Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

6 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Уырны дӕ, Йегъовӕ цы аразы, уый алкӕддӕр раст кӕй вӕййы?

Уырны дӕ, Йегъовӕ цы аразы, уый алкӕддӕр раст кӕй вӕййы?

«Уый у Къӕдзӕх, йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау, йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст. Уый у ӕнувыд Хуыцау, хӕрамӕй йӕм ницы ис. Уый у рӕстаг ӕмӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау» (ДЫК. З. 32:4).

3 ЗАРӔГ Нӕ ныфс, нӕ хъару, нӕ фидар мӕсыг

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. а) Абон бирӕтӕ, бартӕ кӕй къухы сты, уыдоныл цӕуылнӕ ӕууӕндынц? б) Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

 АБОН бирӕтӕ, бартӕ кӕй къухы сты, уыдоныл нал ӕууӕндынц. Уынынц ӕй, тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ хицӕуттӕ арӕх хъӕздгуыты фарс кӕй вӕййынц, мӕгуырты сӕрыл та кӕй нӕ рахӕцынц. Библийы раст фыст ис: «Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (Еккл. 8:9). Иуӕй-иу дины разамонджыты миты тыххӕй та бирӕтӕ Хуыцауыл нал ӕууӕндынц. Уымӕ гӕсгӕ, искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдайӕм, уӕд ын фӕхъӕуы баххуыс кӕнын, цӕмӕй бамбара, Йегъовӕйыл ӕмӕ, разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдоныл ӕууӕндӕн кӕй ис.

2 Фӕлӕ, Йегъовӕйӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, уыдоны дӕр фӕхъӕуы сӕ зӕрдыл дарын, Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл алкӕддӕр кӕй хъуамӕ ӕууӕндой. Гӕнӕн ис, кӕцыдӕр уавӕрты фӕдызӕрдыг уӕм, Йегъовӕ цы аразы, уый алкӕддӕр раст кӕй вӕййы, ууыл. Зӕгъӕм, цавӕр уавӕрты? 1) Библи куы кӕсӕм, 2) Йегъовӕйы организаци нын разамынд куы дӕтта ӕмӕ 3) фидӕны зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм. Ӕмӕ ацы статьяйы уыдӕттыл аныхас кӕндзыстӕм.

БИБЛИ КУЫ КӔСӔМ

3. Библи кӕсгӕйӕ нӕм хатгай цӕмӕн фӕзыны фарстатӕ, Йегъовӕ куыд архайы, уый фӕдыл?

 3 Библи кӕсгӕйӕ нӕм хатгай фӕзыны фарстатӕ, Йегъовӕ кӕйдӕр хъуыддаг ӕвзаргӕйӕ куыд бакодта ӕмӕ афтӕ цӕмӕн бакодта, уый фӕдыл. Райсӕм Нымӕцты чиныгӕй иу хабар. Иу лӕг сабаты ӕмбырд кодта сугтӕ, ӕмӕ йын Йегъовӕ уый тыххӕй рахаста мӕлӕты тӕрхон. 2 Самуилы чиныджы та фыст ис, бирӕ азты фӕстӕ Йегъовӕ паддзах Давидӕн йӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ныххатыр кодта. Ӕмӕ уый та кӕйдӕр усимӕ ӕмуат ӕрцыд ӕмӕ ма йын йӕ лӕджы дӕр амарын кодта (Ным. 15:32, 35; 2 Сам. 12:9, 13). Ӕмӕ, гӕнӕн ис, ахъуыды кӕнӕм: «Сабаты сугтӕ чи ӕмбырд кодта, уымӕн нӕ ныххатыр кодта. Ӕмӕ уӕд Давидӕн цӕмӕн ныххатыр кодта, кӕд ӕмӕ уый стырдӕр тӕригъӕдтӕ сарӕзта?» Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм ӕртӕ хъуыдымӕ. Ӕмӕ сӕ нӕ бон у Библи кӕсгӕйӕ нӕ зӕрдыл дарын.

