Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

50 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Хорз фыййауы» хъӕлӕсмӕ хъусӕм

«Хорз фыййауы» хъӕлӕсмӕ хъусӕм

«Уыдон хъусдзысты мӕ хъӕлӕсмӕ» (ИОАН. 10:16).

3 ЗАРӔГ Нӕ ныфс, нӕ хъару, нӕ фидар мӕсыг

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты фыстимӕ цӕмӕн абарста?

ЙЕСО йӕхи абарста фыййауимӕ, йӕ фӕдылдзӕуджыты та – фыстимӕ (Иоан. 10:14). Ӕмӕ уый хорз абарст у. Фыстӕ сӕ фыййауы дӕр ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕс дӕр хорз фӕзонынц. Уый афтӕ кӕй у, уый иу бӕлццон йӕхи цӕстӕй федта. Уый радзырдта: «Фыстӕн сӕ къам сисынмӕ хъавыдыстӕм, ӕмӕ сӕм дзырдтам. Фӕлӕ нын уыдон нӕ хъӕлӕстӕ нӕ зыдтой, ӕмӕ нӕм не ’рбацыдысты. Уӕд сӕ фыййау, иу гыццыл лӕппу, ӕрбауад, ӕмӕ сӕм куыддӕр фӕдзырдта, афтӕ йӕ фӕдыл ацыдысты».

2, 3. а) Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ йӕ хъӕлӕсмӕ куыд хъусынц? б) Ацы статьяйы ӕмӕ иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Уыцы бӕлццон цы радзырдта, уый фӕрцы хуыздӕр бамбардзыстӕм Йесойы ныхӕстӕ. Уый йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй загъта: «Уыдон хъусдзысты мӕ хъӕлӕсмӕ» (Иоан. 10:16). Фӕлӕ Йесо ныр уӕлӕрвты ис. Ӕмӕ уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ йӕм хъусӕм? Цы амыдта, уыдӕттӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ йӕм хъусӕм (Матф. 7:24, 25).

3 Ацы статьяйы ӕмӕ иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм Йесойы амындтӕй цалдӕрыл ӕмӕ базондзыстӕм, цы хъуамӕ мауал аразӕм ӕмӕ цы хъуамӕ аразӕм. Фӕлӕ уал фыццаг аныхас кӕнӕм, нӕ хорз фыййау Йесо нӕ цы хъуыддӕгтӕй фӕдзӕхсы, уыдонӕй дыууӕйыл.

«МАУАЛ МӔТ КӔНУТ»

4. Лукайы 12:29 стихмӕ гӕсгӕ, адӕймаг хатт цӕуыл фӕмӕт кӕны?

4 Бакӕс Лукайы 12:29. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, цӕмӕй, цӕрынӕн сӕ цы хъуыд, уыдӕттыл мауал мӕт кодтаиккой. Мах ӕй зонӕм, Йесойы фӕдзӕхстытӕ алкӕддӕр раст кӕй вӕййынц. Ӕмӕ нӕ фӕнды йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ архайын. Фӕлӕ уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Цымӕ цӕуылнӕ?

5. Бирӕтӕ цӕмӕн фӕмӕт кӕнынц, цӕрынӕн сӕ цы хъӕуы, уыдӕттыл?

 5 Бирӕтӕ фӕмӕт кӕнынц, цӕрынӕн сӕ цы хъӕуы, уыдӕттыл, зӕгъӕм, хӕринагыл, уӕлӕдарӕсыл ӕмӕ, кӕм цӕрой, ууыл. Чидӕртӕ сӕ цӕрынц мӕгуыр бӕстӕты, ӕмӕ сын къӕбӕры фаг бакусын дӕр зын у. Кӕмӕндӕрты та сӕ бинонты дарӕг фӕзиан. Бирӕтӕ та коронавирусы пандемийӕйы тыххӕй ӕнӕ куыстӕй баззадысты (Еккл. 9:11). Кӕд мах дӕр ахӕм кӕнӕ ӕндӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдыстӕм, уӕд нӕ бон куыд у Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ архайын, зӕгъгӕ, «мауал мӕт кӕнут»?

