Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

29 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕхицӕн цы ’нтысы, ууыл цин кӕн!

Дӕхицӕн цы ’нтысы, ууыл цин кӕн!

«Алчидӕр равдисӕд, йӕхӕдӕг цы аразы, уый. Ӕмӕ уӕд цин кӕндзӕн йӕхи хъуыддӕгтыл ӕмӕ йӕхи иннӕтимӕ нӕ бардзӕн» (ГАЛ. 6:4).

34 ЗАРӔГ Цӕрын рӕстӕй

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Йегъовӕ нӕ иннӕтимӕ цӕуылнӕ фӕбары?

ЙЕГЪОВӔ сфӕлдыста алыхуызон цӕрӕгойтӕ ӕмӕ зайӕгойтӕ. Уӕдӕ адӕмы дӕр ӕмхуызон не сфӕлдыста. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, кӕй йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй иууылдӕр иухуызон уӕм. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, дыккаг дӕу хуызӕн адӕймаг зӕххыл нӕй. Уымӕ гӕсгӕ дӕ Йегъовӕ иннӕтимӕ никуы фӕбары. Уый дын кӕсы дӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ зоны, цавӕр адӕймаг дӕ (1 Сам. 16:7). Зоны ма, хорз дын цы уайы, хорз дын цы нӕ уайы ӕмӕ куыд хъомыл кодтай, уый. Стӕй, дӕ бон цы нӕу аразын, уый дӕ нӕ домы. Мах хъуамӕ Йегъовӕйы фӕзмӕм ӕмӕ нӕхимӕ уый цӕстӕй кӕсӕм. Уӕд уыдзыстӕм «ӕмбаргӕ», ӕмӕ нӕхи иннӕтӕй нӕдӕр хуыздӕр хондзыстӕм, нӕдӕр ӕвзӕрдӕр (Ром. 12:3).

2. Нӕхи иннӕтимӕ барӕм, уый хорз цӕуылнӕ у?

2 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ бон у иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фӕзмын (Дзут. 13:7). Зӕгъӕм, чидӕртӕ сӕ сты арӕхстджын хъусынгӕнджытӕ. Ӕмӕ, уыдон куыд лӕггад кӕнынц, уымӕ кӕсгӕйӕ махӕн дӕр нӕ бон вӕййы цыдӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнын (Фил. 3:17). Фӕлӕ искӕй фӕзмай, уый иу у, дӕхи иннӕтимӕ барай, уый та – ӕндӕр. Адӕймаг йӕхи иннӕтимӕ куы бара, уӕд сӕм, гӕнӕн ис, хӕлӕг кӕнын райдайа, йӕ ныфс асӕтта кӕнӕ суанг йӕхимӕ ницӕйаг ӕркӕса. Ӕмӕ, айразмӕйы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй, адӕймаг йӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл куы нымайа, уӕд тӕссаг у, Йегъовӕйӕ кӕй адард уыдзӕн, уымӕй дӕр. Уымӕ гӕсгӕ нын нӕ уарзӕгой Фыд фӕдзӕхсы: «Алчидӕр равдисӕд, йӕхӕдӕг цы аразы, уый. Ӕмӕ уӕд цин кӕндзӕн йӕхи хъуыддӕгтыл ӕмӕ йӕхи иннӕтимӕ нӕ бардзӕн» (Гал. 6:4).

3. Йегъовӕйы хъуыддаджы дын цы бантыст, уыдӕттӕй дын цины хос цы у?

