Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

27 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕйау фӕразон ӕмӕ фидар у

Йегъовӕйау фӕразон ӕмӕ фидар у

«Уӕ фидардзинады фӕрцы фервӕзын кӕндзыстут уӕ удтӕ» (ЛУК. 21:19).

114 ЗАРӔГ «Фӕразон ут»

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Исай 65:16, 17 стихтӕ нӕ ныфс куыд уадзынц?

2017 азы регионалон конгресс хуынди «Фидар лӕуут!». Мах базыдтам, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдонӕн нӕ бон быхсын куыд у, уый. Уӕдӕй рацыди цыппар азы. Фӕлӕ нырма цӕрӕм ацы дунейы, ӕмӕ нӕ хъӕуы, цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уыдонӕн фӕразын.

2 Фӕстаг рӕстӕг цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдтӕ? Чи зоны, дӕ бинонтӕй кӕнӕ де ’мбӕлттӕй исчи фӕзиан. Кӕнӕ, чи зоны, уӕззау низӕй рынчын дӕ науӕд дыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой. Гӕнӕн ис, кӕм цӕрыс, уым ӕрдзон бӕллӕх ӕрцыд, йе та дӕ дӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрынц кӕнӕ фыдгӕнджыты къухӕй ӕфхӕрд баййӕфтай. Гӕнӕн ис, коронавирусы пандемийӕйы кӕнӕ ӕндӕр ахӕм низы тыххӕй зындзинӕдтӕ ӕвзарыс. Тагъд ӕппӕт зындзинӕдтӕй фӕд дӕр нал баззайдзӕн ӕмӕ сӕ хъуыды дӕр нал ӕркӕндзыстӕм. Ӕмӕ уыцы бонмӕ мах тынг бӕллӕм! (Бакӕс Исайы 65:16, 17.)

3. Ныртӕккӕ нӕ цы хъӕуы аразын ӕмӕ цӕмӕн?

3 Ацы дунейы цард уӕззау у. Ӕмӕ, чи зоны, фидӕны ноджы стырдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм (Матф. 24:21). Уӕдӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй фидарӕй-фидардӕр кӕнӕм. Цӕмӕн? Йесо загъта: «Уӕ фидардзинады фӕрцы фервӕзын кӕндзыстут уӕ удтӕ» (Лук. 21:19). Мах цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, ахӕм зындзинӕдтӕн чи фӕразы ӕмӕ фидар чи лӕууы, уыдоныл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ноджы фидардӕр суӕм.

4. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ нын фыццаджыдӕр Йегъовӕ у фӕзминаг, куыд фидар ӕмӕ куыд фӕразон у, уымӕй?

4 Фыццаджыдӕр нын Йегъовӕ у фӕзминаг, куыд фидар ӕмӕ куыд фӕразон у, уымӕй. Мыййаг дӕм уый диссаг кӕсы? Ууыл лӕмбынӕгдӕр куы ахъуыды кӕнай, уӕд ӕй бамбардзынӕ, афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн. Ацы дуне ис Хӕйрӕджы къухы, ӕмӕ адӕм алы ран дӕр ӕвзарынц зындзинӕдтӕ. Йегъовӕмӕ ис уыцы тых, цӕмӕй зындзинӕдтӕн дӕр ӕмӕ ацы дунейӕн дӕр цӕстыфӕныкъуылдмӕ кӕрон скӕна (Ром. 9:22). Фӕлӕ уый ӕнхъӕлмӕ кӕсы фидӕнмӕ. Уымӕн сӕмгъуыд кодта бӕлвырд рӕстӕг. Ӕркӕсӕм, Йегъовӕ цы фараст хабарӕн быхсы, уыдонмӕ.

ЙЕГЪОВӔ ЦӔМӔНТЫ БЫХСЫ?

5. Хӕйрӕг ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕтӕ Хуыцауы номыл цъыф куыд калынц? Уымӕ цы цӕстӕй кӕсыс?

5 Йӕ номыл ын цъыф калынц. Йегъовӕ йӕ ном уарзы, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йын иууылдӕр йӕ номӕн кад кӕной (Ис. 42:8). Фӕлӕ 6 мин азы дӕргъы Хуыцауӕн йӕ номыл цъыф калынц (Пс. 74:10, 18, 23). Хуыцауы номыл фыццаг хатт цъыф бакалдта Хӕйрӕг (ома «фыдкойгӕнӕг») Едемы цӕхӕрадоны. Уый Хуыцауы фӕаххосджын кодта, зӕгъгӕ, Адам ӕмӕ Евӕйы ӕнӕхай фӕкодта, амондджын цӕй фӕрцы уыдаиккой, ахӕм цӕмӕйдӕр (Райд. 3:1–5). Уӕдӕй фӕстӕмӕ Хӕйрӕг ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕтӕ Йегъовӕйӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕнынц, зӕгъгӕ, адӕмы, ӕцӕгӕй сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕй ӕнӕхай кӕны. Йесо куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ каст, йӕ Фыды номыл ын цъыф кӕй бакалдтой, уымӕ. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн амыдта, цӕмӕй афтӕ куывтаиккой: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном» (Матф. 6:9).

6. Цалынмӕ Йегъовӕ сбӕлвырд кӕна, Дун-дунейы Хицау уа, уый бар ын кӕй ис, уӕдмӕ адӕмӕн бирӕ рӕстӕг цӕмӕн радта?

6 Йӕ хицаудзинады ныхмӕ цӕуынц. Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн ис уый бар, цӕмӕй Дун-дунейы Хицау уа. Ӕмӕ йӕ хицаудзинадӕй хуыздӕр нӕй (Рарг. 4:11). Фӕлӕ Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй зӕдты дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр баууӕндын кӕна, Хуыцауӕн уый бар кӕй нӕй, ууыл. Уыцы фарста иу бонмӕ нӕ уыд аскъуыддзаг кӕнӕн. Йегъовӕ адӕмӕн бирӕ рӕстӕг радта, цӕмӕй бамбӕрстаиккой, Сфӕлдисӕгмӕ куы нӕ хъусой, фӕлӕ сӕхи зондӕй куы цӕрой, уӕд сӕ уый хорзӕй кӕй ницӕмӕ ’ркӕндзӕн (Йер. 10:23). Хуыцау фӕразон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ацы фарстайӕн дзуапп лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ӕмӕ дзырддаг никуыуал суыдзӕн. Се ’ппӕт дӕр базондзысты, Йегъовӕйы хицаудзинадӕй хуыздӕр кӕй нӕй ӕмӕ ӕрмӕстдӕр йӕ Паддзахады фӕрцы кӕй уыдзӕн зӕххыл сабыр ӕмӕ ӕдас цард.

7. Йегъовӕйы ныхмӕ чи рацыд ӕмӕ сӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы?

7 Йӕ сывӕллӕттӕй чидӕртӕ йӕ ныхмӕ рацыдысты. Йегъовӕ зӕдты ӕмӕ адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд уыдысты алцӕмӕй ӕххӕст, ницы хъӕндзинад сӕм уыд. Фӕлӕ стӕй йӕ ныхмӕ рацыд зӕдтӕй иу – Сайтан (ома «ныхмӕлӕууӕг»). Ӕмӕ уый ӕххӕст адӕймӕгты, Адам ӕмӕ Евӕйы, Йегъовӕйы ныхмӕ скодта. Уый фӕстӕ ма зӕдтӕй дӕр ӕмӕ адӕмӕй дӕр чидӕртӕ рацыдысты Хуыцауы ныхмӕ (Иуд. 6). Фӕстӕдӕр ӕй суанг йе ’взӕрст адӕмӕй дӕр, израилӕгтӕй, бирӕтӕ ныууагътой ӕмӕ райдыдтой мӕнг хуыцӕуттӕн кувын (Ис. 63:8, 10). Йегъовӕйӕн уый тынг зын уыд, фӕлӕ уӕддӕр быхста. Ӕмӕ дарддӕр дӕр быхсдзӕн, цалынмӕ, йӕ ныхмӕ чидӕриддӕр цӕуы, уыдоны се ’ппӕты дӕр нӕ фесафа, уӕдмӕ. Ацы фыддуне нал уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр ӕмӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн дӕр сӕ зӕрдӕ никуыуал ницӕуыл фӕрисдзӕн.

