ алчидӕр йӕ къӕппӕджыты бахаудзӕн. Йегъовӕ уыцы хабӕрттӕ Библийы ныффыссын кодта, цӕмӕй дзы «нӕхицӕн зонд райсӕм» (1 Кор. 10:11). Уый зоны, уыцы хабӕрттӕ нын кӕй баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Хӕйрӕджы къӕппӕджыты ма бахауӕм ӕмӕ, кӕд йӕ къӕппӕджыты бахаудыстӕм, уӕд та сӕ цӕмӕй раирвӕзӕм.

СӔРБӔРЗОНДДЗИНАД

(кӕс 4 абзац)

4. Сӕрбӕрзонддзинад нӕ цӕмӕ ’ркӕндзӕн?

4 Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй ссӕрбӕрзонд уӕм. Уый зоны, уӕд уый хуызӕн кӕй суыдзыстӕм ӕмӕ ӕнусон цардӕй ӕнӕхай кӕй фӕуыдзыстӕм (Ӕмб. 16:18). Уымӕ гӕсгӕ, апостол Павел чырыстӕтты фӕдзӕхста, адӕймаг йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын куы райдайа, уӕд, Хӕйрӕгӕн цы тӕрхон ӕрцыд хаст, уыцы тӕрхон ӕй кӕй баййафдзӕн (1 Тим. 3:6, 7). Уыцы къӕппӕджы бахауынӕй не ’ппӕтӕн дӕр у тӕссаг, уӕлдай нӕу, Йегъовӕйӕн ӕрӕджы райдыдтам лӕггад кӕнын ӕви йын рагӕй лӕггад кӕнӕм.

5. Екклесиаст 7:16, 20 стихтӕм гӕсгӕ, цӕмӕй вӕййы бӕрӕг, адӕймаг сӕрбӕрзонд кӕй сси, уый?

5 Сӕрбӕрзонд адӕймаг вӕййы хиуарзон. Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй фылдӕр нӕхиуыл хъуыды кӕнӕм, Йегъовӕйыл нӕ, фӕлӕ, уӕлдайдӕр зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд. Зӕгъӕм, чидӕр дӕ дзӕгъӕлы фӕаххосджын кодта кӕнӕ, ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтай, афтӕмӕй дӕ бафхӕрдта. Ӕмӕ Хӕйрӕджы фӕндид, цӕмӕй уӕд Йегъовӕйы кӕнӕ йын йӕ организаци фӕаххосджын кӕнай. Уый фӕнды, цӕмӕй хъуыды кӕнай, дӕхимӕ растдӕр куыд кӕсы, ӕрмӕстдӕр афтӕ кӕй хъӕуы архайын, Йегъовӕ йӕ Ныхасы цы разамынд дӕтты, уымӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ. (Бакӕс Екклесиаст 7:16, 20.)

6. Иу нидерландаг хойы хабарӕй зондӕн цы ис райсӕн?

6 Ӕркӕсӕм иу нидерландаг хойы хабармӕ. Иуафон йе ’мбырды кӕмӕдӕрты мӕсты кӕнын райдыдта. Тынг зын ын уыди сӕ хъӕндзинӕдтӕн быхсын. Уыцы хо радзырдта: «Мӕхимӕ иунӕг кастӕн ӕмӕ мын нӕ уади уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм ӕндӕр цӕстӕй ракӕсын. Ӕмӕ мӕ сӕрыхицауӕн загътон, цӕмӕй ӕндӕр ӕмбырдмӕ ахызтаиккам». Фӕлӕ уыцы хо нӕ интернет-телеуынынады бакасти 2016 азы мартъийы программӕмӕ. Уыди дзы хорз уынаффӕтӕ, иннӕты хъӕндзинӕдтӕн быхсӕн куыд ис, уый фӕдыл. Уыцы хо загъта: «Бамбӕрстон ӕй, сӕрныллӕгдзинад мӕ кӕй хъӕуы ӕмӕ, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ивыны бӕсты, мӕхи рӕдыдтытӕм кӕй хъуамӕ кӕсон. Уыцы программӕ мын баххуыс кодта, цӕмӕй фылдӕр хъуыды кодтаин Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ хицаудзинадыл». Ацы хабарӕй зондӕн цы ис райсӕн? Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлыс, уӕд-иу Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын баххуыс кӕна иннӕтӕм раст цӕстӕй кӕсынӕн. Нӕ уӕларвон Фыд дӕр сын уыны сӕ рӕдыдтытӕ. Фӕлӕ сын ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййы. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй мах дӕр афтӕ кӕнӕм (1 Иоан. 4:20).

