Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

36 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Ӕрыгӕттӕн аргъ кӕнут

Ӕрыгӕттӕн аргъ кӕнут

«Лӕппуты фидауц – сӕ тых» (ӔМБ. 20:29).

88 ЗАРӔГ Бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Ацӕргӕтӕн сӕ бон сӕ разы цавӕр нысан у сӕвӕрын?

АДӔЙМАГЫЛ азтӕ сӕ уӕз куы ’руадзынц, уӕд, чи зоны, фӕхъуыды кӕны, ӕмӕ дзы Йегъовӕйы организацийы ницыуал пайда ис. Фӕлӕ кӕд ацӕргӕтӕ раздӕрау хъаруджын нал вӕййынц, уӕддӕр сӕм вӕййы зонындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлтӕрддзинад. Ӕмӕ сӕ бон вӕййы ӕрыгӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы организацийы фылдӕр хӕстӕм тырной. Хистӕр нӕлгоймагӕй рагӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр загъта: «Азтӕ мыл сӕ уӕз куы ’руагътой, уӕд ӕй бамбӕрстон, раздӕр мӕ бон цас уыд аразын, ныр мӕ бон уыйбӕрц кӕй нал у. Фӕлӕ мын ӕхсызгон у, не ’мбырды кӕй ис курдиатджын ӕрыгон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ уыдонӕн сӕ бон кӕй у уыцы хъуыддӕгтӕ аразын».

2. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Айразмӕйы статьяйы дзырд цыди, ӕрыгӕттӕ ацӕргӕтимӕ куы лымӕн кӕной, уӕд уый ӕрыгӕттӕн цы пайда ’рхӕсдзӕн, ууыл. Ацы статьяйы та аныхас кӕндзыстӕм, ацӕргӕтӕ сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ куы уой, ӕрыгӕттӕй бузныг куы уой, стӕй рӕдау куы уой, уӕд сын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн ӕрыгӕттимӕ ӕмгуыст кӕнынӕн. Афтӕ куы кӕной, уӕд уый ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн дӕр пайда ’рхӕсдзӕн.

СӔРНЫЛЛӔГ У

3. Филиппӕгтӕм 2:3, 4 стихтӕм гӕсгӕ, сӕрныллӕг адӕймаг цы фӕаразы ӕмӕ уыцы миниуӕг ахсджиаг цӕмӕн у?

3 Кӕд ацӕргӕты фӕнды ӕрыгӕттӕн ӕххуыс кӕнын, уӕд хъуамӕ уой сӕрныллӕг. Сӕрныллӕг адӕймаг иннӕты йӕхицӕй уӕлдӕр февӕры. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:3, 4.) Сӕрныллӕг ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕмбарынц, арӕх иу хъуыддаг кӕй вӕййы алыхуызӕтты саразӕн ӕмӕ йӕ куыдфӕнды ма саразай, уӕддӕр Библимӕ гӕсгӕ раст кӕй уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ иннӕтӕй нӕ фӕдомынц, цӕмӕй цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ аразой, уыдон сӕ раздӕр куыд арӕзтой, афтӕ (Еккл. 7:10). Сӕхӕдӕг цы зонынц, уыдӕттӕ ӕрыгӕттӕн куы амоной, уӕд сын афтӕмӕй ӕххуыс кӕндзысты. Фӕлӕ уыдон ӕмбарынц, сӕхи дӕр кӕй хъӕуы ног уавӕртыл ахуыр кӕнын, уымӕн ӕмӕ «ацы дунейӕн йӕ хуыз ивы, театры нывтӕ куыд фӕивынц, афтӕ» (1 Кор. 7:31).

Ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ иннӕтӕн сӕ фӕлтӕрддзинад не ’вгъау кӕнынц (кӕс 4, 5 абзацтӕ) *

4. Районон цӕстдарджытӕ левитты хуызӕн цӕмӕй сты?

