Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Дӕ бон куд ӕй нӕуӕгӕй Йегови хуарзӕнхӕ иссерун?

Дӕ бон куд ӕй нӕуӕгӕй Йегови хуарзӕнхӕ иссерун?

КӔДДӔР ӕмбурдӕй ке рацох кодтонцӕ, уонӕй беретӕ нӕуӕгӕй алли анз дӕр Йегови Ӕвдесӕнтӕ исунцӕ. Еске фӕстӕмӕ Йеговӕмӕ ку раздӕхуй, уӕд алли хатт дӕр уӕлӕрвти фӕууй устур цийнӕ (Лук. 15:7, 10). Кӕд ду дӕр, ӕмбурдмӕ ка раздахтӕй, уонӕмӕ хауис, уӕд ӕй зонӕ: Йеговӕ, Йесо ӕма дӕмӕ изӕдтӕ хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ. Фал уӕддӕр ӕнцон нӕ фӕууй, нӕуӕгӕй Йеговӕмӕ бахӕстӕг ун. Цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлдзӕнӕ ӕма дӕ бон ци ӕй бакӕнун?

ЦӔХУӔН ЗИНДЗИЙНӔДТӔ ФӔУУЙ?

Ӕмбурдмӕ ка раздахтӕй, уонӕй беретӕ сӕхемӕ нийгъосунцӕ. Ӕма е дессаг дӕр нӕй. Зӕгъӕн, кӕд Йеговӕ Давидӕн ниххатир кодта, уӕддӕр уӕхӕн дзурдтӕ загъта: «Мӕ рӕдудтитӕ мӕбӕл тухӕ кӕнунцӕ» (Пс. 65:3; 40:12). Уотӕ цӕмӕн загъта, уой, ӕвӕдзи, хуарз лӕдӕрис. Ӕмбурдмӕ ка раздахтӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй кадӕртӕ сӕхе берӕ ӕнзти дӕргъи фӕххуӕрунцӕ. 20 анзи ӕмбурдӕй цохгонд ка адтӕй, еу уӕхӕн хуӕрӕ Изабель * зӕгъуй: «Зинтӕй ми ирагӕс кодта, Йеговӕ мин ӕцӕгӕйдӕр ке ниххатир кодта». Фал уӕхӕн сагъӕсти хӕццӕ тох кӕнун гъӕуй, кенӕ ба дӕмӕ хъауритӕ нӕбал байзайдзӕй (Ӕмб. 24:10). Мадта ма бауадзӕ, цӕмӕй дӕбӕл нӕуӕгӕй уӕхӕн хабар ӕрцӕуа.

Ес ма ӕндӕрхузи зиндзийнадӕ дӕр. Еуӕй-еуетӕ ку расагъӕс кӕнунцӕ, цӕйбӕрцӕ цидӕртӕ сӕ гъӕудзӕй искӕнун, цӕмӕй нӕуӕгӕй Йеговӕмӕ ӕрбахӕстӕг уонцӕ, уӕд сӕ къохтӕ ӕруадзунцӕ. Антуан ӕмбурдмӕ ку раздахтӕй, уӕд загъта: «Берӕ цидӕртӕ байронх дӕн. Раздӕр цӕмӕ арӕхстӕн, е мин нӕбал уадӕй». Уӕхӕн сагъӕсти туххӕй беретӕн зин фӕууй ӕмбурди гъуддӕгти зингзӕрдӕй архайун.

Зӕгъӕн, адӕймагӕн тухдунги ӕ хӕдзарӕ ниппурх ӕй. Еци хӕдзарӕ нӕуӕгӕй исрӕвдзӕ кӕнунбӕл цӕйбӕрцӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ рандӕ уодзӕй, уобӕл ку сагъӕс кӕна, уӕд, ӕ уӕгӕ ӕрхаудзӕй. Ка ’й зонуй, дӕумӕ дӕр уӕхӕн сагъӕстӕ фӕууй. Тӕрегъӕд ке искодтай, уой туххӕй Йеговӕй раидард дӕ. Ӕма дӕмӕ, ӕвӕдзи, уотӕ кӕсуй, ӕма имӕ цӕмӕй нӕуӕгӕй бахӕстӕг уай, уой туххӕй хъӕбӕр берӕ хъауритӕ гъӕуй. Фал ӕй зонӕ, еунӕгӕй нӕ уодзӕнӕ.

Зӕгъӕн ес, ӕма дин Йеговӕ зӕгъуй: «Ӕрбацо ӕма радзубанди кӕнӕн» (Ис. 1:18). Нурмӕти дӕр берӕ цидӕртӕ искодтай, цӕмӕй Йеговӕмӕ бахӕстӕг адтайсӕ. Ӕма Йеговӕ уомӕн устур аргъ кӕнуй. Расагъӕс кӕнай, дӕу фӕрци Йегови бон ӕй Сайтанӕн дзуапп раттун! (Ӕмб. 27:11).

Йеговӕмӕ фӕстӕмӕ ке ӕрбаздахтӕ, уомӕй имӕ нӕуӕгӕй хӕстӕг кӕнун райдӕдтай, ӕма дин зӕрдӕ ӕвӕруй, е дӕр дӕмӕ ке ӕрбахӕстӕг уодзӕй (Иак. 4:8). Ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр цийнӕ кӕнунцӕ ке ӕрбаздахтӕ, уобӕл. Е дин ӕхцӕуӕн куд нӕй! Фал дин сӕйрагдӕр ци гъӕуама уа? Нӕ уӕларвон Фиди никки хъӕбӕрдӕр бауарзун. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, уой туххӕй ци кӕнун гъӕуй, уомӕ.

ДӔ КЪОХИ КА БАФТУЙДЗӔЙ, УӔХӔН НИСӔНТТӔ ӔВӔРӔ

Расагъӕс кӕнӕ, цӕхуӕн нисӕнттӕ дӕ бон ӕй исӕвӕрун, уобӕл. Ка ’й зонуй, дӕ хӕдзари бундорбӕл неци ’рцудӕй, гъома Йеговӕбӕл ӕма ӕ зӕрдӕвӕрдтӕбӕл нур дӕр федарӕй ӕууӕндис. Фал фӕрстӕ ба нӕуӕгӕй исамайун гъӕуй, гъома игъосун кӕнуни гъуддаги архайун, ӕмбурдтӕмӕ цӕун, удта хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ нӕуӕгӕй балимӕн ун. Мадта дӕ бон ӕй гъе уӕхӕн нисӕнттӕ исӕвӕрун.

Йегови хӕццӕ арӕхдӕр дзорӕ. Нӕ уӕларвон Фидӕ ӕй лӕдӕруй, дӕхемӕ фудгин ке кӕсис, уой туххӕй дин ковун дӕр зин ке ӕй (Ром. 8:26). Фал дин уӕддӕр зӕгъуй, цӕмӕй имӕ ковай (Ром. 12:12). Ра ин дзорӕ, куд хъӕбӕр дӕ фӕндуй, цӕмӕй имӕ нӕуӕгӕй бахӕстӕг уай. Андрей зӕгъуй: «Мӕ сагъӕстӕй мӕхе хуардтон, фал ку раковинӕ, удта мин фенцондӕр уидӕ ӕма мӕ зӕрдӕ ӕрсабур уидӕ». Йегови хӕццӕ цӕбӕл радзорай, уой ку нӕ зонай, уӕд бакӕсӕ 51-аг ӕма 65-аг псаломтӕ. Уоми финст ӕнцӕ Давиди дзурдтӕ, ӕ тӕрегъӕдтӕбӕл ку ’рфӕсмон кодта, уӕд.

Ӕдзох Библи ӕртасӕ. Уой фӕрци дӕмӕ фулдӕр хъауритӕ уодзӕй ӕма Йегови дӕр хъӕбӕрдӕр бауарздзӕнӕ (Пс. 19:7–11). Филипп зӕгъуй: «Еу рӕстӕги ме ’ууӕндундзийнадӕ ӕрлӕмӕгъ ӕй, уомӕн ӕма Библи нӕбал кастӕн ӕма ’й нӕбал ӕртастон. Йегови зӕрдихудти дӕр гъе уой туххӕй бацудтӕн. Ӕма цӕмӕй нӕуӕгӕй уӕхӕн скъӕппӕги ма бахаудтайнӕ, уой туххӕй нӕуӕгӕй Библи ӕртасун райдӕдтон». Дӕу бон дӕр ӕй уотӕ архайун. Кӕд, цӕхуӕн темӕ рартасай, е дин зин равзарӕн ӕй, уӕд дӕ бон ӕй фӕлтӕрдгун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй еске рафӕрсун.

Нӕуӕгӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ балимӕн уо. Ӕмбурдмӕ ка раздӕхуй, уонӕмӕ арӕх уотӕ фӕккӕсуй, ӕма сӕмӕ иннетӕ къӕдзӕ каст кӕндзӕнцӕ. Ларисӕ зӕгъуй: «Мӕхецӕй хъӕбӕр ӕфсӕрми кодтон. Уотӕ мӕмӕ кастӕй, ӕма хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти фӕффудӕнгъӕл кодтон. Уӕхӕн гъудити хӕццӕ хъӕбӕр берӕ рӕстӕг фӕццардтӕн». Фал ӕй зонӕ: хестӕр нӕлгоймӕгти ӕма иннӕ фӕлтӕрдгун киристӕнтти дӕр хъӕбӕр фӕндуй банхус кӕнун, цӕмӕй нӕуӕгӕй Йеговӕмӕ бахӕстӕг уай. (Кӕсӕ рамкӕ  «Хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй банхус кӕнун?».) Ӕмбурдмӕ ке раздахтӕ, е син хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй, ӕма дин сӕ зӕрдӕ ӕрмӕстдӕр хуарз зӕгъуй (Ӕмб. 17:17).

Дӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй тухсгӕ мабал кӕнай ӕма дин ӕмбурди хуарз уа? Еунӕг ӕмбурд дӕр ма цох кӕнӕ, удта хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ игъосун кӕнунмӕ цо. Е ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? Ӕнсувӕр Феликс радзурдта: «Кӕд раздӕхдзӕн, уомӕ ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ, ӕма мӕбӕл хъӕбӕр зӕрдӕй бацийнӕ ’нцӕ. Алкедӕр мин ӕнхус кодта, цӕмӕй ӕй лӕдӕрдтайнӕ, ӕз дӕр Йегови бийнонтӕй ке дӕн, удта мин Йеговӕ ке ниххатир кодта ӕма мӕ фӕстӕмӕ кӕсун ке нӕ гъӕуй». (Кӕсӕ рамкӕ  «Дӕхе бон ци ӕй кӕнун?».)

ДӔ КЪОХТӔ МА УАДЗӔ!

Сайтан ӕй ку уина, нӕуӕгӕй Йеговӕмӕ хӕстӕг кӕнун ке райдӕдтай, уӕд сабур нӕ батдзӕй (Лук. 4:13). Е идарддӕр архайдзӕй, цӕмӕй дӕ Йеговӕй раидард кӕна. Мадта идарддӕр дӕр дӕхе Йеговӕбӕл бӕттӕ, цӕмӕй дин Сайтани дунгитӕ де ’ууӕндундзийнадӕ ма ниппурх кӕнонцӕ.

Йеговӕ ӕ уӕриккити туххӕй загъта: «Ка фесавдӕй, уой байагордзӕн, ка фӕдздзӕгъӕл ӕй, уой ӕрбаздахдзӕн, ӕ къах кӕмӕн расастӕй, уомӕн ӕй бабӕтдзӕн ӕма сӕйгӕмӕ базелдзӕн» (Йез. 34:16). Е ’ууӕндундзийнадӕ кӕлӕддзӕгти хузӕн кӕмӕн адтӕй, уонӕй Йеговӕ беретӕн банхус кодта. Мадта ма дузӕрдуг кӕнӕ, Йеговӕ дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй де ’ууӕндундзийнадӕ нӕуӕгӕй бафедар уа. Ӕма дин ӕй еунӕг тухдунгӕ дӕр нӕ базмӕлун кӕндзӕй!

^ 4 абз. Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.