Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

37 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Ӕз ӕппӕт адӕмты дӕр базмӕлын кӕндзынӕн»

«Ӕз ӕппӕт адӕмты дӕр базмӕлын кӕндзынӕн»

«Ӕз ӕппӕт адӕмты дӕр базмӕлын кӕндзынӕн, ӕмӕ ӕппӕт адӕмты зынаргъ хӕзнатӕ ацы хӕдзармӕ ӕрцӕудзысты» (АГ. 2:7).

24 ЗАРӔГ Ссӕуӕм Йегъовӕйы хохмӕ!

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Нӕ рӕстӕджы цавӕр «зӕххӕнкъуыст» уыдзӕн, уый тыххӕй пехуымпар Аггей цы ныффыста?

«ЦАЛДӔР минутмӕ дуканитӕ ӕмӕ зӕронд агъуыстытӕ гӕххӕттын къоппытау ӕркалдысты». «Адӕмӕн сӕ сӕр сӕ кой сси. Бирӕтӕ дзырдтой, зӕххӕнкъуыст дыууӕ минуты бӕрц кӕй ахаста. Мӕнмӕ та афтӕ фӕкаст, цыма рӕстӕг ӕрлӕууыд». Адон сты, 2015 азы Непалы зӕххӕнкъуысты чи аирвӕзт, уыдонӕй иуӕй-иуты ныхӕстӕ. Кӕд дӕуыл дӕр искуы ахӕм ӕвирхъау хабар ӕрцыд, уӕд ӕй, ӕвӕццӕгӕн, никуы ферох кӕндзынӕ.

2 Ацы тӕккӕ дӕр зӕхх ӕнкъуысы, фӕлӕ ӕндӕр хуызы. Ӕмӕ уыцы «зӕххӕнкъуыст» ӕрмӕст иу горӕты кӕнӕ иу бӕстӕйы нӕй. Йегъовӕ бирӕ азты дӕргъы ӕппӕт адӕмты дӕр змӕлын кӕны. Ӕмӕ уый тыххӕй дзырдта пехуымпар Аггей. Уый ныффыста: «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Иу хатт ма базмӕлын кӕндзынӕн арв ӕмӕ зӕхх, денджыз ӕмӕ сурзӕхх, ӕмӕ уый уыдзӕн тагъд“» (Аг. 2:6).

3. Аггей цы «зӕххӕнкъуысты» кой кодта, уый ӕнӕуи зӕххӕнкъуыстӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

3 Ӕнӕуи зӕххӕнкъуыст ӕрмӕстдӕр зиан ӕрхӕссы. Фӕлӕ, Аггей цы «зӕххӕнкъуысты» кой кодта, уый адӕмӕн хӕссы арфӕдзинӕдтӕ. Йегъовӕ йӕхӕдӕг афтӕ загъта: «Ӕз ӕппӕт адӕмты дӕр базмӕлын кӕндзынӕн, ӕмӕ ӕппӕт адӕмты зынаргъ хӕзнатӕ ацы хӕдзармӕ ӕрцӕудзысты, ӕмӕ ӕз ацы хӕдзар кадӕй байдзаг кӕндзынӕн» (Аг. 2:7). Ацы пехуымпарад, Аггейы рӕстӕджы чи цард, уыцы адӕмӕн цӕуыл дзурӕг уыд? Махӕн та цӕуыл дзурӕг у? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм ацы статьяйӕ. Стӕй ма базондзыстӕм, ӕппӕт адӕмты дӕр чи базмӕлын кодта, уыцы хъуыддаджы нӕ бон архайын куыд у, уый.

НЫФСЫ ХАБАР АГГЕЙЫ РӔСТӔДЖЫ

4. Йегъовӕ пехуымпар Аггейы йӕ адӕммӕ цӕмӕн арвыста?

