Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

38 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ чырыстон бинонтыл дӕхи бӕтт

Дӕ чырыстон бинонтыл дӕхи бӕтт

«Ӕз цӕуын мӕ Фыдмӕ ӕмӕ уӕ Фыдмӕ» (ИОАН. 20:17).

3 ЗАРӔГ Нӕ ныфс, нӕ хъару, нӕ фидар мӕсыг

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, нӕ бон куыд у Йегъовӕйы хонын?

ЙЕГЪОВӔЙӔН ис стыр бинонтӕ. Йӕ бинонты ’хсӕн сты Йесо, «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг», ӕмӕ милуангай зӕдтӕ (Кол. 1:15; Пс. 103:20). Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд адӕмӕн ӕмбарын кодта, уыдонӕн дӕр сӕ бон кӕй у Йегъовӕйы сӕ Фыдыл нымайын. Иухатт йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ куы ныхас кодта, уӕд сын загъта: «Ӕз цӕуын мӕ Фыдмӕ ӕмӕ уӕ Фыдмӕ» (Иоан. 20:17). Адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕны ӕмӕ донаргъуыд куы райсы, уӕд ӕрбаиу вӕййы, кӕрӕдзийыл ӕнувыд чи сты, уыцы чырыстон бинонтӕм (Мар. 10:29, 30).

2. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Кӕмӕндӕрты зын вӕййы Йегъовӕйы уарзӕгой Фыдыл нымайын. Чидӕртӕ та нӕ фӕзонынц, куыд равдисой, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты кӕй уарзынц, уый. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йесо нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Йегъовӕйы нӕ уарзӕгой Фыдыл нымайӕм ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон куыд у Йегъовӕйы фӕзмын ӕмӕ хъуыддагӕй ӕвдисын, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый.

ЙЕГЪОВӔЙЫ ФӔНДЫ, ЦӔМӔЙ ЙӔМ ӔВВАХСДӔР КӔНАЙ

3. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, Йесо куыд амыдта, Йегъовӕмӕ афтӕ куы кувӕм, уӕд ӕм баввахс уыдзыстӕм?

3 Йегъовӕ, ӕрмӕстдӕр нӕ цыдӕртӕ чи домы, ахӕм тызмӕг хицау нӕу. Уый у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ уарзӕгой Фыд. Нӕ бон вӕййы йемӕ кӕдфӕнды дӕр аныхас кӕнын. Йесо йӕ растдӕр ахӕм Фыдыл нымайы, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм мах дӕр ахӕм цӕстӕй кӕсӕм. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн куы амыдта, кувын куыд хъӕуы, уӕд сын загъта: «Кувгӕ та кӕнут афтӕ: „Нӕ уӕларвон Фыд“» (Матф. 6:9). Библийы фыст ис, Йегъовӕ кӕй у «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау», «Сфӕлдисӕг» ӕмӕ «Ӕнусты Паддзах» (Райд. 49:25; Ис. 44:2; 1 Тим. 1:17). Ӕмӕ Йесойӕн йӕ бон уыд зӕгъын, цӕмӕй йӕ кувгӕйӕ афтӕ хонӕм. Афтӕ куы загътаид, уӕддӕр нӕ фӕрӕдыдаид. Фӕлӕ Йесо загъта, цӕмӕй Йегъовӕйы хонӕм нӕ Фыд.

4. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнӕм?

4 Чи зоны, кӕмӕндӕр зын у, Йегъовӕ уарзӕгой Фыд кӕй у, ууыл баууӕндын, уымӕн ӕмӕ йӕхи фыдӕй рӕвдыд нӕ зыдта. Чи зоны, дӕуӕн дӕр уый зын у. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ хорз ӕмбары, ӕмӕ нын уый у ныфсы хос. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнӕм. Ӕмӕ йӕ Ныхасы дӕр ныффыссын кодта: «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иак. 4:8). Йегъовӕ нӕ тынг уарзы ӕмӕ нын зӕгъы, кӕй нын уыдзӕн ӕппӕты хуыздӕр Фыд.

