Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

49 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Левиты чиныгӕй цы ис базонӕн, иннӕтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уый тыххӕй?

Левиты чиныгӕй цы ис базонӕн, иннӕтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уый тыххӕй?

«Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (ЛЕВ. 19:18).

109 ЗАРӔГ Кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Айразмӕйы статьяйы цӕуыл аныхас кодтам ӕмӕ ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

АЙРАЗМӔЙЫ статьяйы дзырд цыди, Левиты 19-ӕм сӕры цы фӕдзӕхстытӕ ис, уыдонӕй цалдӕрыл. Зӕгъӕм, 3-аг стихы фыст ис, Йегъовӕ израилӕгтӕн кӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ ныййарджытӕн кад кодтаиккой. Махӕн нӕ бон куыд у уыцы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ архайын? Нӕ бон у нӕ ныййарджытӕм ӕхцайӕ фӕкӕсын, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн сын ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын. Хуыцау ма йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй сабатбоны закъон ӕххӕст кодтаиккой. Ӕмӕ кӕд мах сабатбоны закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы, уӕддӕр дзы цӕуылдӕр ахуыр кӕнӕм. Хъуамӕ-иу Хуыцауы хъуыддӕгтӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй сыгъдӕг уӕм, Левиты 19:2 стихы ӕмӕ 1 Петры 1:15 стихы куыд фыст ис, афтӕ.

2 Ацы статьяйы дарддӕр аныхас кӕндзыстӕм Левиты чиныджы 19-ӕм сӕрыл. Мах базондзыстӕм, йӕ буары цавӕрдӕр сахъатдзинад кӕмӕн ис, уыдонмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй хъуамӕ уӕм, куыстимӕ баст хъуыддӕгты ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй хъуамӕ уӕм ӕмӕ иннӕты кӕй хъуамӕ уарзӕм. Мах фӕнды, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр нӕ Хуыцауы хуызӕн сыгъдӕг уӕм. Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм ацы ӕртӕ хъуыддагмӕ.

ЙӔ БУАРЫ ЦАВӔРДӔР САХЪАТДЗИНАД КӔМӔН ИС, УЫДОНМӔ ФӔЛМӔНЗӔРДӔ У

Левит 19:14 стихмӕ гӕсгӕ, цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонмӕ ӕмӕ куырмытӕм? (кӕс 3–5 абзацтӕ) *

3, 4. Левит 19:14 стихмӕ гӕсгӕ, Хуыцауы адӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кастаиккой, хъусӕй чи нӕ хъуыста, уыдонмӕ ӕмӕ куырмытӕм?

3 Бакӕс Левит 19:14. Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй йӕ адӕм, йӕ буары цавӕрдӕр сахъатдзинад кӕмӕн уыд, уыдонмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уыдаиккой. Зӕгъӕм, бафӕдзӕхста сын, цӕмӕй, хъусӕй чи нӕ хъуыста, ахӕм адӕймаджы ма ӕлгъыстаиккой. Уымӕ хауди ӕртхъирӕн ӕм кӕнын ӕмӕ йын ӕвзӕр цыдӕртӕ дзурын. Уый тынг ӕвирхъау ми уыд! Къуырма адӕймаг нӕ хъуыста, иннӕтӕ дзы цы дзырдтой, уый, ӕмӕ йӕ бон йӕхи сӕрыл сдзурын ницы уыди.

4 Уымӕй уӕлдай ма 14-ӕм стихы фыст ис: «Куырм адӕймаджы раз цӕлхдур ма ӕвӕр». Йӕ буары цавӕрдӕр сахъатдзинад кӕмӕн уыд, уыдоны тыххӕй иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ сӕ раджы заман Ӕввахс Скӕсӕны тынг ӕфхӕрдтой. Ӕвӕццӕгӕн-иу уыди афтӕ дӕр, ӕмӕ-иу, тӕригъӕд чи нӕ зыдта, ахӕм адӕймаг куырмы раз цыдӕр сӕвӕрдта, цӕмӕй йыл йӕ къах скъуырдтаид ӕмӕ ахаудаид. Уый йӕм худӕг касти. Фӕлӕ уыцы фӕдзӕхсты фӕрцы Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бамбарын кодта, ахӕм адӕмӕн-иу тӕригъӕд кӕй хъуамӕ кодтаиккой.

5. Йӕ буары цавӕрдӕр сахъатдзинад кӕмӕн ис, уыдонӕн тӕригъӕд кӕй кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?

5 Йӕ буары цавӕрдӕр сахъатдзинад кӕмӕн уыд, уыдонӕн Йесо тынг тӕригъӕд кодта. Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Аргъауӕг Иоаннмӕ цы ныхӕстӕ арвыста, уыдон: «Куырмытӕ цӕстӕй уынынц, къуылыхтӕ къуылых нал цӕуынц, хъотырджынтӕ сӕ низӕй дзӕбӕх кӕнынц, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц». Йесо диссӕгтӕ кӕй арӕзта, уый-иу чи федта, уыдон-иу «иууылдӕр Хуыцауы скадджын кодтой» (Лук. 7:20–22; 18:43). Мах дӕр фӕнды Йесойы фӕзмын. Уымӕ гӕсгӕ, йӕ буары цавӕрдӕр сахъатдзинад кӕмӕн ис, уыдонмӕ стӕм фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ семӕ вӕййӕм фӕразон. Йегъовӕ нын диссӕгтӕ аразыны хъару нӕ радта. Фӕлӕ нӕ ахӕм кады аккаг скодта, цӕмӕй, цӕстӕй чи нӕ уыны кӕнӕ, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ куырмӕй уӕлдай чи нӕу, уыдонӕн хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕмӕ сын дзурӕм, ног дунейы иууылдӕр ӕххӕст кӕй суыдзысты ӕмӕ Хуыцауы хӕлӕрттӕ кӕй уыдзысты (Лук. 4:18). Уыцы хорз хабары фӕрцы ныр дӕр бирӕтӕ Хуыцауы кадджын кӕнынц.

КУЫСТИМӔ БАСТ ХЪУЫДДӔГТЫ ӔНӔЗӔРДӔХУДТ У

6. Левит 19-ӕм сӕрӕй кӕцыдӕр стихтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц Дӕс фӕдзӕхсты хуыздӕр бамбарынӕн?

6 Левиты чиныджы 19-ӕм сӕрӕй кӕцыдӕр стихтӕ нын баххуыс кӕндзысты Дӕс фӕдзӕхсты хуыздӕр бамбарынӕн. Зӕгъӕм, ӕстӕм фӕдзӕхст уыд ахӕм: «Ма адав» (Рац. 20:15). Ӕмӕ, чи зоны, чидӕр ахъуыды кодтаид, ӕз никуы ницы радавтон ӕмӕ уыцы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ бон уыд ӕндӕр хуызы давын.

7. Афтӕ-иу куыд рауад, ӕмӕ-иу базаргӕнӕг ӕстӕм фӕдзӕхст фехӕлдта?

7 Гӕнӕн ис, базаргӕнӕг хъуыды кодтаид, зӕгъгӕ, ӕз никӕмӕй ницы давын. Фӕлӕ цымӕ йӕ куыстимӕ баст хъуыддӕгты алкӕддӕр ӕнӕзӕрдӕхудт уыд? Левиты 19:35, 36 стихты Йегъовӕ загъта: «Хӕрам тӕрхон ма кӕнут, дӕргъ ӕмӕ уӕз баргӕйӕ ма сайут. Уӕ уӕзбарӕнтӕ, уӕ барӕн дуртӕ, уӕ ефӕ ӕмӕ уӕ гин уӕнт раст». Йӕ уӕзбарӕнтӕ раст кӕмӕн нӕ барстой, уыцы базаргӕнӕг-иу, зӕгъӕн ис, йе ’лхӕнджытӕй давта, уымӕн ӕмӕ сӕ сайгӕ кодта. Ӕмӕ уый бӕрӕг у Левит 19-ӕм сӕры иннӕ стихтӕй дӕр. Уыдонмӕ дӕр ӕркӕсӕм.