4. Райдиан 18:20, 21 стихтӕ ӕмӕ Дыккаг закъон 10:17 стих нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ раст тӕрхон кӕй рахӕссы, ууыл?

4 Библийы хабӕрттӕй алкӕцы лыстӕггай нӕу фыст. Зӕгъӕм, Давиды тыххӕй зонӕм, йӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодта (Пс. 51:2–4). Сабатбоны закъон чи фехӕлдта, уыцы адӕймаджы тыххӕй та цы зонӕм? Цы сарӕзта, ууыл ӕрфӕсмон кодта? Мыййаг ма уый размӕ дӕр Йегъовӕйы закъӕтты сӕрты ахызт? Чи зоны йын раздӕр дӕр дзырдтой, кӕй рӕдийы. Фӕлӕ уый уӕддӕр никӕмӕ байхъуыста ӕмӕ йӕхи фӕнд тардта. Библийы уыдӕтты тыххӕй ницы ис фыст. Фӕлӕ мах зонӕм: Йегъовӕмӕ «хӕрамӕй... ницы ис» (Дык. з. 32:4). Адӕм арӕх алцы нӕ базонынц, афтӕмӕй хатдзӕгтӕ скӕнынц кӕйдӕр ныхӕстӕм гӕсгӕ кӕнӕ ма ӕндӕр цӕмӕдӕр гӕсгӕ. Йегъовӕ та алцыдӕр сбӕрӕг кӕны. Стӕй уый хъулон никӕй кӕны. (Бакӕс Райдиан 18:20, 21; Дыккаг закъон 10:17.) Йегъовӕйы хуыздӕр куы базонӕм ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ хуыздӕр куы бамбарӕм, уӕд нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, раст тӕрхон кӕй рахӕссы, ууыл. Библи кӕсгӕйӕ нӕм цы фарстатӕ фӕзыны, уыдонӕн, гӕнӕн ис, ныртӕккӕ дзуапп ма ссарӕм. Фӕлӕ мах нӕ Хуыцауы тыххӕй фаг зонӕм, цӕмӕй нӕ фидарӕй уырна, «алы хъуыддаджы дӕр [кӕй] архайы рӕстӕй» (Пс. 145:17).

5. Ӕнӕххӕст адӕймагмӕ раст цы фӕкӕсы, уый алы хатт раст вӕййы? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ  «Ӕнӕххӕстдзинад нын нӕ цӕстӕнгас сзыгъуыммӕ кӕны».)

5 Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй, махмӕ раст цы фӕкӕсы, уый алы хатт раст нӕ вӕййы. Хуыцау адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд сӕ схайджын кодта, йӕхимӕ цы миниуджытӕ ис, уыдонӕй. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фӕнды, цӕмӕй зӕххыл уа рӕстдзинад ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ мачи кӕна (Райд. 1:26). Фӕлӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй хатгай цӕмӕдӕр раст цӕстӕй нӕ фӕкӕсӕм, кӕд афтӕ фӕхъуыды кӕнӕм, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы тыххӕй алцыдӕр зонӕм, уӕддӕр. Хъуыды кӕныс, Ионӕ куыд смӕсты, Йегъовӕ Ниневийы цӕрджытӕн куы фӕтӕригъӕд кодта, уӕд? (Ионӕ 3:10–4:1). Фӕлӕ уый фӕрцы 120 мин адӕймагӕй фылдӕр аирвӕзтысты! Уӕдӕ чи рӕдыди, Йегъовӕ ӕви Ионӕ?

6. Йегъовӕ хӕсджын цӕуылнӕ у, цӕмӕй нын ӕмбарын кӕна, цавӕрдӕр уынаффӕ цӕмӕн рахӕссы, уый?