5. Лукайы 10:22 стихмӕ гӕсгӕ нын Йесо куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уӕм?

5 Йесо нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уӕм. Уый йӕ Фыды тынг хорз зоны ӕмӕ йӕ алцӕмӕй дӕр фӕзмы. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд зӕгъын: «Мӕн чи федта, уый федта Фыды дӕр» (Иоан. 14:9). Йесо нын хистӕр ӕфсымӕрау амоны, куыд ис нӕ Фыды кадджын кӕнӕн ӕмӕ цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, йӕ коммӕ кӕй кӕсӕм, уый. Уымӕй уӕлдай ма нын амоны, нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ ма фӕриссын кӕнӕм ӕмӕ цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй-иу ын йӕ зӕрдӕ барухс кӕнӕм. Фӕлӕ Йесойы цардыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕ бон у фыццаджыдӕр бамбарын, Йегъовӕ хӕларзӕрдӕ ӕмӕ уарзӕгой кӕй у, уый. (Бакӕс Лукайы 10:22.) Ныртӕккӕ ууыл аныхас кӕндзыстӕм.

Йегъовӕ у уарзӕгой Фыд, ӕмӕ йӕ Фырты зӕды уылты бафидар кодта (кӕс 6 абзац) *

6. Йегъовӕ Йесойы куывдтытӕм кӕй хъуыста, уый цавӕр цӕвиттонтӕй у бӕрӕг?

6 Йегъовӕ фӕхъусы йӕ сывӕллӕтты куывдтытӕм. Уый бӕрӕг у, йӕ фыццаггуырд Фырт зӕххыл куы уыд, уӕд-иу ын йӕ куывдтытӕм алкӕддӕр кӕй хъуыста, уымӕй (Лук. 5:16). Йегъовӕ-иу ӕй фехъуыста, ахсджиаг уынаффӕ рахӕссыны размӕ-иу ӕм куы скуывта, уӕд, зӕгъӕм, 12 апостолы равзарыны размӕ (Лук. 6:12, 13). Йесойӕн-иу зын куы уыд ӕмӕ-иу ӕм куы скуывта, уӕд дӕр-иу ӕй фехъуыста. Иудӕ йӕ куы ауӕй кодта, уый размӕ йӕ Фыдӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын радтаид тыхтӕ, чи йӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уыцы фӕлварӕны фидар фӕлӕууынӕн. Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ ӕрмӕст хъусгӕ нӕ фӕкодта, фӕлӕ ма йӕм зӕды дӕр рарвыста, цӕмӕй йӕ бафидар кодтаид (Лук. 22:41–44).

7. Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусы, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

7 Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ дӕр фехъусы ӕмӕ нын дзуапп ратты, уымӕн хуыздӕр рӕстӕг куы вӕййы, уӕд, ӕмӕ хуыздӕр куыддӕриддӕр вӕййы, афтӕ (Пс. 116:1, 2). Ӕркӕсӕм, Йегъовӕ иу индиаг хойы куывдӕн дзуапп куыд радта, уымӕ. Уыцы хо уыди нервыты низӕй рынчын, ӕмӕ-иу цӕссыгкалгӕйӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс куырдта. Уый ныффыста: «2019 азы нӕ интернет-телеуынынады майы программӕ уыди, нӕ бон мӕт ӕмӕ сагъӕстимӕ тох кӕнын куыд у, уый тыххӕй. Уыцы программӕ раст цыма мӕн тыххӕй рацыд. Йегъовӕ мын афтӕмӕй мӕ куывдтытӕн дзуапп радта».

8. Йегъовӕ куыд равдыста, Йесойы кӕй уарзы, уый?

8 Йегъовӕ нӕ уарзы ӕмӕ ныл алкӕддӕр батыхсы. Ӕмӕ, Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд уый дӕр афтӕ уарзта ӕмӕ-иу ыл алкӕддӕр батыхст (Иоан. 5:20). Ӕххуыс ын кодта, цӕмӕй йӕ уырнындзинад фидар уыдаид. Йӕ ныфсыл-иу ын ныфс бафтыдта. Ӕмӕ-иу ӕй ӕнӕмӕнг цы хъуыд, уыдӕттӕ-иу ын радта. Стӕй-иу ын дзургӕ дӕр кодта, кӕй йӕ уарзы ӕмӕ дзы райгонд кӕй у (Матф. 3:16, 17). Йесо зыдта, йӕ уарзӕгой Фыд ын бахъуаджы сахат кӕй баххуыс кӕндзӕн, ӕмӕ уый тыххӕй йӕхимӕ иунӕг никуы каст (Иоан. 8:16).

9. Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

9 Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый Йесойау нӕхиуыл бирӕ хӕттыты бавзӕрстам. Йегъовӕ нӕ йӕхимӕ ’рбакодта (Иоан. 6:44). Уый фӕрцы нын фӕзынд, бирӕ нӕ чи уарзы, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Зын нын куы вӕййы, уӕд уыдон нӕ фарсмӕ ӕрбалӕууынц. Ахӕм уарзӕгой бинонтӕ нын кӕй ис, уый фӕрцы стӕм амондджын. Йегъовӕ ма нын дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг, стӕй нӕ цӕрынӕн цы хъӕуы, уыдӕттӕ (Матф. 6:31, 32). Йегъовӕ нӕ куыд уарзы, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй мах дӕр тынгдӕр бауарзӕм.

ХОТӔ ӔМӔ ’ФСЫМӔРТӔМ ЙЕГЪОВӔЙЫ ЦӔСТӔЙ КӔС

10. Йегъовӕ нӕ хотӕм ӕмӕ не ’фсымӕртӕм цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?

10 Йегъовӕ нын нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты тынг уарзы. Фӕлӕ махӕн та алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, кӕй сӕ уарзӕм, уый ӕвдисын. Афтӕ уымӕн вӕййы, ӕмӕ стӕм алыхуызон адӕмыхӕттытӕй, стӕй алы уавӕрты схъомыл стӕм. Ӕмӕ нӕм, гӕнӕн ис, хатт нӕ рӕдыдтыты тыххӕй иннӕтӕ смӕсты уой кӕнӕ нӕм фӕхъыг уой. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у архайын, цӕмӕй нӕ чырыстон бинонты ’хсӕн уарзондзинад уа. Уый тыххӕй хъуамӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм, Йегъовӕ сӕ куыд уарзы, афтӕ (Еф. 5:1, 2; 1 Иоан. 4:19). Ӕркӕсӕм, нӕ бон цӕмӕй у Йегъовӕйы бафӕзмын.

11. Йесо куыд равдыста, йӕ Фыд «тынг тӕригъӕдгӕнаг» кӕй у, уый?

11 Йегъовӕ «тынг тӕригъӕдгӕнаг» у (Лук. 1:78). Тӕригъӕдгӕнаг чи у, уый куы фены, иннӕмӕн зын кӕй у, уӕд уымӕн дӕр зын вӕййы, ӕмӕ йӕ фӕфӕнды, цӕмӕй йын истӕмӕй баххуыс кӕна ӕмӕ дзы ныфс бауадза. Йесо адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта, уымӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕ сӕ бирӕ кӕй уарзы (Иоан. 5:19). Иухатт Йесо бирӕ адӕмы куы федта, «уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ уыдысты ӕнӕфыййау фыстау, ӕфхӕрд ӕмӕ дзӕгъӕл» (Матф. 9:36). Адӕмӕн кӕй тӕригъӕд кодта, уый-иу хъуыддагӕй равдыста. Рынчынты дзӕбӕх кодта ӕмӕ ӕххуыс кодта, фыдӕбон чи кодта ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хаста, уыдонӕн (Матф. 11:28–30; 14:14).