4 Сӕрныллӕг ацӕргӕтӕ ӕмбарынц, раздӕр цас арӕзтой, уыйбӕрц аразын сӕ бон кӕй нал у. Ахъуыды-ма кӕнӕм районон цӕстдарджытыл. 70 азы сыл куы сӕххӕст вӕййы, уӕд сын сӕ бар ӕндӕр хӕстӕ бакӕнынц, ӕмӕ сын, чи зоны, уый ӕнцон нӕ вӕййы. Сӕ лӕггад сӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Ӕхсызгон сын уыд, се ’фсымӕртӕн кӕй лӕггад кодтой, уый. Ӕмӕ сӕ фӕндыдаид дарддӕр дӕр ахӕм хуызы лӕггад кӕнын. Фӕлӕ йӕ ӕмбарынц, хуыздӕр кӕй у уыцы хъуыддаг ӕрыгондӕр ӕфсымӕртӕн бахӕс кӕнын. Зӕгъӕн ис, сты левитты хуызӕн. Левитыл-иу 50 азы куы сӕххӕст, уӕд-иу закъонмӕ гӕсгӕ йӕ бон нал уыди цатыры лӕггад кӕнын. Фӕлӕ уыцы левиттӕн сӕ циндзинад, цы хӕстӕ ӕххӕст кодтой, уыдоныл баст нӕ уыд. Дарддӕр дӕр, сӕ бон цы уыд, уый зӕрдиагӕй арӕзтой, стӕй-иу ӕрыгондӕр левиттӕн ӕххуыс кодтой (Ным. 8:25, 26). Ахӕмтӕ сты, раздӕр районон цӕстдарджытӕй чи лӕггад кодта, уыцы ӕфсымӕртӕ дӕр. Кӕд ӕмбырдтӕ нал фӕбӕрӕг кӕнынц, уӕддӕр стыр ӕххуыс вӕййынц, кӕдӕм сӕ снысан кӕнынц, уыцы ӕмбырдтӕн.

5. Дэн ӕмӕ йӕ бинойнаг Кэтийӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

5 Ӕркӕсӕм Дэны хабармӕ. Дэн районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кодта 23 азы. 70 азы йыл куы сӕххӕст, уӕд сӕ йӕ бинойнаг Кэтиимӕ сӕрмагонд пионертӕй снысан кодтой. Цымӕ сӕ лӕггад сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы? Дэн зӕгъы, зӕгъгӕ, дам, афтӕ ӕнӕвдӕлон никуы уыдтӕн. Ӕмбырды йыл цы хӕстӕ ис, уыдон зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕны. Стӕй ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕм фӕзына хъӕугӕ миниуджытӕ ӕмӕ сӕ бон уа кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй лӕггад кӕнын. Хъусынгӕнджыты ахуыр кӕны, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, уыцы рӕтты стендтимӕ ӕмӕ ахӕстӕтты хъусын кӕнын. Нӕ буц хистӕртӕ, ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнут ӕви нӕ, уӕддӕр уӕ бон у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын. Ног уавӕртыл ахуыр кӕнут, уӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрут ӕмӕ хъуыды кӕнут, уӕ бон цы у, ууыл, уӕ бон цы нӕу, ууыл нӕ, фӕлӕ.

БОНЗОНГӔ У

6. Адӕймаг бонзонгӕ уа, уый зондыл дзурӕг цӕмӕн у? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

6 Бонзонгӕ адӕймаг ӕмбары, йӕ бон алцы кӕй нӕу (Ӕмб. 11:2). Уымӕ гӕсгӕ йӕхицӕй, йӕ бон цы нӕу, уый нӕ фӕдомы, ӕмӕ уый фӕрцы вӕййы амондджын ӕмӕ ӕнтыстджын. Бонзонгӕ адӕймаджы абарӕн ис, хӕххон фӕндагыл хӕрдмӕ чи фӕцӕуы, ахӕм шофыримӕ. Уый йӕ цыд фӕсындӕгдӕр кӕны, цӕмӕй йӕ машинӕ ма ахуысса ӕмӕ дарддӕр размӕ цӕуа. Афтӕ бонзонгӕ адӕймаг дӕр зоны, йӕ цыд кӕд «фӕсындӕгдӕр кӕна», уый, цӕмӕй йӕ бон уа дарддӕр дӕр Йегъовӕйы хъуыддаджы бирӕ аразын (Фил. 4:5).

7. Верзели бонзонгӕ кӕй уыд, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

7 Ӕркӕсӕм Верзелийы хабармӕ. 80 азы йыл куы цыд, уӕд ын паддзах Давид загъта, цӕмӕй йемӕ ацыдаид ӕмӕ суыдаид йӕ уынаффӕгӕнджытӕй иу. Фӕлӕ Верзели не сразы. Уый ӕмбӕрста, йӕ кармӕ гӕсгӕ йӕ бон бирӕ цыдӕртӕ кӕй нал у аразын. Ӕмӕ паддзахӕн загъта, цӕмӕй йӕ бӕсты ацыдаид Кимгам, ӕрыгондӕр нӕлгоймаг (2 Сам. 19:35–37). Верзелийау нӕ ацӕргӕ ’фсымӕртӕн дӕр ӕхсызгон вӕййы, сӕ бӕсты цавӕрдӕр хӕстӕ ӕрыгондӕр ӕфсымӕртӕ кӕй феххӕст кӕнынц, уый.

Хуыцау Давидӕн загъта, кувӕндон йӕ фырт кӕй сараздзӕн, ӕмӕ йын Давид йӕ ныхасыл дыууӕ нал загъта (кӕс 8 абзац)

8. Давиды куы бафӕндыд кувӕндон саразын, уӕд бонзонгӕдзинад куыд равдыста?

8 Паддзах Давид дӕр уыди бонзонгӕ адӕймаг. Уый зӕрдиагӕй фӕндыд Йегъовӕйӕн хӕдзар саразын. Фӕлӕ йын Йегъовӕ куы загъта, уыцы кад ӕрыгон Соломонмӕ кӕй ӕрхаудзӕн, уӕд Давид Йегъовӕйы ныхасыл дыууӕ нал загъта. Ӕмӕ, йӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр уыд, уымӕй кувӕндон аразынӕн баххуыс кодта (1 Аз. 17:4; 22:5). Давидмӕ афтӕ нӕ каст, ӕмӕ уыцы хъуыддаг йӕхӕдӕг хуыздӕр сарӕзтаид, Соломон «нырма ӕрыгон ӕмӕ ӕвӕлтӕрд» кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ (1 Аз. 29:1). Уый зыдта, кувӕндон арӕзт кӕй ӕрцӕудзӕн, уыцы хъуыддагӕн Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕндзӕн, уый фӕрцы. Разамынд чи лӕвӕрдта, уыдоны кар ӕмӕ фӕлтӕрддзинад сӕйраг нӕ уыд. Абон дӕр ацӕргӕтӕ Давидау Йегъовӕйы хъуыддаджы зӕрдиагӕй фӕархайынц, раздӕр цы хӕстӕ ӕххӕст кодтой, уыдон куы нал феххӕст кӕнынц, уӕд дӕр. Ӕмӕ йӕ зонынц, Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕндзӕн, уыцы хӕстӕ чи ’ххӕст кӕны, уыцы ӕрыгӕттӕн.

9. Филиалы комитеты чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр бонзонгӕдзинад куыд равдыста?

9 Нӕ рӕстӕджы дӕр ис бирӕ бонзонгӕ лӕггадгӕнджытӕ. 1976 азы ӕфсымӕр Сигеойы снысан кодтой филиалы комитетмӕ. Уӕд ыл цыди 30 азы. 2004 азы сси филиалы комитеты координатор. Азтӕ йыл сӕ уӕз куы ’руагътой, уӕд ӕй бамбӕрста, раздӕрау хъаруджын кӕй нал у ӕмӕ йӕ йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг кӕй бахъӕуы. Уый ахъуыды кодта, хорз кӕй уаид, уыцы хӕстӕ ӕрыгондӕр ӕфсымӕр куы ’ххӕст кӕнид. Ӕмӕ Йегъовӕмӕ дӕр уый тыххӕй скуывта. Кӕд Сигео координатор нал у, уӕддӕр дарддӕр дӕр лӕггад кӕны филиалы комитеты. Верзелийы, паддзах Давиды ӕмӕ Сигеойы хабӕрттӕй куыд зыны, афтӕмӕй сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ адӕймаг фылдӕр фӕхъуыды кӕны, ӕрыгӕттӕ хорз цӕмӕ арӕхсынц, ууыл, ӕвӕлтӕрд кӕй сты, ууыл нӕ, фӕлӕ. Ӕмӕ семӕ ерыс нӕ фӕкӕны, фӕлӕ сӕ фӕнымайы йе ’мкусджытыл (Ӕмб. 20:29).

ӔРЫГӔТТӔЙ БУЗНЫГ У, ЦЫ АРАЗЫНЦ, УЫЙ ТЫХХӔЙ

10. Ацӕргӕтӕ, се ’мбырды чи ис, уыцы ӕрыгӕттӕм цы цӕстӕй кӕсынц?

10 Ацӕргӕтӕ ӕрыгӕтты нымайынц Йегъовӕйы лӕварыл. Ӕмӕ дзы уыцы лӕвары тыххӕй тынг бузныг сты. Сӕхӕдӕг раздӕрау хъаруджын ӕмӕ фидар нал вӕййынц. Ӕмӕ, ӕмбырды фылдӕр аразын кӕй фӕфӕнды, уыцы ӕрыгӕттӕн тынг фӕаргъ кӕнынц.

11. Руф 4:13–16 стихтӕй куыд зыны, ацӕргӕтӕ ӕрыгӕтты куы бауадзынц, цӕмӕй сын баххуыс кӕной, уӕд сын уый арфӕдзинӕдтӕ кӕй ӕрхӕссы?

11 Ацӕргӕтӕн сӕ бон у Ноемины бафӕзмын. Ноемин Иудӕйы зӕхмӕ куы здӕхт, уӕд йӕ чындз Руф дӕр йемӕ рацыд. Ноемин ын дзырдта, цӕмӕй фӕстӕмӕ йӕ адӕммӕ аздӕхтаид. Фӕлӕ Руф нӕ бакуымдта ӕмӕ йемӕ иумӕ Вифлееммӕ ’рцыди. Уый фӕстӕ дзы Ноемин тынг бузныг уыд, йемӕ кӕй баззад, уый тыххӕй (Руф 1:7, 8, 18). Уый дыууӕ сылгоймагӕн дӕр ӕрхаста арфӕдзинӕдтӕ. (Бакӕс Руф 4:13–16.) Нӕ рӕстӕджы дӕр сӕрныллӕг ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Ноемины бафӕзмынц, ӕмӕ сӕм ӕрыгӕттӕ се ’ххуысы къух куы бадарынц, уӕд сын, ницы мӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, нӕ фӕзӕгъынц.

12. Апостол Павел куыд равдыста, иннӕ чырыстӕттӕ йын кӕй ӕххуыс кодтой, уымӕн кӕй аргъ кодта?

12 Апостол Павел тынг аргъ кодта, йе ’мчырыстӕттӕ йын кӕй ӕххуыс кодтой, уымӕн. Зӕгъӕм, Филиппты цӕрӕг чырыстӕттӕй бузныг уыд, цы йӕ хъуыди, уыдӕттӕ йын кӕй ӕрӕрвыстой, уый тыххӕй (Фил. 4:16). Уый бузныг уыди Тимофейӕ дӕр, кӕй йын ӕххуыс кодта, уый тыххӕй (Фил. 2:19–22). Стӕй, Павелы куы ’рцахстой ӕмӕ йӕ Роммӕ куы ластой, уӕд йӕ размӕ ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ рацыдысты, цӕмӕй йын йӕ ныфсыл ныфс бафтыдтаиккой. Ӕмӕ уыдоны тыххӕй Хуыцауӕн бузныг загъта (Хъуыд. 28:15). Павел уыди сӕрӕн, фидар адӕймаг. Мингай километртӕ-иу фӕцыд, цӕмӕй хорз хабар хъусын кодтаид ӕмӕ-иу ӕмбырдтӕ бафидар кодтаид. Фӕлӕ йӕ сӕрмӕ хаста иннӕты ӕххуыс.

13. Ацӕргӕтӕн сӕ бон куыд у равдисын, ӕрыгӕттӕ цы аразынц, уый тыххӕй сӕ бузныг кӕй сты?

13 Ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, уе ’мбырдты фӕсивӕдӕй бузныг кӕй стут, уый уӕ бон у алыхуызӕтты равдисын. Зӕгъӕм, куы уӕ хъӕуа искуыдӕм ацӕуын, дуканийы истытӕ балхӕнын кӕнӕ ӕндӕр ӕххуыс, уӕд-иу сын, ницы мӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, ма зӕгъут. Кӕй уын ӕххуыс кӕнынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уӕ Йегъовӕ бирӕ уарзы. Гӕнӕн ис, ӕмӕ семӕ тынг балымӕн уат. Уе ’рыгон ӕмбӕлттӕн алкӕддӕр ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕной. Зӕгъут-иу сын, куыд ӕхсызгон уын у, ӕмбырды сӕ фылдӕр аразын кӕй фӕнды, уый. Уӕ царды хабӕрттӕ-иу сын радзурут. Афтӕмӕй равдисдзыстут, Йегъовӕйӕ бузныг кӕй стут, ӕмбырдмӕ кӕй ӕрбакодта, уыцы ӕрыгӕтты тыххӕй (Кол. 3:15; Иоан. 6:44; 1 Фес. 5:18).

У РӔДАУ

14. Паддзах Давид рӕдаудзинад куыд равдыста?

14 Паддзах Давидмӕ ма уыди иу ахсджиаг миниуӕг. Ӕмӕ ацӕргӕты уыцы миниуӕг тынг фӕхъӕуы. Уый у рӕдаудзинад. Кувӕндон аразынӕн Давид йӕхи сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй дӕр дзӕвгар радта (1 Аз. 22:11–16; 29:3, 4). Нӕ сӕ бавгъау кодта, кӕд ӕй зыдта, адӕм афтӕ кӕй дзурдзысты, Соломон кувӕндон аразы, зӕгъгӕ, уӕддӕр. Уыйбӕрц тыхтӕ нӕм куы нал уа, цӕмӕй нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн ӕххуыс кӕнӕм, уӕддӕр нӕ бон у уыцы хъуыддагӕн нӕ мысайнӕгтӕй ӕххуыс кӕнын, нӕ къух цас амоны, уымӕ гӕсгӕ. Стӕй, бирӕ азты дӕргъы цӕуыл сахуыр стӕм, уыдӕттӕ нӕ бон у ӕрыгӕттӕн амонын.

15. Апостол Павел Тимофейӕн цавӕр лӕвӕрттӕй фӕхай кодта?

15 Апостол Павел дӕр уыди рӕдау адӕймаг. Уый-иу ӕрыгон Тимофейы йемӕ акодта уацамындон балцыты. Ӕмӕ йын амыдта, хъусын кӕнын ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнын куыд хъӕуы, уыдӕттӕ. Павел ын йӕ зонындзинӕдтӕ не ’вгъау кодта (Хъуыд. 16:1–3). Ӕмӕ Тимофей, Павел ӕй цӕуыл сахуыр кодта, уый фӕрцы хорз хабар ӕнтыстджынӕй хъусын кодта (1 Кор. 4:17). Уый фӕстӕ уыдӕттӕ йӕхӕдӕг дӕр иннӕтӕн амыдта.

16. Сигео иннӕты цӕмӕн ахуыр кодта?