4 Йегъовӕ пехуымпар Аггейӕн бахӕс кодта ахсджиаг хъуыддаг. Ахъуыды-ма кӕнӕм, уый размӕ цавӕр хабӕрттӕ ӕрцыд, ууыл. Аггей дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уыд, н. э. размӕ 537 азы Вавилонӕй Иерусалиммӕ чи ӕрыздӕхт, уыцы дзуттӕгты ’хсӕн. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ Йегъовӕйы хӕдзарӕн, ома кувӕндонӕн, бындур ӕрӕвӕрдтой (Езд. 3:8, 10). Фӕлӕ стӕй сӕ алыварс цӕрӕг адӕм сӕ ныхмӕ цӕуын райдыдтой. Уый тыххӕй дзуттӕгтӕн сӕ ныфс асаст ӕмӕ кувӕндон нал арӕзтой. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй та хъуыддагмӕ зӕрдиагӕй бавнӕлдтаиккой ӕмӕ кувӕндон кӕронмӕ арӕзт ӕрцыдаид (Езд. 4:4; Аг. 1:1, 2). Гъемӕ сӕм н. э. размӕ 520 азы Аггейы арвыста, цӕмӕй сын сӕ ныфсыл ныфс бафтыдтаид (Езд. 6:14, 15) *.

5. Аггейы ныхӕстӕ Хуыцауы адӕмӕн ныфсы хос цӕмӕн хъуамӕ уыдаиккой?

5 Аггейы ныхӕстӕ хъуамӕ дзуттӕгтӕн сӕ уырнындзинад бафидар кодтаиккой, цӕмӕй Йегъовӕйыл фидарӕй ӕууӕндыдаиккой. Аггей сын ныфсджынӕй загъта: «„Фидар ут, ацы бӕстӕйы адӕм,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ кусут“. „Ӕз уемӕ дӕн“,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ» (Аг. 2:4). Ацы ныхӕстӕ, «ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ», зӕгъгӕ, дзуттӕгтӕн уыдаиккой ныфсы хос. Уыдон сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, Йегъовӕйӕн йӕ дӕлбар кӕй ис тынг бирӕ зӕдтӕ – ӕнӕхъӕн ӕфсад. Ӕмӕ цӕмӕй дзуттӕгтӕн алцыдӕр бантыстаид, уый тыххӕй сӕ хъуыди сӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын.

6. Йегъовӕ адӕмты кӕй базмӕлын кодтаид, уый цӕмӕ хъуамӕ ӕркодтаид?

6 Йегъовӕ Аггейы дзуттӕгтӕм арвыста, цӕмӕй сын загътаид, ӕппӕт адӕмты дӕр кӕй базмӕлын кӕндзӕн. Уыцы хабар дзуттӕгты ныфс бауагъта. Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Йегъовӕ базмӕлын кӕндзӕн Персы паддзахад. Уыцы рӕстӕг уый уыди дунеон паддзахад ӕмӕ йӕ дӕлбар уыд бирӕ адӕмтӕ. Уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн? Фыццаг уымӕ, ӕмӕ Хуыцауы адӕм кувӕндон арӕзт фӕуыдзысты. Дыккаг та уымӕ, ӕмӕ, дзуттаг чи нӕу, уыдон дӕр ӕрбаиу уыдзысты Хуыцауы адӕммӕ ӕмӕ Йегъовӕйӕн уыцы кувӕндоны лӕггад кӕндзысты. Уый Хуыцауы адӕмӕн ӕцӕгдӕр уыд ныфсы хабар! (Зах. 8:9).

АБОН АДӔМТЫ ЧИ БАЗМӔЛЫН КОДТА, УЫЦЫ ХЪУЫДДАГ

Адӕмты чи базмӕлын кодта, уыцы хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕныс? (кӕс 7, 8 абзацтӕ) *

7. Нӕ рӕстӕджы адӕмты цавӕр хъуыддаг базмӕлын кодта?