Цӕмӕй, цӕрынӕн нӕ цы хъӕуы, уыдӕттыл ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм ӕмӕ царды сагъӕсты ма аныгъуылӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм (кӕс 6–8 абзацтӕ) *

6. Иухатт апостол Петрыл цы ’рцыд?

6 Иухатт Петр иннӕ апостолтимӕ Галилейӕйы денджызы бӕлӕгъыл куы фӕцӕйцыд, уӕд тыхдымгӕ сыстад. Уалынмӕ Йесойы денджызыл цӕугӕ ауыдтой. Петр ын загъта: «Хицау, кӕд уый ды дӕ, уӕд зӕгъ, ӕмӕ дӕм ӕз доныл бацӕуон». Йесо йын загъта: «Рацу!» Уӕд Петр «бӕлӕгъӕй рахызт ӕмӕ доныл Йесойы ’рдӕм араст. Фӕлӕ йӕ алыварс куы акаст ӕмӕ, куыд тынг дымы, уый куы федта, уӕд фӕтарст ӕмӕ ныгъуылын райдыдта, ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: „Хицау, фервӕзын мӕ кӕн!“» Уӕд ӕм Йесо йӕ къух бадардта ӕмӕ йӕ фервӕзын кодта. Цалынмӕ Петр Йесомӕ каст, уӕдмӕ йӕ бон уыди абухгӕ денджызы уылӕнтыл цӕуын. Фӕлӕ куыддӕр уылӕнтӕм бакаст, афтӕ фӕтарст, ӕмӕ ныгъуылын райдыдта (Матф. 14:24–31).

7. Петрыл цы хабар ӕрцыд, уымӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын?

7 Петрыл цы хабар ӕрцыд, уымӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Петр бӕлӕгъӕй куы рахызт ӕмӕ доныл куы фӕцӕйцыд, уӕд йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд, ӕмӕ фӕтӕрсдзӕн ӕмӕ ныгъуылын райдайдзӕн. Уый хъавыд Йесомӕ доныл бацӕуын, фӕлӕ уылӕнтӕм акаст. Петры доныл цӕуынӕн уырнындзинад куыд хъуыди, мах дӕр афтӕ фӕхъӕуы уырнындзинад, цӕмӕй-иу фӕлварӕнты сӕрты ахизӕм. Ӕдзух Йегъовӕмӕ куы нӕ «кӕсӕм» ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕвӕрдтыл куы нӕ хъуыды кӕнӕм, уӕд мах дӕр «ныгъуылын» райдайдзыстӕм, ома дзы адард уыдзыстӕм. Цыфӕнды «тыхдымгӕты» ма бахауӕм, уӕддӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Йегъовӕйы. Ӕмӕ нӕ рох макуы уӕд, йӕ бон кӕй у махӕн баххуыс кӕнын. Цӕй ӕмӕ ууыл бӕстондӕр аныхас кӕнӕм.

8. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, цӕрынӕн нӕ цы хъӕуы, уыдӕттыл ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм?

8 Цӕмӕй ӕгӕр мацӕуыл мӕт кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм. Нӕ уарзӕгой Фыд нын зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ хъуыддаг ын фыццаг бынаты куы ӕвӕрӕм, уӕд нын кӕй дӕтдзӕн, цӕрынӕн нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ (Матф. 6:32, 33). Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ ныхас алкӕддӕр сӕххӕст кӕны (Дык. з. 8:4, 15, 16; Пс. 37:25). Кӕд мӕргътыл ӕмӕ дидинджытыл тыхсы, уӕд мах цӕмӕн хъуамӕ мӕт кӕнӕм, цы хӕрӕм ӕмӕ нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм, ууыл? (Матф. 6:26–30; Фил. 4:6, 7). Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты куыд фӕуарзынц ӕмӕ сыл куыд фӕтыхсынц, афтӕ нӕ уӕларвон Фыд дӕр мах уарзы, ӕмӕ нын дӕтты, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Уӕдӕ хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, алкӕддӕр ныл кӕй батыхсдзӕн, ууыл.

9. Иу къайыл цы хабар ӕрцыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

9 Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Пионертӕй чи лӕггад кодта, ахӕм лӕг ӕмӕ ус иухатт сӕ зӕронд машинӕйыл ӕмбырдмӕ хоты ӕрбаластой. Уыцы хотӕ цардысты ӕрлидзджыты лагеры, ӕмӕ уырдӕм цӕуын хъуыди иу сахат. Ӕфсымӕр радзырдта: «Ӕмбырды фӕстӕ хоты нӕхимӕ ӕхсӕвӕрмӕ фӕхуыдтам. Фӕлӕ стӕй фӕхъуыды кодтам, сӕ разы сын цы ӕрӕвӕрӕм, уый нӕм кӕй нӕ уыд». Цымӕ куыд бакодтой? Ӕфсымӕр загъта: «Хӕдзармӕ куы ’рбацыдыстӕм, уӕд дуары раз уыди дыууӕ стыр дзӕкъулы хӕринӕгтимӕ. Афтӕ дӕр ӕй нӕ базыдтам, чи сӕ ’рбахаста. Уый ныл Йегъовӕ батыхст». Цасдӕры фӕстӕ та сӕ машинӕ фехӕлд. Уыцы машинӕ сын сӕ лӕггады стыр ӕххуыс уыд. Фӕлӕ сӕм ӕхца нӕ уыд, цӕмӕй йӕ сарӕзтаиккой. Ӕфсымӕр машинӕ батардта, машинӕтӕ кӕм фӕаразынц, уырдӕм, цӕмӕй базыдтаид, йӕ аразынӕн цас бахъӕудзӕн, уый. Уырдӕм иу нӕлгоймаг ӕрбацыд, ӕмӕ йын йӕ машинӕ куы федта, уӕд бафарста: «Ай кӕй машинӕ у?» Ӕфсымӕр загъта, зӕгъгӕ, мӕ машинӕ у ӕмӕ аразинаг у. Уӕд нӕлгоймаг загъта: «Уымӕн ницы у. Мӕ бинойнаджы ахӕм машинӕ хъӕуы, растдӕр ахӕм хуыз. Цасӕй йӕ ратдзынӕ?» Ӕфсымӕр уыцы нӕлгоймагӕн йӕ машинӕ ауӕй кодта ӕмӕ ӕндӕр райста. Уый загъта: «Уыцы изӕр куыд цин кодтам, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй! Зыдтам ӕй, хабар ӕнӕуи кӕй нӕ рауад афтӕ. Уый уыд Йегъовӕйы къух».

10. Псалом 37:5 стих нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, цӕрынӕн нӕ цы хъӕуы, уыдӕттыл ма мӕт кӕнӕм?

10 Нӕ фыййау Йесо куыд зӕгъы, афтӕ хъуамӕ, цӕрынӕн нӕ цы хъӕуы, уыдӕттыл ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм. Йегъовӕ ныл ӕнӕмӕнг батыхсдзӕн. (Бакӕс Псалом 37:5; 1 Пет. 5:7.) Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм,  5-ӕм абзацы цы зындзинӕдты кой кодтам, уыдон. Чи зоны дын нырмӕ уыди куыст, йе та, уӕ бинонты чи фӕдардтаид, уый уыди. Ӕмӕ дыл Йегъовӕ афтӕмӕй тыхсти. Фӕлӕ кӕд ныр ӕнӕ куыстӕй баззадтӕ кӕнӕ уӕ бинонтӕ ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй тыхст уавӕры сты, уӕд та уыл Йегъовӕ ӕндӕр искуыд батыхсдзӕн, нӕ уӕ ныууадздзӕн. Ныр та аныхас кӕнӕм, нӕ хорз фыййау ма нӕ ноджыдӕр цӕмӕй бафӕдзӕхста, ууыл.

«МАКӔМӔН ТӔРХОН КӔНУТ»

Цӕмӕй иннӕтӕн ма тӕрхон кӕнӕм, уый тыххӕй сын хъуамӕ сӕ хорз миниуджытӕ уынӕм (кӕс 11, 14–16 абзацтӕ) *

11. Матфейы 7:1, 2 стихты нӕ Йесо цӕмӕй фӕдзӕхсы ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ архайын хатт ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы?

11 Бакӕс Матфейы 7:1, 2, фип. Йесо зыдта, ӕнӕххӕст адӕм арӕх кӕрӕдзийы хъӕндзинӕдтӕм кӕй ныккомкоммӕ вӕййынц. Ӕмӕ загъта: «Макӕмӕн тӕрхон кӕнут». Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн тӕрхонгӕнджытӕ уӕм. Фӕлӕ иууылдӕр ӕнӕххӕст стӕм. Ӕмӕ кӕд бафиппайдтам, хатт иннӕтӕм фаутӕ кӕй фӕхӕссӕм, уӕд цы хъуамӕ саразӕм? Хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй иннӕтӕн мауал тӕрхон кӕнӕм.

12, 13. Йегъовӕ Давидмӕ цы цӕстӕй каст, уый нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтӕн ма тӕрхон кӕнӕм?

12 Ахъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ адӕммӕ цы цӕстӕй кӕсы, ууыл. Уый фылдӕр фӕкӕсы, хорзӕй нӕм цы ис, уымӕ. Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, куыд бакодта, паддзах Давид уӕззау тӕригъӕдтӕ куы сарӕзта, уӕд. Давид Вирсавиимӕ ӕмуат ӕрцыд ӕмӕ ма йын йӕ лӕджы дӕр амарын кодта (2 Сам. 11:2–4, 14, 15, 24). Ӕмӕ ӕрмӕст йӕхи нӕ бакодта бӕллӕхты хай, фӕлӕ ма йӕ бинонты, уыимӕ йӕ устыты дӕр (2 Сам. 12:10, 11). Ӕндӕр хатт та Давид йӕ ныфс Йегъовӕйыл нӕ сӕвӕрдта, ӕмӕ йын бар цӕмӕн нӕ уыд, уый сарӕзта – Израилы ӕфсӕддонты банымадта. Афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй бакодта, ӕмӕ йе стыр ӕфсадӕй уыд хъал ӕмӕ ныфсджын. Уый цӕмӕ ’ркодта? 70 000 израиладжы фыднизӕй фӕцагъдысты! (2 Сам. 24:1–4, 10–15).

13 Ды дӕр уыцы рӕстӕг Израилы куы цардаис, уӕд Давидмӕ цы цӕстӕй ракастаис? Афтӕ хъуыды кодтаис, ӕмӕ уый аккаг нӕу, цӕмӕй йын Йегъовӕ ныххатыр кӕна? Йегъовӕ афтӕ нӕ хъуыды кодта. Уымӕй рох нӕ уыд, Давид ын бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кодта, уый. Стӕй уыдта, ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодта. Ӕмӕ йын йӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта. Йегъовӕ зыдта, Давид ӕй бирӕ кӕй уарзта ӕмӕ йӕ кӕй фӕндыд рӕстӕй архайын. Йегъовӕ фыццаджыдӕр, хорзӕй нӕм цы ис, уый кӕй уыны, уый тыххӕй дзы бузныг нӕ дӕ? (1 Пад. 9:4; 1 Аз. 29:10, 17).

14. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтӕн мауал тӕрхон кӕнӕм?

14 Йегъовӕ ӕнӕххӕст адӕмӕй ӕххӕстдзинад нӕ домы. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ иннӕтӕй ӕххӕстдзинад ма домӕм ӕмӕ уынӕм, хорзӕй сӕм цы ис, уый. Иннӕты хъӕндзинӕдтӕ фенын ӕнцон вӕййы, ӕмӕ сыл арӕх нӕ зӕрдӕ фӕхуды. Фӕлӕ Йегъовӕйы чи фӕзмы, ахӕм адӕймаг иннӕтимӕ хӕларӕй фӕцӕры, кӕд сын сӕ хъӕндзинӕдтӕ фӕуыны, уӕддӕр. Зӕгъӕм, алмаз йӕхӕдӕг афтӕ рӕсугъд нӕ вӕййы. Фӕлӕ алмазтӕ агурӕг зоны, алмазыл куы бакусой, уӕд дзы рӕсугъд бриллиант кӕй рауайдзӕн. Йегъовӕ ӕмӕ Йесойау мах дӕр хъуамӕ адӕмӕн сӕ хъӕндзинӕдтӕм ма кӕсӕм, фӕлӕ сын хъуамӕ сӕ хорз миниуджытӕ уынӕм.

15. Иннӕты цардыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сын карзӕй ма тӕрхон кӕнӕм?

15 Ноджыдӕр ма нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтӕн карзӕй ма тӕрхон кӕнӕм? Ахъуыды-иу кӕнӕм сӕ цардыл. Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, иухатт Йесо кувӕндоны куы уыд, уӕд цы хабар ӕрцыд, уый. Йесо федта, иу мӕгуыр идӕдз ус ӕхцавӕрӕны дыууӕ лыстӕг ӕхцайы кӕй ныппӕрста. Йесо афтӕ нӕ загъта: «Фылдӕр цӕуылнӕ ныппӕрста?» Уыцы ус мысайнаг цас радта, Йесо уымӕ нӕ каст. Уый хъуыды кодта, цӕмӕн сӕ ныппӕрста, ууыл, стӕй йӕ уавӕртыл. Ӕмӕ дзы раппӕлыд, цы сарӕзта, уый тыххӕй (Лук. 21:1–4).

16. Вероникӕйы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

16 Иннӕты уавӕртыл хъуыды кӕнын тынг ахсджиаг у. Уый бӕрӕг у Вероникӕйы хабарӕй. Се ’мбырды уыди, йӕ лӕппуйы иунӕгӕй чи хъомыл кодта, ахӕм хо. Вероникӕ радзырдта: «Афтӕ-иу мӕм каст, ӕмӕ ӕмбырдтӕ арӕх цух кӕнынц. Стӕй-иу хъусын кӕнынмӕ дӕр арӕх нӕ цыдысты. Ӕмӕ-иу сӕм уый тыххӕй мӕсты кодтон. Фӕлӕ иухатт уыцы хоимӕ хъусын кӕнынмӕ ацыдтӕн. Уый мын радзырдта, йӕ лӕппумӕ аутизм кӕй ис ӕмӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлы, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕддӕр, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзта, цӕмӕй, цӕрынӕн сӕ цы хъуыд, уыдӕттӕ сын уыдаид. Стӕй ма архайдта сӕ уырнындзинад фидар кӕныныл дӕр. Йӕ лӕппу-иу йӕ сӕрӕн куы нӕ уыд, уӕд-иу ӕндӕр ӕмбырдмӕ ацыдысты». Вероникӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Мӕнӕн мӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд, уыцы хо ахӕм зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлы. Ныр ын тынг аргъ кӕнын! Йӕ бон цы у, уый аразы, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕна».

17. Иаковы 2:8 стихы цы фӕдзӕхст ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон куыд у архайын?

17 Кӕд ӕй ӕмбарӕм, ӕмӕ кӕмӕндӕр тӕрхон кӕнӕм, уӕд нӕ бон цы у саразын? Хъуамӕ нӕ рох ма уа, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уарзын нӕ хӕс кӕй у. (Бакӕс Иаковы 2:8.) Хъуамӕ ма Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй кувӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна, ӕмӕ макӕмӕн тӕрхон кӕнӕм. Фӕлӕ ма хъуамӕ нӕ куывдтытӕм гӕсгӕ архайгӕ дӕр кӕнӕм. Зӕгъӕм, нӕ бон у, фаутӕ кӕмӕ хӕссӕм, уыцы адӕймагимӕ рӕстӕг ӕрвитын, цӕмӕй йӕ хуыздӕр базонӕм. Ис ӕй уацамындмӕ кӕнӕ уазӕгуаты фӕхонӕн. Хорз уаид, Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы куы фӕзмиккам ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ хорз миниуджытӕ куы уыниккам. Афтӕмӕй нӕ хорз фыййаумӕ хъусдзыстӕм ӕмӕ никӕмӕн тӕрхон кӕндзыстӕм.

18. Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, нӕ хорз фыййауы хъӕлӕсмӕ кӕй хъусӕм?

18 Фыстӕ сӕ фыййауы хъӕлӕсмӕ куыд фӕхъусынц, афтӕ Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ дӕр хъусынц Йесойы хъӕлӕсмӕ. Ӕмӕ куы архайӕм, цӕмӕй, цӕрынӕн нӕ цы хъӕуы, уыдӕттыл мауал мӕт кӕнӕм ӕмӕ иннӕтӕн мауал тӕрхон кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ ӕмӕ Йесо дӕр ӕххуыс кӕндзысты. Уӕлдай нӕу, «гыццыл дзугӕй» стӕм ӕви «ӕндӕр фыстӕй»,– хъуамӕ дарддӕр дӕр нӕ хорз фыййауы хъӕлӕсмӕ хъусӕм ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсӕм (Лук. 12:32; Иоан. 10:11, 14, 16). Иннӕ статьяйы та аныхас кӕндзыстӕм, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн кӕй бафӕдзӕхста, дыууӕ ахӕм хъуыддагыл.

101 ЗАРӔГ Иумӕ лӕггад кӕнӕм

^ 5 абз. Йесо афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, мӕ фыстӕ «хъусдзысты мӕ хъӕлӕсмӕ», уӕд уый зӕгъинаг уыд, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъусдзысты, цы амоны, уыдӕттӕм ӕмӕ сӕ цард уыцы амындтӕм гӕсгӕ араздзысты. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Йесойы амындтӕй дыууӕмӕ. Йесо загъта, цӕмӕй, цӕрынӕн нӕ цы хъӕуы, уыдӕттыл мауал мӕт кӕнӕм ӕмӕ макӕмӕн тӕрхон кӕнӕм. Ӕмӕ аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон куыд у уыцы амындтӕм гӕсгӕ архайын.

^ 51 абз. НЫВТӔ. Ӕфсымӕр ӕнӕ куыстӕй баззад, йӕ бинонты фӕдарыны фаг ӕм ӕхца нӕй, стӕй ма сӕ хъӕуы ӕндӕр цӕрӕнбынат ссарын. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, уыдӕттыл ӕгӕр мӕт кӕнын райдайа, ӕмӕ йын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын царды сӕйраг мауал уа.

^ 53 абз. НЫВТӔ. Ӕфсымӕр ӕмбырдмӕ байрӕджы кодта. Фӕлӕ йӕм ис бирӕ хорз миниуджытӕ. Зӕгъӕм, кӕимӕдӕр Библийыл ныхас кӕны, ӕххуыс кӕны ацӕргӕ сылгоймагӕн, стӕй Паддзахады залмӕ зилынӕн ӕххуыс кӕны.