8, 9. Хӕйрӕг ӕмӕ дины разамонджытӕ Йегъовӕйӕ цавӕр мӕнг ныхӕстӕ кӕнынц ӕмӕ махӕн нӕ бон цы у аразын?

8 Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕны. Хӕйрӕг Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иовӕй загъта, Хуыцауӕн, дам, уый тыххӕй лӕггад кӕны, ӕмӕ, дам, ӕм цӕмӕдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ хаудтой Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕм се ’ппӕтмӕ дӕр (Иов 1:8–11; 2:3–5). Хӕйрӕг абоны онг дӕр фаутӕ ӕвӕры Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл (Рарг. 12:10). Мах Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй йыл фӕлварӕнты иузӕрдионӕй куы баззайӕм ӕмӕ фидар куы разынӕм, уӕд афтӕмӕй сбӕлвырд кӕнӕм, Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр мӕнг ныхӕстӕ кӕй кӕны. Ӕмӕ Йегъовӕ Иовӕн йӕ фидардзинады тыххӕй куыд раарфӕ кодта, афтӕ махӕн дӕр раарфӕ кӕндзӕн (Иак. 5:11).

9 Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй адӕмы баууӕндын кӕна, Йегъовӕ ӕгъатыр Хуыцау кӕй у ӕмӕ адӕмы зындзинӕдты уый кӕй у аххосджын. Ӕмӕ йын мӕнг динты разамонджытӕ дӕр йӕ къух аразынц. Зӕгъӕм, сывӕллон куы амӕлы, уӕд ма афтӕ дӕр фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, ӕй Хуыцау йӕхимӕ айста, уымӕн ӕмӕ, дам, ӕй уӕлӕрвты фылдӕр зӕдтӕ хъӕуы. Уый Хуыцауы фауӕн ныхас куыннӕ у! Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ уарзӕгой Фыд кӕй у. Ӕмӕ нӕ исчи уӕззау низӕй куы фӕрынчын вӕййы кӕнӕ нын исчи куы фӕзиан вӕййы, уӕд Хуыцауы нӕ фӕаххосджын кӕнӕм. Мах ӕй зонӕм, иу бон рынчынты кӕй сдзӕбӕх кӕндзӕн ӕмӕ мӕрдты дӕр кӕй райгас кӕндзӕн. Ӕмӕ нӕ фӕнды иннӕтӕн дӕр дзурын, адӕмы куыд тынг уарзы, уый тыххӕй. Ӕмӕ уӕд йӕ бон уыдзӕн, фидистӕ йын чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттын (Ӕмб. 27:11).

10. Псалом 22:23, 24 стихтӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?

10 Йӕ зынаргъ лӕггадгӕнджытӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарынц. Йегъовӕ у тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау. Ӕмӕ йын зын вӕййы, махӕн зын куы вӕййы, уӕд, зӕгъӕм, ӕфхӕрд куы феййафӕм, цавӕрдӕр низӕй куы фӕрынчын вӕййӕм кӕнӕ нӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй куы фӕмаст кӕнӕм, уӕд. (Бакӕс Псалом 22:23, 24.) Йегъовӕ нын нӕ рыст йӕ зӕрдӕмӕ айсы. Уый нӕ фӕнды, цӕмӕй истӕуылты маст кӕнӕм. Ӕмӕ уыдӕттӕн кӕрон дӕр скӕндзӕн. (Абар Рацыд 3:7, 8; Исай 63:9.) Тагъд Йегъовӕ адӕмӕн «ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст» (Рарг. 21:4).

11. Йегъовӕ, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй чи нал ис, уыдоны цӕмӕн мысы?

11 Йӕ хӕлӕрттӕй чи амард, уыдоны мысы. Йегъовӕ сӕ фенынмӕ тынг бӕллы (Иов 14:15). Ахъуыды-ма кӕн, куыд тынг ӕй фӕнды йӕ хӕлар Авраамы фенын! (Иак. 2:23). Кӕнӕ йӕ куыд тынг фӕнды, «лӕгӕй-лӕгмӕ»-иу кӕимӕ ныхас кодта, уыцы Моисеимӕ та аныхӕстӕ кӕнын! (Рац. 33:11). Ӕмӕ, хӕрзаг, куыд тынг бӕллы Давиды ӕмӕ иннӕ псаломзарӕггӕнджыты рӕсугъд кады зарджытӕм байхъусынмӕ! (Пс. 104:33). Кӕд уыдон нал сты, уӕддӕр сӕ Йегъовӕ нӕ ферох кодта (Ис. 49:15). Уыдоны тыххӕй алцыдӕр хъуыды кӕны. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ «уымӕн иууылдӕр удӕгас сты» (Лук. 20:38). Ӕмӕ сӕ иу бон фӕстӕмӕ цардмӕ раздахдзӕн. Ногӕй та сын хъусдзӕн сӕ зӕрдиаг куывдтытӕм ӕмӕ сӕ лӕггадӕй уыдзӕн райгонд. Кӕд дӕуӕн дӕр, зынаргъ дын чи у, уыдонӕй исчи фӕзиан, уӕд дын ацы хъуыдытӕ уыдзысты удӕнцойы хос.

12. Ацы фӕстаг уӕззау бонты Йегъовӕйӕн уӕлдай зын цы у?

12 Фыдгӕнджытӕ адӕмы ӕфхӕрынц ӕмӕ ссӕндынц. Едемы цӕхӕрадоны Йегъовӕйы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд ӕй зыдта, цалынмӕ ацы дунейӕн кӕрон не скӕна, уӕдмӕ цард фыддӕрӕй-фыддӕр кӕй кӕндзӕн. Ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр фыдхъуыддӕгтӕ кӕй цӕуы, рӕстдзинад кӕй нӕй ӕмӕ бирӕтӕ фыдмитӕ кӕй кӕнынц, уый Йегъовӕйӕн тынг зын у. Уый алкӕддӕр уӕлдай тынгдӕр тӕригъӕд кодта, сӕрыл рахӕцӕг-иу кӕмӕн нӕ уыд, уыцы адӕмӕн, зӕгъӕм, сидзӕртӕн ӕмӕ идӕдз сылгоймӕгтӕн (Зах. 7:9, 10). Уӕлдай зын та йын вӕййы, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты йын куы фефхӕрынц ӕмӕ сӕ ахӕстӕтты куы бакӕнынц, уӕд. Ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнут: Йегъовӕ уӕ тынг уарзы, уымӕн ӕмӕ сымах дӕр уыйау зындзинӕдтӕн быхсут.

13. Адӕм цавӕр хӕлд хъуыддӕгтыл бафтыдысты ӕмӕ Хуыцау цы сараздзӕн?

13 Адӕм хӕлдӕй-хӕлддӕр кӕнынц. Хуыцау адӕмы скодта йӕхимӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ Хӕйрӕгмӕ хорз кӕсы адӕмы алы хӕлд хъуыддӕгтыл ӕфтауын. Нойы рӕстӕджы Йегъовӕ куы федта, «адӕм бынысӕфт кӕй фесты», уӕд «маст кодта, зӕххыл кӕй сфӕлдыста, уыцы адӕмы тыххӕй, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ фӕрыст» (Райд. 6:5, 6, 11). Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ницы фӕивта. Хӕйрӕг тынг цин кӕны, адӕм амӕй-ай хӕлддӕр митӕ кӕй кӕнынц, ууыл. Суанг ма нӕлгоймӕгтӕ нӕлгоймӕгтимӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ сылгоймӕгтимӕ кӕнынц хӕлд митӕ! (Еф. 4:18, 19). Уӕлдай ӕхсызгон та йын вӕййы, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты тӕригъӕды куы бафтауы, уӕд. Йегъовӕйы фӕразондзинадӕн кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд ӕй равдисдзӕн, уыцы хъуыддӕгтӕ йын куыд ӕнад сты!

14. Адӕм зӕххӕн ӕмӕ цӕрӕгойтӕн зиан куыд хӕссынц?

14 Адӕм зӕхх сафынц. «Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан». Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай адӕм зиан хӕссынц, Йегъовӕ сын сӕ бар кӕй бакодта, уыцы зӕххӕн ӕмӕ цӕрӕгойтӕн дӕр (Еккл. 8:9; Райд. 1:28). Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй адӕмы хъуыддӕгты тыххӕй цалдӕр азмӕ фесӕфдзӕн цӕрӕгойты ӕмӕ зайӕгойты хуызтӕй иу милуан. Уӕдӕ, ӕрдз цы уавӕры ис, уый сӕ мӕты дзӕгъӕлы не ’фтауы. Фӕлӕ Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, «зӕхх чи сафы, уыдоны» кӕй фесафдзӕн ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕххӕй дӕр дзӕнӕт кӕй скӕндзӕн (Рарг. 11:18; Ис. 35:1).

ЙЕГЪОВӔ КӔЙ БЫХСЫ, УЫЙ НЫН ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ У?

15, 16. Цы нын ӕххуыс кӕндзӕн Йегъовӕйау зындзинӕдтӕн быхсынӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

15 Ахъуыды-ма кӕнӕм, нӕ уӕларвон Фыд цалдӕр мин азы дӕргъы цас цӕмӕндӕрты быхсы, ууыл. (Кӕс рамкӕ « Йегъовӕ цӕмӕнты быхсы?».) Йегъовӕ тӕккӕ абон дӕр кӕрон скӕнид ацы фыддунейӕн. Фӕлӕ йӕ фӕразондзинад адӕмӕн стыр арфӕдзинад у. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм, лӕг ӕмӕ ус ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, сывӕллон сын кӕй райгуырдзӕн, уымӕ. Фӕлӕ сын дохтыр загъта, сахъатӕй кӕй райгуырдзӕн ӕмӕ бирӕ кӕй нӕ ацӕрдзӕн. Ӕмӕ, цы ацӕра, уый дӕр тухӕнтӕ кӕнгӕ. Фӕлӕ, сывӕллон куы райгуырд, уӕд ныййарджытӕ цин кӕнынц ӕмӕ архайынц, цӕмӕй йын, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, алцыдӕр уа. Ӕмӕ цыфӕнды зындзинӕдтӕ сфӕразынмӕ дӕр цӕттӕ сты. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ уарзынц.

16 Раст афтӕ, Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕ иууылдӕр ӕнӕххӕстӕй райгуырынц. Фӕлӕ сӕ Йегъовӕ уӕддӕр уарзы ӕмӕ сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ сын дӕтты (1 Иоан. 4:19). Цӕвиттоны цы ныййарджыты кой уыд, уыдонӕй уӕлдай Йегъовӕйӕн йӕ бон у, цӕмӕй адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон скӕна. Уымӕн бӕлвырд бон дӕр снысан кодта (Матф. 24:36). Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн зындзинӕдтӕн быхсынӕн ӕмӕ фидар лӕууынӕн.

17. Дзуттӕгтӕм 12:2, 3 стихты Йесойы тыххӕй цы фыст ис, уый нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр зындзинӕдтӕн фӕразӕм?

17 Йегъовӕ куыд фидар ӕмӕ куыд фӕразон у, уый у диссаг. Ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг. Йесо дӕр йӕ Фыды уыцы хъуыддаджы фӕзмыдта. Зӕххыл куы уыд, уӕд ныффӕрӕзта ӕфхӕрӕн ныхӕстӕн, худинаг дӕр ницӕмӕ ӕрдардта, стӕй мах тыххӕй хъизӕмӕртты хъӕдыл мӕлӕт бавзӕрста. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 12:2, 3.) Йегъовӕ фӕразон ӕмӕ фидар кӕй у, уый Йесойӕн дӕр тых лӕвӕрдта, цӕмӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууыдаид. Ӕмӕ уый махӕн дӕр тых дӕтдзӕн.

18. 2 Петры 3:9 стихмӕ гӕсгӕ, адӕмӕн цавӕр фадат ис, Йегъовӕ кӕй быхсы ӕмӕ кӕй фӕразы, уый фӕрцы?

18 Бакӕс 2 Петры 3:9. Йегъовӕ зоны, ацы фыддунейӕн кӕрон скӕнын хуыздӕр кӕд уыдзӕн, уый. Кӕй быхсы ӕмӕ кӕй фӕразы, уый фӕрцы йӕ бирӕтӕ базыдтой. Ӕмӕ йын ныр милуантӕ лӕггад кӕнынц ӕмӕ йӕ кадджын кӕнынц. Уыдон Йегъовӕйӕ бузныг сты, уыйбӕрц рӕстӕг кӕй банхъӕлмӕ каст, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы царды рухс федтой, Йегъовӕйы бауарзтой ӕмӕ йын сӕхи снывонд кодтой. Уыцы адӕм кӕронмӕ фидар куы фӕлӕууой ӕмӕ сӕ Йегъовӕ куы схорзӕхджын кӕна, уӕд алчидӕр бамбардзӕн, дзӕгъӕлы кӕй нӕ быхста.

19. Дарддӕр дӕр нӕ цы фӕнды аразын ӕмӕ цавӕр хӕрзиуӕгӕй схайджын уыдзыстӕм?

19 Йегъовӕ нын фӕзминаг у, цы зӕрдӕйы уагимӕ фӕразы, уымӕй дӕр. Кӕд ын Хӕйрӕг бирӕ маст бавзарын кодта, уӕддӕр Йегъовӕ у «амондджын Хуыцау» (1 Тим. 1:11). Ныртӕккӕ мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, йӕ ном кӕд срухс кӕндзӕн, Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый кӕд сбӕлвырд кӕндзӕн, стӕй ӕппӕт фыддзинадӕн ӕмӕ нын нӕ зындзинӕдтӕн кӕрон кӕд скӕндзӕн, уымӕ. Ӕмӕ уӕдмӕ нӕ бон у, ӕмӕ мах дӕр амондджын уӕм. Цӕй ӕмӕ дарддӕр дӕр зындзинӕдтӕн фӕразӕм ӕмӕ фидар лӕууӕм! Уый нын ӕнцондӕр уыдзӕни, куы-иу ахъуыды кӕнӕм, нӕ уӕларвон Фыд дӕр бирӕ цӕмӕндӕрты кӕй фӕразы ӕмӕ фидар кӕй лӕууы. Кӕронмӕ дӕр фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд нӕ алчидӕр йӕхиуыл бавзардзӕн ацы ныхӕстӕ: «Амондджын у, фӕлварӕны фидар чи лӕууы, уыцы адӕймаг, уымӕн ӕмӕ дзы Хуыцау райгонд куы уа, уӕд райсдзӕн, Йегъовӕ, чи йӕ уарзы, уыдонӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕрзиуӕг – цард» (Иак. 1:12).

139 ЗАРӔГ Кӕс-ма, ног дуне!

^ 5 абз. Алчидӕр нӕ цавӕрдӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлы. Ныртӕккӕ бирӕ зындзинӕдтӕн кӕрон нӕма ис скӕнӕн. Ӕмӕ нӕ нырма уал хъӕуы фӕразын ӕмӕ фидар лӕууын. Фӕлӕ ӕрмӕст мах нӕ хъӕуы зындзинӕдтӕн быхсын. Йегъовӕ дӕр бирӕ цӕмӕндӕрты быхсы. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм фараст хабарыл. Стӕй ма базондзыстӕм, Йегъовӕ фидардзинад кӕй ӕвдисы, уый цы пайда ӕрхаста ӕмӕ йӕ нӕ бон бафӕзмын куыд у, уый.