7 Аггейы пехуымпарад абон махӕн цӕуыл дзурӕг у? Йегъовӕ та ногӕй ӕппӕт адӕмты дӕр базмӕлын кодта, ӕмӕ йын мах ацы хъуыддаджы ӕххуыс кӕнӕм. 1914 азы Йегъовӕ Йесо Чырыстийы сӕвӕрдта йӕ уӕларвон Паддзахады Паддзахӕй (Пс. 2:6). Уӕлӕрвты Хуыцауы Паддзахад ӕвӕрд кӕй ӕрцыд, уый зӕххон хицӕуттӕн хорзӕй ницы ӕрхаста. Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ фӕци «адӕмтӕн сӕ рӕстӕг», ома, Йегъовӕйы номӕй чи архайдта, ахӕм хицау куы нӕ уыд, уыцы рӕстӕг (Лук. 21:24). Йегъовӕйы адӕм уыцы хабар зонынц, ӕмӕ уӕлдайдӕр 1919 азӕй фӕстӕмӕ хъусын кӕнынц, ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн кӕрон адӕмы зындзинӕдтӕн. Уыцы «паддзахады тыххӕй... хорз хабар» кӕй хъусын кӕнынц, уый ӕгас дуне дӕр базмӕлын кодта (Матф. 24:14).

8. Псалом 2:1–3 стихтӕм гӕсгӕ, адӕмтӕн сӕ фылдӕр цы цӕстӕй кӕсынц, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы хабар хъусын кӕнӕм, уымӕ?

8 Адӕмӕн сӕ фылдӕры нӕ фӕнды уыцы хабармӕ хъусын. (Бакӕс Псалом 2:1–3.) Адӕмтӕ «змӕнтынц», мӕсты кӕнынц. Уыдоны нӕ фӕнды Йегъовӕйы ӕвӕрд Паддзахы сӕ Хицауыл нымайын. Ӕмӕ, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы хабар хъусын кӕнӕм, уый «хорз хабарыл» нӕ нымайынц. Суанг ма иуӕй-иу хицауӕдтӕ ахӕм уынаффӕ дӕр рахӕссынц, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны бар нӕй. Кӕд хицӕуттӕй бирӕтӕ сӕхи хуыцауӕн кувӕг адӕм хонынц, уӕддӕр сӕ нӕ фӕнды се стыр бынӕттӕ ныууадзын. Ӕмӕ, 1 ӕнусы куыд уыди, афтӕ ныр дӕр хицӕуттӕ Йесойы фӕдылдзӕуджыты ӕфхӕрынц ӕмӕ афтӕмӕй цӕуынц Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕджы ныхмӕ (Хъуыд. 4:25–28).

9. Йегъовӕ адӕмтӕн цавӕр фадат дӕтты?

9 Адӕмтӕ афтӕ кӕй кӕнынц, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы? Псаломы 2:10–12 стихты ис дзуапп: «Уӕдӕ ӕмбаргӕ ут, паддзӕхтӕ. Зондзонӕн уын фӕуӕд, зӕххон тӕрхонгӕнджытӕ. Лӕггад кӕнут Йегъовӕйӕн, тӕрсут дзы. Цин кӕнут ӕмӕ йӕ нымайут. Скадджын кӕнут фырты, цӕмӕй уӕм Хуыцау ма смӕсты уа ӕмӕ ма фесӕфат, уымӕн ӕмӕ йӕ маст уайтагъд ссудздзӕн. Амондджын сты, йӕхи йе уазӕг чи бакодта, уыдон иууылдӕр». Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау ӕмӕ сын дӕтты рӕстӕг, цӕмӕй раст уынаффӕ рахӕссой. Нырма сӕ бон у аивын ӕмӕ сӕхи Йегъовӕйы Паддзахады дӕлбар бакӕнын. Фӕлӕ рӕстӕг бирӕ нал баззад. Мах цӕрӕм ацы дунейӕн йӕ «фӕстаг бонты» (2 Тим. 3:1; Ис. 61:2). Ӕмӕ фӕстиат кӕнӕн ӕппындӕр нал ис. Адӕмы ныртӕккӕ хъӕуы рӕстдзинад базонын ӕмӕ раст уынаффӕ рахӕссын.

АДӔМТЫ ЧИ БАЗМӔЛЫН КОДТА, УЫЦЫ ХАБАРМӔ БИРӔТӔ ХОРЗ ЦӔСТӔЙ РАКӔСЫНЦ

10. Аггейы 2:7–9 стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ, бирӕтӕ цы цӕстӕй ракӕсынц, адӕмты чи базмӕлын кодта, уыцы хабармӕ?

10 Аггейы пехуымпарадӕй базонӕн уыд, адӕмты чи базмӕлын кӕндзӕн, уыцы хабармӕ бирӕтӕ хорз цӕстӕй кӕй ракӕсдзысты. Аггей ныффыста, Хуыцау адӕмты кӕй базмӕлын кӕндзӕн, уый фӕрцы «ӕппӕт адӕмты зынаргъ хӕзнатӕ», ома сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм, кӕй ӕрцӕудзысты, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕной *. (Бакӕс Аггейы 2:7–9.) Исай ӕмӕ Михей дӕр ныффыстой, «фӕстаг бонты» ахӕм хабӕрттӕ кӕй цӕудзӕн (Ис. 2:2–4; Мих. 4:1, 2).

11. Иу ӕфсымӕр цы радзырдта, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар фыццаг хатт куы фехъуыста, уый тыххӕй?

11 Ӕфсымӕр Кен лӕггад кӕны сӕйраг хайады. Уый хорз хъуыды кӕны, 40 азы размӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар куы фехъуыста, уӕд ыл уый куыд фӕзынд. Кен радзырдта: «Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый фыццаг хатт куы фехъуыстон, уӕд базыдтон, ацы дунейӕн йӕ фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, ӕмӕ тынг фӕцин кодтон. Ӕз бамбӕрстон, цӕмӕй мӕ Хуыцау райгонд уа ӕмӕ ӕнусон цардӕй схайджын уон, уый тыххӕй ацы мӕнгард дунейӕ кӕй хъуамӕ рацӕуон ӕмӕ фидарӕй Йегъовӕйы фарс кӕй хъуамӕ слӕууон. Гъемӕ Йегъовӕмӕ скуывтон ӕмӕ ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ афтӕ бакодтон. Ацы дунеимӕ мын иумӕйагӕй ницыуал уыд, мӕхи бакодтон Хуыцауы Паддзахады дӕлбар. Ӕз ӕй зонын, уыцы Паддзахад кӕй никуы фенкъуысдзӕн ӕмӕ мын йӕ дӕлбар ӕдас кӕй у».

12. Фӕстаг бонты Йегъовӕйы ӕнӕуынгӕ кувӕндон кадӕй куыд байдзаг?

12 Бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн кӕй арфӕ кӕны. Фӕстаг бонты йӕ лӕггадгӕнджытӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц. 1914 азы цалдӕр мины йеддӕмӕ нӕ уыдысты. Ныр та йын зынгзӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, уыдон сты 8 милуанӕй фылдӕр. Ӕмӕ ма уыдонӕй уӕлдай алы аз дӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуы милуантӕ. Афтӕмӕй Йегъовӕйы ӕнӕуынгӕ кувӕндоны зӕххон кӕртытӕ дзаг кӕнынц «ӕппӕт адӕмты зынаргъ хӕзнатӕй». Ӕнӕуынгӕ кувӕндон та амоны, ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын нӕ бон цӕй фӕрцы у, уымӕ. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйы ном кадджын кӕны, уыцы адӕм сӕ удыхъӕд ногмӕ кӕй ивынц, уый фӕрцы дӕр (Еф. 4:22–24).

Хуыцауы адӕм ӕгас зӕххыл дӕр цингӕнгӕйӕ йӕ Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынц (кӕс 13 абзац)

13. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕнынц, уымӕй ма ноджыдӕр цавӕр пехуымпарӕдтӕ ӕххӕст кӕнынц? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