Йегъовӕйау хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ зын ӕмбар ӕмӕ у рӕдау (кӕс 12–14 абзацтӕ) *

12. Иннӕты зын кӕй ӕмбарӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

12 Цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ зын ӕмбарӕм, уый тыххӕй фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, ууыл. Зӕгъӕм, хо уӕззау низӕй рынчын у. Уый никуы ницӕмӕй фӕхъаст кӕны, фӕлӕ йӕм исчи истӕмӕй куы фӕкӕсид, уыд дзы тынг бузныг уаид. Чи зоны йын ӕнцон нӕ вӕййы йӕ бинонтӕн хӕринаг скӕнын кӕнӕ бафснайын. Кӕнӕ та, зӕгъӕм, ӕфсымӕр ӕнӕ куыстӕй баззад. Уӕд ӕм нӕ бон нӕ уаид иу гыццыл ӕхцайӕ фӕкӕсын? Уыцы ӕхцатӕ уал ын, ӕнӕмӕнг ӕй цы хъӕуы, уыдӕтты фаг уаиккой, цалынмӕ куыст не ссара, уӕдмӕ. Ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй йӕ зона, чи йын сӕ радта, уый.

13, 14. Нӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйау рӕдау кӕй стӕм, уый?

13 Йегъовӕ у рӕдау Хуыцау (Матф. 5:45). Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ уый хуызӕн уӕм. Хъуамӕ ма ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, цалынмӕ хо кӕнӕ ’фсымӕр йӕхӕдӕг ракура ӕххуыс, фӕлӕ-иу Йегъовӕйау хъуамӕ нӕхӕдӕг фӕраздӕр уӕм. Уый ныл алы бон дӕр хур скӕсын кӕны, кӕд ын уый тыххӕй дзургӕ дӕр нӕ фӕкӕнӕм, уӕддӕр. Ӕмӕ, Йегъовӕйӕ бузныг чи у, ӕрмӕст уыдоны нӕ тавы хур, фӕлӕ алкӕй дӕр. Йегъовӕ нын дӕтты, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Ӕмӕ уымӕй ӕвдисы, кӕй нӕ уарзы, уый. Ӕмӕ ахӕм хӕларзӕрдӕ ӕмӕ рӕдау кӕй у, уый тыххӕй йӕ тынг уарзӕм.

14 Йегъовӕйау бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сты рӕдау. 2013 азы Филиппинты тыхдымгӕ «Хайян» куы рацыд, уӕд бӕстӕ ныппырх кодта. Нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ ӕнӕ хӕдзӕрттӕй баззадысты. Фӕлӕ сын ӕгас дунейы дӕр цы чырыстон бинонтӕ ис, уыдон сӕм уайтагъд се ’ххуысы къух бадардтой. Бирӕтӕ сын ӕххуыс кодтой ӕхцайӕ, бирӕтӕ та сын ӕххуыс кодтой сӕ хӕдзӕрттӕ сцалцӕг кӕнынӕн кӕнӕ ног хӕдзӕрттӕ саразынӕн. Афӕдз дӕр нӕ рацыд, афтӕ 750 хӕдзары бӕрц цӕттӕ уыдысты! Коронавирусы пандемийӕйы рӕстӕг дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕн тынг баххуыс кодтой. Нӕ чырыстон бинонтӕм уайтагъд ӕххуысмӕ куы фӕзынӕм, уӕд афтӕмӕй равдисӕм, кӕй сӕ уарзӕм.

15, 16. Лукайы 6:36 стихмӕ гӕсгӕ, нӕ бон цӕмӕй у нӕ уӕларвон Фыды бафӕзмын?

15 Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хатыргӕнаг. (Бакӕс Лукайы 6:36.) Ӕмӕ уый нӕхиуыл алы бон дӕр бавзарӕм (Пс. 103:10–14). Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ арӕх рӕдыдысты, фӕлӕ сӕм уый уыд фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ-иу сын ныххатыр кодта. Йӕ цард дӕр ма нывондӕн ӕрхаста, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдаиккой (1 Иоан. 2:1, 2). Йегъовӕ ӕмӕ Йесо фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хатыргӕнаг кӕй сты, уый тыххӕй сӕ ноджы тынгдӕр нӕ бауарзыс?