(кӕс 7 абзац)

7. Паддзах Озийыл цы ’рцыд?

7 Иудӕйы паддзах Ози сӕрбӕрзонд кӕй сси, уый тыххӕй уынаффӕмӕ нӕ байхъуыста, ӕмӕ сарӕзта, бар ын цӕмӕн нӕ уыд, уый. Ози тынг курдиатджын уыд. Уый бирӕ хӕстыты фӕуӕлахиз, сарӕзта горӕттӕ ӕмӕ мӕсгуытӕ. Уыди йӕм тынг бирӕ фос, стӕй уарзта зӕххы куыст дӕр. Ӕмӕ йын «ӕцӕг Хуыцау арфӕ кодта» (2 Аз. 26:3–7, 10). «Фӕлӕ хъомысджын куы сси, уӕд йӕ зӕрдӕ схъал, ӕмӕ йӕхи бабын кодта». Йегъовӕ куыд бафӕдзӕхста, афтӕмӕй ӕрмӕстдӕр сауджынтӕн уыди бар, цӕмӕй-иу кувӕндоны буд ссыгътаиккой. Фӕлӕ Ози бацыд кувӕндонмӕ, цӕмӕй дзы буд ссыгътаид. Уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд ӕмӕ йыл хъотыр бафтыдта. Ӕмӕ Ози йӕ мӕлӕты онг уыди хъотырджын (2 Аз. 26:16–21).

8. 1 Коринфӕгтӕм 4:6, 7 стихтӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй сӕрбӕрзонд ма суӕм?

8 Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ мах дӕр, сӕрбӕрзонд кӕй систӕм, уый тыххӕй Озийау тӕригъӕд саразӕм? Ахъуыды-ма кӕнӕм ӕфсымӕр Хосейы хабарыл. Хосе уыди ӕнтыстджын бизнесмен. Стӕй уыд хистӕр нӕлгоймаг, ӕмӕ йӕ ӕмбырды тынг нымадтой. Конгрессты йын-иу уыди раныхӕстӕ, стӕй-иу районон цӕстдарджытӕ йемӕ уынаффӕ кодтой. Хосе дзуры: «Фӕлӕ ӕз ныфсджын уыдтӕн мӕ курдиӕттӕй ӕмӕ мӕ фӕлтӕрддзинадӕй, ӕмӕ мӕ ныфс Йегъовӕйыл нал дардтон. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ фидар дӕн. Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм ӕмӕ уынаффӕтӕм нал хъуыстон». Хосе сарӕзта стыр тӕригъӕд, ӕмӕ йӕ ӕмбырдӕй ацух кодтой. Фӕлӕ цалдӕр азы фӕстӕ ногӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси. Ныр Хосе зӕгъы: «Йегъовӕ мын бамбарын кодта, сӕйраг кӕй у йӕ коммӕ кӕсын, кадджын ном ӕмӕ дын кадджын бынат уа, уый нӕ, фӕлӕ». Рох нӕ макуы уӕд, цы курдиӕттӕ нӕм ис ӕмӕ нын ӕмбырды цы кадджын хӕстӕ ис, уыдон Йегъовӕйӕ кӕй сты. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 4:6, 7.) Фӕлӕ сӕрбӕрзонд куы уӕм, уӕд нын Йегъовӕ нӕ бар никуы ницы бакӕндзӕн.

ЗЫД КӔНЫН

(кӕс 9 абзац)

9. Хӕйрӕг ӕмӕ Евӕ зыдгӕнаг кӕй систы, уый сӕ цӕмӕ ’ркодта?

9 Фыццаджыдӕр Хӕйрӕджы ис зыд ӕмӕ ӕнӕфсис схонӕн. Уый кӕддӕр уыди Йегъовӕйы зӕд, ӕмӕ йӕ бар бирӕ кадджын хӕстӕ уыдаид. Фӕлӕ йын уый фаг нӕ уыд. Ӕрфӕндыди йӕ, цӕмӕй уымӕн дӕр куывтаиккой, кӕд ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн ӕмбӕлы кувын, уӕддӕр. Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй мах дӕр уый хуызӕн суӕм. Ӕмӕ нӕ йӕхи зондыл фӕаразы, цӕмӕй, цы нын ис, уымӕй райгонд мауал уӕм. Фыццаг ахӕм зондыл сарӕзта Евӕйы. Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн алцыдӕр радта. Уыди сын бирӕ алыхуызон хӕринӕгтӕ. Сӕ бон уыди «цӕхӕрадоны алы бӕласӕй дӕр» хӕрын, иу бӕласӕй фӕстӕмӕ (Райд. 2:16). Фӕлӕ Хӕйрӕг Евӕйы асайдта. Баууӕндын ӕй кодта, хӕрӕн кӕмӕй нӕ уыд, уыцы бӕласы дыргътӕй ӕнӕмӕнг кӕй хъуамӕ бахӕра. Евӕ нӕ аргъ кодта, цы йын уыд, уыдӕттӕн. Йӕ зӕрдӕ фылдӕр цыдӕртӕ ӕрцагуырдта. Ӕмӕ йӕ хорз зонӕм, уый цӕмӕ ’ркодта. Евӕ тӕригъӕд сарӕзта, ӕмӕ ӕппынфӕстаг амард (Райд. 3:6, 19).

(кӕс 10 абзац)

10. Паддзах Давиды цӕмӕ ’ркодта, цы йын уыд, уый йӕм фаг кӕй нал каст, уый?

10 Йегъовӕ паддзах Давидӕн бирӕ цыдӕртӕ радта. Радта йын хъӕздыгдзинад, кад. Ӕххуыс ын кодта, цӕмӕй-иу хӕстыты йе знӕгтыл фӕуӕлахиз уыдаид. Ӕмӕ дзы Давид бузныг уыди. Уый Йегъовӕйы хорздзинӕдты тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «уыйбӕрц сты, ӕмӕ сӕ мӕ бон банымайын нӕ бауыдзӕн» (Пс. 40:5). Фӕлӕ дзы иуафон Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕ айрох сты, ӕмӕ йын цы радта, уыдӕттӕ йын фаг нал уыдысты. Давидӕн цалдӕр усы уыди. Фӕлӕ уый бабӕллыд кӕйдӕр усмӕ. Уый уыди Вирсави, хеттаг Урийы ус. Давид ӕппындӕр никӕуыл ахъуыды кодта, ӕмӕ Вирсавиимӕ ӕмуат ӕрцыд. Вирсави басывӕрджын. Фӕлӕ стӕй Давид ноджы фыддӕр ми бакодта – Урийы амарын кодта (2 Сам. 11:2–15). Цымӕ цӕуыл хъуыды кодта Давид? Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ нӕ фендзӕн? Уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг йӕ монцты фӕдыл ацыд, ӕмӕ йӕхи бӕллӕхты хай бакодта. Фӕстӕдӕр Давид йӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодта, ӕмӕ йын Йегъовӕ ныххатыр кодта. Уый тыххӕй дзы Давид тынг бузныг уыд! (2 Сам. 12:7–13).

11. Ефесӕгтӕм 5:3, 4 стихтӕм гӕсгӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зыдгӕнаг ма суӕм?

11 Давиды хабар нын цӕуыл дзурӕг у? Йегъовӕйӕ йе ’ппӕт хорздзинӕдтӕй бузныг куы уӕм, уӕд зыдгӕнаг не суыдзыстӕм. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:3, 4.) Хъуамӕ райгонд уӕм, цы нын ис, уыдӕттӕй. Искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдайӕм, уӕд ын зӕгъӕн ис, цӕмӕй-иу алы бон дӕр ахъуыды кӕна, Йегъовӕ йын цавӕр хорздзинад сарӕзта, ууыл ӕмӕ-иу ын уый тыххӕй бузныг зӕгъа. Адӕймаг алы бон дӕр афтӕ куы кӕна, уӕд-иу къуыримӕ Йегъовӕйӕн бузныг зӕгъдзӕн авд хорздзинады тыххӕй (1 Фес. 5:18). Чи зоны, ды дӕр афтӕ фӕкӕныс. Йегъовӕ дын хорзӕй цы аразы, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дзы алцӕй тыххӕй дӕр бузныг уыдзынӕ. Ӕмӕ дзы бузныг куы уай, уӕд та, цы дын ис, уымӕй уыдзынӕ райгонд. Ӕмӕ уӕд зыд ӕмӕ ӕнӕфсис адӕймаг никуы суыдзынӕ.

(кӕс 12 абзац)

12. Иудӕ Искариот зыдгӕнаг кӕй сси, уый йӕ цӕмӕ ’ркодта?

