Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

30 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕйы бинонтӕй кӕй дӕ, уымӕн аргъ кӕн

Йегъовӕйы бинонтӕй кӕй дӕ, уымӕн аргъ кӕн

«Зӕдтӕй йӕ бирӕ дӕлдӕр нӕ сӕвӕрдтай, кад ӕмӕ намысы худ ын ӕркодтай йӕ сӕрыл» (ПС. 8:5).

123 ЗАРӔГ Хуыцауы ӕвӕрд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл фидар хӕцӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ адӕймагмӕ хатт цавӕр фарстатӕ фӕзыны?

ЙЕГЪОВӔ цы ӕгӕрон Дун-дуне сфӕлдыста, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд, чи зоны, махмӕ дӕр фӕзыны, псаломзарӕггӕнӕг Давидмӕ чи фӕзынд, ахӕм хъуыдытӕ. Уый Йегъовӕмӕ куывта: «Куы фӕкӕсын арвмӕ, дӕ къухты фыдӕбонмӕ, де сконд мӕймӕ ӕмӕ стъалытӕм, уӕд цы у зӕххон адӕймаг, ӕмӕ йӕ ды хъуыды кӕнай? Ӕмӕ цы у адӕймаджы фырт, ӕмӕ йыл ды тыхсай?» (Пс. 8:3, 4). Давидау мах дӕр, чи зоны, ахъуыды кӕнӕм, ӕнӕхъӕн Дун-дунеимӕ абаргӕйӕ мах цы стӕм, зӕгъгӕ, ӕмӕ дис кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ уӕвгӕ кӕй хъуыды кӕны, ууыл. Цӕмӕй бамбарӕм, Йегъовӕйӕ рох кӕй ничи у, уый тыххӕй ӕркӕсдзыстӕм фыццаг дыууӕ адӕймаджы, Адам ӕмӕ Евӕйы, хабармӕ. Йегъовӕ сыл тыхсти, стӕй уыдоны дӕр йӕ бинонтыл банымадта.

2. Йегъовӕмӕ йӕ фыццаг зӕххон сывӕллӕтты тыххӕй цавӕр фӕнд уыди?

2 Адам ӕмӕ Евӕ уыдысты Йегъовӕйӕн йӕ фыццаг зӕххон сывӕллӕттӕ ӕмӕ сӕ тынг уарзта. Уый сын бахӕс кодта куыст. Загъта сын: «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут» (Райд. 1:28). Адам ӕмӕ Евӕ хъуамӕ цот уагътаиккой ӕмӕ сӕ хӕдзармӕ, зӕхмӕ, хорз зылдаиккой. Йегъовӕ сын цы бахӕс кодта, уый куы арӕзтаиккой, уӕд сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр ӕнустӕм уыдаиккой йӕ бинонтӕй.

3. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн йӕ бинонты ’хсӕн кадджын бынат радта?

3 Адам ӕмӕ Евӕйӕн Йегъовӕйы бинонты ’хсӕн уыд кадджын бынат. Псаломы 8:5 стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй, Йегъовӕ адӕймаджы куыд сфӕлдыста, уый тыххӕй Давид загъта: «Зӕдтӕй йӕ бирӕ дӕлдӕр нӕ сӕвӕрдтай, кад ӕмӕ намысы худ ын ӕркодтай йӕ сӕрыл». Адӕмӕн зӕдты хъару, зӕдты зонд ӕмӕ курдиӕттӕ не ’рцыдысты лӕвӕрд (Пс. 103:20). Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн, адӕм хъомысджын зӕдтӕй «бирӕ дӕлдӕр» ӕвӕрд не сты! Йегъовӕ нӕ рагфыдӕлты куы сфӕлдыста, уӕд сын ӕцӕгдӕр диссаджы цард балӕвар кодта.

4. Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕмӕ кӕй нӕ байхъуыстой, уый тыххӕй сӕ хабар куыд рауад ӕмӕ ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

 4 Хъыгагӕн, Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕмӕ кӕй нӕ байхъуыстой, уый тыххӕй йӕ бинонтӕй нал уыдысты. Ӕмӕ сӕ байзӕддӕгты дӕр бӕллӕхты хай бакодтой. Ууыл ацы статьяйы фӕстӕдӕр аныхас кӕндзыстӕм. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн йӕ фӕнд нӕ фӕивта. Уый ныр дӕр фӕнды, цӕмӕй коммӕгӕс адӕм ӕнустӕм дӕр йӕ сывӕллӕттӕ уой. Уӕдӕ аныхас кӕнӕм, Йегъовӕ куыд равдыста, тынг нын кӕй аргъ кӕны, уый. Уый фӕстӕ аныхас кӕндзыстӕм, цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы бинонтӕй уӕм. Ӕмӕ фӕстагмӕ аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕйы зӕххон сывӕллӕттӕ ӕнустӕм дӕр цавӕр арфӕдзинӕдтӕй уыдзысты хайджын, ууыл.