Левит 19:11–13 стихтӕм гӕсгӕ, чырыстӕттӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕной? (кӕс 8–10 абзацтӕ) *

8. Левит 19:11–13 стихтӕ дзуттӕгтӕн куыд ӕххуыс кодтой ӕстӕм фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнынӕн ӕмӕ ацы стихтӕ махӕн цӕуыл дзурӕг сты?

8 Бакӕс Левит 19:11–13. Левиты 19:11 стихы фыст ис: «Давгӕ ма кӕнут». 13-ӕм стихы та фыст ис: «Сайдӕй макӕуыл цӕут». Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, адӕймаг куыстимӕ баст хъуыддӕгты ӕнӕзӕрдӕхудт куы нӕ вӕййы ӕмӕ куы фӕсайы, уӕд давгӕ кӕны. Ӕстӕм фӕдзӕхстӕй базонӕн уыд, давӕн кӕй нӕй. Фӕлӕ Левиты чиныджы фӕрцы уыд хуыздӕр бамбарӕн, уыцы закъон ӕххӕст кӕнынмӕ цы хауди, уый. Мах дӕр хъӕуы ахъуыды кӕнын, Йегъовӕ сайынмӕ ӕмӕ давынмӕ цы цӕстӕй кӕсы, ууыл. Нӕ бон у нӕхимӕ ахӕм фарста раттын: «Левиты 19:11–13 стихты цы ныхӕстӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ мӕ ницы хъӕуы фӕивын, зӕгъӕм, куыстимӕ баст хъуыддӕгты?»

9. Левиты 19:13 стихы цы закъон ис, уый ӕххуырст кусджыты куыд хъахъхъӕдта?

9 Йӕхи бизнес кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕ ма хъуамӕ ноджыдӕр иу хъуыддаджы уой ӕнӕзӕрдӕхудт. Левиты 19:13 стихы ма фыст ис: «Ӕххуырст кусӕджы мызд-иу райсоммӕ уӕхимӕ ма ныууадзут». Израилы бирӕтӕ кодтой зӕххы куыст. Ӕмӕ-иу кусджытӕ чи баххуырста, уый-иу сын сӕ мызд хъуамӕ бафыстаид алы бон дӕр, боны кӕрон. Куы нӕ-иу сын бафыстаид, уӕд-иу сын, уыцы бон сӕ бинонты цӕмӕй фӕдардтаиккой, уый нӕ уыдаид. Ӕххуырст кусӕгӕн куыд зын уыди, уый Йегъовӕ ӕмбӕрста, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загъта: «Тыхст уавӕры ис ӕмӕ йӕ зӕрдӕ йӕ мыздыл дары» (Дык. з. 24:14, 15; Матф. 20:8).

10. Левит 19:13 стихӕй цы ис зондӕн райсӕн?

10 Нӕ рӕстӕджы бирӕтӕ мызд алы бон нӕ райсынц, фӕлӕ мӕй иу кӕнӕ дыууӕ хатты. Фӕлӕ, Левиты 19:13 стихы цы уагӕвӕрд ис, уый махмӕ дӕр хауы. Чидӕртӕ сӕ кусджытӕн, цас ӕмбӕлы, уымӕй къаддӕр бафидынц. Зонынц ӕй, ӕндӕр гӕнӕн сын кӕй нӕй, ӕмӕ цыфӕнды мыздыл дӕр разы кӕй уыдзысты. Зӕгъӕн ис, афтӕмӕй сын сӕ мызд сӕхимӕ ныууадзынц. Бизнес кӕмӕ ис, уыцы чырыстон хъуамӕ йӕ кусджытӕн фида, цы ’мбӕлы, уый. Ныр та ӕркӕсӕм, Левит 19-ӕм сӕрӕй ма нӕ бон нӕхицӕн зондӕн райсын цы у, уымӕ.

ИННӔТЫ УАРЗ, ДӔХИ КУЫД УАРЗЫС, АФТӔ

11, 12. Йесо Левит 19:17, 18 стихты ныхӕстӕ цӕмӕн ӕрхаста?

11 Хуыцау куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы, иннӕтӕм цы зӕрдӕ дарӕм, уымӕ. Ӕмӕ, ӕвзӕрӕй макӕмӕн мацы аразӕм, уый фаг нӕу. Уый базонӕн ис Левит 19:17, 18 стихтӕй. (Бакӕс сӕ.) Дӕ хъус-ма ӕрдар ацы фӕдзӕхстмӕ: «Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ». Уый ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕм.

12 Йесо дӕр бамбарын кодта, Левиты 19:18 стихы цы фӕдзӕхст ис, уымӕ гӕсгӕ архайын ахсджиаг кӕй у, уый. Иухатт ӕй иу фарисей бафарста: «Закъоны фӕдзӕхстытӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕцы у?» Йесо йын загъта, «фыццаг ӕмӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст» кӕй у Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй уарзын. Уый фӕстӕ та загъта дыккаг фӕдзӕхсты тыххӕй. Ӕрхаста Левит 19:18 стихы ныхӕстӕ: «Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (Матф. 22:35–40). Иннӕты кӕй уарзӕм, уый равдисынӕн нын бирӕ фадӕттӕ вӕййы. Ӕркӕсӕм, кӕцыдӕрты тыххӕй дзы Левиты 19-ӕм сӕры цы фыст ис, уымӕ.

13. Иосифы хабар нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хуыздӕр бамбарӕм Левит 19:18 стихы ныхӕстӕ?

13 Иннӕты кӕй уарзӕм, уый равдисдзыстӕм, Левиты 19:18 стихы фыццаг хайы цы уынаффӕ ис, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уымӕй. Уым фыст ис: «Дӕ маст ма ис ӕмӕ дӕ адӕмы фырттӕм дӕ зӕрдӕйы маст ма хӕсс». Нӕ фылдӕр зонынц, бирӕ азты дӕргъы йӕ зӕрдӕйы йе ’мкусӕгмӕ, йӕ къласагмӕ кӕнӕ йӕ бинонтӕй кӕмӕдӕр маст чи хаста, ахӕм адӕймӕгты. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм Иосифы дӕс ӕфсымӕры. Уыдон Иосифмӕ сӕ зӕрдӕйы маст хастой, ӕмӕ уый тыххӕй фыдхъуыддаг сарӕзтой (Райд. 37:2–8, 25–28). Иосиф йе ’фсымӕртӕй тынг хицӕн кодта. Хицау куы сси, уӕд йӕ бон уыди йе ’фсымӕртӕй йӕ маст райсын. Фӕлӕ сын уый фӕтӕригъӕд кодта. Иосиф сӕм йӕ зӕрдӕйы маст нӕ хаста. Уый архайдта, фӕстӕдӕр Левиты 19:18 стихы цы ныхӕстӕ ӕрцыдысты фыст, уыдонмӕ гӕсгӕ (Райд. 50:19–21).

14. Левиты 19:18 стихы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон махмӕ дӕр кӕй хауынц, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

14 Иосиф йе ’фсымӕртӕм йӕ зӕрдӕйы маст кӕй нӕ хаста ӕмӕ сын кӕй ныххатыр кодта, уымӕй фӕзминаг у чырыстӕттӕн дӕр. Кӕд нӕ фӕнды Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын, уӕд-иу мах дӕр хъуамӕ афтӕ бакӕнӕм. Уымӕ нӕ Йесо дӕр разӕнгард кӕны. Кувын куыд хъӕуы, уый куы амыдта, уӕд загъта, нӕ тӕригъӕды чи бацӕуы, уыдонӕн-иу кӕй хъуамӕ ныххатыр кӕнӕм (Матф. 6:9, 12). Апостол Павел дӕр йе ’мчырыстӕттӕн ахӕм уынаффӕ радта: «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уӕ маст макӕмӕй исут» (Ром. 12:19). Стӕй ма сӕм ныффыста: «Исчи уӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут» (Кол. 3:13). Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ нӕ ивынц. Ӕмӕ, Левиты 19:18 стихы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон махмӕ дӕр хауынц.

Хъӕдгоммӕ ӕвналын куыд нӕ хъӕуы, афтӕ нӕ хъӕуы ӕдзух хъуыды кӕнын, кӕй нӕ фӕхъыг кодтой, ууыл. Хъуамӕ-иу бацархайӕм, цӕмӕй-иу уыцы хабар ферох кӕнӕм (кӕс 15 абзац) *

15. Чи нӕ фӕхъыг кӕны, уыдонӕн-иу цӕмӕн хъуамӕ ныххатыр кӕнӕм, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

15 Хатт нӕ исчи фӕхъыг кӕны. Зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ абарӕн ис ӕнӕуи хъӕдгӕмттимӕ. Кӕцыдӕртӕ сӕ афтӕ арф нӕ вӕййынц, кӕцыдӕртӕ та вӕййынц тынг арф. Зӕгъӕм, гӕххӕттӕй ис ӕнгуылдз алыг кӕнӕн. Ӕмӕ кӕд фӕриссы, уӕддӕр иу кӕнӕ дыууӕ боны фӕстӕ хъуыды дӕр не ’ркӕндзынӕ, де ’нгуылдз кӕм алыг, уый. Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд дӕр арӕх афтӕ вӕййы. Зӕгъӕм, не ’мбал ӕнӕрхъуыдыйӕ цыдӕр куы зӕгъа кӕнӕ куы сараза ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕ куы фӕриссын кӕна, уӕд уый тагъд ферох кӕндзыстӕм. Фӕлӕ нын исчи нӕ зӕрдӕ тынг куы скъаха, уӕд та? Адӕймаг йӕ къух тынг куы алыг кӕны, уӕд ӕй фӕхъӕуы бинтӕй бабӕттын, хатт ӕй бахуыйын дӕр бахъӕуы. Фӕлӕ йӕм ӕдзух куы ’внала ӕмӕ йӕ куы къаха, уӕд ӕрмӕстдӕр йӕхицӕн ӕвзӕрдӕр кӕндзӕн. Йӕ зӕрдӕ тынг кӕмӕн скъахтой, уыцы адӕймаг, гӕнӕн ис, ӕдзух хъуыды кӕна, кӕй йӕ фӕхъыг кодтой, ууыл. Фӕлӕ йӕ чи фӕхъыг кодта, уымӕ йӕ зӕрдӕйы маст куы хӕсса, уӕд фыддӕр йӕхицӕн кӕндзӕн. Уӕдӕ хуыздӕр уыдзӕн, Левиты 19:18 стихы цы уынаффӕ ис, уымӕ гӕсгӕ архайын.

16. Левит 19:33, 34 стихтӕм гӕсгӕ, израилӕгтӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кастаиккой? Махӕн нӕ бон цы у уымӕй нӕхицӕн зондӕн райсын?

16 Йегъовӕ израилӕгтӕн куы бафӕдзӕхста, иннӕты кӕй хъуамӕ уарзой, уӕд ӕй уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр израилӕгты хъуамӕ уарзтаиккой. Йегъовӕ ма сын загъта, цӕмӕй, се ’хсӕн цы ӕрцӕуӕггӕгтӕ цард, уыдоны дӕр уарзтаиккой. Уый тыххӕй фыст ис Левиты 19:33, 34 стихты. (Бакӕс сӕ.) Израилӕгтӕ сӕхи адӕммӕ цы зӕрдӕ дардтой, ӕрцӕуӕггӕгтӕм дӕр хъуамӕ ахӕм зӕрдӕ дардтаиккой ӕмӕ сӕ хъуамӕ уарзтаиккой, сӕхи куыд уарзтой, афтӕ. Зӕгъӕм, израилӕгтӕн дӕр ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕн дӕр уыди бар, цӕмӕй-иу, хуымгӕрдӕны фӕстӕ цы ӕфсиртӕ баззад, уыдон ӕрӕмбырд кодтаиккой (Лев. 19:9, 10). Абон дӕр чырыстӕттӕ архайынц, ацы закъоны цы уагӕвӕрд ис, уымӕ гӕсгӕ (Лук. 10:30–37). Куыд? Ныртӕккӕ алы бӕстӕйы дӕр бирӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ ис. Чи зоны дзы дӕ фарсмӕ дӕр чидӕртӕ цӕры. Ӕмӕ хъуамӕ уыцы адӕммӕ – нӕлгоймӕгтӕм, сылгоймӕгтӕм ӕмӕ сывӕллӕттӕм – хорз цӕстӕй кӕсӕм.

ПЕТР МА СКОДТА ИУ АХСДЖИАГ ХЪУЫДДАДЖЫ КОЙ

17, 18. а) Левит 19:2 стих ӕмӕ 1 Петры 1:15 стих нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнынц? б) Апостол Петр ма цавӕр ахсджиаг хъуыддаджы кой скодта?

17 Левит 19:2 стих ӕмӕ 1 Петры 1:15 стих Хуыцауы лӕггадгӕнджыты разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй сыгъдӕг уой. Левиты чиныджы 19-ӕм сӕры цы хъуыдытӕ ис, уыдоны фӕрцы нӕ бон у бамбарын, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы хорзӕх ссарӕм. Мах аныхас кодтам, цавӕр хорз хъуыддӕгтӕ хъуамӕ аразӕм ӕмӕ нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм, ууыл *. Чырыстон Грекъаг Фыстытӕй дӕр бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй, Левиты 19-ӕм сӕры цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ архайӕм. Фӕлӕ ма апостол Петр ноджыдӕр цӕйдӕр кой скодта.

18 Чырыстӕттӕ цы хъуыддӕгтӕ хъуамӕ аразой, уыдонӕй Петр рахицӕн кодта иу ахсджиаг хъуыддаг. Цалынмӕ сын бафӕдзӕхста, алы хъуыддаджы дӕр ут сыгъдӕг, зӕгъгӕ, уӕдмӕ сын загъта: «Уӕ зонд ӕгасӕй дӕр саразут ӕппӕт тыхтӕй архайынмӕ» (1 Пет. 1:13, 15). Цымӕ цӕй кой кодта? Петр загъта, Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕ алкӕм дӕр кӕй хъусын кӕндзысты, чи сӕ ӕрхуыдта, уымӕн йӕ диссаджы миниуджыты тыххӕй (1 Пет. 2:9). Абон уыцы хъуыддаг аразынц чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр. Уымӕй ахсджиагдӕр хъуыддаг нӕй ӕмӕ адӕмӕн стыр пайда хӕссы. Мах стӕм Хуыцауы сыгъдӕг адӕм, ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын махӕн у стыр кад! (Мар. 13:10). Левиты 19-ӕм сӕры цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд равдисдзыстӕм, Хуыцауы дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр кӕй уарзӕм. Стӕй ма равдисдзыстӕм, кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг уӕм.

111 ЗАРӔГ Нӕ циндзинад

^ 5 абз. Кӕд чырыстӕтты Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы, уӕддӕр уыцы закъонӕй нӕ бон у базонын, цы хъуамӕ аразӕм ӕмӕ нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм, уый. Цы фӕдзӕхстытӕ дзы ис, уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй иннӕты уарзӕм ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Ацы статьяйы дӕр аныхас кӕндзыстӕм Левиты чиныджы 19-ӕм сӕрыл.

^ 17 абз. Ацы статьяты, Левиты 19-ӕм сӕры цы стихтӕ ис, уыдонӕй се ’ппӕтыл нӕ аныхас кодтам. Иннӕ стихты дзырд цӕуы, кӕй нӕй хъулон митӕ кӕнӕн, фыдкой кӕнӕн, туг хӕрӕн, дӕсны фӕрсӕн, кӕлӕнтӕ кӕнӕн ӕмӕ хӕтӕн (Лев. 19:15, 16, 26–29, 31). Кӕс ацы номыры «Кӕсджыты фарстатӕ».

^ 52 абз. НЫВТӔ. Ӕфсымӕр ӕххуыс кӕны, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы ӕфсымӕрӕн дохтыримӕ ныхас кӕнынӕн.

^ 54 абз. НЫВТӔ. Ӕфсымӕр, кӕй баххуырста, уыцы кусӕгӕн ӕхца фиды.

^ 56 абз. НЫВТӔ. Хойӕн йе ’нгуылдз гыццыл фӕлыг, фӕлӕ йӕ ницӕмӕ ’рдардта. Цымӕ йӕ къух тынгдӕр куы алыг кӕна, уӕд та куыд бакӕндзӕн?