12 Иудӕ Искариот зыдгӕнаг кӕй сси, уый йӕ уымӕ ’ркодта, ӕмӕ Йесо Чырыстийыл гадзрахатӕй рацыд. Фӕлӕ фыццаг ахӕм нӕ уыд (Лук. 6:13, 16). Йесо йӕ апостолты куы ’взӕрста, уӕд уый дӕр равзӕрста. Ӕвӕццӕгӕн, Иудӕ уыди ӕууӕнкджын адӕймаг, уымӕн ӕмӕ йын Йесо йӕ бар бакодта ӕхцаты къопп. Уыцы ӕхцатӕ-иу Йесойы ӕмӕ йӕ апостолты бахъуыдысты, хорз хабар хъусын кӕнынмӕ-иу куы ацыдысты, уӕд. Уыцы ӕхцатӕ абарӕн ис, абон ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн цы мысайнӕгтӕ фӕдӕттӕм, уыдонимӕ. Фӕлӕ уый фӕстӕ Иудӕ райдыдта ӕхцатӕй давын. Афтӕмӕй та иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фехъуыста, Йесо-иу адӕмы куыд фӕдзӕхста, цӕмӕй зыд мацӕуыл кӕной (Мар. 7:22, 23; Лук. 11:39; 12:15). Фӕлӕ йын Иудӕ йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ’рдардта.

13. Иудӕ зыдгӕнаг кӕй сси, уый кӕд рабӕрӕг?

13 Иудӕ зыдгӕнаг кӕй сси, уый рабӕрӕг, Йесойы мӕлӕтмӕ бирӕ куы нал хъуыд, уӕд. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ, уыимӕ Марийӕ ӕмӕ йӕ хо Марфӕимӕ, уазӕгуаты уыдысты, раздӕр хъотырӕй рынчын чи уыд, уыцы Симонмӕ. Фынгыл куы бадтысты, уӕд Марийӕ сыстад ӕмӕ Йесойы сӕрыл тынг зынаргъ хӕрздӕф сой рауагъта. Иудӕ уый тыххӕй тынг смӕсты. Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр рамӕсты сты. Афтӕ сӕм каст, ӕмӕ хуыздӕр уыдаид уыцы сой ауӕй кӕнын ӕмӕ ӕхца мӕгуыртыл байуарын. Фӕлӕ Иудӕйӕн йӕ мӕт ӕндӕр цыдӕр уыди. Уый «уыди давӕг», ӕмӕ хъуыды кодта, уыцы ӕхцатӕ йӕхи кӕй бауыдаиккой, ууыл. Фӕстӕдӕр та Иудӕ Йесойы ауӕй кодта ӕртын ӕвзист ӕхцайыл – уый уыди цагъары аргъ (Иоан. 12:2–6; Матф. 26:6–16; Лук. 22:3–6).

14. Иу къайӕн куыд баххуыс кодта, Лукайы 16:13 стихы цы уынаффӕ ис, уый?

14 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр». (Бакӕс Лукайы 16:13.) Ӕмӕ уый абон дӕр афтӕ у. Фенӕм, ацы ныхӕстӕ Румынийы иу къайӕн куыд баххуыс кодтой, уый. Уыдонӕн фӕзынд фадат, цӕмӕй иуцасдӕрмӕ ацыдаиккой хъӕздыгдӕр бӕстӕмӕ. Уыдон радзырдтой: «Хъуыди нӕ банкӕн стыр кредит фидын. Ӕмӕ нӕм фыццаг афтӕ фӕкаст, ӕмӕ нын Йегъовӕ афтӕмӕй нӕ куывдтытӕн дзуапп дӕтты». Фӕлӕ сӕ уыцы куыст хъыгдардтаид Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Уыдон 2008 азы 15 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» бакастысты статья «Иузӕрдион у ӕмӕ хиуарзон хъуыдытӕн дӕ зӕрдӕйы бынат ма уӕд». Ӕмӕ сын уыцы статья баххуыс кодта раст уынаффӕ рахӕссынӕн. Уыдон дзурынц: «Ӕндӕр бӕстӕмӕ фылдӕр ӕхца бакусынмӕ куы ацыдаиккам, уӕд Йегъовӕ нӕ царды фыццаг бынаты нал уыдаид. Мах ӕй ӕмбӕрстам, афтӕмӕй дзы кӕй адард уыдзыстӕм». Гъемӕ уыцы куыстыл не сразы сты. Уый фӕстӕ лӕг куыст ссардта сӕхи бӕстӕйы, ӕмӕ сын йӕ мызд, цы сӕ хъуыд, уыдӕтты фаг кодта. Хо афтӕ зӕгъы: «Йегъовӕйы къух цыбыр никуы вӕййы». Уыдон цин кӕнынц, ахӕм уынаффӕ кӕй рахастой ӕмӕ Йегъовӕйы бӕсты сӕ Хицау ӕхца кӕй не сси, ууыл.

ДӔХИ ХИЗ ХӔЙРӔДЖЫ КЪӔППӔДЖЫТӔЙ

15. Кӕцӕй йӕ зонӕм, нӕ бон кӕй у Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй раирвӕзын?

15 Куы бамбарӕм, сӕрбӕрзонд кӕнӕ зыдгӕнаг кӕй систӕм, уӕд та куыд кӕнгӕ у? Павел загъта, Хӕйрӕг «удӕгасӕй [кӕй] ӕрцахста», уыдонӕн сӕ бон кӕй у йӕ къӕппӕджытӕй раирвӕзын (2 Тим. 2:26). Зӕгъӕм, Нафан Давидӕн куы бауайдзӕф кодта, уӕд Давид йӕ тӕригъӕдыл ӕрфӕсмон кодта. Ӕмӕ бацархайдта, цӕмӕй та фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс уыдаид. Рох дӕ макуы уӕд: Йегъовӕ Хӕйрӕгӕй тыхджындӕр у. Ӕмӕ Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы нӕ бон у, Хӕйрӕг цы къӕппӕджытӕ сӕвӕры, уыдонӕй кӕцыфӕндыйӕ дӕр раирвӕзын.

16. Нӕ бон куыд у Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй нӕхи бахизын?

16 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хуыздӕр уыдзӕн, Хӕйрӕджы къӕппӕджыты-иу ӕппындӕр куы нӕ бахауӕм. Ӕмӕ уымӕн гӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр Хуыцауы ӕххуысы фӕрцы. Фӕлӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын тӕссаг ницӕмӕй у. Йегъовӕйӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕй дӕр-иу чидӕртӕ систы сӕрбӕрзонд кӕнӕ зыдгӕнаг. Уӕдӕ Йегъовӕйӕ алы бон дӕр ӕххуыс кур, цӕмӕй-иу дӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсай ӕмӕ-иу дӕ хъуыддӕгтыл дӕр ахъуыды кӕнай. Йегъовӕйы фӕрцы бамбардзынӕ, уыцы ӕнад миниуджытӕ дӕм фӕзындысты ӕви нӕ (Пс. 139:23, 24). Уыцы къӕппӕджыты макуы бахау!

17. Тагъд не знагыл, Хӕйрӕгыл, цы ’рцӕудзӕн?

17 Хӕйрӕг цуаны цӕуы цалдӕр мин азы дӕргъы. Фӕлӕ тагъд ӕрцӕудзӕн баст ӕмӕ ӕппынфӕстаг сӕфт ӕрцӕудзӕн (Рарг. 20:1–3, 10). Ӕмӕ уыцы бонмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Уӕдмӕ та уал хъуамӕ нӕхи хизӕм йӕ къӕппӕджытӕй. Архай, цӕмӕй сӕрбӕрзонд кӕнӕ зыдгӕнаг макуы суай. Хӕйрӕгӕн йӕ ныхмӕ слӕуу, ӕмӕ дӕ алидздзӕн! (Иак. 4:7).

127 ЗАРӔГ Цавӕр адӕймаг хъуамӕ уон?

^ 5 абз. Хӕйрӕг у дӕсны цуанон. Уый архайы, цӕмӕй нӕ йӕ къӕппӕджыты ӕрцахса, кӕд Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, адӕймаг сӕрбӕрзонд ӕмӕ зыдгӕнаг куы свӕййы, уӕд Хӕйрӕг уымӕй куыд спайда кӕны, цӕмӕй йӕ Хуыцауӕй адард кӕна. Стӕй ма базондзыстӕм, йӕ къӕппӕджыты чи бахауд, уыдоны хабӕрттӕ нын зондзонӕн куыд сты ӕмӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй мах уыцы къӕппӕджыты ма бахауӕм.

^ 52 абз. НЫВТӔ. Ӕфсымӕр уынаффӕмӕ нӕ байхъуыста, ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, сӕрбӕрзонд кӕй у. Хо бирӕ цыдӕртӕ балхӕдта, фӕлӕ ма йӕ зӕрдӕ уӕддӕр цӕмӕдӕрты ’хсайы.

^ 54 абз. НЫВТӔ. Суанг зӕд дӕр сси сӕрбӕрзонд. Сӕрбӕрзонд ма сси паддзах Ози дӕр. Евӕ зыдгӕнаг кӕй сси, уымӕ гӕсгӕ бахордта, хӕрӕн кӕмӕй нӕ уыд, уыцы бӕласы дыргътӕй. Давид бабӕллыд фылдӕр цӕмӕдӕрты, ӕмӕ ӕмуат ӕрцыд Вирсавиимӕ. Иудӕ та зыдгӕнаг кӕй сси, уый тыххӕй сси давӕг.