ЙЕГЪОВӔ КУЫД РАВДЫСТА, АДӔМӔН КӔЙ АРГЪ КӔНЫ?

Хуыцау нын кӕй аргъ кӕны, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй равдыста? (кӕс 5–11 абзацтӕ) *

5. Нӕ бон куыд у равдисын, Хуыцау нӕ йӕхимӕ гӕсгӕ кӕй скодта, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм, уый?

5Йегъовӕ адӕмы скодта йӕхимӕ гӕсгӕ (Райд. 1:26, 27). Йегъовӕмӕ ис бирӕ диссаджы миниуджытӕ: уарзондзинад, иузӕрдиондзинад, у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ архайы рӕстӕй (Пс. 86:15; 145:17). Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у, ӕмӕ уый хуызӕн уӕм, уымӕн ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ конд стӕм. Ахӕм миниуджытӕ нӕ удыхъӕды куы фидар кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы кадджын кӕндзыстӕм ӕмӕ-иу равдисдзыстӕм, бузныг дзы кӕй стӕм (1 Пет. 1:14–16). Нӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый куы фӕаразӕм, уӕд вӕййӕм тынг амондджын. Йегъовӕ нӕ йӕ миниуджытӕй кӕй схайджын кодта, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у, ӕмӕ суӕм, йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм адӕймӕгтӕ. Ӕмӕ уӕд мах дӕр йӕ бинонтыл банымайдзӕн.

6. Йегъовӕ зӕхх куы скодта, уӕд куыд равдыста, адӕмӕн кӕй аргъ кӕны, уый?

6Йегъовӕ адӕмӕн ӕрцӕттӕ кодта диссаджы хӕдзар. Фыццаг адӕймаджы куы сфӕлдыста, уымӕй бирӕ раздӕр зӕхх адӕмӕн цӕрынӕн ӕрцӕттӕ кодта (Иов 38:4–6; Йер. 10:12). Махыл кӕй хъуыды кодта ӕмӕ рӕдау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нын радта бирӕ хорз цыдӕртӕ, цӕмӕй нын цард циндзинад хӕсса (Пс. 104:14, 15, 24). Цы сфӕлдыста, уыдӕттыл-иу йӕ цӕст куы ахаста, уӕд-иу «федта, хорз кӕй сты» (Райд. 1:10, 12, 31). Зӕххыл цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдон адӕмы «дӕлбар бакодта». Ӕмӕ уымӕй дӕр равдыста, кӕй нын аргъ кӕны (Пс. 8:6). Хуыцауы фӕнд у, цӕмӕй ӕххӕст адӕм ӕнустӕм цӕрой ӕмӕ сын сӕ бар цы бакодта, уыдӕттӕм зилой. Йегъовӕ нын ахӕм диссаджы цардӕй зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, уый тыххӕй йын бузныг фӕзӕгъыс?

7. Йесо Навин 24:15 стихӕй куыд зыны, адӕймагӕн уынаффӕтӕ хӕссыны бар кӕй ис, уый?

7Йегъовӕ адӕмӕн радта сӕрибардзинад, ӕмӕ сӕ бон у уынаффӕтӕ хӕссын. Махӕн нӕ бон вӕййы, царды цы фӕндагыл ацӕудзыстӕм, уый равзарын. (Бакӕс Йесо Навин 24:15.) Нӕ уарзӕгой Хуыцау тынг фӕцин кӕны, адӕймаг куы аскъуыддзаг кӕны, кӕй йын лӕггад кӕндзӕн (Пс. 84:11; Ӕмб. 27:11). Нӕ бон ма вӕййы ӕндӕр раст уынаффӕтӕ дӕр рахӕссын. Ӕркӕсӕм Йесойы цӕвиттонмӕ.

8. Йесо йӕ сӕрибардзинадӕй куыд пайда кодта, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

8 Йесойы куы фӕзмӕм, уӕд-иу фылдӕр иннӕтыл хъуыды кӕндзыстӕм, нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ. Иухатт Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ тынг бафӕлладысты. Ӕмӕ ацыдысты сабыр ранмӕ, цӕмӕй иу гыццыл сӕ фӕллад суагътаиккой, фӕлӕ сын ницы рауад. Адӕм сӕ уым дӕр ссардтой. Фӕндыди сӕ, цӕмӕй сын Йесо ноджыдӕр цыдӕртӕ бацамыдтаид. Йесо сӕм не смӕсты. Уый сын фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ сын «райдыдта бирӕ цыдӕртӕ амонын» (Мар. 6:30–34). Мах дӕр Йесойау иннӕтӕн куы ’ххуыс кӕнӕм ӕмӕ уымӕн нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ куы не ’вгъау кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй нӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕндзыстӕм (Матф. 5:14–16). Стӕй Йегъовӕ уындзӕн, кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ бинонтӕй уӕм.

9. Ныййарджытӕ сӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарой?

9Йегъовӕ адӕмы афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй сын гуыра сывӕллӕттӕ. Стӕй сын бахӕс кодта, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕной, Хуыцауы сын бауарзын кӕной ӕмӕ сын баххуыс кӕной, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ суой. Ныййарджытӕ, уыцы диссаджы лӕварӕн аргъ кӕнут? Йегъовӕ зӕдты бирӕ цӕмӕйдӕрты схайджын кодта. Фӕлӕ сӕ афтӕ не сфӕлдыста, цӕмӕй цот уадзой. Уӕдӕ ныййарджытӕ хъуамӕ аргъ кӕной, сывӕллӕттӕ сын кӕй ис ӕмӕ сӕ сӕ бон хъомыл кӕнын кӕй у, уымӕн. Хуыцауы раз сыл ис кадджын хӕс – хъуамӕ сӕ сывӕллӕтты «хъомыл кӕной, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразой» (Еф. 6:4; Дык. з. 6:5–7; Пс. 127:3). Хуыцауы организаци ныййарджытӕн тынг ӕххуыс кӕны. Зӕгъӕм, уадзы, Библи чи ӕмбарын кӕны, ахӕм публикацитӕ, видеороликтӕ, кинонывтӕ, зарджытӕ ӕмӕ статьятӕ нӕ сайты. Нӕ уӕларвон Фыдӕн дӕр ӕмӕ йӕ Фыртӕн дӕр нӕ кӕстӕртӕ тынг зынаргъ сты (Лук. 18:15–17). Ӕмӕ ныййарджытӕ сӕ ныфс Йегъовӕйыл куы фӕдарынц ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн, сӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй куы феххуыс кӕнынц, уӕд сӕ Йегъовӕ райгонд вӕййы. Ахӕм ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй сын уа ныфс, ӕнустӕм дӕр Йегъовӕйы бинонтӕй кӕй уыдзысты.

10, 11. Йегъовӕ йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы нын цавӕр фадат фӕзынд?

10Йегъовӕ йӕ зынаргъ Фырты адӕмы тыххӕй радта. Уый фӕрцы сын фӕзынд фадат, цӕмӕй та йӕ бинонтӕм ӕрбаиу уой.  4-ӕм абзацы куыд загътам, афтӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕйӕн Йегъовӕйы бинонты ’хсӕн бынат нал уыд. Ӕмӕ уыдоны тыххӕй сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр уыцы фадатӕй ӕнӕхай фесты (Ром. 5:12). Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхасы сӕрты зонгӕ-зонын ахызтысты. Ӕмӕ уый аккаг нал уыдысты, цӕмӕй Хуыцауы бинонтӕй уыдаиккой. Фӕлӕ сӕ байзӕддӕгтӕ та цы хъуамӕ бауыдаиккой? Йегъовӕ адӕмы кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ йӕ иунӕг Фырты, Йесо Чырыстийы, нывондӕн ӕрхаста. Ӕмӕ уый фӕрцы коммӕгӕс адӕмӕн фӕзынд фадат, цӕмӕй та Хуыцауы бинонтӕм ӕрбаиу уой (Иоан. 3:16; Ром. 5:19). Чырыстийы нывонды фӕрцы Хуыцау 144 000 иузӕрдион адӕймагӕй йӕхицӕн скодта фырттӕ (Ром. 8:15–17; Рарг. 14:1).