3 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй цин кӕнай, йӕ хъуыддаджы дын цы бантыст, ууыл. Зӕгъӕм, кӕд донаргъуыд райстай, уӕд хъуамӕ цин кӕнай, уыцы къахдзӕф кӕй сарӕзтай, ууыл. Ӕмӕ афтӕ бакодтай, дӕхи кӕй бафӕндыд, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы бауарзтай. Ахъуыды-ма кӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ дын цы бантыст, ууыл. Зӕгъӕм, Библи кӕсын ӕмӕ йыл арф хъуыды кӕнын тынгдӕр бауарзтай? Йегъовӕмӕ зӕрдиагдӕрӕй фӕкувыс? (Пс. 141:2). Ныр дын хуыздӕр уайы адӕмимӕ ныхас райдайын ӕмӕ нӕ кусӕнгӕрзтӕй пайда кӕнын? Ӕмӕ дын кӕд бинонтӕ ис, уӕд хуыздӕр сӕрыхицау, хуыздӕр бинойнаг кӕнӕ хуыздӕр ныййарӕг сдӕ? Ацы хъуыддӕгты дын цы бантыст, ууыл дӕ бон у цин кӕнын.

4. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

4 Махӕн нӕ бон у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй цин кӕной, Йегъовӕйы хъуыддаджы сын цы ’нтысы, ууыл. Стӕй ма сын нӕ бон у ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй-иу сӕхи иннӕтимӕ ма барой. Ацы статьяйы мах аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бинонтӕн ӕмӕ ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн нӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сын сӕ лӕггад циндзинад хӕсса. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, Библийӕ нын цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты нӕ разы, нӕ къухы чи бафтдзӕн, ахӕм нысӕнттӕ ӕвӕрынӕн.

НЫЙЙАРДЖЫТӔН, СТӔЙ ЛӔГ ӔМӔ УСӔН СӔ БОН ЦЫ У АРАЗЫН?

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕй алкӕмӕй дӕр ӕппӕлут, цы аразынц, уый тыххӕй (кӕс 5, 6 абзацтӕ) *

5. Ефесӕгтӕм 6:4 стихмӕ гӕсгӕ, ныййарджытӕ сӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизой?

5 Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты хъуамӕ кӕрӕдзиимӕ ма барой, стӕй, сӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр сӕ ма домой, науӕд сывӕллӕттӕн сӕ ныфс асӕтдзӕн. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 6:4.) Хо Сачико * афтӕ загъта: «Мӕ ахуыргӕнджыты фӕндыд, цӕмӕй мӕ къласы се ’ппӕтӕй хуыздӕр ахуыр кодтаин. Стӕй мӕ мады дӕр фӕндыд, цӕмӕй тынг хорз ахуыр кодтаин, уымӕн ӕмӕ, дам, уӕд дӕ фыд ӕмӕ дӕ ахуыргӕнджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм хорз цӕстӕй кӕсдзысты. Зӕгъӕм, фӕндыди йӕ, цӕмӕй-иу экзаментӕ афтӕ радтаин, ӕмӕ иу рӕдыд дӕр ма скодтаин. Фӕлӕ мӕнӕн уый мӕ бон нӕ уыд. Скъола раджы фӕдӕн. Фӕлӕ ма мӕм ныр дӕр афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ, цы аразын, уый фаг нӕу. Кӕд Йегъовӕйӕн, хуыздӕрӕй мӕм цы ис, уый дӕттын, уӕддӕр иуӕй-иу хатт фӕхъуыды кӕнын, цымӕ мӕ лӕггадӕй райгонд у, зӕгъгӕ».

6. Псалом 131:1, 2 стихтӕй ныййарджытӕн сӕ бон цы у зондӕн райсын?

6 Бакӕс Псалом 131:1, 2. Ацы стихтӕ ныййарджытӕн стыр ӕххуыс фӕуыдзысты. Паддзах Давид загъта, зӕгъгӕ, «ӕз нӕ бӕллыдтӕн стыр цӕмӕдӕрты». Ома, йӕ бон цы нӕ уыд, уыдӕттӕ аразынмӕ нӕ бӕллыд. Сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ кӕй уыд, уый фӕрцы райгонд уыди, цы йын уыд, уыдӕттӕй ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы уыди фарн. Давиды ныхӕстӕй ныййарджытӕн сӕ бон зондӕн райсын цы у? Ныййарджытӕ дӕр сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ куы уой, уӕд сӕхицӕй дӕр ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕй дӕр нӕ домдзысты, сӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн сӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрынӕн куы ’ххуыс кӕной, уӕд сӕ хъуамӕ рох ма уа, хорз сын цы уайы ӕмӕ сын хорз цы нӕ уайы, уыдӕттӕ. Уӕд сывӕллӕттӕ ӕмбардзысты, уыдонӕн дӕр сӕ бон цыдӕр кӕй у, ӕмӕ-иу сӕ ныфс бацӕудзӕн. Хо Маринӕ радзырдта: «Мӕ мад-иу мӕ ме ’ртӕ ӕфсымӕримӕ ӕмӕ иннӕ сывӕллӕттимӕ никуы барста. Дзырдта-иу мын, алы адӕймагмӕ дӕр цавӕрдӕр курдиӕттӕ кӕй ис ӕмӕ нӕ алчидӕр Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ кӕй у. Уый тыххӕй мӕ мадӕй бузныг дӕн. Афтӕ мӕ кӕй ахуыр кодта, уый фӕрцы мӕхи иннӕтимӕ нӕ фӕбарын».

7, 8. Лӕгӕн йӕ бон куыд у ӕвдисын, йӕ бинойнагӕн кӕй кад кӕны, уый?

7 Чырыстон нӕлгоймаг хъуамӕ йӕ бинойнагӕн кад кӕна (1 Пет. 3:7). Йӕ бинойнагӕн чи кад кӕны, уыцы лӕг хъуыддагӕй равдисы, тынг ын кӕй аргъ кӕны. Уый дзы, йӕ бон цы нӕу, уый нӕ фӕдомы. Ӕмӕ йӕ иннӕ сылгоймӕгтимӕ дӕр нӕ фӕбары. Лӕг йӕ усы иннӕ сылгоймӕгтимӕ куы фӕбары, уӕд уый усыл куыд фӕзыны? Розӕйӕн йӕ сӕрыхицау Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕу. Ӕмӕ йӕ иннӕ сылгоймӕгтимӕ арӕх фӕбары. Йӕ ныхӕсты тыххӕй Розӕ йӕхимӕ ницӕйаг ӕркӕсы. Афтӕ дӕр ма йӕм фӕкӕсы, ӕмӕ йӕ ничи уарзы. Розӕ загъта: «Хъуамӕ-иу мын исчи ӕдзух мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕна, Йегъовӕйӕн зынаргъ кӕй дӕн». Фӕлӕ чырыстон нӕлгоймаг йӕ бинойнагӕн кад фӕкӕны. Зоны йӕ, уӕд ын йӕ бинойнаг дӕр кӕй аргъ кӕндзӕн ӕмӕ Йегъовӕ дӕр *.

8 Йӕ бинойнагӕн чи кад кӕны, уыцы лӕг дзы феппӕлы, фӕдзуры йын, кӕй йӕ уарзы ӕмӕ иннӕты раз дӕр йӕ хорзы кой фӕкӕны (Ӕмб. 31:28). Айразмӕйы статьяйы цы Катеринӕйы кой уыд, уымӕн йӕ сӕрыхицау баххуыс кодта, цӕмӕй йӕхимӕ ницӕйаг мауал кастаид. Катеринӕ гыццыл куы уыди, уӕд-иу ӕй йӕ мад ӕдзух фаудта ӕмӕ-иу ӕй иннӕ чызджытимӕ, уыимӕ йе ’мбӕлттимӕ дӕр, барста. Уый тыххӕй Катеринӕ дӕр йӕхи иннӕтимӕ барын райдыдта. Суанг рӕстдзинад куы базыдта, уӕд дӕр афтӕ кодта. Фӕлӕ йын йӕ сӕрыхицау баххуыс кодта, цӕмӕй афтӕ мауал кодтаид ӕмӕ йӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсын сахуыр уыдаид. Катеринӕ загъта: «Мӕ сӕрыхицау мӕ уарзы, раппӕлы мӕ мӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй ӕмӕ мӕн тыххӕй фӕкувы. Стӕй мын Йегъовӕйы диссаджы миниуджытӕ мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны ӕмӕ мын баххуыс кӕны, цӕмӕй-иу рӕдыд хъуыдытӕй фервӕзон».

ХИСТӔР НӔЛГОЙМӔГТӔН ӔМӔ ИННӔТӔН СӔ БОН ЦЫ У АРАЗЫН?

9, 10. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иу хойӕн куыд баххуыс кодтой, цӕмӕй йӕхи иннӕтимӕ мауал барстаид?

9 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у, йӕхи иннӕтимӕ чи фӕбары, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнын? Ӕркӕсӕм иу хойы хабармӕ. Хануни гыццыл куы уыди, уӕд-иу дзы арӕх не ’ппӕлыдысты. Уый радзырдта: «Ӕз уыдтӕн ӕфсӕрмыгӕнаг. Стӕй афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ иннӕ сывӕллӕттӕ мӕнӕй хуыздӕр сты. Гыццылӕй дӕр-иу мӕхи иннӕтимӕ барстон». Уый фӕстӕ Хануни рӕстдзинад базыдта ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын дӕр райдыдта. Фӕлӕ-иу уӕддӕр йӕхи иннӕтимӕ барста. Ӕмӕ йӕм уый тыххӕй афтӕ каст, ӕмӕ дзы ӕмбырды ницы пайда ис. Фӕлӕ ныр афтӕ нал хъуыды кӕны, ныр у амондджын. Цы йын баххуыс кодта йӕ зондахаст аивынӕн?

10 Ханунийӕн баххуыс кодтой хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Уыцы фӕлмӕнзӕрдӕ ӕфсымӕртӕ йын дзырдтой, ӕмбырды йын тынг кӕй аргъ кӕнынц ӕмӕ-иу дзы раппӕлыдысты йӕ иузӕрдион лӕггады тыххӕй. Хануни ныффыста: «Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ мын цалдӕр хатты бабар кодтой, цӕмӕй-иу хотӕй кӕйдӕрты бафидар кодтаин. Ӕмӕ уый фӕрцы бамбӕрстон, ӕмбырды кӕй хъӕуын. Уый фӕстӕ мын ӕфсымӕртӕ загътой, ӕрыгон хоты кӕй бафидар кодтон, уый тыххӕй мӕ тынг бузныг кӕй сты. Стӕй ма мын бакастысты 1 Фессалоникӕгтӕм 1:2, 3 стихтӕ. Сӕ ныхӕстӕ мын мӕ зӕрдӕ тынг бацагайдтой. Уыцы уарзӕгой ӕфсымӕрты фӕрцы бамбӕрстон, Йегъовӕйы организацийы мын мӕхи бынат кӕй ис. Ӕмӕ йын тынг аргъ кӕнын».

11. «Ныфссаст» чи у, уыдонӕн нӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын? (Исай 57:15).

11 Бакӕс Исайы 57:15. «Ныфссаст» чи у, уыцы зынаргъ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл Йегъовӕ тынг тыхсы. Ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын не ’ппӕты бон дӕр у. Уый ӕрмӕст хистӕр нӕлгоймӕгты хӕс нӕу. Зӕгъӕм, зӕрдиагӕй сыл куы тыхсӕм, уӕд-иу бафидар уыдзысты. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уарзӕм ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уа, куыд тынг сӕ уарзы, уый (Ӕмб. 19:17). Стӕй ма сын нӕ бон у ӕххуыс кӕнын, сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ куы уӕм, уый фӕрцы. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй иннӕты ӕргом нӕхимӕ здахӕм ӕмӕ нӕм хӕлӕг кӕнын райдайой. Фӕлӕ нӕ фӕнды нӕ курдиӕттӕй ӕмӕ нӕ зонындзинӕдтӕй афтӕ пайда кӕнын, цӕмӕй кӕрӕдзийы фидар кӕнӕм (1 Пет. 4:10, 11).