13 Ахӕм хабӕрттӕ кӕй цӕуы, уымӕй ма ӕххӕст кӕнынц ӕндӕр пехуымпарӕдтӕ дӕр. Зӕгъӕм, Исайы 60:22 стихы фыст ис: «Армыдзаг адӕмӕй равзӕрдзӕн мин, зынгӕ дӕр чи нӕ кӕны, уыдонӕй – тыхджын адӕм. Ӕз, Йегъовӕ, уыцы хъуыддаг йӕ рӕстӕджы фӕтагъд кӕндзынӕн». Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты нымӕцыл кӕй ӕфты, уый фӕрцы ма ӕххӕст кӕны иу диссаджы пехуымпарад. «Адӕмты зынаргъ хӕзнатӕ» хайджын вӕййынц цавӕрдӕр курдиӕттӕй, цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕм фӕарӕхсынц, стӕй сӕ бафӕнды Хуыцауы Паддзахады тыххӕй зӕрдиагӕй хъусын кӕнын. Ӕмӕ уый фӕрцы, Исай куыд загъта, афтӕ, Йегъовӕйы адӕм сӕхи ӕфсадынц «адӕмты ӕхсырӕй» (Ис. 60:5, 16). Уыцы зынгзӕрдӕ нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты фӕрцы хорз хабар хъуыстгонд цӕуы 240 бӕстӕйы ӕмӕ нӕ литературӕ уагъд цӕуы 1 000 ӕвзагӕй фылдӕрыл.

НЫРТӔККӔ АДӔМЫ ЦЫ ХЪӔУЫ АСКЪУЫДДЗАГ КӔНЫН?

14. Ныртӕккӕ адӕмы цы хъӕуы аскъуыддзаг кӕнын?

14 Ныртӕккӕ у кӕроны рӕстӕг. Ӕмӕ, Йегъовӕ адӕмты кӕй базмӕлын кодта, уымӕ гӕсгӕ алкӕй дӕр хъӕуы аскъуыддзаг кӕнын: Хуыцауы Паддзахады фарс уыдзӕн ӕви йӕ ныфс ацы дунейы хицауӕдтыл дардзӕн. Кӕд Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, кӕм цӕрынц, уыцы бӕстӕты закъӕттӕм хъусынц, уӕддӕр сын политикӕимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис (Ром. 13:1–7). Уыдон ӕй зонынц, ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн кӕрон адӕмы зындзинӕдтӕн. Ӕмӕ уыцы Паддзахад та ацы дунейӕ нӕу (Иоан. 18:36, 37).

15. Раргомады чиныджы цавӕр стыр фӕлварӕныл цӕуы дзырд?

15 Раргомады чиныгӕй базонӕн ис, фӕстаг бонты Хуыцауы адӕмы иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд кӕй цӕудзӕн ӕмӕ уый тыххӕй карз ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзысты. Ацы дунейы хицауӕдтӕ, Хуыцаумӕ цы кад ӕмбӕлы, уый сӕхицӕн домдзысты. Ӕмӕ, сӕ фарс чи нӕ уа, уыдоны ӕфхӕрдзысты (Рарг. 13:12, 15). «Ӕппӕт адӕмӕй дӕр – хуымӕтӕгтӕй ӕмӕ номдзыдтӕй, хъӕздгуытӕй ӕмӕ мӕгуыртӕй, сӕрибар адӕмӕй ӕмӕ цагъартӕй», домдзысты, цӕмӕй сын «сӕ рахиз къухтыл кӕнӕ сӕ ныхтыл нысан сӕвӕрой» (Рарг. 13:16). Раджы заманты-иу цагъарыл тӕвд ӕфсӕйнагӕй сӕвӕрдтой гакк. Уымӕй-иу бӕрӕг уыд, йӕ хицау чи у, уый. Раст афтӕ ацы дунейы хицауӕдтӕ домынц, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр йӕ къухыл кӕнӕ йӕ ныхыл нысан ӕвӕрд ӕрцӕуа. Уыдоны фӕнды, цӕмӕй адӕмӕн сӕ хъуыдытӕй ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уа, ацы дунейы хицауӕдты фарс кӕй сты, уый.

16. Тынг ахсджиаг цӕмӕн у ныртӕккӕ архайын, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм?

