Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

43 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Хъусын кӕнгӕйӕ дӕ ныфс ма асӕттӕд!

Хъусын кӕнгӕйӕ дӕ ныфс ма асӕттӕд!

«Хорз цы у, уый аразгӕйӕ нӕ ныфс ма асӕттӕд» (ГАЛ. 6:9).

68 ЗАРӔГ Тауӕм Паддзахады мыггаг

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уый нын стыр цины хос ӕмӕ стыр кад цӕмӕн у?

ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔ кӕй стӕм, уый нын у стыр цины хос ӕмӕ стыр кад! Мах хӕссӕм Хуыцауы ном. Ӕмӕ, йе ’вдисӕнтӕ кӕй стӕм, уый бӕрӕг у, хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй цӕттӕ кӕнӕм, уымӕй. Мах тынг фӕцин кӕнӕм, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», ахӕм адӕймагӕн куы баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй уырнӕг суа (Хъуыд. 13:48). Йесо дӕр-иу афтӕ цин кодта. Зӕгъӕм, иухатт йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уацамындӕй куы ’рбацыдысты ӕмӕ йын куы радзырдтой, цы хабӕрттӕ сыл ӕрцыд, уӕд «йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг» (Лук. 10:1, 17, 21).

2. Нӕ бон куыд у равдисын, хъусын кӕныны хъуыддаг ахсджиагыл кӕй нымайӕм, уый?

2 Хъусын кӕныны хъуыддаг мах тынг ахсджиагыл нымайӕм. Апостол Павел Тимофейӕн загъта: «Ӕдзухдӕр дӕхимӕ кӕс, стӕй дӕ хъус дар, иннӕтӕн куыд ӕмӕ цы амоныс, уымӕ». Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Афтӕмӕй дӕхи дӕр фервӕзын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр» (1 Тим. 4:16). Уӕдӕ, хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы адӕмӕн сӕ бон у фервӕзын. Мах нӕхи бакодтам Хуыцауы Паддзахады дӕлбар, ӕмӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр нӕхимӕ кӕсӕм. Мах фӕнды алкӕддӕр афтӕ цӕрын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн кад хӕссӕм ӕмӕ бӕрӕг уа, цы хорз хабар хъусын кӕнӕм, ууыл нӕхӕдӕг дӕр кӕй ӕууӕндӕм (Фил. 1:27). Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, «иннӕтӕн куыд ӕмӕ цы амонӕм», уымӕ. Уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи уацамындмӕ цӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ-иу уацамынды ацӕуыны размӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс ракурӕм.

3. Бирӕтӕ хорз хабармӕ цы цӕстӕй ракӕсынц? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

3 Фӕлӕ зынгзӕрдӕйӕ куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд дӕр вӕййы афтӕ, ӕмӕ хорз хабармӕ бирӕтӕ нӕ фӕхъусынц йе та ӕппындӕр ничи фӕхъусы. Ӕркӕсӕм ӕфсымӕр Георг Линдалы хабармӕ. Уый 1929 азӕй 1947 азмӕ Исландийы хорз хабар хъусын кодта иунӕгӕй. Байуӕрста мингай чингуытӕ, фӕлӕ дзы уал азмӕ иу адӕймаг дӕр хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ нӕ айста. Георг ныффыста: «Чидӕртӕ сты рӕстдзинады ныхмӕ. Фӕлӕ адӕмӕн сӕ фылдӕрмӕ рӕстдзинад нымады дӕр нӕу». Уый фӕстӕ Исландимӕ ӕрцыдысты, Галаады скъола чи фӕци, уыцы миссионертӕ. Уымӕй ма рацыд ноджыдӕр 9 азы, ӕмӕ дзы ӕрмӕстдӕр гъеуӕд систы чидӕртӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ *.

4. Адӕм хорз хабармӕ куы нӕ фӕхъусынц, уӕд цы фенкъарӕм?

4 Адӕм хорз хабармӕ куы нӕ фӕхъусынц кӕнӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уый куы ницы фӕивы, уӕд нын уый зын вӕййы. Павелӕн дӕр «тынг зын» уыди, дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр Йесойы зӕрдӕвӕрд Мессийӕйыл кӕй нӕ банымадтой, уый (Ром. 9:1–3). Зӕгъӕм, кӕимӕдӕр Библи ахуыр кӕныс. Тынг архайыс, цӕмӕй йын Хуыцауы базонынӕн баххуыс кӕнай. Йегъовӕмӕ дӕр уыцы адӕймаджы тыххӕй фӕкувыс. Фӕлӕ уый, цы базоны, уымӕ гӕсгӕ нӕ архайы. Ӕмӕ аскъуыддзаг кодтай, йемӕ Библи кӕй нал ахуыр кӕндзынӕ. Кӕнӕ, зӕгъӕм, дӕхӕдӕг донаргъуыд райсынӕн никӕмӕн баххуыс кодтай. Цымӕ уӕд хъуамӕ дӕхи аххосджын кӕнай ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнай, зӕгъгӕ мын Йегъовӕ мӕ лӕггадӕн нӕ арфӕ кӕны? Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм дыууӕ фарстайыл: 1) Кӕд вӕййы зӕгъӕн, ӕмӕ нӕ лӕггады ӕнтыстджын стӕм? 2) Нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм, цӕмӕй нӕ къухтӕ ма ’руадзӕм?

КӔД ВӔЙЙЫ ЗӔГЪӔН, ӔМӔ НӔ ЛӔГГАДЫ ӔНТЫСТДЖЫН СТӔМ?

5. Йегъовӕйы хъуыддаджы нын алцы, мах куыд фӕнды, афтӕ цӕуылнӕ рауайы?

5 Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, ахӕм адӕймаджы тыххӕй Библийы фыст ис: «Цыфӕнды ма араза – алцыдӕр ын бантысдзӕн» (Пс. 1:3). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нын Йегъовӕйы хъуыддаджы алцыдӕр, мах куыд фӕнды, афтӕ уайдзӕн. Не ’ппӕт дӕр – нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр – ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ цард у «мастӕй дзаг» (Иов 14:1). Уымӕй уӕлдай ма хатт, нӕ ныхмӕ кӕй фӕцӕуынц, уый тыххӕй нӕ бон сӕрибарӕй хъусын кӕнын нӕ вӕййы (1 Кор. 16:9; 1 Фес. 2:18). Уӕдӕ, Йегъовӕйы хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕнтыстджын кӕд вӕййӕм? Ӕркӕсӕм Библийы уагӕвӕрдтӕм. Уыдон нын баххуыс кӕндзысты ацы фарстайӕн дзуапп базонынӕн.

Йегъовӕ нын нӕ фыдӕбонӕн алкӕддӕр аргъ кӕны, уӕлдай нӕу, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнӕм, писмотӕ фыссӕм ӕви телефонӕй хъусын кӕнӕм (кӕс 6 абзац)

6. Йегъовӕ нын нӕ лӕггадӕй райгонд кӕд вӕййы?

6 Йегъовӕ кӕсы, куыд зӕрдиагӕй ӕмӕ куыд фӕразонӕй архайӕм, уымӕ. Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ зынгзӕрдӕйӕ куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нӕ райгонд вӕййы, адӕм нӕм куы нӕ фӕхъусынц, уӕддӕр. Павел ныффыста: «Хуыцау мӕнгард нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый – сымах лӕггад кодтат ӕмӕ ныр дӕр лӕггад кӕнут сыгъдӕджытӕн» (Дзут. 6:10). Кӕд, Библи кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдонӕй донаргъуыд ничи райста, уӕддӕр Йегъовӕйӕ нӕ фыдӕбон ӕмӕ нӕ уарзондзинад рох не сты. Павел коринфӕгтӕм ныффыста: «Хицауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ уӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы... нӕу». Кӕд нӕ фыдӕбон, мах цы тыллӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм, ахӕм тыллӕг не ’рхаста, уӕддӕр ацы ныхӕстӕ махмӕ дӕр хауынц (1 Кор. 15:58).

7. Апостол Павел йӕ лӕггады тыххӕй цы загъта, уымӕй нӕ бон цы у базонын?

7 Апостол Павел уыди ӕнтыстджын миссионер. Йӕ фыдӕбоны фӕрцы бирӕ горӕтты фӕзынди ног ӕмбырдтӕ. Фӕлӕ йӕм чидӕртӕ фаутӕ хастой, иннӕты ахуыр кӕнынмӕ нӕ арӕхсы, зӕгъгӕ. Уыдон сӕхи Павелӕй уӕлдӕр ӕвӕрдтой. Ӕмӕ сын дзуапп дӕтгӕйӕ Павел нӕ райдыдта, Хуыцауы фӕндагыл слӕууынӕн цал адӕймагӕн баххуыс кодта, уый кой кӕнын. Фӕлӕ сын загъта: «Ӕз бирӕ фылдӕр бафыдӕбон кодтон» (2 Кор. 11:23). Павелау мах дӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ ӕппӕты тынгдӕр кӕй аргъ кӕны, куыд зӕрдиагӕй ӕмӕ куыд фӕразонӕй архайӕм, уымӕн.