6 Йегъовӕ хӕсджын нӕу, цӕмӕй адӕмӕн ӕмбарын кӕна, цавӕрдӕр уынаффӕ цӕмӕн рахӕссы, уый. Раджы заманты-иу йӕ лӕггадгӕнджытӕн бар радта, цӕмӕй-иу сӕ хъуыды загътаиккой, цы тӕрхон рахаста кӕнӕ рахӕссинаг уыд, уый фӕдыл (Райд. 18:25; Ионӕ 4:2, 3). Хатт-иу бамбарын кодта, цавӕрдӕр уынаффӕ цӕмӕн рахаста, уый дӕр (Ионӕ 4:10, 11). Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ хӕсджын нӕу, цӕмӕй нын алцыдӕр дзура ӕмӕ нын алцыдӕр ӕмбарын кӕна. Уый не Сфӕлдисӕг у, ӕмӕ йын мах дзурын нӕ хъӕуы, «раст бакодтай» кӕнӕ «афтӕ ма бакӕн», зӕгъгӕ (Ис. 40:13, 14; 55:9).

РАЗАМЫНД НЫН КУЫ ДӔТТОЙ

7. Хатт цӕуыл фӕдызӕрдыг кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн?

7 Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ цы фӕаразы, уый алкӕддӕр раст кӕй вӕййы. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, дызӕрдыг кӕнӕм, разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдон алкӕд раст кӕй фӕархайынц, ууыл. Чи зоны, хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, цымӕ ӕцӕгдӕр Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ архайынц ӕви, сӕхимӕ растдӕр куыд кӕсы, афтӕ бакӕнынц. Раджы заманты дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй кӕмӕдӕрты ахӕм хъуыдытӕ фӕзындаид.  3-аг абзацы кӕй кой уыд, уыцы хабӕрттыл та ахъуыды кӕнӕм. Сабатбоны закъон чи фехӕлдта, уыцы нӕлгоймаджы бинонтӕй исчи, гӕнӕн ис, хъуыды кодта: «Цымӕ Моисей Йегъовӕимӕ ӕцӕгдӕр бауынаффӕ кодта, цалынмӕ мӕлӕты тӕрхон хаст ӕрцыд, уӕдмӕ?» Хеттаг Урийы ӕмбӕлттӕй та исчи, чи зоны, загъта: «Ай-гъайдӕр, Давид паддзах у, ӕмӕ йӕ бон уыд афтӕ бакӕнын, цӕмӕй мӕлӕты тӕрхонӕй аирвӕзтаид». Фӕлӕ афтӕ хъуыды кӕнын раст нӕ уыд. Хъуамӕ иу цыдӕр нӕ зӕрдыл дарӕм: Йегъовӕ ӕууӕнды, йӕ организацийӕн ӕмӕ ӕмбырдтӕн разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдоныл. Ӕмӕ сыл мах куы не ’ууӕндӕм, уӕд нӕ уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕйыл ӕууӕндӕм.

8. 1 ӕнусы разамонӕг совет куыд архайдта ӕмӕ ныртӕккӕ чырыстон ӕмбырд куыд архайы, уым ӕмхуызонӕй цы ис? (Хъуыддӕгтӕ 16:4, 5).

8 Абон Йегъовӕ йӕ организацийы зӕххон хайӕн разамынд дӕтты «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты (Матф. 24:45). 1 ӕнусы разамонӕг советау ӕууӕнкджын цагъар разамынд дӕтты Хуыцауы адӕмӕн ӕгас зӕххыл дӕр. Уый амындтӕ ратты хистӕр нӕлгоймӕгтӕн. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 16:4, 5.) Уыдон та уый фӕстӕ се ’мбырдты фӕархайынц уыцы амындтӕм гӕсгӕ. Хуыцауы организацийы ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты разамындмӕ гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд афтӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм.

9. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, уыдонмӕ гӕсгӕ архайын нын ӕнцон кӕд нӕ вӕййы ӕмӕ цӕуылнӕ?

