Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

31 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йеговӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсдзӕнӕ?

Йеговӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсдзӕнӕ?

«Цӕйбӕрцӕ гъӕуа, уойбӕрцӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсдзӕн» (МИХ. 7:7).

128 ЗАР Кӕронмӕ федар лӕууӕ

РАЗДЗУРД *

1, 2. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

ДӔ ЦӔСТИТӔБӔЛ рауайун кӕнӕ, цума дин де ’мбал гъӕуама ӕрбахӕсса, хъӕбӕр дӕ ка гъӕуй уӕхӕн дзаума. Фал имӕ ду ци афони ӕнгъӕлмӕ кастӕ, еци афони не ’рбацудӕй. Уӕхӕн хабар ӕхцӕуӕн некӕмӕн уодзӕй. Ӕмбесӕндти 13:12 дӕр уомӕ гӕсгӕ финст ӕй: «Берӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсун адӕймагӕн зӕрдинез ӕй». Фал ӕй фӕстӕдӕр базудтай, цӕй туххӕй нӕма зиннуй, уой, ӕма дин нур ӕнцондӕр ӕй бангъӕлмӕ кӕсун.

2 Аци статьяй ӕркӕсдзиан Библийӕй цалдӕр уагӕвӕрдемӕ. Етӕ нин банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй, «цӕйбӕрцӕ гъӕуа, уойбӕрцӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн» (Мих. 7:7). Удта ӕркӕсдзиан, Йеговӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсун кӕд фӕгъгъӕуй, уӕхӕн уавӕртӕй дууемӕ. Фӕстагмӕ ба базондзиан, фӕразонӕй ка ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уонӕн Йеговӕ цӕхуӕн хуӕрзеуӕг ӕрцӕттӕ кодта, уой.

ФӔРАЗОНДЗИЙНАДӔБӔЛ НӔ КА АХУР КӔНУЙ, УӔХӔН УАГӔВӔРДТӔ БИБЛИЙӔЙ

3. Ӕмбесӕндти 21:5 финст дзурдтӕ нин цӕбӕл дзорӕг ӕнцӕ?

3 Фӕразондзийнадӕ куд ӕхсидзгӕ ӕй, уой базонӕн ес Ӕмбесӕндти 21:5. Уоми финст ӕй: «Хӕлӕф ка кӕнуй, уомӕн... ӕ кӕрон цӕуй мӕгурмӕ». Аци дзурдтӕ цӕбӕл дзорӕг ӕнцӕ? Цӕмӕй нин ести бантӕса, уой туххӕй гъӕуама алцидӕр лӕмбунӕг кӕнӕн ӕма хӕлӕф ма кӕнӕн.

4. Ӕмбесӕндти 4:18 финст дзурдтӕ цӕмӕ ес рахӕссӕн?

4 Ӕмбесӕндти 4:18 финст ӕй: «Рӕстгӕнгути над ӕй хори рохси хузӕн – еци рохс кӕнуй хъӕбӕрӕй-хъӕбӕрдӕр, цалинмӕ хор ӕ тӕмӕни нӕ бацӕуа, уӕдмӕ». Аци дзурдтӕ арӕхдӕр ӕрхӕссӕн, Йеговӕ ӕ фӕндон куд ӕргом кӕнуй, уобӕл дзоргӕй. Фал ма сӕ рахӕссӕн ес, киристон ӕ цард куд раййевуй ӕма Йеговӕмӕ куд бахӕстӕг уй, уомӕ дӕр. Еци гъуддагӕн рӕстӕг гъӕуй. Йеговӕ нин ӕ Дзурд ӕма ӕ организаций фӕрци ци унаффитӕ дӕттуй, уонӕмӕ ку игъосӕн ӕма си царди ку пайда кӕнӕн, уӕд Киристей хузӕн менеугутӕ нӕ уодигъӕди ирӕзун кӕндзиан ӕма Хуцауи дӕр хуӕздӕр базондзиан. Ӕркӕсӕн, Йесо еци гъуддаги фӕдбӕл ци цӕветтон ӕрхаста, уомӕ.

Нӕмуг куд сабургай ферӕзуй, уотӕ, Паддзахади хабар ӕ зӕрдӕмӕ ка райста, еци адӕймаг дӕр ӕ царди ӕййивддзийнӕдтӕ сабургай фӕккӕнуй (кӕсӕ 5 абзац)

5. Адӕймаг ӕ царди ӕййивддзийнӕдтӕ куд фӕккӕнуй, уой Йесо куд балӕдӕрун кодта?

5 Йесо Хуцауи Паддзахади хабар рабарста, хуарз адӕймаги зӕрди сабургай ка исирӕзуй, уӕхӕн нӕмуги хӕццӕ ӕма загъта: «[Зӕнхикустгӕнӕг] ӕхсӕвӕ хусгӕ фӕккӕнуй, бонӕй исистуй. Уӕдмӕ муггаг бенцъу рауадзуй, исирӕзуй – куд, уой ба адӕймаг зонгӕ дӕр нӕ кӕнуй. Уотӕ зӕнхӕ ӕхуӕдӕг сабургай раттуй тиллӕг: фиццаг мӕнӕуӕ иссӕуй, уой фӕсте искӕнуй ӕфсерӕ, уӕдта ӕфсери нӕмуг ниннӕрсуй» (Мар. 4:27, 28). Цума Йесо цӕй кой кодта? Нӕмуг куд сабургай ферӕзуй, уотӕ, Паддзахади хабар ӕ зӕрдӕмӕ ка райста, еци адӕймаг дӕр ӕ царди ӕййивддзийнӕдтӕ сабургай фӕккӕнуй. Адӕймаг Йеговӕмӕ куд хӕстӕгдӕр кӕна, уотӕ хъӕбӕрдӕр бӕрӕг кӕндзӕй, ӕ цард куд ӕййевуй, е дӕр (Еф. 4:22–24). Фал гъӕуама ма иронх кӕнӕн: адӕймаги зӕрди нӕмуг Йеговӕ ирӕзун кӕнуй (1 Кор. 3:7).

6, 7. Йеговӕ зӕнхӕ куд кодта, уомӕй ци ес базонӕн?

6 Йеговӕ цӕхуӕндӕр гъуддагмӕ ку равналуй, уӕд хӕлӕф некӕд фӕккӕнуй, фал ин фагӕ рӕстӕг рахецӕн кӕнуй. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма иннети хуарзбӕл тухсуй, удта ’й фӕндуй, цӕмӕй ӕ ном кадгин кӕна. Е бӕрӕг ӕй, зӕнхӕ адӕнӕн куд цӕттӕ кодта, уомӕй.

7 Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ Йеговӕ зӕнхӕ ку кодта, уӕд бал рагацау исбӕрӕг кодта, «цӕййасӕ гъӕуама адтайдӕ, уой», федар «бундортӕ» ин искодта ӕма ин «фесуни дор... исӕвардта» (Иов 38:5, 6). Еу ести бал ку искӕнидӕ, уӕд ӕркӕсидӕ, ӕ куст куд рауадӕй, уомӕ (Райд. 1:10, 12). Расагъӕс кӕнӕ, изӕдтӕ куд дес кодтонцӕ ӕма куд цийнӕ кодтонцӕ, Дун-дуйне ӕма зӕнхӕ цӕхуӕн уодзӕнцӕ, е минкъийгай бӕрӕг кӕнун ку райдӕдта, уӕд (Иов 38:7). Мадта ци ес зӕгъӕн? Йеговӕ Дун-дуйне мингай ӕнзти дӕргъи фӕккодта, фал ӕ кустмӕ еуварсӕй ку ’ркастӕй, уӕдта загъта, алцидӕр «хъӕбӕр хуарз» ке рауадӕй (Райд. 1:31).

8. Идарддӕр цӕбӕл радзубанди кӕндзиан?

8 Куд ӕй фӕууидтан, уотемӕй, фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун куд ӕхсидзгӕ ӕй, уой ка ӕвдесуй, уӕхӕн уагӕвӕрдтӕ Библий берӕ ес. Нур ба ӕркӕсӕн, Йеговӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсун нӕ кӕд фӕгъгъӕуй, уӕхӕн уавӕртӕй дууемӕ.

ЙЕГОВӔМӔ ӔНГЪӔЛМӔ КӔСУН КӔД ФӔГЪГЪӔУЙ?

9. Йеговӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсун нӕ кӕд багъӕуй?

9 Хатгай нӕ фӕгъгъӕуй ӕнгъӕлмӕ кӕсун, Йеговӕ нин нӕ кувдбӕл дзуапп кӕд искӕндзӕй, уомӕ. Фӕууй уотӕ, ӕма Йеговӕй хъауритӕ ракорӕн, цӕмӕй фӕлварӕни федар фӕллӕууӕн, фал нӕ кувдбӕл ба дзуапп нӕ фӕууинӕн. Цума нин Йеговӕ еуӕй-еухатт нӕ кувдтитӕбӕл уайтагъд цӕмӕн не ’сдзуапп кӕнуй?