16 Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн зӕрдӕйӕ куы ныххатыр кӕнӕм, уӕд ноджы ӕнгомдӕр свӕййӕм (Еф. 4:32). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хатт уый тынг зын вӕййы, ӕмӕ нӕ ууыл хъӕуы ахуыр кӕнын. Иу хойӕн баххуыс кодта статья «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй. Статья хуыйны «Кӕрӕдзийӕн зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут» *. Уыцы хо ныффыста: «Уыцы статья мын баххуыс кодта, цӕмӕй бамбӕрстаин, иннӕтӕн хатыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый. Уым фыст уыди, зӕгъгӕ, адӕймагӕн кӕй ныххатыр кӕнӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йын йӕ митӕ ӕвзӕрыл нӕ нымайӕм кӕнӕ афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй зиан никӕмӕн ӕрхаста. Ныххатыр кӕнын ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыцы ӕвзӕр хъуыддӕгты тыххӕй мӕсты нал кӕнӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы ис фарн». Нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн зӕрдӕйӕ куы ныххатыр кӕнӕм, уӕд равдисӕм, кӕй сӕ уарзӕм ӕмӕ нӕ Фыды кӕй фӕзмӕм, уый.

ЙЕГЪОВӔЙЫ БИНОНТЫ ’ХСӔН ДЫН ЦЫ БЫНАТ ИС, УЫМӔН АРГЪ КӔН

Кӕстӕртӕ дӕр ӕмӕ хистӕртӕ дӕр хъуыддагӕй равдисынц, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты кӕй уарзынц (кӕс 17 абзац) *

17. Матфейы 5:16 стихмӕ гӕсгӕ, нӕ бон куыд у нӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕнын?

17 Махӕн ӕгас дунейы дӕр ис, кӕрӕдзи чи уарзы, ахӕм бинонтӕ. Ӕмӕ нын уый стыр лӕвар у. Мах фӕнды, цӕмӕй ма нӕм ноджыдӕр фылдӕр адӕм ӕрбаиу уой ӕмӕ немӕ иумӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕной. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕхимӕ кӕсӕм, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыды ном кӕнӕ йӕ адӕмы ном мацӕмӕй фӕхудинаг кӕнӕм. Мах архайӕм афтӕ цӕрыныл, цӕмӕй махмӕ кӕсгӕйӕ адӕмы бафӕнда Йегъовӕйы базонын ӕмӕ йын лӕггад кӕнын. (Бакӕс Матфейы 5:16.)

18. Цы нын баххуыс кӕндзӕн хорз хабар ныфсджынӕй хъусын кӕнынӕн?

18 Нӕ уӕларвон Фыды коммӕ кӕй кӕсӕм, уый тыххӕй ныл, гӕнӕн ис, фаутӕ ӕвӕрой кӕнӕ ӕфхӕрд ӕййафӕм. Адӕмимӕ Хуыцауы тыххӕй куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд, чи зоны, фӕтыхсӕм. Ахӕм уавӕры нын цы баххуыс кӕндзӕн? Хъуамӕ-иу нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ ӕмӕ нын йӕ Фырт кӕй баххуыс кӕндзысты. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, кӕй сӕ нӕ хъӕуы мӕт кӕнын, цы зӕгъдзысты ӕмӕ куыд зӕгъдзысты, ууыл. Цымӕ цӕуылнӕ? Йесо бамбарын кодта: «Уыцы сахат, цы зӕгъат, уый зондзыстут, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕст сымах нӕ дзурдзыстут, фӕлӕ уӕ Фыды сыгъдӕг тых дзурдзӕн уӕ дзыхӕй» (Матф. 10:19, 20).

19. Сыгъдӕг тых нын ныфсджынӕй хъусын кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕны, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

19 Ахъуыды кӕнӕм Роберты хабарыл. Уый цӕры Хуссар-Африкаг Республикӕйы. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ бахъуыд тӕрхондоны раз ӕрлӕууын, ӕфсадмӕ кӕй нӕ цыд, уый тыххӕй. Роберт равдыста, йӕ чырыстон бинонты ’хсӕн ын цы бынат ис, уымӕн кӕй аргъ кодта. Уый тӕрхонгӕнджытӕн бамбарын кодта, ӕз, дам, ӕфсадмӕ уый тыххӕй нӕ цӕуын, ӕмӕ, дам, мӕ чырыстон ӕфсымӕрты уарзын. Уӕд ӕй тӕрхонгӕнджытӕй иу афарста: «Ӕмӕ чи сты де ’фсымӕртӕ?» Роберт ахӕм фарста фехъусын ӕнхъӕл нӕ уыд, фӕлӕ уайтагъд йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд уыцы боны стих. Уый уыди Матфейы 12:50 стих: «Мӕ уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый у мӕнӕн ме ’фсымӕр дӕр, мӕ хо дӕр ӕмӕ мӕ мад дӕр». Кӕд Роберт Библийӕ бирӕ нӕма зыдта, уӕддӕр ын Йегъовӕйы сыгъдӕг тых баххуыс кодта уыцы фарстайӕн ӕмӕ ӕндӕр фарстатӕн дӕр дзуапп раттынӕн. Йегъовӕ дзы сӕрыстыр куыннӕ уыд! Ӕмӕ махӕй дӕр уыдзӕн сӕрыстыр, нӕ ныфс ыл куы дарӕм ӕмӕ-иу зын уавӕрты дӕр хорз хабар ныфсджынӕй куы хъусын кӕнӕм, уӕд.

20. Дарддӕр дӕр цы хъуамӕ аразӕм? (Иоанны 17:11, 15).

20 Мах дарддӕр дӕр аргъ кӕндзыстӕм, уарзӕгой чырыстон бинонтӕ нын кӕй ис, уымӕн. Махӕн ис ӕппӕты хуыздӕр Фыд ӕмӕ бирӕ ӕнувыд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Ӕмӕ уыцы арфӕдзинӕдты тыххӕй хъуамӕ алкӕддӕр бузныг уӕм. Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ фарс чи сты, уыдон нӕ се сӕфт уынынц. Ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ уӕларвон Фыд нӕ кӕй уарзы, ууыл. Стӕй архайынц, цӕмӕй, нӕ чырыстон бинонты ’хсӕн цы иудзинад ис, уый фехалой. Фӕлӕ Йесо йӕ Фыдмӕ куывта, цӕмӕй нӕ хъахъхъӕна ӕмӕ не ’хсӕн алкӕддӕр иудзинад уа. (Бакӕс Иоанны 17:11, 15.) Ӕмӕ йӕ уынӕм, Йегъовӕ уыцы куывдӕн дзуапп кӕй дӕтты. Йесойау мах дӕр хъуамӕ макуы дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ уӕларвон Фыд нӕ кӕй уарзы ӕмӕ нын алкӕддӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл. Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр нӕ чырыстон бинонтыл нӕхи бӕттӕм!

99 ЗАРӔГ Хуыцауы адӕм сты милуантӕ

^ 5 абз. Мах стӕм тынг амондджын адӕм, уымӕн ӕмӕ нын ис ӕнувыд чырыстон бинонтӕ. Не ’ппӕты дӕр фӕнды архайын, цӕмӕй, не ’хсӕн цы уарзондзинад ис, уый тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕна. Уый тыххӕй хъуамӕ, Йегъовӕ нӕм цы зӕрдӕ дары, кӕрӕдзимӕ ахӕм зӕрдӕ дарӕм. Стӕй ма нӕ бон у Йесойы ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты фӕзмын.

^ 57 абз. НЫВ. Йесо Гефсиманийы дыргъдоны куы уыд, уӕд ӕм Йегъовӕ зӕды рарвыста, цӕмӕй йӕ бафидар кодтаид.

^ 59 абз. НЫВ. Коронавирусы пандемийӕйы рӕстӕг-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй кӕмӕндӕрты хъуыди хӕринаг баласын. Ӕмӕ бирӕтӕ уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кодтой. Хӕринӕгтӕ-иу ӕрцӕттӕ кодтой ӕмӕ-иу сӕм сӕ фӕхӕццӕ кодтой.

^ 61 абз. НЫВ. Мад йӕ гыццыл чызгӕн ӕххуыс кӕны, ахӕстоны чи бады, уыцы ’фсымӕрмӕ писмо ныффыссынӕн.