16 Мах та бауадздзыстӕм, цӕмӕй ныл уыцы нысан ӕвӕрд ӕрцӕуа, ӕмӕ ацы дунейы хицауӕдты фарс слӕудзыстӕм? Уыцы нысан йӕхиуыл ӕвӕрын чи нӕ бауадза, уыдон ӕмбӕлдзысты зындзинӕдтыл ӕмӕ сӕ цардӕн дӕр уыдзӕн тӕссаг. Раргомады чиныджы дарддӕр фыст ис, зӕгъгӕ, «уыцы нысан кӕуыл уа», уыдоны йеддӕмӕ никӕй бон уыдзӕн «ӕлхӕнын дӕр ӕмӕ уӕй кӕнын дӕр» (Рарг. 13:17). Фӕлӕ Хуыцауы адӕм зонынц, Хуыцау цы бакӕндзӕн, Раргомады 14:9, 10 стихты цы нысаны кой ис, уый кӕуыл уыдзӕн, уыдонӕн. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ нӕ бауадздзысты, цӕмӕй сыл уыцы нысан сӕвӕрой. Уыдон сӕ къухтыл ахӕсгӕ хуызы ныффыстой, «Йегъовӕйы дӕн», зӕгъгӕ (Ис. 44:5). Ныртӕккӕ хъуамӕ сбӕлвырд кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл кӕй стӕм иузӕрдион. Ӕмӕ йын уӕд ӕхсызгон уыдзӕн мах йӕхиуӕттыл банымайын.

ЙЕГЪОВӔ АДӔМТЫ ФӔСТАГ ХАТТ БАЗМӔЛЫН КӔНДЗӔН

17. Кӕд Йегъовӕ тынг фӕразон у, уӕддӕр нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

17 Йегъовӕ фӕстаг бонты стыр фӕразондзинад ӕвдисы. Уый нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа (2 Пет. 3:9). Ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр дӕтты фадат, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ раст уынаффӕ рахӕссой. Фӕлӕ ӕнустӕм не ’нхъӕлмӕ кӕсдзӕн. Уыцы фадатӕй чи не спайда кӕна, уыдоныл фараоны бон акӕндзӕн. Моисейы рӕстӕджы Йегъовӕ фараонӕн загъта: «Мӕнӕн мӕ бон раджы уыди дӕумӕ мӕ къух сисын ӕмӕ дӕуыл дӕр ӕмӕ дӕ адӕмыл дӕр фыдниз бафтауын, ӕмӕ зӕххы цъарӕй фесӕфтаис. Фӕлӕ дӕ уый тыххӕй ныууагътон удӕгасӕй, цӕмӕй дын равдисон мӕ тых ӕмӕ цӕмӕй мӕ ном айхъуыса ӕгас зӕххыл дӕр» (Рац. 9:15, 16). Ӕппынфӕстаг адӕмтӕ иууылдӕр базондзысты, Йегъовӕ кӕй у иунӕг ӕцӕг Хуыцау (Йез. 38:23). Куыд ӕй базондзысты?

18. а) Аггейы 2:6, 20–22 стихты цы ныхӕстӕ ис, уыдон цӕмӕ амонынц? б) Кӕцӕй йӕ зонӕм, Аггейы ныхӕстӕ фидӕны кӕй сӕххӕст уыдзысты?

18 Аггейы рӕстӕгӕй цалдӕр ӕнусы куы рацыд, уӕд апостол Павел Хуыцауы фӕндӕй бамбарын кодта, Аггейы 2:6, 20–22 стихты цы ныхӕстӕ ис, уыдон фидӕны кӕй сӕххӕст уыдзысты. (Бакӕс сӕ.) Уый ныффыста: «Ныр... зӕгъы: „Ноджы ма иу хатт ӕз базмӕлын кӕндзынӕн ӕрмӕст зӕхх нӕ, фӕлӕ арв дӕр“. Ацы ныхӕстӕ, „ноджы ма иу хатт“, зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ, цы банкъуыст, ома Хуыцау цы нӕ сарӕзта, уыдӕттӕ, фесӕфдзысты, цӕмӕй, фенкъуысӕн цӕмӕн нӕй, уый баззайа ӕнустӕм» (Дзут. 12:26, 27). Ам цӕй кой ис, уый хицӕн кӕны, Аггейы 2:7 стихы цӕй кой ис, уымӕй. Йегъовӕйы ныхӕстӕ, арв ӕмӕ зӕхх базмӕлын кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ, фараонау Йегъовӕйы Дун-дунейы Хицауыл чи нӕ банымайа, уыдоны ӕнустӕм фесафдзӕн.