8. Нӕ лӕггады тыххӕй нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

8 Нӕ лӕггадӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Иухатт Йесо хорз хабар хъусын кӕнынмӕ арвыста 70 ахуыргӕнинаджы, ӕмӕ уыдон уацамындӕй «цингӕнгӕ ӕрбаздӕхтысты». Цӕмӕн цин кодтой? Уыдон загътой: «Дӕ ном куы сдзурӕм, уӕд хӕйрӕджытӕ дӕр нӕ коммӕ бакӕсынц». Фӕлӕ сын Йесо сӕ хъус ӕрдардта, ахсджиагдӕр цы уыд, уымӕ. Загъта сын: «Дӕлимонтӕ уӕ коммӕ кӕй кӕсынц, ууыл ма цин кӕнут – цин кӕнут, уӕ нӕмттӕ уӕлӕрвты фыст кӕй сты, ууыл» (Лук. 10:17–20). Йесо зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтыл-иу уацамынды алкӕд диссагӕн дзуринаг хабӕрттӕ кӕй не ’рцӕудзӕн. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, мах ӕй нӕ зонӕм, фыццаг сӕм чи байхъуыста, уыдон ӕппынфӕстаг уырнджытӕ систы ӕви нӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ бамбӕрстаиккой: адӕм сӕм кӕй хъуыстой, ӕрмӕст ууыл хъуамӕ ма цин кодтаиккой. Ӕппӕты стырдӕр циндзинад сын хъуамӕ хастаид, Йегъовӕ сын сӕ лӕггадӕй райгонд кӕй уыд, уый.

9. Галатӕгтӕм 6:7–9 стихтӕм гӕсгӕ, цы «ӕркӕрддзыстӕм», дарддӕр дӕр куы хъусын кӕнӕм, уӕд?

9 Дарддӕр дӕр куы хъусын кӕнӕм, уӕд схайджын уыдзыстӕм ӕнусон цардӕй. Рӕстдзинады мыггӕгтӕ куы байтауӕм ӕмӕ сыл дон куы фӕкӕнӕм, уӕд фӕтауӕм, «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды», уый. Цӕмӕн у нӕ бон афтӕ зӕгъын? Хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд равдисӕм, кӕй нӕ фӕнды сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын. Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры: нӕ ныфс куы нӕ асӕтта кӕнӕ куы нӕ бафӕллайӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр куы хъусын кӕнӕм, уӕд «ӕркӕрддзыстӕм» ӕнусон цард, йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнынӕн куы никӕмӕн баххуыс кӕнӕм, уӕддӕр. (Бакӕс Галатӕгтӕм 6:7–9.)

НӔ ЗӔРДЫЛ ЦЫ ХЪУАМӔ ДАРӔМ, ЦӔМӔЙ НӔ КЪУХТӔ МА ӔРУАДЗӔМ?

10. Адӕймаг хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ айсдзӕн ӕви нӕ, уый цӕмӕй кӕнгӕ у?

10 Адӕймаг хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ айсдзӕн ӕви нӕ, уый сӕйраджыдӕр кӕнгӕ у, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уымӕй. Уый Йесо бамбарын кодта тауӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй. Тауӕг нӕмгуытӕ байтыдта алыхуызон зӕххы. Фӕлӕ дзы хорз зӕххыл чи ӕрхауд, ӕрмӕстдӕр уыцы нӕмгуытӕ ӕрхастой тыллӕг (Лук. 8:5–8). Йесо адӕмы зӕрдӕтӕ абарста зӕххимӕ ӕмӕ бамбарын кодта, адӕм «Хуыцауы дзырд» сӕ зӕрдӕмӕ иухуызон кӕй нӕ айсынц (Лук. 8:11–15). Махӕн дӕр тауӕгау нӕ бар нӕ цӕуы, кӕйдӕр зӕрдӕйы «нӕмыг» сзайдзӕн ӕви нӕ, ууыл, уымӕн ӕмӕ уый кӕнгӕ у, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уымӕй. Махӕн нӕ хӕс у дарддӕр дӕр рӕстдзинады мыггӕгтӕ тауын. Ӕмӕ, апостол Павел куыд загъта, афтӕмӕй, «алчидӕр райсдзӕн йӕхи хӕрзиуӕг, куыд бафыдӕбон кӕна, уымӕ гӕсгӕ», йӕ фыдӕбон цы тыллӕг ӕрхӕсса, уымӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ (1 Кор. 3:8).

Кӕд Ной бирӕ азты дӕргъы хъусын кодта, уӕддӕр йемӕ наумӕ йӕ бинонты йеддӕмӕ ничи бацыд. Фӕлӕ уый каст Хуыцауы коммӕ ӕмӕ йӕ лӕггады уыд ӕнтыстджын (кӕс 11 абзац)

11. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Ной уыди ӕнтыстджын хъусынгӕнӕг? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

11 Йегъовӕйы рагон лӕггадгӕнджытӕ адӕмӕн Хуыцауы ныхӕстӕ куы дзырдтой, уӕд-иу сӕм бирӕтӕ нӕ байхъуыстой. Зӕгъӕм, «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг» Ной хъусын кодта 40–50 азы бӕрц (2 Пет. 2:5). Ӕмӕ йӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныфс уыди, адӕм ӕм кӕй байхъусдзысты. Фӕлӕ йын Йегъовӕ уымӕй зӕрдӕ нӕ бавӕрдта. Нау саразын ын куы бахӕс кодта, уӕд ын загъта: «Ды хъуамӕ бацӕуай наумӕ, ӕмӕ демӕ иумӕ хъуамӕ бацӕуой дӕ фырттӕ, дӕ ус ӕмӕ дӕ фыртты устытӕ» (Райд. 6:18). Йегъовӕ Нойӕн куы загъта, нау цӕйас уыдзӕн, уый, уӕд Ной, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрста, цы хабар хъусын кодта, уымӕ бирӕтӕ кӕй нӕ байхъусдзысты (Райд. 6:15). Ӕмӕ йӕм ӕцӕгдӕр уыцы фыддунейӕ иу адӕймаг дӕр нӕ байхъуыста (Райд. 7:7). Фӕлӕ Йегъовӕ афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ Нойӕн ницы бантыст. Йӕ цӕсты Ной уыди ӕнтыстджын хъусынгӕнӕг, уымӕн ӕмӕ йын цыдӕриддӕр загъта, уый сарӕзта (Райд. 6:22).

12. Кӕд Йеремимӕ нӕ хъуыстой ӕмӕ йӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр ын йӕ лӕггад циндзинад цӕмӕн хаста?

12 Пехуымпар Йереми дӕр хъусын кодта 40 азӕй фылдӕр, кӕд ӕм бирӕтӕ нӕ хъуыстой ӕмӕ йӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр. Иуафон йӕ ныфс асаст, ӕфхӕрд кӕй ӕййӕфта ӕмӕ дзы кӕй хынджылӕг кодтой, уый тыххӕй. Ӕмӕ йӕхицӕн загъта, Йегъовӕйы номӕй кӕй нал дзурдзӕн (Йер. 20:8, 9). Фӕлӕ уӕддӕр йӕ бон не сси хъусӕй лӕууын. Цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр хъусын кодтаид ӕмӕ йын йӕ лӕггад циндзинад хастаид? Йереми хъуыды кодта дыууӕ ахсджиаг хъуыддагыл. Фыццаг: цы хабар хъусын кодта, уый фӕрцы-иу адӕм базыдтой, кӕй сын ис «фидӕн ӕмӕ ныфс» (Йер. 29:11). Дыккаг: Йегъовӕ йӕ ахӕм кады аккаг скодта, цӕмӕй йӕ номӕй дзырдтаид (Йер. 15:16). Ацы дунейы адӕмы зӕрдӕтӕм рухсы цъыртт никӕцӕй кӕлы, ӕмӕ сын мах хӕссӕм ныфсы хабар. Стӕй хӕссӕм Йегъовӕйы ном – стӕм йе ’вдисӕнтӕ. Ӕмӕ ацы дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы нӕ зӕрдыл куы фӕдарӕм, уӕд нын нӕ лӕггад фӕхӕссы циндзинад, адӕм нӕм куы нӕ фӕхъусынц, уӕд дӕр.

13. Марчы 4:26–29 стихты цы фӕсномыг ныхас ис, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

13 Цӕмӕй адӕймагӕн йӕ уырнындзинад сырӕза, уымӕн хъӕуы рӕстӕг. Уый бӕрӕг у, Йесо цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй. (Бакӕс Марчы 4:26–29.) Тауӕг ӕхсӕвы фынӕй кодта. Ӕмӕ, цы байтыдта, уый сабыргай рӕзыд, ӕмӕ, куыд рӕзыд, ууыл йӕ бар нӕ цыд. Мах дӕр искӕимӕ Библи куы ахуыр кӕнӕм, уӕд, гӕнӕн ис, нӕ фыдӕбон тыллӕг уайтагъд ма ӕрхӕсса. Адӕймагӕн йӕ уырнындзинад сабыргай сырӕзы, стӕй йӕ царды алцы ӕвиппайды нӕ аивы. Мыггӕгтӕ, тауӕджы куыд фӕнды, афтӕ тагъд не сгӕпп кӕнынц ӕмӕ сӕ йӕ бон нӕу тыххӕй сырӕзын кӕнын. Ӕмӕ, Библи кӕимӕ фӕахуыр кӕнӕм, уыдонӕн дӕр сӕ уырнындзинад, мах куыд фӕнды, афтӕ тагъд нӕ сырӕзы. Уӕдӕ-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд. Зӕхкусӕг йӕ тыллӕгмӕ фӕразонӕй куыд фенхъӕлмӕ кӕсы, афтӕ ды дӕр фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕс (Иак. 5:7, 8).

14. Цавӕр цӕвиттонӕй у бӕрӕг, рӕстӕг кӕй бахъӕуы, цӕмӕй нӕ фыдӕбон тыллӕг ӕрхӕсса?

14 Иуӕй-иу рӕтты цалынмӕ нӕ лӕггад тыллӕг ӕрхӕссы, уӕдмӕ бирӕ азтӕ рацӕуы. Ӕркӕсӕм Глэдис ӕмӕ Руби Аллены хабармӕ *. Уыдон уыдысты хӕрз хотӕ. 1959 азы сӕ снысан кодтой пионертӕй канадӕйаг провинци Квебекмӕ, иу гыццыл горӕтмӕ. Адӕм дзы хорз хабармӕ нӕ хъуыстой, уымӕн ӕмӕ тарстысты, иннӕтӕ сӕ цы ахъуыды кӕндзысты, уымӕй. Стӕй католикон сауджынтӕм дӕр тынг хъуыстой. Глэдис радзырдта: «Алы бон дӕр-иу хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кодтам 8 сахаты, фӕлӕ-иу нын иу адӕймагимӕ дӕр нӕ бантыст аныхас кӕнын. Дуар-иу куы бахостам ӕмӕ-иу куы базыдтой, мах кӕй стӕм, уӕд-иу нӕм нӕ ракастысты. Афтӕ уыд дыууӕ азы дӕргъы. Фӕлӕ мах уӕддӕр хъусын кодтам». Рӕстӕг куы рацыд, уӕд сӕм адӕм хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтой ӕмӕ сӕ лӕггад тыллӕг хӕссын райдыдта. Ныр уыцы горӕты ис ӕртӕ ӕмбырды (Ис. 60:22).

15. 1 Коринфӕгтӕм 3:6, 7 стихтӕй цы ис базонӕн ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны тыххӕй?

15 Ахуыргӕнинӕгтӕ иумӕ цӕттӕ кӕнӕм. Чидӕр куыд загъта, адӕймагӕн, дам, донаргъуыд райсынӕн ӕнӕхъӕн ӕмбырд ӕххуыс кӕны. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 3:6, 7.) Зӕгъӕм, фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыцы адӕймагӕн ӕфсымӕр радта буклет кӕнӕ журнал. Ӕмӕ йын загъта, уыцы ӕмӕ уыцы бон дӕм ӕрбацӕудзынӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уый фӕстӕ рабӕрӕг, йӕхи кӕй нӕ равдӕлдзӕн. Ӕмӕ иу ӕфсымӕрӕн загъта, цӕмӕй йӕм бацӕуа. Уыцы ӕфсымӕр адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Библийы ахуырмӕ фӕхоны алыхуызон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты, ӕмӕ алчидӕр цыдӕр хорз хъуыды фӕзӕгъы. Афтӕмӕй сӕ алчидӕр, фыццаг ӕфсымӕр цы мыггаг байтыдта, ууыл дон кӕны. Ӕмӕ, адӕймаг донаргъуыд куы райса, уӕд тауӕг дӕр ӕмӕ хуымгӕрдӕг дӕр иумӕ цин кӕндзысты (Иоан. 4:35–38).

16. Не ’нӕниздзинады тыххӕй нӕ бон, раздӕр цас хъусын кодтам, уыйбӕрц хъусын кӕнын куы нӕ уа, уӕддӕр нын нӕ лӕггад циндзинад цӕмӕн хъуамӕ хӕсса?

16 Кӕд де ’нӕниздзинады тыххӕй дӕ бон нал у, раздӕр цас хъусын кодтай, уыйбӕрц хъусын кӕнын, уӕддӕр дӕ бон у цин кӕнын, цы аразыс, ууыл. Иухатт паддзах Давиды ӕмӕ йӕ адӕмы бахъуыд амаликӕгтимӕ схӕцын, цӕмӕй сӕ бинонты ӕмӕ сӕ фӕллой фӕстӕмӕ байстаиккой. Фӕлӕ 200 хӕстоны тынг бафӕлладысты ӕмӕ уӕрдӕтты раз баззадысты. Давид ӕмӕ иннӕ хӕстонтӕ фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд Давид загъта, сӕ къухы цы бафтыд, уыдӕттӕ кӕй хъӕуы ӕмхуызон адих кӕнын, чи хӕцыд ӕмӕ уӕрдӕтты цур чи баззад, уыдоны ’хсӕн (1 Сам. 30:21–25). Афтӕ у ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг дӕр. Чи зоны, нӕ бон нӕу, цас нӕ фӕнды, уыйбӕрц аразын. Фӕлӕ кӕд уыцы хъуыддаджы зӕрдиагӕй архайӕм, уӕд махӕн дӕр нӕ бон у иннӕтимӕ цин кӕнын, царды фӕндагыл чи слӕууы, уыдонӕй алкӕуыл дӕр.

17. Йегъовӕйӕ бузныг цӕй тыххӕй стӕм?

17 Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, нӕ лӕггадӕн нын кӕй аргъ кӕны, уый тыххӕй. Йегъовӕ зоны, нӕ бон кӕй нӕу тыххӕй адӕмӕн афтӕ бакӕнын, цӕмӕй нӕм хъусой ӕмӕ йын лӕггад кӕнын райдайой. Фӕлӕ йӕ уыны, зӕрдиагӕй кӕй фыдӕбон кӕнӕм ӕмӕ йӕ кӕй уарзӕм, ӕмӕ нын уый тыххӕй раарфӕ кӕны. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй хуымгӕрдӕны кусгӕйӕ цин кӕнӕм, кӕд нӕ бон бирӕ аразын нӕу, уӕддӕр (Иоан. 14:12). Мах фидарӕй зонӕм: хъусын кӕнгӕйӕ нӕ ныфс куы нӕ асӕтта, уӕд нӕ Йегъовӕ райгонд уыдзӕн!

67 ЗАРӔГ «Хъусын кӕн Хуыцауы ныхас»

^ 5 абз. Адӕм хорз хабармӕ куы фӕхъусынц ӕмӕ сӕ Библи ахуыр кӕнын куы бафӕнды, уӕд фӕцин кӕнӕм. Фӕлӕ нӕм куы нӕ фӕхъусынц, уӕд хатт нӕ ныфс асӕтты. Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыцы адӕймаг, чи зоны йӕ царды ницы ивы. Кӕнӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕхӕдӕг никӕмӕн баххуыс кодтай донаргъуыд райсынӕн. Уӕд хъуамӕ афтӕ хъуыды кӕнай, ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы дӕуӕй ницы пайда ис? Адӕм хорз хабармӕ куы нӕ хъусой, уӕд дӕр гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ лӕггады ӕнтыстджын уӕм ӕмӕ нын стыр циндзинад хӕсса. Ӕмӕ ууыл аныхас кӕндзыстӕм ацы статьяйы.

^ 14 абз. 2002 азы 1 сентябры «Сторожевая башня»-йы бакӕсӕн ис Глэдис Аллены биографи, хуыйны «Я ничего не стала бы менять!»