11 Уыдонӕй уӕлдай ма Хуыцауӕн ис ӕндӕр иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дӕр – милуантӕ. Уыдон дӕр ӕххӕст кӕнынц Хуыцауы фӕндон. Мин азы куы фӕуой, уӕд ма уыдзӕн фӕстаг фӕлварӕн. Ӕмӕ уыцы фӕлварӕны иузӕрдионӕй чи баззайа, уыдоны Хуыцау банымайдзӕн йӕ сывӕллӕттыл (Пс. 25:14; Ром. 8:20, 21). Ахӕм ныфс сын кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ ныр дӕр Йегъовӕйы, се Сфӕлдисӕджы, хонынц сӕ Фыд (Матф. 6:9). Чи райгас уыдзӕн, уыцы адӕмӕн дӕр уыдзӕн фадат, цӕмӕй базоной Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ. Ӕмӕ уыдонӕй йӕ коммӕ чи кӕсдзӕн, уыдон дӕр ӕппынфӕстаг ӕрцӕудзысты йӕ бинонтыл нымад.

12. Цавӕр фарстайӕн базондзыстӕм дзуапп?

12 Уӕдӕ федтам, Йегъовӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты кӕй равдыста, адӕмӕн кӕй аргъ кӕны. Сӕрст чырыстӕттӕй йӕхицӕн скодта фырттӕ. «Тынг бирӕ адӕмӕн» та ис ныфс, ног дунейы сӕ йӕ сывӕллӕттыл кӕй банымайдзӕн (Рарг. 7:9). Нӕ бон куыд у ныртӕккӕ равдисын, кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм дӕр Йегъовӕйы бинонтӕй уӕм?

РАВДИС, КӔЙ ДӔ ФӔНДЫ, ЦӔМӔЙ ЙЕГЪОВӔЙЫ БИНОНТӔЙ УАЙ

13. Адӕймаг цы хъуамӕ араза, цӕмӕй Хуыцауы бинонтӕм ӕрбаиу уа? (Марчы 12:30).

13Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕн ӕмӕ уымӕй равдис, кӕй йӕ уарзыс, уый. (Бакӕс Марчы 12:30.) Хуыцау нын бирӕ лӕвӕрттӕ скодта. Ӕмӕ йӕ хуыздӕр лӕвӕрттӕй иу у, нӕ бон ын лӕггад кӕнын кӕй у, уый. Йӕ фӕдзӕхстытӕ йын куы ’ххӕст кӕнӕм, уӕд ӕй уындзӕн, кӕй йӕ уарзӕм (1 Иоан. 5:3). Йесо нын йӕ Фыды номӕй дзургӕйӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ сын донаргъуыд дӕттӕм (Матф. 28:19). Стӕй ма нын бафӕдзӕхста, цӕмӕй кӕрӕдзи уарзӕм (Иоан. 13:35). Йегъовӕ коммӕгӕс адӕмӕн дӕтты фадат, цӕмӕй ӕрбаиу уой, ӕгас дунейы дӕр ын цы лӕггадгӕнджытӕ ис, уыдонмӕ ӕмӕ йӕ бинонтӕй уой (Пс. 15:1, 2).

14. Иннӕты кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? (Матфейы 9:36–38; Ромӕгтӕм 12:10).

14Иннӕты уарз. Уарзондзинад у Йегъовӕйы сӕйраг миниуӕг (1 Иоан. 4:8). Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый равдыста, зонгӕ дӕр ӕй куы нӕма кодтам, уӕд (1 Иоан. 4:9, 10). Ӕмӕ иннӕты куы уарзӕм, уӕд ӕй афтӕмӕй фӕзмдзыстӕм (Еф. 5:1). Адӕмы кӕй уарзӕм, уый фыццаджыдӕр уымӕй уыдзӕн бӕрӕг, ӕмӕ сын куы ’ххуыс кӕнӕм Йегъовӕйы базонынӕн, цалынмӕ ма рӕстӕг ис, уӕдмӕ. (Бакӕс Матфейы 9:36–38.) Афтӕмӕй сын фӕзындзӕн фадат, цӕмӕй сӕ Хуыцау йӕ бинонтыл банымайа. Адӕймаг донаргъуыд куы райса, уӕд ӕй уый фӕстӕ дӕр хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ йӕ нымайӕм (1 Иоан. 4:20, 21). Уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Зӕгъӕм, ӕнӕууӕнк ыл куы нӕ кӕнӕм ӕмӕ-иу афтӕ куы нӕ хъуыды кӕнӕм, цыдӕр барӕй аразы, зӕгъгӕ. Ӕмӕ, цыдӕр цӕмӕн сарӕзта, уый куы не ’мбарӕм, уӕд дӕр афтӕ нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, ӕмӕ йӕхи мӕт йеддӕмӕ ӕндӕр никӕй мӕт кӕны. Фӕлӕ йын кад кӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ нӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрдзыстӕм. (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:10; Фил. 2:3.)

15. Фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ кӕмӕ хъуамӕ уӕм?

15Алкӕмӕ дӕр фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ у. Кӕд нӕ фӕнды Йегъовӕйы ӕнустӕм дӕр нӕ Фыд хонын, уӕд хъуамӕ цӕрӕм Библимӕ гӕсгӕ. Зӕгъӕм, Йесо ахуыр кодта, алкӕмӕ дӕр, суанг не знӕгтӕм дӕр, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ кӕй хъуамӕ уӕм (Лук. 6:32–36). Иуӕй-иу хатт нын уый зын вӕййы. Фӕлӕ хъуамӕ ахуыр кӕнӕм, Йесо куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕнын ӕмӕ, уый куыд архайдта, афтӕ архайын. Йегъовӕйы коммӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы кӕсӕм ӕмӕ Йесойы куы фӕзмӕм, уӕд нӕ уӕларвон Фыд уындзӕн, ӕцӕгдӕр нӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм йӕ бинонтӕй уӕм.

16. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕйы бинонты ном фӕчъизи кӕнын ма бауадзӕм?

16Йегъовӕйы бинонты ном фӕчъизи кӕнын ма бауадз. Бинонты ’хсӕн арӕх афтӕ вӕййы, ӕмӕ кӕстӕр ӕфсымӕр фӕфӕзмы йӕ хистӕр ӕфсымӕры. Хистӕр ӕфсымӕр Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕра, уӕд йӕ кӕстӕрӕн уыдзӕн фӕзминаг. Фӕлӕ ӕвзӕр митӕ кӕнын куы райдайа, уӕд ӕй, гӕнӕн ис, кӕстӕр ӕфсымӕр дӕр бафӕзма. Ӕмӕ афтӕ у Йегъовӕйы бинонты ’хсӕн дӕр. Кӕд чырыстон Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта, фӕлӕ уый фӕстӕ раст дин ныууагъта кӕнӕ ӕнӕгъдау митыл бафтыд, уӕд ӕй, гӕнӕн ис, иннӕтӕ дӕр бафӕзмой. Ӕмӕ ахӕм чырыстӕттӕ Йегъовӕйы бинонты ном фӕхудинаг кӕндзысты (1 Фес. 4:3–8). Мах хъуамӕ ахӕм адӕмы ма фӕзмӕм ӕмӕ бар мацӕмӕн раттӕм, цӕмӕй нӕ нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдӕй адард кӕна.

17. Нӕхи цавӕр зондахастӕй хъуамӕ хизӕм ӕмӕ цӕмӕн?

17Дӕ зӕрдӕ ӕхца ӕмӕ мулкыл ма дар, фӕлӕ Йегъовӕйыл. Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, фыццаджыдӕр ын йӕ Паддзахад куы агурӕм ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд нын кӕй дӕтдзӕн хӕринаг, уӕлӕдарӕс ӕмӕ, кӕм цӕрӕм, уый (Пс. 55:22; Матф. 6:33). Йӕ ныхӕстыл ын куы ӕууӕндӕм, уӕд афтӕ нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, ӕмӕ нын мулк ӕмӕ ӕхцайы фӕрцы тас ницӕмӕй уыдзӕн ӕмӕ уыдзыстӕм амондджын. Мах ӕй зонӕм, нӕ зӕрдӕйы ӕцӕг фарн ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнгӕйӕ кӕй уыдзӕн (Фил. 4:6, 7). Нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ балхӕнын куы уа, уӕддӕр хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: фаг рӕстӕг ӕмӕ нӕм хъарутӕ уыдзӕн уыцы дзауматӕй пайда кӕнынӕн ӕмӕ сӕм зилынӕн? Науӕд сӕ ӕгӕр нӕ бауарздзыстӕм? Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй аразӕм, цы нын бахӕс кодта, уый. Ӕмӕ нӕ хъуамӕ уыцы хъуыддаджы мацы бахъыгдара. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй уӕм иу ӕрыгон хъӕздыг нӕлгоймаджы хуызӕн. Уымӕн цавӕрдӕр дзауматӕ афтӕ зынаргъ систы, ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг не сси. Стӕй йын уыд фадат, цӕмӕй Хуыцауы фырттӕй сӕ иу суыдаид. Ӕмӕ уыцы фадатӕй дӕр ӕнӕхай фӕци (Мар. 10:17–22).

ЙЕГЪОВӔЙЫ СЫВӔЛЛӔТТӔ ӔНУСТӔМ ДӔР ЦӔМӔЙ УЫДЗЫСТЫ ХАЙДЖЫН?

18. Коммӕгӕс адӕм ӕнустӕм цавӕр кадӕй ӕмӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй уыдзысты хайджын?

18 Коммӕгӕс адӕм хайджын уыдзысты ӕппӕты стырдӕр кадӕй – ӕнустӕм уыдзысты Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ ӕмӕ йын лӕггад кӕндзысты! Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕн стыр циндзинад хӕсдзӕн, Йегъовӕ адӕмӕн цы диссаджы зӕхх скодта, уымӕ кӕй зилдзысты, уый. Тагъд Хуыцауы Паддзахады дӕлбар зӕхх йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ зӕххыл цард бынтондӕр фӕивдзысты. Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы бинонты ныууадзын куы сфӕнд кодтой, уӕд уый ӕркодта стыр бӕллӕхтӕм. Ӕмӕ Йесо уыдӕттӕн кӕрон скӕндзӕн. Йегъовӕ райгас кӕндзӕн милуанты ӕмӕ сын ратдзӕн фадат, цӕмӕй ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрой (Лук. 23:42, 43). Йегъовӕйы зӕххон сывӕллӕттӕ ӕххӕст куы суой, уӕд сӕ алчидӕр хайджын уыдзӕн «кад ӕмӕ намысӕй» (Пс. 8:5).

19. Нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

19 Кӕд ды дӕр «тынг бирӕ адӕмӕй» дӕ, уӕд дӕ зӕрдыл дар, цы диссаджы ныфс дын ис, уый. Хуыцау дӕ тынг уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ бинонтӕй уай. Уӕдӕ, дӕ бон цы у, уый араз, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнай. Иу бон дӕр дӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ рох ма уӕнт. Аргъ кӕн, дӕ бон кӕй у нӕ зынаргъ уӕларвон Фыдӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ йӕ ӕнустӕм кадджын кӕнын!

107 ЗАРӔГ Хуыцауы уарзт – махӕн фӕзминаг

^ 5 абз. Цӕмӕй бинонтӕ амондджын уой, уый тыххӕй хъуамӕ алчидӕр зона, цавӕр хӕс ыл ис ӕмӕ хъуамӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕной. Фыд хъуамӕ йӕ бинонтӕн фӕлмӕнӕй разамынд дӕтта, мад ын хъуамӕ ӕххуыс кӕна, сывӕллӕттӕ та хъуамӕ сӕ ныййарджыты коммӕ кӕсой. Ӕмӕ афтӕ у Йегъовӕйы бинонты хабар дӕр. Уымӕ мах тыххӕй ис бӕлвырд фӕнд. Ӕмӕ йӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд ӕнустӕм дӕр уыдзыстӕм йӕ бинонтӕй.

^ 55 абз. НЫВ. Йегъовӕ адӕмы скодта йӕхимӕ гӕсгӕ, ӕмӕ сӕ бон у йӕ миниуджытӕ фӕзмын. Лӕг ӕмӕ ус Хуыцауы кӕй фӕзмынц, уый бӕрӕг у, кӕрӕдзийы ӕмӕ сӕ лӕппуты кӕй уарзынц, стӕй фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй сты, уымӕй. Ацы лӕг ӕмӕ ус Йегъовӕйы уарзынц. Ӕмӕ сын сывӕллӕттӕ кӕй ис, уымӕн кӕй аргъ кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ фӕнды сӕ лӕппуты афтӕ хъомыл кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы бауарзой ӕмӕ йын лӕггад кӕной. Сӕ лӕппутӕн ӕвдисынц видеоролик ӕмӕ сын ӕмбарын кӕнынц, Йегъовӕ Йесойы нывондӕн цӕмӕн ӕрхаста, уый. Дзурынц ма сын, адӕм ӕнустӕм дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты ӕмӕ зӕхмӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕм кӕй зилдзысты.