19. Цы нӕ фенкъуысдзӕн ӕмӕ уый кӕцӕй зонӕм?

19 Уыцы рӕстӕг цы нӕ фенкъуысдзӕн, кӕнӕ цы нӕ фесӕфдзӕн? Павел дарддӕр ныффыста: «Фенкъуысӕн кӕмӕн нӕй, уыцы паддзахадмӕ кӕй бацӕудзыстӕм, уый зонгӕйӕ, дарддӕр дӕр фидар хӕцӕм Хуыцауы стыр хорзӕхыл – уый фӕрцы йын у нӕ бон, йӕ фӕндон куыд у, афтӕ лӕггад кӕнын, Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ ӕмӕ йӕ нымайгӕйӕ» (Дзут. 12:28). Хуыцау фӕстаг хатт арв ӕмӕ зӕхх куы базмӕлын кӕна, уӕд ӕрмӕстдӕр йӕ Паддзахад лӕудзӕн фидар ӕмӕ нӕ фенкъуысдзӕн! (Пс. 110:5, 6; Дан. 2:44).

20. Адӕмы цы хъӕуы аскъуыддзаг кӕнын ӕмӕ сын нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын?

20 Рӕстӕг бирӕ нал баззад, ӕмӕ фӕстиат кӕнӕн ӕппындӕр нӕй! Адӕм хъуамӕ аскъуыддзаг кӕной, дарддӕр куыд цӕрдзысты, уый. Дарддӕр дӕр ацы дунейы фарс куы уой, уӕд фесӕфдзысты. Сӕ цард Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ куы аивой, уӕд та ӕнустӕм цӕрдзысты (Дзут. 12:25). Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй уыцы ахсджиаг фарста аскъуыддзаг кӕной. Мах фӕнды, цӕмӕй ма адӕмты ’хсӕн цы хӕзнатӕ ис, уыдон Хуыцауы Паддзахады фарс слӕууой. Ӕмӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм нӕ Хицау Йесо Чырыстийы ныхӕстӕ: «Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матф. 24:14).

40 ЗАРӔГ Кӕй бар кӕнӕм нӕ цард?

^ 5 абз. Ацы статьяйы дзырд цӕуы, Аггей 2:7 стих раздӕр куыд ӕмбӕрстам, уый кӕй фӕивта, ууыл. Базондзыстӕм, ӕппӕт адӕмты дӕр чи базмӕлын кодта, уыцы хъуыддаджы нӕ бон архайын куыд у, уый. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, уыцы хъуыддагмӕ адӕм цы цӕстӕй ракӕсынц, ууыл.

^ 4 абз. Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ Аггейы цы хъуыддаджы тыххӕй арвыста, уый йӕ къухы кӕй бафтыд, уымӕн ӕмӕ н. э. размӕ 515 азмӕ кувӕндон арӕзт фӕци.

^ 10 абз. Ацы ныхӕстӕ раздӕр ӕндӕрхуызон ӕмбарын кодтам. Афтӕ-иу дзырдтам, зӕгъгӕ, сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм Йегъовӕмӕ кӕй ӕрбацӕуынц, уый, ӕппӕт адӕмты дӕр кӕй базмӕлын кодта, уый фӕрцы нӕу. Кӕс 2006 азы 15 майы «Сторожевая башня», рубрикӕ «Вопросы читателей».

^ 63 абз. НЫВТӔ. Аггей Хуыцауы адӕмы ныфсыл ныфс ӕфтыдта, цӕмӕй та сӕ зӕрдӕты зынг ссыгъдаид ӕмӕ кувӕндон арӕзт фӕуыдаиккой. Нӕ рӕстӕджы дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Лӕг ӕмӕ ус хъусын кӕнынц, Хуыцау ма фӕстаг хатт арв ӕмӕ зӕхх кӕй базмӕлын кӕндзӕн, уый тыххӕй.