Йесойы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уарзтой, уымӕн ӕмӕ йӕхи уыдонӕй уӕлдӕр не ’вӕрдта. Йесо уарзта йе ’мбӕлттимӕ рӕстӕг ӕрвитын. (кӕс 12 абзац)

12. Хуымӕтӕг адӕм Йесойы цӕмӕн уарзтой? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

12 Иннӕтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уымӕй нӕ бон у Йесойы дӕр бафӕзмын. Зӕххыл Йесойы хуызӕн адӕймаг нӕ уыд. Фӕлӕ уый уыди «фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг» адӕймаг (Матф. 11:28–30). Уымӕй фылдӕр ничи зыдта, фӕлӕ-иу йӕхицӕй никуы ӕппӕлыд. Адӕмы-иу куы ахуыр кодта, уӕд-иу кодта хуымӕтӕг, ӕнцонӕмбарӕн ныхӕстӕ. Ӕмӕ-иу ӕрхаста, хуымӕтӕг адӕмы зӕрдӕтӕм-иу чи бахъардта, ахӕм цӕвиттонтӕ (Лук. 10:21). Йесо сӕрбӕрзонд дины разамонджыты хуызӕн нӕ уыди. Уый адӕмӕн ӕмбарын кодта, Хуыцауӕн тынг зынаргъ кӕй сты (Иоан. 6:37). Ӕмӕ хуымӕтӕг адӕмӕн кад кодта.

13. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм цы цӕстӕй каст, уымӕй куыд уыд бӕрӕг, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ уарзӕгой кӕй у, уый?

13 Йесо фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ уарзӕгой кӕй уыд, уый бӕрӕг уыд, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм цы цӕстӕй каст, уымӕй. Йесо зыдта, сӕ курдиӕттӕ ӕмӕ сӕ уавӕртӕ иухуызон кӕй нӕ уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ сӕ бон нӕ уыд иухуызон хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Стӕй кӕмӕндӕр йӕ бон фылдӕр уыд аразын, кӕмӕндӕр – къаддӕр. Фӕлӕ Йесо тынг аргъ кодта, алчидӕр сӕ, йӕ бон цас уыд, уыйбӕрц кӕй арӕзта, уымӕн. Уый бӕрӕг у, талантты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй. Иу лӕг йе ’ртӕ цагъарӕн бахӕс кодта куыст, «йӕ бон сӕ кӕмӕн цас уыди, уымӕ гӕсгӕ». Цагъартӕй дыууӕйӕ бафыдӕбон кодтой. Ӕмӕ дзы кӕд иуӕн фылдӕр бантыст, уӕддӕр сӕ хицау дыууӕйӕ дӕр афтӕ раппӕлыд: «Тынг хорз, мӕ дзӕбӕх, ме ’ууӕнкджын цагъар!» (Матф. 25:14–23).

14. Йесо иннӕтӕм цы цӕстӕй каст, уымӕй йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?

14 Йесо фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ уарзӕгой кӕй у, уый бӕрӕг у, махмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уымӕй дӕр. Зоны йӕ, нӕ курдиӕттӕ ӕмӕ нӕ уавӕртӕ алыхуызон кӕй сты. Фӕлӕ, махӕн нӕ бон цы у, уый куы фӕаразӕм, уӕд нӕ райгонд вӕййы. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ иннӕтӕм Йесойы цӕстӕй кӕсӕм. Кӕмӕндӕрты сӕ бон нӕу, иннӕтӕ цас аразынц, уыйбӕрц аразын. Ӕмӕ мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ ныхӕсты тыххӕй уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сӕхимӕ ницӕйаг ӕркӕсой кӕнӕ сӕхи аххосджын кӕной, фылдӕр кӕй нӕ аразынц, уый тыххӕй. Хорз уыдзӕн, иннӕтӕй-иу алкӕддӕр куы раппӕлӕм, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй аразынц, уый тыххӕй.

ДӔ РАЗЫ ӔВӔР, ДӔ КЪУХЫ ЧИ БАФТДЗӔН, АХӔМ НЫСӔНТТӔ

Дӕ разы ӕвӕр, дӕ къухы чи бафтдзӕн, ахӕм нысӕнттӕ. Ӕмӕ-иу дӕ къухы куы бафтой, уӕд дын уый циндзинад хӕсдзӕн (кӕс 15, 16 абзацтӕ) *

15, 16. Иу хойӕн цы бантыст, йӕ къухы чи бафтыдаид, ахӕм нысӕнттӕ йӕ разы кӕй ӕвӕрдта, уый фӕрцы?

15 Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ нӕ разы нысӕнттӕ куы ӕвӕрӕм, уӕд нӕ цард афтид, ӕнӕпайда хъуыддӕгтыл нӕ цӕудзӕн. Фӕлӕ хъуамӕ нысӕнттӕ ӕвӕрӕм иннӕты курдиӕттӕм ӕмӕ уавӕртӕм гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ нӕхи курдиӕттӕм ӕмӕ уавӕртӕм гӕсгӕ. Нӕхи иннӕтимӕ куы барӕм, уӕд фӕфыдӕнхъӕл уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ ныфс асӕтдзӕн (Лук. 14:28). Ӕркӕсӕм, пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хойы, Мидорийы, хабармӕ.

16 Мидорийы фыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕу. Ӕмӕ Мидори гыццыл куы уыд, уӕд-иу ӕй йӕ фыд барста йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр ӕмӕ хоимӕ ӕмӕ йӕ къласӕгтимӕ. Уый тыххӕй Мидори йӕхимӕ ницӕйаг каст. Фӕлӕ куы сыстыр, уӕд йӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсын райдыдта. Мидори зӕгъы: «Алы бон дӕр-иу Библи кӕй кастӕн, уый фӕрцы мӕ зӕрдӕйы уыди фарн, стӕй йӕ ӕмбӕрстон, Йегъовӕ мӕ кӕй уарзы». Уымӕй уӕлдай ма-иу йӕ разы сӕвӕрдта, йӕ къухы чи бафтыдаид, ахӕм нысӕнттӕ. Ӕмӕ-иу Йегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид. Уый фӕрцы Мидори цин кодта йӕхи хъуыддӕгтыл ӕмӕ йӕхи иннӕтимӕ нал барста.

ДАРДДӔР ДӔР ЙЕГЪОВӔЙӔН ДӔТТ, ДӔУМӔ ХУЫЗДӔРӔЙ ЦЫ ИС, УЫЙ

17. Нӕ бон куыд у дарддӕр дӕр ног кӕнын, нӕ зонд нын чи разӕнгард кӕны, уыцы тых? Уый фӕрцы нын цы бантысдзӕн?

17 Цӕмӕй нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсын сахуыр уӕм, уымӕн хъӕуы рӕстӕг. Уымӕ гӕсгӕ нын Йегъовӕ фӕдзӕхсы: «Хъуамӕ дарддӕр дӕр ног кӕнат, уӕ зонд уын чи разӕнгард кӕны, уыцы тых» (Еф. 4:23, 24). Уый тыххӕй та хъуамӕ Хуыцаумӕ кувӕм, Библи кӕсӕм ӕмӕ, цы бакӕсӕм, ууыл хъуыды кӕнӕм. Ды дӕр афтӕ куы кӕнай ӕмӕ Йегъовӕйӕ тых куы курай, уӕд дын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕхи иннӕтимӕ ма барай. Уымӕй уӕлдай ма дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу базонай, дӕ зӕрдӕйы хӕлӕг ӕмӕ сӕрбӕрзонддзинад уидӕгтӕ ауагъта ӕви нӕ. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу сӕ бындзарӕй стонай.

18. 2 Азфыстыты 6:29, 30 стихтӕ нын ныфсы хос куыд сты?

18 Бакӕс 2 Азфыстыты 6:29, 30. Йегъовӕ зоны, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Зоны ма, кӕй тох кӕнӕм, цӕмӕй ныл ацы дунейы зондахаст ма фӕзына, стӕй нӕхи хъӕндзинӕдтимӕ дӕр кӕй тох кӕнӕм. Уый уынгӕйӕ нӕ ноджы тынгдӕр бауарзы.

19. Йегъовӕ нӕ куыд тынг уарзы, уый цавӕр абарсты фӕрцы бамбарын кодта?

19 Йегъовӕ нӕ тынг уарзы. Уый йӕ уарзт абарста, мад йӕ сывӕллоны куыд фӕуарзы, уыимӕ (Ис. 49:15). Хо Рейчел радзырдта: «Мӕ чызг Стефани афонӕй раздӕр райгуырд. Фыццаг хатт ӕй куы федтон, уӕд, мӕгуырӕг, уыди гыццылмур. Куы райгуырд, уӕд иу мӕй рынчындоны фестӕм. Ӕмӕ-иу мӕ дохтыр алы бон дӕр бауагъта, цӕмӕй-иу Стефанийы мӕ хъӕбысмӕ райстаин. Ӕмӕ уый фӕрцы кӕрӕдзийыл тынг сахуыр стӕм. Ныр ыл цӕуы ӕхсӕз азы, ӕмӕ йе ’мгӕрттӕй къаддӕр у. Фӕлӕ мын тынг адджын у. Уый афтӕ тох кодта, афтӕ, цӕмӕй аирвӕзтаид! Стефани мын мӕ цард срӕсугъд кодта». Йегъовӕ дӕр уыны, куыд тох кӕнӕм, цӕмӕй йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ нӕ тынг уарзы. Уый нын удӕнцой куыннӕ хӕссы!

20. Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ дын цины хос цы у?

20 Ды дӕ Йегъовӕйы бинонтӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг дӕ. Дыккаг дӕу хуызӕн адӕймаг нӕй. Йегъовӕ дӕ йӕхимӕ уый тыххӕй не ’рбакодта, ӕмӕ иннӕтӕй хуыздӕр дӕ. Йегъовӕ дын дӕ зӕрдӕмӕ ныккаст ӕмӕ федта, сӕрныллӕг адӕймаг кӕй дӕ ӕмӕ дӕ кӕй бафӕнддзӕн, цӕмӕй дӕ ахуыр кӕна ӕмӕ дӕ ива (Пс. 25:9). Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, хуыздӕрӕй дӕм цы ис, уый йын кӕй дӕттыс, уымӕн. Фидар ӕмӕ иузӕрдион кӕй дӕ, уымӕй бӕрӕг у, «хорз ӕмӕ фӕлмӕн зӕрдӕ» дын кӕй ис (Лук. 8:15). Уӕдӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн дӕтт, дӕумӕ хуыздӕрӕй цы ис, уый. Ӕмӕ уӕд цин кӕндзынӕ дӕхи хъуыддӕгтыл!

38 ЗАРӔГ Хуыцау дӕ бафидар кӕндзӕн

^ 5 абз. Йегъовӕ нӕ иннӕтимӕ никуы фӕбары. Фӕлӕ хатт нӕхӕдӕг нӕхи иннӕтимӕ фӕбарӕм, ӕмӕ нӕм уый фӕстӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ иннӕтӕй ӕвзӕрдӕр стӕм. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, адӕймаг йӕхи иннӕтимӕ бара, уый хорз цӕуылнӕ у. Стӕй ма базондзыстӕм, нӕ бинонтӕн ӕмӕ ӕмбырды иннӕтӕн нӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕхимӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсой.

^ 5 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

^ 7 абз. Кӕд ам лӕджы кой ис, уӕддӕр ацы хъуыдытӕ хауынц усмӕ дӕр.

^ 58 абз. НЫВ. Бинонты ахуыры рӕстӕг ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ гӕххӕттӕй аразынц, Ной кӕй сарӕзта, ахӕм нау. Сӕ сывӕллӕттӕй ӕппӕлынц, алчидӕр сӕ цы аразы, уый тыххӕй.

^ 62 абз. НЫВ. йӕ гыццыл лӕппуйы иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, уыцы хо йӕхицӕн график кӕны, цӕмӕй ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕна. Ӕмӕ цин кӕны, йӕ нысан йӕ къухы кӕй бафтыд, ууыл.