9 Чи зоны нын иуӕй-иу хатт ӕнцон нӕ вӕййы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, уыдонмӕ гӕсгӕ архайын. Зӕгъӕм, фӕстаг азты бирӕ рӕтты ӕмбырдтӕ баиу кодтой, цӕмӕй нӕ бон уа Паддзахады залтӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕнын. Уый тыххӕй кӕцыдӕр ӕмбырдтӕн сӕ район дӕр фӕивта. Иуӕй-иу ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъусынгӕнджытӕй кӕйдӕрты снысан кодтой ӕндӕр ӕмбырдмӕ. Махӕн дӕр куы зӕгъой, цӕмӕй ӕндӕр ӕмбырдмӕ ахизӕм, уӕд, гӕнӕн ис, афтӕ рауайа, ӕмӕ не ’мбӕлттимӕ ӕмӕ нӕ бинонтимӕ иу ӕмбырды нал уыдзыстӕм. Ӕмӕ нын уый, чи зоны, зын уа. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн Йегъовӕ йӕхӕдӕг нӕ фӕзӕгъы, алы хъусынгӕнӕджы дӕр кӕцы ӕмбырдмӕ снысан кӕной, уый. Ӕмӕ нын уый тыххӕй, гӕнӕн ис, ӕнцон ма уа сӕ разамындмӕ гӕсгӕ архайын. Фӕлӕ Йегъовӕ ӕууӕнды хистӕр нӕлгоймӕгтыл, ӕмӕ сыл мах дӕр хъуамӕ ӕууӕндӕм *.

10. Дзуттӕгтӕм 13:17 стихмӕ гӕсгӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕм цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм?

10 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы уынаффӕ рахастой, уый нӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ цӕуа, уӕддӕр сӕм цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм? Афтӕмӕй бахъахъхъӕндзыстӕм, Хуыцауы адӕмы ’хсӕн цы иудзинад ис, уый (Еф. 4:2, 3). Ӕмбырды иууылдӕр сӕрныллӕгдзинад куы равдисынц ӕмӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, уыдонмӕ гӕсгӕ куы фӕархайынц, уӕд алчидӕр вӕййы амондджын. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:17.) Уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ афтӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм (Хъуыд. 20:28).

11. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын цы разамынд дӕттынц, уымӕ гӕсгӕ архайынӕн?

11 Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, ӕмбырдмӕ чи хауы, ахӕм уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг тых кӕй фӕкурынц. Стӕй лӕмбынӕг ахъуыды кӕнынц Библийы уагӕвӕрдтыл ӕмӕ ӕркӕсынц Йегъовӕйы организацийы амындтӕм. Уыдоны тынг фӕнды Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын ӕмӕ йын йӕ адӕмӕн, сӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй ӕххуыс кӕнын. Уыцы иузӕрдион ӕфсымӕртӕ зонынц, Хуыцауы раз дзуапп кӕй дӕттынц, сӕ хӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый тыххӕй (1 Пет. 5:2, 3). Ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ фыдӕбонӕн арфӕ кӕны. Ахъуыды-ма кӕн, ацы дунейы адӕм ныддихтӕ сты динты ӕмӕ политикӕйы аххосӕй кӕнӕ, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй кӕй сты, уый тыххӕй. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ та ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнынц иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн. Ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕ уаид, Йегъовӕ йӕ организацийӕн куы нӕ арфӕ кӕнид, уӕд.

12. Хистӕр нӕлгоймӕгты куы хъӕуа сбӕрӕг кӕнын, адӕймаг йӕ тӕригъӕдыл фӕсмон кӕны ӕви нӕ, уӕд лӕмбынӕг цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕной?

12 Йегъовӕ хистӕр нӕлгоймӕгты бар бакодта тынг ахсджиаг хъуыддаг – ӕмбырды сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕнын. Уый бамбарын кодта, чырыстӕттӕй исчи стыр тӕригъӕд куы сараза, уӕд-иу куыд хъуамӕ бакӕной. Зӕгъӕм, хъуамӕ сбӕрӕг кӕной, йӕ тӕригъӕдыл ӕцӕгдӕр фӕсмон кӕны ӕви нӕ. Чи зоны, дзургӕ кӕны, фӕсмон кӕнын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ цы сарӕзта, уый йын ӕцӕгдӕр ӕнад у? Йӕхицӕн фидарӕй загъта, афтӕ кӕй нал бакӕндзӕн? Кӕд, ӕвзӕр ӕмбӕлттимӕ кӕй балымӕн, уый тыххӕй фӕрӕдыд, уӕд ӕй фӕнды уыцы ӕмбӕлтты ныууадзын? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йегъовӕмӕ скувынц ӕмӕ уыдӕттыл ахъуыды кӕнынц. Ӕркӕсынц Библимӕ дӕр. Стӕй ма ахъуыды кӕнынц, адӕймаг, цы сарӕзта, уымӕ йӕхӕдӕг цы цӕстӕй кӕсы, ууыл дӕр. Уый фӕстӕ аскъуыддзаг кӕнынц, уый гӕнӕн ис ӕви нӕ, цӕмӕй дарддӕр дӕр ӕмбырды уа. Кӕйдӕрты бахъӕуы ӕмбырдӕй ацух кӕнын (1 Кор. 5:11–13).

13. Не ’мбалы кӕнӕ нӕ бинонтӕй искӕй куы ацух кӕной, уӕд нӕм, гӕнӕн ис, цавӕр хъуыдытӕ фӕзына?

13 Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уый не ’мбал кӕнӕ нӕ бинонтӕй чидӕр куы нӕ уа, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ раст уынаффӕ кӕй рахастой, ууыл. Фӕлӕ нын не ’мбалы кӕнӕ нӕ бинонтӕй искӕй куы ацух кӕной, уӕд та? Гӕнӕн ис, афтӕ нӕм кӕса, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ алцы не сбӕрӕг кодтой кӕнӕ хъуыды кӕнӕм, цымӕ, уыцы хъуыддаг Йегъовӕ куыд равзӕрстаид, уыдон дӕр ӕй афтӕ равзӕрстой, зӕгъгӕ. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу сӕ уынаффӕимӕ разы уӕм?

14. Не ’мбалы кӕнӕ нӕ бинонтӕй искӕй куы ацух кӕной, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгты уынаффӕимӕ разы уӕм?

14 Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уыцы ӕгъдау Йегъовӕ кӕй сфидар кодта. Ӕмӕ уый ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн дӕр ӕмӕ адӕймагӕн йӕхицӕн дӕр пайда фӕвӕййы. Йӕ тӕригъӕдыл куы нӕ фӕсмон кӕна ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕмбырды куы ныууадзой, уӕд, гӕнӕн ис, иннӕты дӕр ӕвзӕр зондыл сараза (Гал. 5:9). Стӕй уӕд нӕ бамбардзӕн, стыр тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый. Ӕмӕ йӕ йӕ зондахаст аивын ӕмӕ йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын дӕр нӕ бафӕнддзӕн. Уый та ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы хорзӕх ссара (Еккл. 8:11). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы фескъуыддзаг кӕнынц, тӕригъӕд чи сарӕзта, уый ӕмбырдӕй ацух кӕнын хъӕуы ӕви нӕ, уӕд уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ фӕкӕсынц. Уыдон ӕмбарынц, рагон Израилы тӕрхонгӕнджытау «Йегъовӕйы номӕй» кӕй тӕрхон кӕнынц, адӕмы номӕй нӕ, фӕлӕ (2 Аз. 19:6, 7).

ЙЕГЪОВӔЙЫЛ НЫРТӔККӔ КӔЙ ӔУУӔНДӔМ, УЫЙ НӔ ФИДӔНМӔ КУЫД ЦӔТТӔ КӔНЫ?

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу стыр бӕллӕхы рӕстӕг, ӕфсымӕртӕ нын цы разамынд дӕтдзысты, уымӕ гӕсгӕ архайӕм? (кӕс 15 абзац)

15. Ныртӕккӕ уӕлдай ахсджиаг цӕмӕн у Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ архайын?

15 Ацы дунейы кӕрон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕны. Ӕмӕ ныртӕккӕ ноджы ахсджиагдӕр у, цӕмӕй нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ алцыдӕр раст кӕй аразы, уый. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг нын цы амындтӕ дӕтдзысты, уыдон нӕм, гӕнӕн ис, фӕкӕсой ӕнахуыр кӕнӕ зынбамбарӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ нӕм йӕхӕдӕг не ’рдзурдзӕн, афтӕ ӕмӕ афтӕ бакӕнут, зӕгъгӕ. Ӕвӕццӕгӕн нын разамынд дӕтдзӕн, зӕххыл йӕ номӕй чи архайдзӕн, уыдоны уылты. Уӕд уый афон нӕ уыдзӕн, цӕмӕй рахъуыды-бахъуыды кӕнӕм кӕнӕ дызӕрдыг кӕнӕм, зӕгъгӕ, цымӕ ацы амындтӕ ӕцӕгдӕр Йегъовӕйӕ сты ӕви нын бӕрнон ӕфсымӕртӕ сӕхи хъуыдытӕ дзурынц. Уый уыдзӕн тынг ахсджиаг рӕстӕг! Ӕмӕ уӕд куыд бакӕндзынӕ? Фӕнды дӕ дзуапп базонын? Уӕд ахъуыды кӕн, ныртӕккӕ Хуыцауы организацийы разамындмӕ фӕхъусыс ӕви нӕ. Кӕд разамындмӕ гӕсгӕ уайтагъддӕр райдайыс архайын, уӕд стыр бӕллӕхы рӕстӕг дӕр афтӕ кӕндзынӕ (Лук. 16:10).

16. Йегъовӕйы тӕрхӕттӕ растыл нымайӕм ӕви нӕ, уый тагъд рӕстӕджы фӕлвӕрд куыд ӕрцӕудзӕн?

16 Ноджыдӕр ма нӕ хъӕуы иу цӕуылдӕр ахъуыды кӕнын. Ацы дунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд Йегъовӕ цы тӕрхӕттӕ рахӕсдзӕн, уыдонмӕ цы цӕстӕй ракӕсдзыстӕм? Ныртӕккӕ нӕ ныфс ис, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыцы адӕмӕй бирӕтӕ, уыимӕ не ’нӕуырнӕг бинонтӕ ӕмӕ хиуӕттӕ дӕр, йӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕй суыдзысты. Фӕлӕ ӕппынфӕстаг Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕмӕ равдисдзӕн ӕмӕ кӕмӕ нӕ равдисдзӕн, уый мах не скъуыддзаг кӕндзыстӕм (Матф. 25:34, 41, 46). Армагеддоны алкӕмӕн дӕр тӕрхон кӕндзӕн Йегъовӕйы ӕвӕрд тӕрхонгӕнӕг Йесо Чырысти (Матф. 25:31–33; 2 Фес. 1:7–9). Уӕд нӕ фидарӕй уырндзӕн, Йегъовӕйы тӕрхӕттӕ раст кӕй сты? Ӕви нын цӕлхдур суыдзысты? Уӕдӕ цӕмӕй уыцы рӕстӕг иу мур дӕр ма фӕдызӕрдыг уӕм, раст кӕй архайы, ууыл, уый тыххӕй йыл хъуамӕ ныр дӕр алы хъуыддаджы дӕр ӕууӕндӕм.

17. Йегъовӕ йӕ тӕрхӕттӕ куы сӕххӕст кӕна, уӕд цард цыхуызӕн уыдзӕн?

17 Йегъовӕ йӕ тӕрхӕттӕ куы сӕххӕст кӕна, уӕд цард ног дунейы цыхуызӕн уыдзӕн, уый-ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн! Нал уыдзӕн мӕнг динтӕ, стӕй коммерци ӕмӕ политикӕ, ӕмӕ адӕм сулӕфдзысты, сӕ туг сын ничиуал нуаздзӕн. Рынчын ӕмӕ зӕронд ничиуал кӕндзӕн. Зынаргъ нын чи у, уыдонӕй исчи кӕй амӕлдзӕн, уымӕй нал тӕрсдзыстӕм. Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ мин азы дӕргъы уыдзысты ахст. Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый цы бӕллӕхтӕ расайдта, уыдонӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн (Рарг. 20:2, 3). Ӕмӕ уӕд куыд цин кӕндзыстӕм, Йегъовӕ алцыдӕр раст кӕй аразы, уый нӕ фидарӕй кӕй уырныдта, ууыл!

18. Нымӕцты 11:4–6 стихты ӕмӕ 21:5 стихы израилӕгты тыххӕй цы фыст ис, уый нын зондзонӕн куыд у?

18 Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕм ног дунейы цӕйдӕр тыххӕй афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ Йегъовӕ цыдӕр раст нӕ сарӕзта? Ахъуыды-ма кӕнӕм, израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд цы ’рцыд, ууыл. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сӕ цардӕй хъаст кӕнын райдыдтой. Сӕ зӕрдӕ ӕрцагуырдта, Египеты цы хӕринӕгтӕ, цы халсартӕ хордтой, уыдон. Йегъовӕ сын цы маннӕ лӕвӕрдта, ууыл та былысчъилтӕ кодтой. (Бакӕс Нымӕцтӕ 11:4–6; 21:5.) Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ махӕн дӕр стыр бӕллӕхы фӕстӕ нӕ хабар афтӕ рауайа? Армагеддоны фӕстӕ зӕхх хъӕудзӕн сыгъдӕг кӕнын ӕмӕ дзы гыццылгай дзӕнӕт аразын. Ӕмӕ нын, ӕвӕццӕгӕн, куыст тынг бирӕ уыдзӕн. Стӕй нын, чи зоны, фыццаг рӕстӕг алцы нӕ уыдзӕн, ӕмӕ нӕ хъӕудзӕн цӕмӕндӕрты бабыхсын. Цымӕ уӕд хъаст кӕндзыстӕм, Йегъовӕ нын цы дӕтдзӕн, уыдӕттӕй? Ныртӕккӕ куы аргъ кӕнӕм, цы нын дӕтты, уыдӕттӕн, уӕд сын ног дунейы дӕр аргъ кӕндзыстӕм.

19. Ацы статьяйы сӕйраг хъуыдытӕ цыбыртӕй радзур.

19 Йегъовӕ цы фӕаразы, уый алкӕддӕр раст вӕййы. Ууыл хъуамӕ ӕппындӕр макуы дызӕрдыг кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай, хъуамӕ ӕууӕндӕм, Йегъовӕ кӕуыл ӕууӕнды ӕмӕ нын разамынд кӕй уылты дӕтты, уыцы ’фсымӕртыл. Рох дӕ макуы уӕнт, Йегъовӕ йӕ пехуымпар Исайы уылты кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ: «Уӕ тых уый мидӕг уыдзӕн, куы нӕ тыхсат ӕмӕ мыл уӕ зӕрдӕ куы дарат» (Ис. 30:15).

98 ЗАРӔГ Сыгъдӕг Фыстад у Хуыцауӕй

^ Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, тынг ахсджиаг кӕй у Йегъовӕйыл ӕмӕ, разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдоныл алы хъуыддаджы дӕр ӕууӕндын. Базондзыстӕм ма, кӕй сыл ӕууӕндӕм, уый нын ныр дӕр куыд ӕххуыс кӕны ӕмӕ нӕ фидӕнмӕ куыд цӕттӕ кӕны.

^ Иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕн сӕ уавӕртӕм гӕсгӕ сӕ бон нӕ вӕййы ӕндӕр ӕмбырдмӕ ахизын. Кӕс «Фарстыты асыкк» 2002 азы ноябры «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы».