Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Йесойы кӕстӕр ӕфсымӕрӕй?

Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Йесойы кӕстӕр ӕфсымӕрӕй?

«Иаков, Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы цагъар» (ИАК. 1:1).

88 ЗАРӔГ Бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Иаков цавӕр бинонты ’хсӕн схъомыл?

 ИАКОВ схъомыл, Йегъовӕйыл иузӕрдион чи уыд, ахӕм бинонты ’хсӕн. Йӕ ныййарджытӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕ Йегъовӕйы тынг уарзтой ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кодтой. Иаков ма ноджыдӕр хайджын уыд иу арфӕдзинадӕй – йӕ хистӕр ӕфсымӕр Йесо сси Мессийӕ. Ахӕм бинонтӕ дын уа, уый стыр хорзӕх куыннӕ у!

Иаков йӕ хистӕр ӕфсымӕр Йесойы хорз зыдта, иумӕ кӕй схъомыл сты, уый фӕрцы (кӕс 2 абзац)

2. Йесо Иаковӕн фӕзминаг цӕмӕй уыд?

2 Йесо йӕ кӕстӕр ӕфсымӕрӕн бирӕ цӕмӕйдӕрты уыд фӕзминаг (Матф. 13:55). Зӕгъӕм, 12-аздзыдӕй Фыстад афтӕ хорз зыдта, ӕмӕ, Иерусалимы цы ахуыргонд хистӕр лӕгтӕ уыд, уыдоны дисы бафтыдта (Лук. 2:46, 47). Ӕвӕццӕгӕн, Иаков йемӕ кодта хъӕддӕсныйы куыст дӕр, ӕмӕ йӕ уый фӕрцы дӕр хорз базыдтаид. Нейтан Норр-иу арӕх дзырдта: «Адӕймаджы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн йемӕ кусгӕйӕ» *. Стӕй Иаков куыннӕ уыдтаид, Йесо «зондджынӕй-зондджындӕр [кӕй] кодта ӕмӕ [кӕй] рӕзыд Хуыцауӕн ӕмӕ адӕмӕн уарзонӕй» (Лук. 2:52). Ӕвӕццӕгӕн, исчи зӕгъдзӕн, уӕд Иаков хъуамӕ фыццаг суыдаид Йесойы ахуыргӕнинаг, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу.

3. Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд ӕм Иаков цы цӕстӕй каст?

3 Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд ыл Иаков нӕма ӕууӕндыд, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинаг дӕр уӕд не сси (Иоан. 7:3–5). Иухатт Йесомӕ йӕ хиуӕттӕ куы ’рцыдысты, «йӕ сӕрызонд фӕцыди ӕмӕ йӕ ракӕнӕм, зӕгъгӕ», уӕд, гӕнӕн ис, Иаков дӕр се ’хсӕн уыд (Мар. 3:21). Ӕмӕ никуы ис фыст, Йесойы хъизӕмӕртты хъӕдыл куы ’рцауыгътой, уӕд Иаков уым сӕ мады фарсмӕ кӕй уыд (Иоан. 19:25–27).

4. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

4 Фӕстӕдӕр Иаков баууӕндыд Йесойыл ӕмӕ сси дзырддзӕугӕ хистӕр нӕлгоймаг. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Иаковӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, ууыл. Базондзыстӕм дзуапп дыууӕ фарстайӕн: 1) Сӕрныллӕг цӕмӕн хъуамӕ уӕм? 2) Цы хъӕуы, цӕмӕй дӕсны ахуыргӕнджытӕ уӕм?

ИАКОВАУ СӔРНЫЛЛӔГ У

Йесо Иаковмӕ куы фӕзынд, уӕд ыл Иаков баууӕндыд, сси йӕ ахуыргӕнинаг ӕмӕ кӕронмӕ дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кодта (кӕс 5–7 абзацтӕ)

5. Иаковӕн йӕ цард куыд фӕивта, Йесо йӕм куы фӕзынд, уӕд?

5 Иаков Йесойы фӕдылдзӕуӕг кӕд сси? Йесо куы райгас, уӕд «фӕзынд Иаковмӕ, стӕй уӕд апостолтӕн се ’ппӕтмӕ дӕр» (1 Кор. 15:7). Уый фӕстӕ Иаковы цард цӕхгӕр фӕивта. Апостолтӕ Иерусалимы иу хӕдзары уӕллаг уаты куы уыдысты ӕмӕ куы ’нхъӕлмӕ кастысты, сыгъдӕг тыхӕй кӕй схайджын уыдзысты, уымӕ, уӕд Иаков дӕр семӕ уыд (Хъуыд. 1:13, 14). Уый фӕстӕ лӕггад кодта фыццаг ӕнусы разамонӕг советы (Хъуыд. 15:6, 13–22; Гал. 2:9). Н. э. 62 азы размӕ та ныффыста фыстӕг сӕрст чырыстӕттӕм. Ӕмӕ уыцы фыстӕг пайда у махӕй алкӕмӕн дӕр – уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕн дӕр ӕмӕ, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕн дӕр (Иак. 1:1). Дзуттаг историк Иосиф Флавий 1 ӕнусы куыд ныффыста, афтӕмӕй Иаковы амардтой хистӕр сауджын Ананийы бардзырдмӕ гӕсгӕ (йӕ фыд Аннӕ дӕр хистӕр сауджын уыд). Иаков йӕ зӕххон царды кӕронмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад.

6. Иаков дины разамонджытӕй цӕмӕй хицӕн кодта?

6 Иаков уыди сӕрныллӕг. Уый цӕмӕй уыд бӕрӕг? Ӕппынфӕстаг сси Йесойы ахуыргӕнинаг, ӕмӕ уымӕй хицӕн кодта бирӕ дины разамонджытӕй. Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у, уымӕн фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы федта, уӕд ыл баууӕндыд. Иерусалимы чи уыд, уыцы сауджынты хистӕртӕ та афтӕ нӕ бакодтой. Зӕгъӕм, Йесо Лазӕры куы райгас кодта, уӕд уый ныхмӕ сӕ бон ницы уыд зӕгъын. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр Йегъовӕйы ӕрвыст Минӕварыл нӕ банымадтой, ӕмӕ ма Йесойы дӕр ӕмӕ Лазӕры дӕр марынвӕнд скодтой (Иоан. 11:53; 12:9–11). Уый фӕстӕ Йесо куы райгас, уӕд та уыцы хабар адӕмӕй басусӕг кӕнынмӕ хъавыдысты (Матф. 28:11–15). Уыцы дины разамонджытӕ уыдысты сӕрбӕрзонд, ӕмӕ уый тыххӕй Мессийӕйыл нӕ баууӕндыдысты.

7. Нӕхи сӕрбӕрзонддзинадӕй цӕмӕн хъуамӕ хизӕм?

7 Уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хъуамӕ нӕхи хизӕм сӕрбӕрзонддзинадӕй ӕмӕ цӕттӕ уӕм ахуыр кӕнынмӕ. Хатт адӕймагӕн цавӕрдӕр низы тыххӕй йӕ зӕрдӕйы артеритӕ ныхъхъӕбӕр вӕййынц, ӕмӕ, зӕрдӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нал фӕкусы. Раст афтӕ ахӕсгӕ хуызы дӕр нӕ зӕрдӕ, гӕнӕн ис, ныхъхъӕбӕр уа. Ӕмӕ нын уӕд зын уыдзӕн Йегъовӕйы разамындмӕ хъусын. Фарисейтӕ сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодтой. Ӕмӕ кӕд, Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у ӕмӕ сыгъдӕг тыхӕй хайджын кӕй у, уымӕн фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ уыд, уӕддӕр сӕ нӕ бафӕндыд ууыл баууӕндын (Иоан. 12:37–40). Фӕлӕ сӕхи бӕллӕхы ӕппӕрстой. Афтӕмӕй сӕхи ӕнӕхай кодтой ӕнусон цардӕй (Матф. 23:13, 33). Уӕдӕ йӕ уынӕм, тынг ахсджиаг кӕй у Хуыцауы Ныхасӕн ӕмӕ сыгъдӕг тыхӕн бар дӕттын, цӕмӕй нын ива нӕ удыхъӕд ӕмӕ нӕ зондахаст. Стӕй уынаффӕтӕ дӕр хъуамӕ хӕссӕм Хуыцауы разамындмӕ гӕсгӕ (Иак. 3:17). Иаков уыди сӕрныллӕг адӕймаг ӕмӕ Йегъовӕйӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй йӕ ахуыр кодтаид. Ӕмӕ куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй сӕрныллӕгдзинады фӕрцы сси дӕсны ахуыргӕнӕг.

ИАКОВАУ РӔСТДЗИНАД АРӔХСТДЖЫНӔЙ АМОН

8. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хорз ахуыргӕнджытӕ суӕм?

8 Иаковмӕ уӕлдӕр ахуыр нӕ уыд. Ӕмӕ йӕм уый тыххӕй дины разамонджытӕ кастаиккой, апостолтӕ Петр ӕмӕ Иоаннмӕ цы цӕстӕй кастысты, ахӕм цӕстӕй (Хъуыд. 4:13). Фӕлӕ Иаков сси дӕсны ахуыргӕнӕг. Уый бӕрӕг у, кӕй ныффыста, уыцы чиныгӕй. Иаковау мах дӕр не ’ппӕт ахуыргӕндтӕ ӕмӕ профессортӕ не стӕм. Фӕлӕ Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы ӕмӕ нӕ йӕ организаци кӕй ахуыр кӕны, уый фӕрцы нӕ бон у, ӕмӕ суӕм хорз ахуыргӕнджытӕ. Ӕркӕсӕм, Иаковы нӕ бон бафӕзмын цӕмӕй у, уымӕ.

9. Иаков рӕстдзинад куыд амыдта?

9 Иаков ӕгӕр зондджын ныхӕстӕ нӕ кодта ӕмӕ, цы зӕгъинаг уыд, уый у ӕнцонӕмбарӕн. Уый фӕрцы, йӕ чиныг ын чи фӕкӕсы, уый уайтагъд бамбары, цы йӕ хъӕуы саразын ӕмӕ йӕ куыд хъӕуы саразын, уый. Кӕс-ма, куыд хуымӕтӕгӕй бамбарын кодта, ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ нӕ зӕрдӕйы маст кӕй хъуамӕ ма хӕссӕм. Уый ныффыста: «Мах амондджын хонӕм, кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууыд, уыдоны. Сымах фехъуыстат, Иов куыд фидар разынд, уый тыххӕй, ӕмӕ зонут, Йегъовӕ хъуыддаг куыд ахицӕн кодта, уый дӕр, ӕмӕ уый фӕрцы базыдтат, Йегъовӕ фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у» (Иак. 5:11). Иаков бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста Фыстадӕй. Хуыцауы Ныхасы фӕрцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн бамбарын кодта, Йегъовӕ алкӕддӕр кӕй схорзӕхджын кӕны, Иовау иузӕрдионӕй чи баззайы, уыдоны. Ӕмӕ уый бамбарын кодта хуымӕтӕг, ӕнцонӕмбарӕн ныхӕстӕй. Афтӕмӕй Иаков ӕргом йӕхимӕ не здӕхта, фӕлӕ Йегъовӕмӕ.

10. Искӕимӕ Библи ахуыр кӕнгӕйӕ нӕ бон куыд у Иаковы бафӕзмын?