10. Йеговӕ нин нӕ кувдбӕл дзуапп кӕд ратдзӕй, уомӕ фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун цӕмӕн гъӕуй?

10 Йеговӕмӕ ку фӕкковӕн, уӕд нӕмӕ алкӕддӕр лӕмбунӕг фегъосуй (Пс. 65:2). Зӕрдӕй имӕ ку фӕкковӕн, уӕд ӕй фӕууинуй, ке ибӕл ӕууӕндӕн, уой (Дзиуит. 11:6). Йеговӕ ма фӕккӕсуй, цӕй туххӕй имӕ ковӕн, уобӕл нӕхуӕдтӕ куд архайӕн, удта ин ӕ фӕндон куд ӕнхӕст кӕнӕн, уомӕ (1 Иоан. 3:22). Зӕгъӕн, Йеговӕмӕ ку ковӕн, цӕмӕй нин цидӕр лӕгъуз гъуддаг ниууадзунмӕ банхус кӕна, уӕд гъӕуама нӕхуӕдтӕ дӕр ӕгас хъаурӕй тох кӕнӕн. Йеговӕ нӕ кувдбӕл уайтагъд дзуапп ке нӕ раттуй, е ма бӕрӕг ӕй Киристей дзурдтӕй дӕр: «Коретӕ, ӕма уин ратдзӕнцӕ. Агоретӕ, ӕма иссердзиайтӕ. Хуайетӕ, ӕма уин райгон кӕндзӕнцӕ. Уомӕн ӕма, ка коруй, уомӕн раттунцӕ, ка агоруй, е иссеруй ӕма, ка хуайуй, уомӕн райгон кӕнунцӕ» (Матф. 7:7, 8). Аци унаффӕмӕ гӕсгӕ ку архайӕн, ӕма идарддӕр дӕр ку ковӕн, уӕд нӕ нӕ уӕларвон Фидӕ ӕнӕмӕнгӕй фегъосдзӕй ӕма нин банхус кӕндзӕй (Кол. 4:2).

Йеговӕмӕ фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун нӕ бон уодзӕй, ку имӕ ковӕн ӕма нин дзуапп ке ратдзӕй, уобӕл федарӕй ку ’ууӕндӕн, уӕд (кӕсӕ 11 абзац) *

11. Дзиуиттӕгтӕмӕ 4:16 финст дзурдтӕ нин куд банхус кӕндзӕнцӕ, уотӕ нӕмӕ ку кӕса, ӕма нин Йеговӕ нӕ кувдбӕл дзуапп ӕрӕгмӕ дӕттуй?

11 Хатгай нӕмӕ уотӕ дӕр кӕсдзӕй, ӕма Йеговӕ ӕгӕр ӕрӕгӕмӕ дӕттуй дзуапп нӕ кувдбӕл, фал ӕцӕгӕй ба дзуапп афойнадӕбӕл фӕддӕттуй. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 4:16.) Мадта раст нӕ уайдӕ Йеговӕн уайдзӕф кӕнун, нӕ кувдбӕл нин, мах куд тагъд фӕндадтӕй, уотӕ тагъд ке не ’сдзуапп кодта. Зӕгъӕн, беретӕ дӕсгай ӕнзти дӕргъи ковунцӕ, цӕмӕй Хуцауи Паддзахадӕ аци лӕгъуз дуйнейӕн кӕрон искӕна. Йесо дӕр дзурдта, уой туххӕй ковун ке гъӕуй (Матф. 6:10). Фал нӕуӕг дуйне, адӕн имӕ куд тагъд ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ, уотӕ тагъд ке не ’рцудӕй, уой туххӕй Хуцаубӕл гурусхӕ кӕнун ку райдайӕн, уӕд е зундбӕл дзорӕг нӕ уодзӕй (Ав. 2:3; Матф. 24:44). Зундбӕл дзорӕг уодзӕй, Йеговӕмӕ идарддӕр ку ковӕн ӕма нин нӕ кувдбӕл дзуапп ке ратдзӕй, уобӕл ку ’ууӕндӕн, уӕд. Аци дуйнейӕн ӕ кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕй, еци «бон ӕма сахат» Йеговӕ ӕхемӕ раги фӕббӕрӕг кодта. Йегови ка уарзуй, уонӕн се ’гасемӕндӕр е тӕккӕ хуӕздӕр рӕстӕг уодзӕй (Матф. 24:36; 2 Пет. 3:15).

Цӕмӕй бӕрӕг адтӕй, Иосиф фӕразонӕй Йеговӕмӕ ке ӕнгъӕлмӕ кастӕй ӕма си мах цӕбӕл ахур кӕнӕн? (кӕсӕ 12–14 абзацтӕ)

12. Зин ма нин кӕд фӕууй ӕнгъӕлмӕ кӕсун?

12 Ӕнгъӕлмӕ кӕсун ма нӕ фӕгъгъӕуй, хӕран гъуддӕгтӕбӕл ку фембӕлӕн, уӕд. Аци дуйней беретӕ, ӕндӕр адӕнихаттӕй ка ӕй кенӕ ӕндӕр ӕгъдӕуттӕбӕл хуӕст ка ӕй, уонӕмӕ ӕнӕнвӕрсон каст фӕккӕнунцӕ. Кадӕртӕ ба сӕйгити фефхуӕрунцӕ. Йегови Ӕвдесӕнти дӕр ӕнӕфудӕй арӕх бафхуӕрунцӕ. Уӕхӕн уавӕри гъӕуама нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн Йесой дзурдтӕ: «Кӕронмӕ федар ка фӕллӕууа, е фӕййервӕздзӕй» (Матф. 24:13). Фал ма фӕууй уотӕ дӕр, ӕма киристӕнттӕй кадӕр уӕззау тӕрегъӕд искодта, мах ба ’й базудтан. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕй фӕззонунцӕ. Цума нӕ бон исуодзӕй хестӕр нӕлгоймӕгти унаффӕмӕ бангъӕлмӕ кӕсун? Ӕнгъӕлмӕ кӕсун нин ӕнцондӕр уодзӕй, уӕхӕн гъуддӕгтӕ ӕвзаргӕй хестӕр нӕлгоймӕгтӕ куд гъӕуама архайонцӕ, уой ку зонӕн, уӕд.

13. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ куд гъӕуама архайонцӕ, ӕмбурди еске уӕззау тӕрегъӕд ку искӕна, уӕд?

13 Кадӕр ӕмбурди уӕззау тӕрегъӕд ке искодта, уой хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ку базонунцӕ, уӕд Йеговӕй «уӕллӕй ӕрцӕугӕ зунд» ракорунцӕ, цӕмӕй сӕ бон уа еци гъуддагмӕ уой цӕстӕй ракӕсун (Иак. 3:17). Сӕ нисан ӕй адӕймагӕн банхус кӕнун, цӕмӕй «рӕдуд надӕй раздӕха» (Иак. 5:19, 20). Уомӕй уӕлдай ма ӕмбурди иннӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти багъӕуай кӕнунбӕл дӕр фӕййархайунцӕ, удта батухсунцӕ, еци адӕймаги тӕрегъӕд ке фӕрресун кодта, уонӕбӕл дӕр (2 Кор. 1:3, 4). Уӕхӕн гъуддӕгтӕ ӕвзаргӕй хестӕр нӕлгоймӕгтӕ фиццагидӕр гъӕуама дзӕбӕх исбӕрӕг кӕнонцӕ, хабар куд адтӕй, уой ӕма гъуддагмӕ аллирдигӕй ӕркӕсонцӕ. Уомӕн ба рӕстӕг багъӕудзӕй. Уой фӕсте ба раковдзӕнцӕ, ӕма еци адӕймагӕн ка банхус кӕндзӕй, Библий уӕхӕн стихтӕ равзардзӕнцӕ ӕма ин зунд байамондзӕнцӕ (Йер. 30:11). Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ унаффӕ рахӕссунмӕ рӕстӕг нӕ февазунцӕ, фал хӕлӕф дӕр нӕ фӕккӕнунцӕ. Йегови амундтӕмӕ гӕсгӕ ке фӕййархайунцӕ, е алкӕмӕндӕр пайда фӕххӕссуй. Фал уотемӕй дӕр, гӕнӕн ес, ӕма адӕймаг ци тӕрегъӕд искодта, е хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй кӕбӕлдӕр фӕббӕрӕг ӕй ӕма ин ӕ зӕрди арф гъӕдгинтӕ ниууагъта. Дӕубӕл ба ескӕд уӕхӕн хабар ӕрцудӕй? Кӕд гъо, уӕд дин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй дӕ рист фӕссабурдӕр уа?

14. Хӕрандзийнадӕбӕл ку исӕмбӕлай, уӕд дин ке цӕветтон банхус кӕндзӕй?

14 Ду ба ескӕд хӕрандзийнадӕбӕл исӕмбалдтӕ, ка ’й зонуй ма ӕмбурди дӕр? Кӕд гъо, уӕд дин, Библий ке кой цӕуй, еци адӕни хабӕрттӕ устур ӕнхус уодзӕнцӕ. Беретӕ си фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ, Йеговӕ гъуддаг куд ниллух кӕндзӕй, уомӕ. Цӕветтонӕн ӕрхӕссӕн Иосифи хабар. Е ӕфхуӕрд баййафта е ’нсувӕртӕй, фал уӕддӕр ӕ зӕрди маст нӕ ниддардта. Е ’гас хъауритӕ дӕр исаразта Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ, ӕма ин Йеговӕ дӕр ӕ фӕразондзийнадӕ ӕма федардзийнади туххӕй райарфӕ кодта (Райд. 39:21). Рӕстӕг рацудӕй, ӕма Иосиф е ’нсувӕртӕн ниххатир кодта, удта ’й фӕууидта, ӕ царди хабӕрттӕ ин Йеговӕ ке аразта (Райд. 45:5). Иосифи хузӕн мах дӕр ку архайӕн, цӕмӕй Йеговӕмӕ хӕстӕг кӕнӕн ӕма гъуддаг уой бӕрагӕ ку ниууадзӕн, уӕд нӕ фӕффудӕнгъӕл уодзиан (Пс. 7:17; 73:28).

15. Еу хуӕрӕн ци банхус кодта, хӕрандзийнадӕбӕл ку исӕмбалдӕй, уӕд?

15 Алкӕбӕл ни Иосифи хузӕн хабар не ’рцӕудзӕй, фал ӕхцӕуӕн некӕмӕн фӕууй, ӕ зӕрдихудти ин ку бацӕунцӕ, уӕд. Нӕ зӕрдихудти кафӕнди ма бацӕуа, уӕддӕр нин Библий уагӕвӕрдтӕ банхус кӕндзӕнцӕ (Фил. 2:3, 4). Ӕркӕсӕн еу хуӕри хабармӕ. Исхондзиан ӕй Янӕ. Еухатт Янӕ базудта, е ’мкосӕг ин ӕ фудкой ке ракодта. Ӕма ин е кӕд зин адтӕй, уӕддӕр ӕхебӕл фӕххуӕстӕй. Цума ин ци банхус кодта? Йесой цӕветтон. Йесойӕн ӕфхуӕрӕн дзубандитӕ ку кодтонцӕ, уӕд сӕ е не ’фхуардта (1 Пет. 2:21, 23). Уомӕ гӕсгӕ Янӕ, цума неци адтӕй, уотӕ ӕхе ’скодта. Фӕстӕдӕр ба базудта, е ’мкосӕг хъӕбӕр сӕйгӕ ке адтӕй, ӕма уой туххӕй ке тухстӕй. Уӕд ӕй Янӕ балӕдӕрдтӕй, е ’мкосӕг уотитӕ ӕнӕрасагъӕсӕй ке радзурдта. Ӕма ӕхецӕй хъӕбӕр боз адтӕй, фӕстӕмӕ имӕ ке неци исдзурдта, уой туххӕй, ӕ мастӕй ба фӕд дӕр нӕ байзадӕй.

16. Хӕрандзийнадӕбӕл ку исӕмбӕлай, уӕд дин Библийӕй цӕхуӕн гъуди банхус кӕндзӕй? (1 Петури 3:12).

16 Кӕд хӕрандзийнадӕбӕл исӕмбалдтӕ, ӕма дин уой туххӕй кенӕ ӕндӕр естӕй туххӕй зин ӕй, уӕд дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ Библий финст дзурдтӕ: «Йеговӕ хӕстӕг ӕй, зӕрдӕсаст ка ӕй, уонӕмӕ» (Пс. 34:18). Е дӕ уарзуй, уомӕн ӕма дӕ гъуддаг уой бӕрагӕ бакодтай ӕма имӕ фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсис (Пс. 55:22). Йеговӕ ӕгас зӕнхи Тӕрхонгӕнӕг ӕй ӕма алцидӕр уинуй. (Бакӕсӕ 1 Петури 3:12.) Мадта зин уавӕри ку бахауай ӕма дин идарддӕр ци кӕнгӕ ’й, уой ку нӕ зонай, уӕд идарддӕр дӕр фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕ Йеговӕмӕ.

ЙЕГОВӔМӔ КА ӔНГЪӔЛМӔ КӔСУЙ, ЕТӔ УСТУР АРФӔДЗИЙНӔДТӔЙ ИСХАЙГИН УОДЗӔНЦӔ

17. Исаййи 30:18 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нин Йеговӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕруй?

17 Тагъд рӕстӕги Йеговӕ ӕ Паддзахади фӕрци е ’гас зӕрдӕвӕрдтӕ дӕр исӕнхӕст кӕндзӕй. Исаййи 30:18 финст ӕй: «Йеговӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсдзӕй, цӕмӕй уин фӕттӕрегъӕд кӕна, исистдзӕй, цӕмӕй уӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзийнадӕ бавдеса. Уомӕн ӕма Йеговӕ ӕй, раст тӕрхон ка кӕнуй, еци Хуцау. Амондгун ӕнцӕ, ка имӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, етӕ еугурӕйдӕр». Йеговӕбӕл ӕ зӕрдӕ ка даруй ӕма имӕ ка ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, етӕ аци дуйней дӕр ӕма нӕуӕг дуйней дӕр устур арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уодзӕнцӕ.

18. Цӕхуӕн цард нӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?

18 Нӕуӕг дуйней Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ некӕдбал нецӕбӕл тухсдзӕнцӕ. Хӕран гъуддӕгтӕн ӕма ци рист хӕссунцӕ, уонӕн сӕ кой дӕр нӕбал уодзӕй (Рарг. 21:4). Царди нӕ ӕнӕмӕнгӕй ци гъӕуй, уобӕл тухсун нӕ нӕбал гъӕудзӕй, уомӕн ӕма алцидӕр фӕндон уодзӕй (Пс. 72:16; Ис. 54:13). Расагъӕс кӕнӕ, ци дессаги цард нӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй!

19. Йеговӕ нӕ абони цӕмӕ цӕттӕ кӕнуй?

19 Цалинмӕ еци рӕстӕг нӕма ӕрцудӕй, уӕдмӕ ба нӕ Йеговӕ еци цардмӕ цӕттӕ кӕнуй ӕма нин ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй лӕгъуз менеугутӕй исуӕгъдӕ уӕн ӕма хуарз менеугутӕ нӕ уодигъӕди федар кӕнӕн. Уӕ къохтӕ ма уадзетӕ – дессаги федӕн нӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй! Йеговӕ ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд исӕнхӕст кӕндзӕй, еци рӕстӕгмӕ идарддӕр дӕр фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсетӕ!

118 ЗАР «Бафтауӕ нин не ’ууӕндундзийнадӕбӕл»

^ 5 абз. Ду дӕр, ӕвӕдзи, Йегови лӕггадгӕнгутӕй ескӕмӕй фегъустай: «Уой ӕнгъӕл н’ адтӕн, ӕма Армагеддони уӕнгӕ базӕронд уодзӕн». Алкедӕр ни бафӕлладӕй аци дуйней цӕрунӕй, ӕма нӕ фӕндуй, цӕмӕй ин Йеговӕ тагъддӕр кӕрон искӕна. Фал нӕ уӕддӕр гъӕуй фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, Библийӕй нин цӕхуӕн уагӕвӕрдтӕ банхус кӕндзӕнцӕ фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун. Уомӕй уӕлдай ма базондзиан, никкидӕр ма нӕ цӕхуӕн дууӕ уавӕреми гъӕуй фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун. Фӕстагмӕ ба радзубанди кӕндзиан, фӕразон ка ӕй, уонӕн Йеговӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕруй, уобӕл.

^ 56 абз. ХУЗӔ. Хуӕрӕ ӕ минкъийӕй нурмӕ дӕр ахур ӕй Йеговӕмӕ ковун. Уобӕл ӕй ӕ ниййергутӕ исахур кодтонцӕ. Ӕригонӕй пионер ку иссӕй, уӕд Йеговӕй ӕнхус арӕх курдта. Фӕстӕдӕр ӕ лӕг ку фӕссӕйгӕ ’й, уӕд Йеговӕн лигъстӕ кодта, цӕмӕй ин хъауритӕ равардтайдӕ. Нур ба идӕдзӕ уогӕй Йеговӕмӕ алкӕддӕр фӕкковуй ӕма ’й федарӕй зонуй, раздӕр куд адтӕй, уотӕ ин нур дӕр Йеговӕ ӕ кувдбӕл дзуапп ке ратдзӕй.