16 Абон дӕр ацӕргӕтӕ ӕрыгӕтты фӕахуыр кӕнынц, сӕхӕдӕг ӕмбырды цы хӕстӕ ӕххӕст кодтой, уыдон ӕххӕст кӕнын. Уыдон нӕ тӕрсынц, ӕмбырды сӕ кӕй ницыуал пайда уыдзӕн, уымӕй. Зӕгъӕм, Сигео алкӕддӕр ахуыр кодта, филиалы комитеты-иу ӕрыгондӕр ӕфсымӕртӕй чи уыд, уыдоны. Афтӕ уымӕн кодта, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ бӕстӕйы Хуыцауы хъуыддаг размӕ цыдаид. Ӕмӕ уый фӕстӕ ног координаторы ӕвӕрын куы бахъуыд, уӕд дзы разынд, уыцы хӕстӕ хорз чи ӕххӕст кодтаид, ахӕм ӕфсымӕр. Сигео филиалы комитеты лӕггад кӕны 45 азӕй фылдӕр, ӕмӕ ныр дӕр йӕ фӕлтӕрддзинад ӕрыгон ӕфсымӕртӕн не ’вгъау кӕны. Уый хуызӕн ӕфсымӕртӕ Хуыцауы адӕмӕн стыр арфӕдзинад сты.

17. Лукайы 6:38 стихмӕ гӕсгӕ, ацӕргӕ хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ бон цы у иннӕтӕн дӕттын?

17 Нӕ хистӕртӕ, сымахмӕ кӕсгӕйӕ иннӕтӕ бамбарынц, царды уымӕй хуыздӕр кӕй ницы ис, ӕмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнай ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрай. Сымах зонут, раздӕр организацийы цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ арӕзт куыд цыдысты, уый. Фӕлӕ йӕ ӕмбарут, ныртӕккӕ кӕй хъӕуы ног уавӕртыл ахуыр кӕнын. Донаргъуыд ӕрӕджы чи райста, уыцы ацӕргӕтӕн дӕр сӕ бон у иннӕтӕн бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕхай кӕнын. Уӕ бон у радзурын, Йегъовӕйы уыцы кары кӕй базыдтат, уый уын цы стыр циндзинад ӕрхаста ӕмӕ куыд амондджын систут. Ӕрыгӕттӕн тынг ӕхсызгон уыдзӕн уӕ царды хабӕрттӕ фехъусын ӕмӕ, цӕуыл сахуыр стут, уый базонын. Иннӕтӕн уӕ зонындзинӕдты ӕмӕ фӕлтӕрддзинады къӕбицӕй рӕдауӕй куы дӕттат, уӕд уӕ Йегъовӕ стыр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн. (Бакӕс Лукайы 6:38.)

18. Ацӕргӕтӕ ӕмӕ ӕрыгӕттӕ кӕрӕдзийӕн ныфсы хос куыд сты?

18 Нӕ зынаргъ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, ӕрыгӕттимӕ куы лымӕн кӕнат, уӕд кӕрӕдзийӕн уыдзыстут ныфсы хос (Ром. 1:12). Алкӕмӕ дӕр ис, иннӕмӕн кӕмӕй фӕхай кӕна, ахӕм хӕзна. Ацӕргӕтӕм ис зонд, ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ царды фӕлтӕрддзинад. Ӕрыгӕттӕм та ис уӕнгты хъару. Ӕмӕ ӕрыгӕттӕ ӕмӕ ацӕргӕтӕ кӕрӕдзийӕн хорз ӕмбӕлттӕ куы свӕййынц, уӕд афтӕмӕй нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды фӕкадджын кӕнынц ӕмӕ сӕ хӕлардзинад ӕмбырды се ’ппӕтӕн дӕр ӕрхӕссы арфӕдзинӕдтӕ.

90 ЗАРӔГ Кӕрӕдзи фидар кӕнӕм

^ 5 абз. Не ’мбырдты ис бирӕ ӕрыгон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, ӕмӕ уыдон ӕппӕт тыхтӕй архайынц Йегъовӕйы организацийӕн ӕххуыс кӕныныл. Ӕмӕ ацӕргӕтӕй алкӕмӕн дӕр сӕ бон у ӕрыгӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ хъарутӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ саразой.

^ 55 абз. НЫВ. Районон цӕстдарӕгыл 70 азы куы сӕххӕст, уӕд сын йӕ бинойнагимӕ сӕ бар ӕндӕр хӕстӕ бакодтой. Сӕ фӕлтӕрддзинады фӕрцы сӕ бон у се ’мбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын.