Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

27 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегови хузӕн фӕразон уо

Йегови хузӕн фӕразон уо

«Уӕ федардзийнади фӕрци фӕййервӕзун кӕндзиайтӕ уӕ уодтӕ» (ЛУК. 21:19).

114 ЗАР «Фӕразон уотӕ»

РАЗДЗУРД *

1, 2. Исаййи 65:16, 17 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нин Йеговӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕруй?

«ФЕДАР ЛӔУУЕТӔ!» – уотӕ хундтӕй 2017 анзи регионалон конгресс. Еци конгресси фӕрци ’й фӕууидтан, нӕ бон куд ӕй нӕ фӕлварӕнти федар лӕуун. Уӕдӕй нурмӕ цуппар анзи рацудӕй, ӕма нӕ идарддӕр дӕр федар лӕуун гъӕуй, уомӕн ӕма ма аци фуддуйней цӕрӕн.

2 Сумах ба аци фӕстаг рӕстӕг цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбалдайтӕ? Уӕззау нез? Уарзон адӕймаги мӕлӕт? Ӕрдзон бӕллӕх? Карз ӕфхуӕрд? Кӕбӕлдӕр ӕнзтӕ сӕ уӕзӕ ӕруагътонцӕ, кадӕр ба COVID-19 пандемийи туххӕй хъӕбӕр тухст уавӕри бахаудтӕй. Нӕ гъезӕмӕрттӕн кӕрон ци бон ӕрцӕудзӕй, еци бонмӕ куд хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, уомӕн зӕгъӕн дӕр нӕййес! Тагъд рӕстӕги сӕ гъуди дӕр нӕбал ӕркӕндзиан. (Бакӕсӕ Исаййи 65:16, 17.)

3. Нур нӕ ци кӕнун гъӕуй ӕма цӕмӕн?

3 Аци дуйней цард ӕнцон нӕй, федӕни ба нӕмӕ, ка ’й зонуй, никки фулдӕр зиндзийнӕдтӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй (Матф. 24:21). Мадта не ’гасейдӕр гъӕуй федар лӕуун. Йесо загъта: «Уӕ федардзийнади фӕрци фӕййервӕзун кӕндзиайтӕ уӕ уодтӕ» (Лук. 21:19). Мах хузӕн уавӕрти ка адтӕй, уони хабӕрттӕбӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нин ӕнцондӕр уодзӕй нӕ зиндзийнӕдти федар лӕуун.

4. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма нин фӕразондзийнадӕй фиццагидӕр Йеговӕ ӕхуӕдӕг ӕй фӕнзуйнаг?

4 Фӕразондзийнадӕй нин фиццагидӕр фӕнзуйнаг ка ӕй? Йеговӕ ӕхуӕдӕг. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Расагъӕс кӕнӕ, дуйне Сайтани туххӕй ци уавӕрмӕ ӕрхаудтӕй. Йегови бон ӕй цӕсти фӕнникъулдмӕ аци цардӕвӕрдӕн ракӕрон кӕнун, фал уомӕн ци рӕстӕг иснисан кодта, еци рӕстӕгмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй (Ром. 9:22). Ӕркӕсӕн, Йеговӕ цӕхуӕн гъуддӕгтӕн бухсуй, уомӕ.

ЙЕГОВӔ ЦӔМӔНТИ БУХСУЙ?

5. Йегови ном куд ӕгадӕ кӕнунцӕ ӕма уомӕ ци цӕстӕй кӕсис?

5 Ӕ ном ин ӕгадӕ кӕнунцӕ. Йеговӕ ӕ номӕн аргъ кӕнуй ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй ӕй иннетӕ дӕр нимайонцӕ (Ис. 42:8). Фал нур ӕхсӕз мин анзей дӕргъи дӕр уотӕ нӕбал ӕй (Пс. 74:10, 18, 23). Кӕддӕр Эдеми дзӕхӕрадони Ибилис (гъома «фудкойгӕнӕг») Хуцауи фӕффудгин кодта, зӕгъгӕ, Адам ӕма Еви амондгундӕр цардӕй ӕнӕхай кӕнуй (Райд. 3:1–5). Абони дӕр Йегови нихмӕ уӕхӕн дзубандитӕ цӕуй. Йесойӕн дӕр зин адтӕй, ӕ Фиди ном ин, куд ӕмбӕлуй, уотӕ ке нӕ нимадтонцӕ. Ӕма ӕ ахуркӕнуйнӕгти дӕр уомӕ гӕсгӕ ахур кодта ковун: «Нӕ уӕларвон Фидӕ, исрохс уӕд дӕ ном» (Матф. 6:9).

6. Йеговӕ ӕ хецаудзийнади хӕццӕ баст фарста ниллух кӕнунмӕ уойбӕрцӕ рӕстӕг цӕмӕн рахецӕн кодта?

6 Ӕ хецаудзийнади нихмӕ цӕунцӕ. Ӕрмӕстдӕр Йеговӕн ес еци барӕ, цӕмӕй уӕлӕрвти дӕр ӕма зӕнхӕбӕл дӕр Хецау уа, ӕма уой хецаудзийнадӕй хуӕздӕр нӕййес (Рарг. 4:11). Фал Сайтан ба изӕдти дӕр ӕма адӕни дӕр ӕ нихмӕ аразуй. Хуцауи хецаудзийнади хӕццӕ баст фарста еунӕг бонмӕ нӕ ниллух адтайдӕ. Уомӕ гӕсгӕ Йеговӕ адӕнӕн рӕстӕг равардта, цӕмӕй ӕнӕ уомӕй цӕрун бавзурстайуонцӕ ӕма ’й сӕхуӕдтӕ фӕууидтайуонцӕ, е сӕ хуарзӕй ке нецӕмӕ ӕркӕндзӕй (Йер. 10:23). Йегови фӕразондзийнади фӕрци еци фарста кӕронмӕ ниллух уодзӕй. Некебал гурусхӕ кӕндзӕй, уомӕй хуӕздӕр хецау ке нӕййес ӕма зӕнхӕбӕл ӕцӕг фарнӕ ӕрмӕстдӕр ӕ Паддзахадӕ ке искӕндзӕй.

7. Йегови нихмӕ ка змӕнтуй ӕма сӕмӕ ци ’нгъӕлмӕ кӕсуй?

7 Ӕ сувӕллӕнттӕ ӕ нихмӕ рацудӕнцӕ. Йеговӕ адӕни дӕр ӕма изӕдти дӕр ӕнхӕстӕй сфӕлдиста. Фал уой фӕсте ба еу изӕд змӕнтун райдӕдта ӕма иссӕй Сайтан (гъома «нихмӕлӕууӕг»). Фиццаг бал Адам ӕма Еви Йегови нихмӕ исаразта, уой фӕсте ба ӕндӕр изӕдти дӕр ӕма адӕни дӕр (Иуди 6). Израилӕгти дӕр ма мӕнгӕ хуцӕутти ’рдӕмӕ фӕккодта, уотемӕй ба етӕ Хуцауӕй ӕвзурст адӕн адтӕнцӕ (Ис. 63:8, 10). Йеговӕн е хъӕбӕр зин адтӕй. Фал уӕд дӕр фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кастӕй ӕма нур дӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, змӕнтгутӕн се ’гасемӕндӕр кӕрон кӕд искӕндзӕй, еци бонмӕ. Е хъӕбӕр амондгун бон уодзӕй Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕн дӕр, уомӕн ӕма сӕ аци фуддуйнейӕн бухсун нӕбал гъӕудзӕй.

8, 9. Беретӕ Йегови туххӕй ци дзорунцӕ, ӕма нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй ӕй базононцӕ, етӕ еугурӕйдӕр мӕнгӕттӕ ке ’нцӕ?

8 Сайтан мӕнгӕттӕ парахат кӕнуй. Сайтан Иови туххӕй Йеговӕн загъта, хуарздзийнӕдтӕ ин ке кӕнис, уой туххӕй, дан, дин лӕггадӕ кӕнуй. Фал еци дзурдтӕ махмӕ дӕр хаунцӕ (Иов 1:8–11; 2:3–5). Сайтан абони дӕр не ’нцайуй (Рарг. 12:10). Фал мах зиндзийнӕдтӕ ӕвзаргӕй дӕр Йеговӕбӕл еузӕрдон ку уӕн ӕма ’й ку уарзӕн, уӕд уомӕй ӕвдесдзиан, Сайтан мӕнгӕттӕ ке дзурдта. Йеговӕ ба нин нӕ федардзийнади туххӕй ӕнӕмӕнгӕй райарфӕ кӕндзӕй, Иовӕн куд райарфӕ кодта, уотӕ (Иак. 5:11).

9 Сайтан мӕнгӕ динти разамонгутӕй пайда кӕнуй, цӕмӕй адӕн уӕхӕн гъудибӕл хуӕст уонцӕ, цума Хуцау ӕй фудгин сӕ гъезӕмӕртти. Зӕгъӕн, сувӕллон ку рамӕлуй, уӕд уотӕ ракӕнунцӕ, Хуцау, дан, ӕй ӕхемӕ райста, уомӕн ӕма, дан, ӕй уӕлӕрвти никкидӕр ма еу изӕд багъудӕй. Фал е ӕргом сайд ӕй! Хуарз ӕма мах рӕстдзийнадӕ зонӕн. Уӕззау незӕй ку фӕссӕйгӕ уӕн кенӕ нӕ хеуӕнттӕй еске ку рамӕла, уӕд Хуцауи фудгин кӕнун нӕ райдайдзиан. Мах ӕй федарӕй зонӕн тагъд рӕстӕги Хуцау сӕйгити ке исдзӕбӕх кӕндзӕй, ка рамардӕй, уони ба ке райгас кӕндзӕй. Уомӕ гӕсгӕ нӕ фӕндуй, цӕмӕй ӕй иннетӕ дӕр зононцӕ, Йеговӕ адӕни ке уарзуй, уой. Ӕма син уой ку дзорӕн, уӕд Йегови бон уодзӕй Сайтани фауӕн дзубандитӕбӕл дзуапп дӕттун (Ӕмб. 27:11).

10. Псаломи 22:23, 24 финст дзурдтӕй Йегови туххӕй ци базудтан?

10 Ӕ лӕггадгӕнгутӕ гъезӕмӕрттӕ ӕвзарунцӕ. Йеговӕ ’й лӕдӕруй, незтӕ, ӕфхуӕрд ӕма нин нӕхе рӕдудтитӕ цӕйбӕрцӕ маст хӕссунцӕ, уой. (Бакӕсӕ Псалом 22:23, 24.) Махӕн зин ку фӕууй, уӕд уомӕн дӕр зин фӕууй. Фал нин Йеговӕ айдагъ тӕрегъӕд нӕ кӕнуй. Е тагъд рӕстӕги уотӕ бакӕндзӕй, ӕма ци зинтӕ бавзурстан, уони гъуди дӕр нӕбал ӕркӕндзиан. (Рабарӕ Рацуд 3:7, 8; Исай 63:9.) Йеговӕ нин зӕрдӕ ӕвӕруй, нӕ цӕстисугтӕ нин ке ниссӕрфдзӕй ӕма ке нӕбал уодзӕй «нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр гъарӕнгӕ, нӕдӕр рист» (Рарг. 21:4).

11. Йеговӕ, ка ин рамардӕй, еци ӕмбӕлттӕмӕ ци зӕрдӕ даруй?

11 Е ’мбӕлттӕ рамардӕнцӕ. Йеговӕ хъӕбӕр имисуй ка ин рамардӕй, еци еузӕрдон лӕггадгӕнгути ӕма сӕ кӕд фӕууиндзӕй, еци рӕстӕгмӕ хъӕбӕр бӕллуй (Иов 14:15). Расагъӕс кӕнӕ, куд ӕй фӕндуй Авраами фӕууинун (Иак. 2:23). Кенӕ ба Моисеййи, «лӕгӕй-лӕгмӕ» ке хӕццӕ дзурдта, уой (Рац. 33:11). Давиди ӕма иннӕ псаломзаргӕнгути фӕууинун дӕр ӕй куд нӕ фӕндуй, ӕ номбӕл ин уӕхӕн рӕсугъд зартӕ ка ниффинста, уони (Пс. 104:33). Кӕд еци адӕн нӕбал ӕнцӕ, уӕддӕр сӕ Йеговӕ нӕ байронх ӕй (Ис. 49:15). Сӕ алли дзурд ӕма бакаст дӕр син гъуди кӕнуй. Библи зӕгъуй, «еугурӕйдӕр ин уодӕгас ӕнцӕ», зӕгъгӕ (Лук. 20:38). Тагъд сӕ Йеговӕ райгас кӕндзӕй ӕма ин нӕуӕгӕй лӕггадӕ кӕндзӕнцӕ ӕма имӕ ковдзӕнцӕ. Аци гъудитӕ нин устур уодӕнцойнӕ хӕссунцӕ, уӕлдайдӕр ба нин кӕд еске рамардӕй, уӕд.

12. Йеговӕн зин ци ӕй?

12 Зӕнхӕ фудгъуддӕгтӕй байдзаг ӕй. Эдеми хабӕрттӕ ци бӕллӕхтӕмӕ ӕркӕндзӕнцӕ ӕма уони исраст кӕнунмӕ цӕйбӕрцӕ рӕстӕг багъӕудзӕй, уой Йеговӕ хуарз зудта. Йеговӕ е ’сӕфт уинуй, аци дуйней ци фуддзийнадӕ ӕма хӕран гъуддӕгтӕ ес, уонӕй. Хъӕбӕр зин ин фӕууй, сӕрбӕлдзорӕг кӕмӕн нӕййес, уони ку фефхуӕрунцӕ, уӕд, зӕгъӕн, идӕдзти кенӕ седзӕрти (Зах. 7:9, 10). Уӕлдай зиндӕр ба ин фӕууй, ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгути ин ахӕстдони ку исбадун кӕнунцӕ, уӕд. Ӕппундӕр ибӕл ма гурусхӕ кӕнтӕ, Йеговӕ уӕ берӕ ке уарзуй, уомӕн ӕма сумах дӕр, е куд бухсуй, уотӕ бухсетӕ.

13. Адӕн куд фехалдӕнцӕ ӕма Йеговӕ ци бакӕндзӕй?

13 Адӕн хъӕбӕр фехалдӕнцӕ. Хуцау ӕхемӕ гӕсгӕ ке сфӕлдиста, еци адӕни ихалунӕй ӕхцӕуӕндӕр Сайтанӕн, ӕвӕдзи, неци ӕй. Ноййи рӕстӕги «адӕн бунисӕфт фӕцӕнцӕ... Ӕма Йеговӕ маст кодта, зӕнхӕбӕл ке сфӕлдиста, еци адӕни туххӕй, ӕма ӕ зӕрдӕ фӕрристӕй» (Райд. 6:5, 6, 11). Цума абони ба уавӕр хуӕздӕр ӕй? Ӕппундӕр нӕ! Аци дуйней цинӕхузи ихӕлд гъуддӕгтӕ ес, уӕхӕн нӕбал байзадӕй. Дзорунмӕ дӕр нӕ бӕззунцӕ. Сайтан ба цийнӕй мӕлуй (Еф. 4:18, 19). Уӕлдай хъӕбӕрдӕр ба фӕццийнӕ кӕнуй, Йегови лӕггадгӕнгутӕй еске уӕззау тӕрегъӕд ку искӕнуй, уӕд. Фал Йеговӕ ӕносмӕ нӕ бухсдзӕй. Еу бон ӕй бавдесдзӕй, ихӕлд миутӕй е ’сӕфт куд уинуй, уой, уӕхӕн миутӕ ка кӕнуй ӕма ӕййевун ке нӕ фӕндуй, уони исафун ку райдайа, уӕд.

14. Адӕн зӕнхӕн ӕма цӕрӕгойтӕн ци кӕнунцӕ?

14 Зӕнхӕ ӕдзӕллаг уавӕрмӕ ӕрцудӕй. Адӕнӕн сӕ хецаудзийнадӕ ци бӕллӕхтӕмӕ ӕркодта, е син фагӕ н’ адтӕй, фал ма син Йеговӕ ке сфӕлдиста, еци рӕсугъд зӕнхӕ дӕр ӕдзӕллаг уавӕрмӕ ӕркодтонцӕ (Еккл. 8:9; Райд. 1:28). Ахургӕндтӕ куд зӕгъунцӕ, уомӕ гӕсгӕ цалдӕр анзи ма ку рацӕуа, уӕд еу милиуан хузи цӕрӕгойтӕ ӕма зайӕгойтӕ фесӕфдзӕнцӕ. Хуарз ӕма ’й зонӕн, Йеговӕ, «зӕнхӕ ка исафуй», уонӕн сӕхе ке фесафдзӕй, зӕнхӕй ба нӕуӕгӕй дзенет ке рауайун кӕндзӕй (Рарг. 11:18; Ис. 35:1).

ЙЕГОВИ ФӔРАЗОНДЗИЙНАДӔЙ ЦӔБӔЛ АХУР КӔНӔН?

15, 16. Йегови фӕразондзийнадӕ фӕнзунмӕ нин хъауритӕ ци дӕттуй? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

15 Расагъӕс кӕнӕ, Йеговӕ цалдӕр мин анзей дӕргъи цӕйбӕрцӕ цӕмӕндӕрти бухсуй! (Кӕсӕ рамкӕ « Йеговӕ цӕмӕнти бухсуй?».) Ӕ бон адтайдӕ цӕстифӕнникъулдмӕ аци дуйнейӕн ракӕрон кӕнун. Фал уотӕ нӕ бакодта. Ӕма си ӕ фӕразондзийнади туххӕй гъӕуама боз уӕн. Ӕрхӕссӕн цӕветтон: зӕгъӕн, бийнонтӕ базудтонцӕ, сӕйгӕ сувӕллон син ке райгурдзӕй ӕма берӕ ке нӕ рацӕрдзӕй. Фал уотемӕй дӕр сӕ сувӕллонбӕл цийнӕ кӕнунцӕ. Нецӕхуӕн зиндзийнӕдтӕй тӕрсунцӕ. Уони фӕндуй сӕ сувӕллони цард, сӕ бон куд ӕй, уотӕ исрӕсугъд кӕнун, рӕвдудцох куд ма уа.

16 Уотӕ Адам ӕма Еви байзӕддӕгтӕ дӕр ӕнӕнхӕстӕй райгурунцӕ. Фал сӕ Йеговӕ уӕддӕр уарзуй ӕма сӕбӕл тухсуй (1 Иоан. 4:19). Ӕрмӕст, нӕ цӕветтони ци ниййергути кой кодтан, уонӕй уӕлдай Йегови бон ӕй гъуддаг исраст кӕнун. Адӕни гъезӕмӕрттӕн кӕрон ци бон искӕндзӕй, еци бон ин бӕрӕг ӕй (Матф. 24:36). Йеговӕ нӕ куд уарзуй, уобӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нӕмӕ хъауритӕ уодзӕй ӕма еци бонмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсгӕй федар лӕудзиан.

17. Дзиуиттӕгтӕмӕ 12:2, 3 финст дзурдтӕ нин федар лӕуунмӕ куд ӕнхус кӕнунцӕ?

17 Йеговӕ фӕразондзийнадӕ ӕнхӕстӕй ӕвдесуй. Ӕ Фурт Йесо Киристе ба ӕй ӕнхӕстӕй фӕнзуй. Йесо зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд мах туххӕй ниббухстӕй ӕфхуӕрд ӕма гъезӕмайраг мӕлӕтӕн. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 12:2, 3.) Йеговӕ цӕйбӕрцӕ бухсуй, уой ке зудта, е дӕр ин хъауритӕ куд нӕ лӕвардта. Ӕма е махӕн дӕр хъауритӕ дӕтдзӕй.

18. 2 Петури 3:9 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Йегови фӕразондзийнади фӕрци беретӕн цӕхӕуӕн фадуат фӕззиндтӕй?

18 Бакӕсӕ 2 Петури 3:9. Йеговӕ ’й зонуй, аци фуддуйнейӕн кӕрон искӕнун хуӕздӕр кӕд уодзӕй, уой. Нурмӕти ке бухсуй, уой фӕрци ба милиуангай адӕнӕн фӕззиндтӕй фадуат, цӕмӕй ӕй базудтайуонцӕ ӕма ӕ лӕггадгӕнгутӕ иссайуонцӕ. Алкедӕр си Йеговӕй хъӕбӕр боз ӕ, й фагӕ рӕстӕг син ке равардта, цӕмӕй ӕй бауарзтайуонцӕ ӕма ин сӕ цард иснивонд кодтайуонцӕ. «Хъӕбӕр берӕ адӕн» устур бӕллӕхи сӕрти ку рахезонцӕ, уӕд ӕй фӕууиндзӕнцӕ, Йеговӕ уойбӕрцӕ рӕстӕг дзӕгъӕли ке нӕ фӕббухстӕй.

19. Уӕ федар фӕндӕ ци ӕй ӕма уӕмӕ цӕхуӕн хуӕрзеуӕг ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?

19 Йегови цӕветтон ма нин уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма нӕ бон ӕй зиндзийнӕдтӕ ӕвзаргӕй дӕр цийнӕ кӕнун. Сайтан ци куст бакодта, е берӕ бӕллӕхтӕмӕ ӕркодта, фал Йеговӕ уӕддӕр «амондгун Хуцау» ӕй (1 Тим. 1:11). Мах бон дӕр ӕй цийнӕгӕнгӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун, Йеговӕ ӕ ном кӕд исрохс кӕндзӕй ӕма фудгъуддӕгтӕн, удта нӕ зиндзийнӕдтӕн кӕрон кӕд искӕндзӕй, еци рӕстӕгмӕ. Уӕд ӕй еугурӕйдӕр фӕууиндзӕнцӕ, хецауи бартӕ ӕрмӕстдӕр уой къохи ке гъӕуама уонцӕ. Гъӕйдӕ мадта идарддӕр дӕр федар лӕууӕн ӕма фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, нӕ уӕларвон Фидӕ куд ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уотӕ. Уӕд ни алке туххӕй дӕр зӕгъӕн уодзӕй: «Амондгун ӕй, фӕлварӕни федар ка лӕууй, еци адӕймаг, уомӕн ӕма си Хуцау арази ку уа, уӕд райсдзӕй, Йеговӕ, ка ’й уарзуй, уонӕн зӕрдӕ кӕмӕй байвардта, еци хуӕрзеуӕг – цард» (Иак. 1:12).

139 ЗАР Кӕсай, нӕуӕг дуйне!

^ 5 абз. Алкедӕр ни цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлуй. Беретӕн си нур неци ес бакӕнӕн ӕма син бухсунӕй ӕндӕр нӕ бон неци ӕй. Фал бухсун айдагъ мах нӕ гъӕуй. Йеговӕ дӕр берӕ цӕмӕндӕрти бухсуй. Аци статьяй си ӕркӕсдзиан фараст гъуддагемӕ. Удта базондзиан, Йегови фӕразондзийнадӕ ци пайда ӕрхаста ӕма ӕ фӕразондзийнадӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн, уой.