10 Уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хъуамӕ рӕстдзинад амонӕм хуымӕтӕгӕй ӕмӕ, цы дзурӕм, уымӕн йӕ бындур хъуамӕ уа Хуыцауы Ныхас. Нӕ нысан хъуамӕ уа, мах цас зонӕм, уый равдисын нӕ, фӕлӕ, Йегъовӕ цас зоны ӕмӕ нӕ куыд тынг уарзы, уый равдисын (Ром. 11:33). Уый нын бантысдзӕн, цы дзурӕм, уымӕн йӕ бындур алкӕддӕр Хуыцауы Ныхас куы уа, уӕд. Зӕгъӕм, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уымӕн нӕ дзурдзыстӕм, йӕ бынаты мах куыд бакӕниккам. Хъуамӕ йын йӕхи сахуыр кӕнӕм, Библийы цы цӕвиттонтӕ ис, уыдоныл хъуыды кӕнын. Стӕй-иу ын хъуамӕ баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй-иу бамбара, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны ӕмӕ цавӕрдӕр хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Ӕмӕ йӕ уӕд йӕ царды цыдӕртӕ ивын мах тыххӕй нӕ фӕнддзӕн, фӕлӕ Йегъовӕйы тыххӕй.

11. Иаковы рӕстӕджы чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты ӕмӕ сын цавӕр уынаффӕтӕ радта? (Иаковы 5:13–15).

11 Иаков зыдта, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уый. Ӕмӕ уый бӕрӕг у йӕ фыстӕгӕй. Зӕгъӕм, чидӕртӕ сӕ нӕ тагъд кодтой уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайыныл (Иак. 1:22). Чидӕртӕ хъӕздгуытӕн хъулон митӕ кодтой (Иак. 2:1–3). Кӕмӕндӕр та зын уыд йе ’взаджы рохтыл хӕцын (Иак. 3:8–10). Уыцы чырыстӕттӕ тынг рӕдыдысты. Фӕлӕ Иаков афтӕ нӕ хъуыды кодта, адонӕй ницы рауайдзӕн, зӕгъгӕ. Уый сын фӕлмӕнӕй, фӕлӕ комкоммӕ радта уынаффӕтӕ. Стӕй сын загъта, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕй дӕр ӕххуыс бацагуырдтаиккой. (Бакӕс Иаковы 5:13–15.)

12. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй адӕймагӕй афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ницы дзы рауайдзӕн, зӕгъгӕ?

12 Уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хъуамӕ иннӕтӕй ӕгӕр бирӕ ма домӕм, фӕлӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, кӕй аивдзысты, уымӕ. Библи кӕимӕ фӕахуыр кӕнӕм, уыдонӕй бирӕтӕн ӕнцон нӕ вӕййы Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайын (Иак. 4:1–4). Кӕйдӕрты бахъӕуы бирӕ рӕстӕг, цӕмӕй се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзой ӕмӕ сӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ сфидар кӕной. Иаковау мах дӕр хъуамӕ ма тӕрсӕм, фӕивын сӕ цы хъӕуы, уый сын дзурын. Стӕй раст нӕ уыдзӕн афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ никуы аивдзысты. Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ сӕрныллӕг адӕмы йӕхимӕ кӕй ӕрбакӕндзӕн ӕмӕ сын кӕй баххуыс кӕндзӕн сӕ цард аивынӕн (Иак. 4:10).

13. Иаковы 3:2 стихмӕ гӕсгӕ, Иаков цы ’мбӕрста?

13 Иаков йӕхимӕ раст цӕстӕй каст. Йесойы ӕфсымӕр кӕй уыд ӕмӕ йыл ӕмбырды кадджын хӕстӕ кӕй уыд, уый тыххӕй йӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр не ’вӕрдта. Йе ’мчырыстӕтты хуыдта йӕ «уарзон ӕфсымӕртӕ» (Иак. 1:16, 19; 2:5). Иаков йӕхи афтӕ нӕ дардта, цыма ӕххӕст адӕймаг уыд. Афтӕ куы загъта, «мах не ’ппӕт дӕр арӕх рӕдийӕм», зӕгъгӕ, уӕд йӕхи кой дӕр кодта. (Бакӕс Иаковы 3:2.)

14. Нӕхӕдӕг дӕр кӕй рӕдийӕм, уый тыххӕй ӕргом дзурын хорз цӕмӕн у?

14 Уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хъуамӕ нӕ рох ма уа, не ’ппӕт дӕр тӕригъӕдджын кӕй стӕм. Хъуамӕ нӕхи ма ӕвӕрӕм, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕй уӕлдӕр. Афтӕ сӕм куы кӕса, ӕмӕ мах никуы фӕрӕдийӕм, уӕд афтӕ хъуыды кӕнын райдайдзысты, ӕмӕ сӕ бон никуы бауыдзӕн Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын. Ӕмӕ уӕд сӕ ныфс асӕтдзӕн. Фӕлтау-иу сын ӕргом зӕгъӕм, нӕхицӕн дӕр алы хатт ӕнцон кӕй нӕ вӕййы, Йегъовӕ цы дзуры, уый аразын ӕмӕ-иу сын радзурӕм, куыд нын ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй. Уӕд-иу бамбардзысты, уыдонӕн дӕр сӕ бон кӕй бауыдзӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын.

Иаков цы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ӕрхаста, уыдон сты хуымӕтӕг, ӕнцонӕмбарӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕ хъарынц (кӕс 15, 16 абзацтӕ) *

15. Иаков цавӕр цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй спайда кодта? (Иаковы 3:2–6, 10–12).

15 Иаков цы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ӕрхаста, уыдон хъарынц адӕмы зӕрдӕтӕм. Ӕххуыс ын кодта сыгъдӕг тых, цӕмӕй ахӕм цӕвиттонтӕ ӕрхастаид. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, ууыл сахуыр йӕ хистӕр ӕфсымӕр Йесойӕ дӕр. Иаков йӕ фыстӕджы спайда кодта хуымӕтӕг цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй ӕмӕ сӕ цӕмӕн ӕрхаста, уый ӕнцон у бамбарын. (Бакӕс Иаковы 3:2–6, 10–12.)

16. Зӕрдӕйыл чи ӕмбӕлы, ахӕм цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ хӕссын ахсджиаг цӕмӕн у?

16 Уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хъуамӕ пайда кӕнӕм, зӕрдӕйыл чи ’мбӕлы, ахӕм цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй. Уӕд-иу, цы дзурӕм, уый адӕймагӕн йӕ цӕстытыл ауайдзӕн. Ӕмӕ-иу уый фӕрцы, Библийы цы ахсджиаг хъуыдытӕ ис, уыдон хуыздӕр бахъуыды кӕндзӕн. Йесо тынг дӕсны уыд цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ хӕссынмӕ. Ӕмӕ йӕ Иаков дӕр бафӕзмыдта. Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ ӕмӕ фенӕм, хорз цӕмӕй у, уый.

17. Иаковы 1:22–25 стихты цы цӕстуынгӕ цӕвиттон ис, уый зӕрдӕйыл цӕмӕн ӕмбӕлы?

17 Бакӕс Иаковы 1:22–25. Иаков ӕрхаста замманай цӕвиттон. Хорз цӕмӕй у? Ацы цӕвиттоны фӕрцы бамбарын кодта бӕлвырд хъуыды. Цӕмӕй нын Хуыцауы Ныхас пайда хӕсса, уый тыххӕй йӕ ӕрмӕст кӕсын фаг нӕу. Хъуамӕ ма архайгӕ дӕр кӕнӕм, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ. Стӕй у хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн цӕвиттон. Кӕсӕнмӕ нӕ чи нӕ фӕкӕсы? Уӕдӕ Иаковы цы зӕгъын фӕндыд? Адӕймаг йӕхимӕ кӕсӕнмӕ куы бакӕса ӕмӕ куы фена, йӕ цӕсгом кӕй счъизи, фӕлӕ йӕ куы нӕ ныссӕрфа, уӕд ма йӕ кӕсӕнмӕ каст цы пайда уыд? Раст афтӕ, Хуыцауы Ныхас куы кӕсӕм ӕмӕ куы фенӕм, нӕ удыхъӕды нӕ цыдӕр аивын кӕй хъӕуы, фӕлӕ куы ницы саразӕм, уӕд цы пайда уыдзӕн, Библи кӕй кӕсӕм, уый?

18. Цӕстуынгӕ цӕвиттон ӕрхӕссын нӕ куы фӕнда, уӕд цавӕр ӕртӕ хъуыдыйы хъуамӕ дарӕм нӕ зӕрдыл?

18 Цӕстуынгӕ цӕвиттон ӕрхӕссын дӕ куы фӕнда, уӕд-иу бафӕзм Иаковы. Дӕ зӕрдыл дар ӕртӕ хъуыдыйы. 1) Цӕстуынгӕ цӕвиттон хъуамӕ фидауа, цы хъуыды ӕмбарын кӕныс, уыимӕ. 2) Хъуамӕ уа хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн. 3) Хъӕуы бамбарын кӕнын, цӕстуынгӕ цӕвиттон цӕмӕн ӕрхастай, уый. Кӕд дын зын вӕййы хорз цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ӕрхъуыды кӕнын, уӕд ӕркӕс нӕ публикациты индексмӕ («Индекс публикаций Сторожевой башни»). Ис дзы дӕлсӕргонд «Наглядные примеры», ӕмӕ уым бирӕ цӕвиттонтӕ ссардзынӕ. Фӕлӕ дӕ иу цыдӕр рох ма уӕд. Цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ абарӕн ис микрофонимӕ. Уыдон фӕтыхджындӕр кӕнынц, кӕй фӕдзурӕм, уыцы хъуыдытӕ. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, ӕрмӕстдӕр-иу сӕйраг хъуыдытӕн куы ӕрхӕссис цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ, цӕмӕй ӕгӕр бирӕ ма уой. Не ’ппӕты дӕр фӕнды, цӕмӕй дӕсны ахуыргӕнджытӕ суӕм, фӕлӕ иннӕты дисы бафтауыны тыххӕй нӕ. Мах сӕйраджыдӕр фӕнды фылдӕр адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы амондджын бинонтӕм ӕрбаиу уой.

19. Нӕ чырыстон бинонтӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

19 Иаковау махӕн ӕххӕст хистӕр ӕфсымӕр нӕ уыд. Фӕлӕ нын ис стыр чырыстон бинонтӕ ӕмӕ семӕ иумӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм. Кӕй сӕ уарзӕм, уый бӕрӕг у, семӕ рӕстӕг кӕй ӕрвитӕм, цӕуылдӕрты сӕ кӕй сахуыр вӕййӕм ӕмӕ семӕ иумӕ хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй. Иннӕтӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, цы аразӕм ӕмӕ рӕстдзинад куыд амонӕм, уымӕй Иаковы куы фӕзмӕм, уӕд нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд Йегъовӕйы кадджын кӕндзыстӕм ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй йӕм баввахс уой.

114 ЗАРӔГ «Фӕразон ут»

^ Иаков уыди Йесойы кӕстӕр ӕфсымӕр. Схъомыл сты иу бинонты ’хсӕн. Иаков ӕй куыд хорз зыдта, афтӕ йӕ йӕ рӕстӕджы цӕрӕг адӕмӕй бирӕтӕ нӕ зыдтой. Иаков сси фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды цӕджындзтӕй сӕ иу. Ӕмӕ ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, куыд цард ӕмӕ иннӕтӕн цы амыдта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, ууыл.

^ Нейтан Норр лӕггад кодта Разамонӕг советы. Йӕ зӕххон цард фӕци 1977 азы.

^ НЫВ. Иаков ӕвзаг абарста чысыл зынгимӕ ӕмӕ бамбарын кодта, куыд тӕссаг у, адӕймаг йе ’взаджы рохтыл хӕцын куы нӕ зона, уый. Ӕмӕ уый уыд ӕнцонӕмбарӕн цӕстуынгӕ цӕвиттон.